Ирон адæмæн хæссы культурæйы рухс

«Мах дуг» йæ фыццаг бонæй абоны онг лæггад кæны ирон поэзи, ирон литературæйæн, иу ныхасæй та – ирон адæмæн. Абоны бон æй абарæн ис газет «Рæстдзинад», Ирон театр æмæ ансамбль «Алан»-имæ, уымæн æмæ уыдонау хæссы ирон адæмæн культурæйы рухс. «Мах дуг»-ы руаджы бирæ зындгонд фысджытæ «райгуырдысты», уымæн æмæ, сæ уацмыстæ журналы мыхуыргод кæй цыдысты, уый сын сæ ныфсыл ныфс æфтыдта. Уæлдай æхсызгон у, æрыгон поэтты æмæ прозаикты сисфæлварæнтæ кæй мыхуыр кæны, уый.

Советон Цæдис куы фехæлд, уæдæй фæстæмæ æрмæст «Мах дуг» нæ, фæлæ мыхуыры иннæ фæрæзтæ дæр уыдысты зын уавæрты, уымæн æмæ сæм фаг цæстæнгас нал уыд. Фæлæ журнал йæ редакцийы кусджыты руаджы нæ фæцудыдта, æмæ йæ абон кæсынц дунейы алы рæтты дæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ не ‘взаг, нæ традицитæ æмæ æгъдæуттæ рох нæ уыдзысты, цалынмæ журнал цæра, уæдмæ.

Æхсызгонæй мæ фæнды зæгъын уый, æмæ мæнæн дæр ме ‘мдзæвгæтæ фыццаг хатт кæй рацыдысты журнал «Мах дуг»-ы. Мæ цинæн кæрон нал уыд, уымæн æмæ мæм мæ фыццаг сфæлдыстон къахдзæфтæ кастысты тынг диссаг. Ацы хъуыддаг мæ мæхиуыл баууæндын кодта, радта мын сфæлдыстадæн ног хъарутæ æмæ мæ дарддæры куыстмæ сразæнгард кодта. «Мах дуг» æрмæст мæнæн нæ, фæлæ бирæ æрыгон фысджытæн баххуыс æмæ бирæты зæрдæты бауагъта ныфс.

БАСИТЫ Зæлинæ