Сфæлдыстадон фæндагтыл цырагъдар

«Мах дуг» у ирон дзырдаивадмæ дуар, ирон- дзинад бауарзыны сæйраг фæрæзтæй иу. Литературæ чи уарзы æмæ йын аккаг аргъ чи кæны, уый дзы кæддæриддæр ссардзæн цымыдисаг æрмæджытæ.

Кæддæр, æмдзæвгæтæ фыссын куы райдыдтон, уæд мæ хъуыдыйы кæрон дæр нæ уыд, искуы сæ нæ уарзон журналы фæрстыл фендзынæн, уый. Хъысмæт мын ахæм фадат кæй балæвар кодта, уый тыххæй дзы тынг разы дæн – мæ зæрдæйы зæгъинæгтæ нæ дзыллæмæ феввахсдæр сты.

«Мах дуг» Ирыстоны æппæт фысджытæн дæр у се сфæлдыстадон фæндагыл цырагъдар, сæ цæдисон сæ удуæлдай куысты.

ГАБОЛАТЫ Зауырбег