Литературон журнал «Мах дуг»-ы премийы лауреаттæ
ПРОЗÆ
1-аг кары къорд – хистæртæ:
1-аг бынат – ГУСАЛТЫ Барис, Уæрæсейаг фысджыты цæдисы уæнг, зындгонд прозаик, тæлмацгæнæг. Уацмыс «Гренадæ»-йы тæххæй.
2-аг бынат – ДЖУССОЙТЫ Нинæ, журналсит, прозаик, тæлмацгæнæг, Хуссар Ирыстоны республикон газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг. Уацмыс «Æрæджиауы фæсмон»-ы тыххæй
3-аг бынат – БИТАРТЫ Маринæ, республикон газет «Северная Осетия»-йы газеты сæйраг редактор. Йæ уацмыс «Фæлдурæджджын хъысмæт»-ы тыххæй.
2-аг кары къорд – фæсивæд:
1-аг бынат – уæлахиздзау дзы нæй
2-аг бынат – БЕТЕТЫ Фатимæ, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг. Йæ уацмыс «Уарзт æмæ хæрам»-ы тæххæй.
3-аг бынат – уæлахиздзау дзы нæй.
ПОЭЗИ
3-аг кары къорд – хистæртæ:
1-аг бынат – ГАБОЛАТЫ Зауырбег – æмдзæвгæты циклы тыххæй;
2-аг бынат – ГОДЖЫЦАТЫ Георги – æмдзæвгæты циклы тыххæй;
3-аг бынат – БÆЗЗАТЫ Эдуард – æмдзæвгæты циклы тыххæй.
СÆРМАГОНД ПРЕМИЙÆ хорзæхджынгонд цæуы Стъаралаполы ирон диаспорæйы хистæрты советы сæргълæууæг, цалдæр чиныджы автор, поэт БÆЦОЙТЫ Савели йæ æмдзæвгæты цикл «Хуыцауæй ныл ис хæс»-ы тыххæй.
СÆРМАГОНД ПРЕМИЙÆ хорзæхджынгонд цæуы Турчы цæрæг ХЪУЫСАТЫ Маулуд. Æмдзæвгӕты цикл «Цом нæхимæ»-йы тыххæй.
2-аг кары къорд – фæсивæд:
1-аг бынат – ГЕГКИТЫ Сослан. Æмдзæвгæты циклы тыххæй;
2-аг бынат – АЙЛАРТЫ Дианæ. Æмдзæвгæты циклы тыххæй;
3-аг бынат – ДЗГОЙТЫ Дзерассæ. Æмдзæвгæты циклы тыххæй.
ПУБЛИЦИСТИКÆ
3-аг кары къорд – хистæртæ:
1-аг бынат – ГÆБÆРАТЫ Юри, журналист, прозаик, публицист, нывгæнæг Хуссар Ирыстоны фысджыты æмæ журналистты цæдисты уæнг, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг æмæ сгуыхт журналист.
2-аг бынат – ДЗÆРÆХОХТЫ Ритæ, 38-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
3-аг бынат – ЦХУЫРБАТЫ Жаннæ, Хуссар Ирыстоны Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы музыкалон хайады сæргълæууæг.
ДРАМАТУРГИ
3-аг кары къорд – хистæртæ:
1-аг бынат – уæлахиздзау дзы нæй.
2-аг бынат – АЙЛАРТЫ Асæхмæт – РЦИ-Аланийы адæмон артист, драматург;
3-аг бынат – БЕКЪОЙТЫ Майя – Хуссар Ирыстоны Зонадон Иртасæнты Институты ирон литературæйы хайады наукон кусæг, Фысджыты Цæдисы уæнг.
2-аг кары къорд – фæсивæд:
2-аг бынат – ГУЫБЕТЫ Сослан. Пьесæ «Ногазон диссæгтæ»-йы тыххæй.
АИВАДОН ТÆЛМАЦ
3-аг кары къорд – хистæртæ:
1-аг бынат – КЪУДУХТЫ Маринæ поэт, тæлмацгæнæг. Чингиз Айтматовы уацмыс «Мады быдыр» кæй ратæлмац кодта, уый тыххæй;
2-аг бынат – ХЪУЛАТЫ Юри РЦИ-Аланийы сгуыхт журналист, тæлмацгæнæг. Альдо Николайы Комеди-гротеск «Иучысыл буц митæ»-йы тыххæй.
3-аг бынат – ХУЫДÆЛТЫ Маринæ РЦИ-Аланийы сгуыхт артист, Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты аспиранткæ, Дыгурон театры артисткæ. Антон Чеховы пьесæ «Арс» кæй ратæлмац кодта, уый тыххæй.
2-аг кары къорд – фæсивæд:
3-аг бынат – АСЛÆМЫРЗАТЫ Дзæрассæ
СЫВÆЛЛÆТТЫ СФÆЛДЫСТАД
ПРОЗÆ
1-аг бынат – УАЛЫТЫ Аслан – Хуссар Ирыстоны Дменисы астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау. Йæ ахуыргæнæг Къусыраты Анжелæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
2-аг бынат – БАЛЛАТЫ Камиллæ Дзæуджыхъæуы шкъола-интернаты 8-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Хуыдæлты Мадинæ
3-аг бынат – КУЫДЗЕТЫ Валерия Хуссар Ирыстоны Цхинвалы 9-æм скъолайы ахукырдзау. Ахуыргæнæг Зассеты Зарæ
ПОЭЗИ
1-аг бынат – ГУЫЦМÆЗТЫ Марат Беслæны 7-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Гæбæраты Риммæ.
2-аг бынат – ТЕЗИАТЫ Дзерассæ Ногхъæуы скъолайы 3-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Тедтойты Эльвирæ.
3-аг бынат – ХУЫБИАТЫ Ацæмæз Диалоджы скъолайы 3-аг къласы ахуырдзау, ахуыргæнæг Киситы Заремæ.
АИВАДОН ТÆЛМАЦ
1-аг бынат – БЫЦЕНТЫ Сабинæ Архонкæйы 1-аг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Гæззаты Татьянæ.
2-аг бынат – ТЕДТАТЫ Ибрагим Беслæны 7-æм скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Елдзарты Нателæ.
3-аг бынат – АКЪОТЫ Виктория Архонкæйы 1-æм скъолайы 7-м къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Козаты Индианæ.