Пушкин: 250 азы. Уырыссаг æвзаджы бон

* * *

Мӕ зӕрдыл диссаджы уысм дарын:
Ды февзӕрдтӕ мӕ цуры уӕд,
Цыма сыгъдӕгдзинады зарӕг,
Цыма рӕсугъддзинады зӕд.
Мӕ цард ӕрвыстон ӕз ӕнкъардӕй,
Фӕлӕ мӕм дзолгъойы дӕр хъуыст
Дӕ фӕлмӕн, уарзон хъӕлӕс дардӕй,
Мӕ цӕстыл уад фынты дӕ хуыз.
Цыдысты афӕдзтӕ, ӕвзонджы
Бӕллицтӕ нал ысхастой рӕз.
Дӕ хъӕлӕс ферох кодтон, ноджы
Дӕуӕн дӕ зӕдон фӕлгонц ӕз.
Цы ран уыдтӕн фӕсвӕды ахстау,
Сындӕг цыдысты бонтӕ уым.
Ӕцӕгӕлон дуне уыд уарзтӕн,
Зӕдӕн, цӕссыгтӕн, цард — ӕрхуым.
Фӕлӕ та фервӕзт зӕрдӕ тарӕй,
Куы фӕзындтӕ ды ногӕй, уӕд,
Цыма сыгъдӕгдзинады зарӕг,
Цыма рӕсугъддзинады зӕд.
Ыссыгътой арт мӕ риуы зынгтӕ,
Мӕ зӕрдӕйы фӕцыдӕр маст,
Ысног дзы цард ӕмӕ цӕссыгтӕ,
Зӕды фӕлгонц, уӕлтӕмӕн, уарзт.

ЗЫМӔГОН ИЗӔР

Уад йӕ тарӕй арв ӕмбӕрзы,
Здухы митбырдӕн мӕстӕй;
Ниуы куы сырдау, ныхъхъӕрзы,
Сабийау ныккӕуы стӕй.
Куы нӕ хъӕмпын цары скафы,
Рамӕрзы чындзау нӕ кӕрт,
Куы фӕндаггонау ӕнафон
Рудзынг бахойы фӕсхӕрд.
У нӕ талынг къӕс ӕрхуымӕй
Дзаг — ӕрцарди дзы ӕнкъард,
Кӕд ӕдзӕмӕй бадыс уымӕн
Ды, мӕхи нана, ӕнцад?
Ӕви уадтымыгъы хъӕрмӕ
Бафӕлмӕцыдтӕ ӕцӕг?
Ӕви де ’лхуыйы уынӕрмӕ
Кӕд ӕрцахста дӕу хуыссӕг?
Ды, мӕ мӕгуыр ӕвзонг азты
Иууыл адджындӕр лымӕн,
Баназӕм фӕйнӕ ’мӕ мастӕй
Фервӕзын кӕна мах сӕн.
Азар-ма мын дзывылдары
Зарӕг, уый фӕсфурд куыд цард,
Ноджы буц чызгайы зарӕг,
Донмӕ райсомӕй куыд уад.
Нал ауӕрды уад йӕхиуыл:
Здухы митбырдӕн мӕстӕй;
Куы хъӕддаг сырдау нынниуы,
Сабийау ныккӕуы стӕй.
Ды, мӕ мӕгуыр ӕвзонг азты
Иууыл адджындӕр лымӕн,
Баназӕм фӕйнӕ ’мӕ мастӕй
Фервӕзын кӕна мах сӕн.

ХӔЛӔРТТӔН

Мӕ фыдгултӕ, нӕма мӕ схауд ныхас…
Ӕнхъӕлӕн ис: ӕрмынӕг и мӕ маст;
Фӕлӕ уӕм дарын ӕз мӕ хъус уӕддӕр,
Кӕйфӕнды дӕр уӕ ссардзынӕн кӕддӕр.
Мӕ дзӕмбытӕ кӕй ауадзон сымахӕй,
Ӕрдӕгмардӕй ӕрхаудзӕн уый дыдагъӕй.
Фӕхъахъхъӕны ма хъӕрццыгъа дӕр афтӕ
Ӕврӕгъты цурӕй гогызтӕ ’мӕ хъазтӕ.

* * *

Ӕз уарзтон дӕу; уарзт, чи зоны, мӕ риуы
Нӕма ахуыссыд абон дӕр бынтон,
Фӕлӕ ма уым дӕу азымгӕнӕг чи у! —
Дӕ зӕрдӕ риссын кӕнын у кӕй бон!
Ӕз уарзтон дӕу, дӕ уынд мӕ хурау тавта,
Дӕ цуры-иу нӕ уӕндыдтӕн сым дӕр;
Ӕз дӕ куыд уарзтон буцзӕрдӕйӕ, афтӕ,
Тӕхуды, дӕу куы бауарзид ӕндӕр.