ТАХЪАЗТЫ Харум

МАХ ИУУЫЛДÆР СТÆМ АЛАНТЫ ФÆДОНТÆ

Иу æмæ дыууæ хатты нæ загътон мæ раныхæсты, арæх фыстон периодикон мыхуыры дæр ахсджиаг хъуыддаджы тыххæй: «Иу националон æвзаджы дыууæ диалекты сты ирон æмæ дыгурон. Ома, иу нацийы дыууæ литературон æвзаджы». Иу нацийæн иу националон æвзаг хъуамæ уа, фæлæ йæ литературон æвзæгтæн та дыууæ уæвæн дæр ис. Зæгъæм, мордоваг национ æвзаджы дыууæ литературон æвзаджы сты эрзя æмæ мокша, марийаг национ æвзаджы – хæххон-марийаг æмæ быдырон-марийаг, комийаг национ æвзаджы – зырянаг æмæ пермякаг. Мах та иууылдæр стæм аланты фæдонтæ, æмæ ирон æмæ дыгурон диалекттæ сты аланты æвзаджы дыууæ къабазы. Уыцы æвзагæн ма ис ныхасыздæхтытæ – къуыдайраг, туаллаг, чысайнаг æмæ а.д. Ам быцæутæ æдзух æвзæры, не ‘взагæн иумæйаг ном кæй нæй, уый тæххæй. Уырыссагау алцыдæр йæ гаччы бады: «Иронский и дигорский диалекты осетинского языка». Дзырд «ирон» амыдта нæ адæмы иу хай, иу знæм, иннæ знæм хуынд дыгур. Ахæм хицæн нæмттимæ нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы цардысты хицæн кæмтты. Уæрæсеимæ куы баиу стæм, æмæ нæ фыдæлтæ быдырмæ куы ралыгъдысты, кæрæдзимæ куы фæхæстæгдæр сты, æмæ сæ иу адæмы номæй схонын куы бахъуыд, уæд стырдæр знæмы ном «ирон» рапарахат къаддæр знæм дыгурыл дæр. Гъемæ уый сси уæдæй нырмæ алы ныхмæвæрд хъуыдытæ хæссыны æфсон. Кæрон сын сæвæрæн ис диалектты статус бæлвырддæр бацамоныны тыххæй уагæвæрдæй: «Аланийы паддзахадон æвзæгтæ сты алайнаг (ирон, дыгурон) æмæ уырыссаг».

Нæ литературæ дæр рæзы иу национ æвзаджы дыууæ диалектыл. Литературон æвзæгты бындурæвæрджытæ сты Хетæгкаты Къоста æмæ Гуырдзыбеты Бласка. Ам дæр та уыцы хъуыды æвæрд ис – иу нацийы иу æвзагæн ис дыууæ литературон æвзаджы.

Уымæй уæлдай ма нацийæн вæййы хи ном (автоэтноним) æмæ, иннæ адæмыхæттытæ йын кæй раттынц, ахæм ном (аллоэтноним). Уымæ гæсгæ нæхи ‘хсæн стæм ирæттæ æмæ дыгурæттæ, уырыссæгтæн – осетины. Нæ аллоэтноним иумæйаг ном у, æмæ йын ис иугæнæг нысаниуæг. Автоэтноним уыцы домæнæн дзуапп нæ дæтты.

Уавæрыл ахуыргæндтæ æмæ æхсæнад дæр бæстон дзуриккой, алыхуызон дæнцæгтæ хæссиккой. Фæлæ сагъæсы æппары уый, æмæ та цавæрдæр тыхтæ нæ иудзинад нын фæкайыны охыл ардауæн митæ райдыдтой. Мах хъæуы не ‘нгомдзинад æвдисын, иу национ æвзаджы дыууæ диалекты рæзтыл дæр архайын, ног æмæ сæм ног фæлтæртæ æмхиц кæнын. Фæсивæд сыл дзурæнт æмæ фыссæнт, æмæ уæд нæ журналтæ, нæ газеттæ, нæ театртæн уыдзæн аккаг фидæн. Уый нын у сæйрагдæр, æмæ хъуамæ уый сæраппонд уа не ‘ппæт архайд дæр.

ТАХЪАЗТЫ Харум,
филологон наукæты доктор