Конкурс «Фыстæг Къостамæ» уæлахиздзаутæ

       

«ФЫСТÆГ КЪОСТАМÆ». УÆЛАХИЗДЗАУТÆ

Адæймаджы зæрдæйы арфы цы зæгъинæгтæ æрæмбырд вæййы, уыдон æнкъарæнтæ сæ быны куы скæнынц, уæд сын сæ ком райхалынæн вæййы бæлвырд хос – фыссæн сис æмæ гæххæтт.

Литературон журнал «Мах дуг» æмæ Уæрæсейаг культурæйы фонд Хетæгкаты Къостайы райгуырды 165 азы бонмæ расидт сфæлдыстадон конкурс «Фыстæг Къостамæ». Журналкæсджытæ, автортæ, байгом кодтой сæ зæрдæйы дуæрттæ, рахастой сæ хъуыдытæ гæххæтмæ, загътой дзы сæ зæгъинæгтæ ирон адæмы фæтæгæн, радзырдтой йын сæ цинтæ æмæ сæ хъыгтæ…

Архайджытæ кармæ гæсгæ дихгонд цыдысты дыууæ къордыл:

14 азæй 35 азмæ; 36 азæй уæлæмæ. Конкурсы домæнтæм гæсгæ фыстæджытæ хъуамæ фыст уыдаиккой ирон æвзагыл. Æхсызгон уый у, æмæ хистæртæ æмæ фæсивæды минæвæрттæ зæрдиагæй кæй бавнæлдтой ацы хъуыддагмæ. Сæдæ фысæгæй фылдæр «Яндекс» постхæссæг сæмбæлын кодта журналы редакцийыл.  Дæлдæр мыхуыр кæнæм конкурсы лауреатты. Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты Дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй 15 октябры 13.30 сахатыл  Цæгат Иыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон Ирон академион театры сценæйы Къостайы номыл литературон-поэтикон изæр «Весь мир мой храм»-ы. Фыстæджытæ мыхуыргонд æрцæудзысты журнал «Мах дуг»-ы 11-æм номыры – Къостайы номыл сæрмагонд рауагъды.

Къамисы уæнгтæ хуыздæртыл цы фыстæджытæ банымадтой, уыдон та иууылдæр уагъд æрцыдысты хицæн къаннæг чиныгæй æмæ сæ балæвар кæндзыстæм 15 октябры Ирон театры. Уыцы бон ма мадзалы архайджытæм æнхъæлмæ кæсы æндæр цымыдисаг лæвæрттæ дæр. Уæ хорзæхæй, саккаг кæнут уæ хæлæрттæ, уæ бинонтимæ!

Мадзæлттæ иууылдæр арæзт цæуынц Уæрæсейаг культурæйы фонды æххуысæй.

Литературон журнал «Мах дуг»-ы конкурс «Фыстæг Къостамæ» лауреаттæ

 Хистæртæ:

 Хуыгаты Сергей
Джусойты Нинæ
Дзбойты Михал
Дзгойты Зӕлинӕ
Хъыргъаты Анжелæ
Гасанты Валери
Плиты Гацыр
Къӕбысты Зӕринӕ
Хæмыцаты Фузæ

 Фæсивæд:

Биганаты Аслан
Беслæны 7 скъолайы 10 къл. ахуырдзау
Ахуыргæнæг: Къуыллыты Джульеттæ

Гæджынаты Дианæ 
Джызæлы 1скъолайы10-æм къл. ахуырдзау
Ахуыргæнæг: Башираты Ларисæ

Гагкуты Арсен
Дзæуджыхъæуы 3 скъолайы 10-æм къл. ахуырдзау
Ахуыргæнæг: Дзантиаты Е.А.

Залеты Аннӕ
«Цӕгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледж»-ы
1-ӕм курсы студенткӕ
Разамонӕг: Дзусты Бэллӕ Таймуразы чызг

Кочиты Дауыт-Сослан
Цӕгат Ирыстоны базарадон-экономикон паддзахадон техникумы
2 курсы студент

Къӕбулты Миленӕ
«Цӕгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледж»-ы
1-ӕм курсы студенткӕ
Разамонӕг: Дзусты Бэллӕ Таймуразы чызг

Токты Данӕ  
Алагиры скъола-интернаты 8 къл. ахуырдзау
Куратор: Гаматы Иваны чызг Зинаидӕ

Уалыты Аслан
Хуссар Ирыстон, Сацхенеты хъӕу Дменисы скъолайы 10 къл. ахуырдзау
Ахуыргӕнӕг: Къусраты Анжелӕ

Уаниты Аслан
Дзӕуджыхъӕуы 18-æм скъолайы ахуырдзау.
Ахуыргæнæг: Дзгойты Зинæ

Уататы Сӕрмӕт
Алагиры 5 скъолайы, 11 къласы ахуырдзау
Ахуыргӕнӕг: Хъайттаты Максимы чызг Ларисӕ