КОНКУРС «БАЗЫРТÆ»
Зынаргъ хӕлӕрттӕ!
Ацы аз Нафийы райгуырдыл 100 азы кæй æххæст кæны, Шамилы райгуырдыл та 85, уымæ гæсгæ Литературон журнал «МАХ ДУГ» расидт конкурс «БАЗЫРТӔ» ирон ӕвзагыл сын се `мдзӕвгӕй аив бакӕсынӕй.
✅Ацы мадзалы сӕ бон архайын у, 12 азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр: нӕ хъӕппӕрисджын студенттӕ, фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕ, ирон ӕвзагыл аудджытӕ ӕмӕ ирон литературӕ уарзджытӕн! Кармӕ гӕсгӕ архайджытӕ дихгонд цӕудзысты дыууӕ къордыл:
1️⃣ 12 азӕй 22 азмӕ;
2️⃣ 23 азӕй уӕлӕмӕ.
✅Цы хъӕуы бакӕнын?
Ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй аив бакӕс, ныффысс ӕй видеойы хуызы ӕмӕ йӕ ӕрбарвит 31 мартъимӕ нӕ бастдзинады чатмӕ Телеграмы хызӕджы ацы адрисмӕ:
https://t.me/mahdugchat
✅Ӕнӕмӕнг йемæ фыстӕджы хуызы ӕрбарвитын хъӕуы архайӕджы мыггаг, ном, кар, ахуыры кӕнӕ куысты бынӕттӕ (ахуырдзауты ӕрмӕджыты фӕбӕрӕг кӕнын, чи сӕ бацӕттӕ кодта, уыцы ахуыргӕнджыты).
✅Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджынгонд ӕрцӕудзысты Кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. (сæ ахуыргæнджытæ дæр Кады гæххæттытæй)
✅Куыстытӕн аргъ скӕндзысты сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ.
Нӕ фембӕлдмӕ!
#журналмахдуг
#конкурс #иронӕмдзӕвгӕ #Нафи #Шамил #базыртæ
#гӕлӕбу #бакӕсӕмиумӕ