Абон бӕрӕг кӕнӕм Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны дунеон бон!

Нӕ зӕрдӕ Ирыстоны цӕрджытӕн зӕгъы, цӕмӕй алы бинонтӕй дӕр хъуыса сабиты хъӕлдзӕг худын, цӕмӕй сӕ сӕрмӕ цъӕх арвыл кӕса хур ӕмӕ сӕ йӕ хъарм тынтӕй тава! Цӕмӕй ацы зӕххыл алы сывӕллон дӕр йӕхи ӕнкъара амондджынӕй ӕмӕ тырна царды хӕрзтӕм! Цӕмӕй сӕ фӕндӕгтӕ уой даргъ ӕмӕ уӕрӕх! Курӕм Дунескӕнӕгӕй, цӕмӕй сӕм разына хъарутӕ зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн, ирон ӕгъдау ӕмӕ фарн бӕрзонд хӕссынӕн! Уый у алы хистӕры бӕллиц дӕр!
Буц ут уӕ кӕстӕртӕй!