НÆ ИУМÆЙАГ ХÆЗНА
Зæрдæбын арфæ ракæнын мæ фæнды «Мах дуг»-ы 90 азы
юбилейы фæдыл редакцийы кусджытæн, журналкæсджытæн,
автортæн, ирон адæмæн се ‘ппæтæн дæр мæхи æмæ
РЦИ-Аланийы Парламенты депутатты номæй. Журнал «Мах
дуг» у нæ иумæйаг хæзна. Йæ фыццаг рауагъдæй абонмæ
тауы уарзондзинад мадæлон ирон æвзаг æмæ литературæ-
мæ, фидар кæны ирондзинады уидæгтæ, культæрæ, æгъдау
æмæ намыс! Журналкæсджыты зонгæ кæны литературæйы
ногдзинæдтимæ, критикон уацтимæ, зæрдыл æрлæууын
кæны ирон, уырыссаг æмæ иннæ адæмыхæттыты классикты
хуыздæр уацмыстæ. Мæ сæрæй ныллæг кувын, журналæн
бындур чи сæвæрдта, уыдоны рухс нæмттæн. Абон ноджы
ахсджиагдæр у журналы ахадындзинад ног фæлтæрты
хъомылады, нæ культурæ бæхъахъхъæныны фарстаты.
«Мах дуг» йæ фыццаг номырæй абонмæ цал æмæ цал
курдиатджын фыссæджы уацмыстæ рахаста адæмы рæгъмæ,
6
фæсивæдæй цал æмæ цал æрыгон адæймагæн байгом кодта
фæндæгтæ ирон литературæйы бæрзæндтæм!
Алы азты «Мах дуг»-æн разамынд цы фæлтæрдджын
фысджытæ лæвæрдтой, уыдоны рухс нæмттæ нæ рох кæн-
гæйæ, журналы кусджытæ абон дæр сыгъдæгæй дарддæр
хæссынц сæ фарны хъуыддæгтæ. Ис сын бастдзинæдтæ
Уæрæсейы æмæ фæсарæнты цæрæг ирон национ-культу-
рон æхсæнадтимæ, Цæгат Кавказы иннæ республикæты
журналты редакцитимæ æмæ сæ журналкæсджытимæ, фи-
дарæй-фидардæр кæнынц адæмты ‘хсæн бастдзинæдтæ æмæ
хæлардзинæдты уидæгтæ. Мах хъуамæ, нæ хъарутæ баиу
кæнгæйæ, бахъахъхъæнæм æппæты сæйрагдæр хæзна – нæ
адæмы бæрзонд монон культурæ!
Уыцы арфæйаг хъуыддæгтæ редакцийы кусджытæй домынц
æрмæст профессионалон зонындзинæдтæ нæ, фæлæ ма стыр
хъару дæр. Уыцы миниуджытæй «Мах дуг»-ы редакцийы
кусджытæ цух никуы уыдысты. Æмæ уын мæ зæрдæ зæгъы,
цæмæй дарддæр дæр æнувыдæй, зæрдæрухсæй кусат, уæ разы
цы сфæлдыстадон хæстæ æвæрут, уыдон æнтыстджынæй
æххæст кæнат. Уæ фидæн та ноджы бæллиццагдæр, рухсдæр
куыд уа, ахæм арфæ уæ уæд!
Амонд æмæ фарнимæ цæрут!
РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар
ТУСКЪАТЫ Таймураз