Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы Арцеуы хъӕусоветы Ног хъӕуы цӕрӕг, хӕсты ӕмӕ фӕллойы ветеран Хъазиты Уанкъайы фырт Ресо (Резо) уыд дзырддзӕугӕ ӕмӕ адӕмон сфӕлдыстад хорз зонӕг лӕг. Æрдз æмæ цæрæгойты фӕлгонцты адӕймаджы алы миниуджытыл ныхас кӕм цӕуы, уыцы хъӕлдзӕг хабӕрттӕ йын йӕ ныхӕстӕй ивгъуыд ӕнусы 70-æм азты ныффыста йӕ фырт, зындгонд ирон фыссӕг ӕмӕ ахуыргонд Хъазиты Мелитон.
ДУРВӔТКЪУЫ ӔМӔ ӔНГУЗ
Дурвӕткъуы ӕнгузыл худти:
– Цалынмӕ ды бынмӕ уидӕгтӕ фӕуадзыс, уӕдмӕ ӕз азӕй-азмӕ дыргъ дӕттынӕй бафӕллайын.
Ӕнгуз ын афтӕ:
– Дӕу ӕд уидӕгтӕ, ӕд цӕнгтӕ, ӕд дыргътӕ мӕ уидӕгтӕй иу дӕр бауромдзӕни, фӕлӕ мӕ цӕнгтӕй иуы дӕ хуызӕттӕ цалдӕрӕй нӕ бауромдзысты.
ХУЫРГАРК ӔМӔ ЦЪӔХ БИРӔГЪ
Иу бирӕгъ хъӕдгӕрӕтты йе стонг гуыбыны хъуыр-хъуырмӕ хъусгӕ фӕцӕйсыртт-сыртт кодта. Кӕсы, ӕмӕ къутӕры бын иу хуыргарк афынӕй.
Хуыцау дын хорз зӕгъӕд – хӕпп, ӕмӕ йӕ ацахста.
– Хуыргарк, хӕргӕ дӕ кӕнын.
– Де ʻгӕр калай, цъӕх бирӕгъ, куыд мӕ хӕрыс, рувас куынӕ дӕ, мыййаг.
– Рувас нӕ дӕн, мӕ фӕрстӕ дӕ къуыппытӕ нӕ адардзысты, фӕлӕ дӕ уӕддӕр хӕрын, стонджы мын у.
– Уӕд та мӕ дӕ фыдыфыды хӕрд бакӕн, цъӕх бирӕгъ, ӕмӕ мӕ бафсӕдай.
– Ӕмӕ-иу уӕ мӕ фыдыфыд куыд хордта?
– Искӕй-иу нӕ куы ʻрцахста, уӕд-иу нӕ слӕууын кодта йӕ разы, цӕмӕй, ӕхситгӕнгӕ, бирӕ уӕлдӕф сулӕфыдаиккам, ныддымстаиккам, нӕ базыртӕ дардыл ныззылдтаиккам. Афтӕмӕй-иу ныстыр стӕм, ӕмӕ-иу нӕ дӕ фыдыфыд йӕ мондӕгтӕ ныммардта.
Йӕ зондджын фыдыфыды митӕ фӕцыдысты цъӕх бирӕгъы зӕрдӕмӕ:
– Алӕ-ма, уӕдӕ ӕхситгӕнгӕ фылдӕр сулӕф уӕлдӕф, ныттил дӕ базыртӕ ӕмӕ ныстыр уай.
Хуыргарк алӕууыд йӕ разы. Йӕ базыртӕ ныххоста йӕ фӕрстыл, ныхситт кодта…
Чысыл ӕддӕдӕр хуыргӕрчыты дзуг хызтысты. Cӕ тугыстӕджы фӕдис куы фехъуыстой, уӕд хъӕргӕнгӕ уыциу стъӕлфт фӕкодтой. Бирӕгъ сӕм кӕсгӕйӕ аззад, ӕмӕ хуыргарк бӕласмӕ стахти.
– Цы фӕдӕ, цы? – бирӕгъ ӕм касти хӕлиудзыхӕй.
– Мӕнӕ дӕн, – бынмӕ йӕм ӕрдзырдта хуыргарк.
– Ӕмӕ цы аразыс?
– Мӕ зондджын фыдыфыд-иу де ʻдылы фыдыфыдыл куыд худт, афтӕ дыл ӕз дӕр худын.
КАДДЖЫН ФЫДӔЛТЫ СИДТ
Бӕх нӕууыл хызти. Бирӕгъ ӕм бахъуызыд ӕмӕ йыл фӕхъӕр кодта:
– Мӕнӕ бӕх, хӕргӕ дӕ кӕнын!
– Де ʻгӕр калай, цъӕх бирӕгъ, кӕд мӕ рауӕлдай кодтай, уӕд мӕ дӕ кадджын фыдӕлтау кадджын хӕрд цӕмӕннӕ кӕныс?
– Ӕмӕ-иу уыдон куыд хордтой?
– Куыд, куы зӕгъай, уӕд-иу нӕ исчи куы бахаудта сӕ къухмӕ, уӕд-иу нӕууы иу кӕронӕй иннӕмӕ хорз фӕсимдтой немӕ, стӕй-иу дзӕбӕх куы стӕвд стӕм, уӕд-иу нӕ рабынӕй кодтой ӕмӕ-иу нӕ тӕвдӕй бахордтой.
Тӕвд фыдызгъӕлы кой бирӕгъы зӕрдӕмӕ фӕцыди.
– Алӕ-ма, уӕдӕ, ӕз дӕр мӕ кадджын фыдӕлты ӕгъдау ӕрымысон, – бирӕгъ бӕхы йӕ разӕй айста нӕууыл.
Асимдтой иуæрдӕм. Расимдтой иннӕрдӕм. Бӕх ӕй симгӕ-симын йӕхимӕ ӕрбауагъта хӕстӕг, ӕмӕ йын йӕ тых-йӕ бонӕй йӕ фӕстаг сӕфтæджытӕй ӕмцӕф ныккодта йе ʻфсӕр.
Ӕфсӕр асасти. Бирӕгъ атылди нӕууыл. Бӕх афардӕг кафгӕ йӕ хӕдзармӕ.
«Фыдӕй-фыртмӕ нын фыдгуыбынӕй куы фидис кӕнынц, нӕ цард лӕбурынӕй куы у, уӕд мӕ цы нӕ уагъта, цӕй кадджын фыдӕлты симдӕй симдтон?» – йе ʻфсӕры рыстӕй йӕхи зӕххытыл хоста бирӕгъ.
БИРӔГЪ ӔМӔ УӔРЫКК
Бирӕгъ уӕрыччы ʻрцахста, ӕмӕ уӕрыкк нырдиаг кодта:
– Ма мӕ бахӕр, мӕн Хуыцау цард рӕсугъд кӕнынӕн рафӕлдыста!
– Дӕумӕ гӕсгӕ, мӕн та стонгӕй амӕлынӕн сфӕлдыста? – худӕгӕй йыл бакъӕцӕл бирӕгъ.
РУВАСЫ УӔРСТ
Арс, бирӕгъ ӕмӕ рувас слымӕнтӕ сты. Иухатт галы мард ссардтой. Арс дзуры бирӕгъмӕ:
– Айуар ӕй, Бегъырыхъо. Базонӕм дын дӕ рӕстдзинад.
– Цы уарын ӕй хъӕуы, – фӕкодта бирӕгъ. – Гал – дӕу, сӕр ӕмӕ къӕхтӕ – мӕн, тъӕнгтӕ – рувасы.
Нӕ фӕцыди бирӕгъы уӕрст арсы зӕрдӕмӕ. Смыхъхъ ӕй кодта, ӕмӕ бирӕгъ уӕнгсӕстытӕй ӕрхы смидӕг.
Арс ныр та рувасмӕ дзуры:
– Айуар ӕй, кӕлӕнгӕнӕг. Базонӕм дын дӕ рӕстдзинад.
– Де ʻгӕр калай, нӕ хистӕр, – бадиссӕгтӕ кодта рувас, – иу галӕй цы уаринаг ис? Деддӕ йыл багуыбыр у, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр уым нӕ уыдзӕн ӕмӕ йӕ уӕрст дӕр.
Рувасы уӕрст фӕцыд арсы зӕрдӕмӕ. Ӕрбадти галы мардыл. Хӕргӕйӕ йӕ куы иуæрдӕм аласы, куы – иннӕрдӕм, ӕмӕ дзы рувасмӕ дӕр йӕ гуыбыны дзаг згъӕлд.
ХЪУЛОН ЦӔСТӔНГАС
Комахсӕйнаг хуы хордта, хордта, снард ӕмӕ фӕйнӕрдӕм футтытӕ байдыдта:
– Кӕсут, хуыйы мыггаг? Хицаумӕ ӕз ахӕм бынаты дӕн, гъе! Хъулон зӕрдӕ мӕм дары.
Уалынмӕ мит ныууарыди. Ралӕууыди Цыппурсы къуыри. Комахсӕйнаджы урс-урсид митыл рафӕлдӕхтой ӕмӕ йӕ раргӕвстой.
Хуытӕ йӕм тарстӕй кастысты ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой:
– Ох-х, ох-х, ох-х… Хицау дӕм хъулон цӕстӕй куы кӕса, уӕд уый цы амоны, цы?..
БУЛÆМÆРГЪ ÆМÆ ЦЪИУСУР
Мӕргътӕ фарстой булӕмæргъы:
– Цъиусур бирӕ стырдӕр куынӕ у дӕуӕй, ноджы дыууадӕс ӕвзаджы куы зоныс, уӕд дӕ куы ʻрсуры, уӕд фӕдис ныхъхъӕр кӕнын дӕр цӕмӕннӕуал фӕзоныс?
– Зонын ӕй, цъиусур дӕр мӕнӕй бирӕ стырдӕр нӕу. Дыууадӕс ӕвзаджы дӕр зонын, фӕлӕ цъиусуры куы ауынын, уӕд ме уӕнгтӕ адон вӕййынц, ӕмӕ ме ʻвзаг мӕ комы ныххауы.
ӔППӔЛОЙ УАСӔГ
Иу ӕппӕлой уасӕг кӕрты бӕдулты ʻхсӕн йӕ сӕр михтыл хафгӕ рацу-бацу кодта:
– Цымӕ ма зӕххы цъарыл мӕ сызгъӕрин къоппа, мӕ сырхзӕлдаг боцъо, мӕ кӕркӕ-мӕркӕ дымӕгӕй рӕсугъддӕр исты ис?
– Мӕнӕ мӕ къӕдз бырынкъ ӕмӕ мӕ цыргъ ныхтӕ! – арвӕй йыл йӕхи раскъӕрдта цӕргӕс.
РУВАСЫ ДЗУАПП
Рувасы ӕрцахстой ӕмӕ йӕ фӕрсынц:
– Сайын куыд базыдтай?
Уый сын афтӕ:
– Суадзут мӕ, ӕмӕ уын ӕй фенын кӕнон!
ӔГЪАТЫР ЦӔРӔГОЙ
Гӕдыйы фарстой:
– Зӕххы цъарыл иууыл ӕгъатырдӕр цӕрӕгой цы у?
– Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, куыдз! – фӕцырд гӕды.
– Ӕмӕ ма уӕд гӕды та цы у? – йӕ хуыккомӕй ныцъцъыс-цъыс кодта мыст.
БИРÆГЪЫ ЗÆРОНД
Бирӕгъ базӕронд. Йӕ дӕндӕгтӕ азгъӕлдысты. Йӕ бон цӕуын нал уыд, ӕмӕ стонгӕй марди.
Уӕд рувасӕн афтӕ зӕгъы:
– Хъуамӕ къуылыхы ʻфсон скӕнон. Фыййӕуттӕм бацӕудзынӕн. Зӕгъдзынӕн сын: «Мӕ къӕхтыл нал лӕууын, мӕ фӕрсчытӕ пырх сты ӕмӕ, уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, иу рынчын уӕрыччы хъус мын раттут». Ӕнхъӕл дӕн, мӕгуыры тӕригъӕд мын бакӕндзысты.
Рувас дӕр ӕй бацырд кодта, уый хорз ӕрхъуыды у, зӕгъгӕ.
Бирӕгъ ӕцӕг бацыди фыййӕуттӕм. Дзуры сын: «Мӕ зӕрыбон уӕ къухмӕ ӕрхаудта. Мӕ къах саст у. Мӕ фӕрсчытӕ пырх сты. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, мӕгуыры тӕригъӕд мын бакӕнут. Иу рынчын уӕрыччы хъус мын уӕддӕр раттут, стонгӕй мӕлын».
Фыййӕутты дӕр ӕндӕр ницы хъуыд: уӕдӕ нӕ къухмӕ ӕрхаудтӕ, зӕгъгӕ йӕ райдыдтой нӕмын, стӕй йӕ марды ʻфсон былӕй атылдтой.
Куы ʻрчъицыдта, уӕд ӕм рувас бацыд ӕмӕ йын афтӕ: «Рабад. Ныр ӕцӕг цъӕлтӕ ӕмӕ пырхытӕ сты дӕ къӕхтӕ дӕр, дӕ фӕрсчытӕ дӕр. Ныр дын, чи зоны, ӕцӕг исчи фӕтӕригъӕд кӕна. Ӕрмӕст фыййӕуттӕ – нӕ».
ХЪÆДЫНДЗ ÆМÆ НУРЫ
Хъӕдындз ӕппӕлыд йӕхицӕй:
– Мӕнӕй хӕрзконддӕр нӕй. Мӕ уӕлӕдарӕс – цалдӕр фӕлысты, иууылдӕр – мӕ уӕлӕ хуыд. Хуры чызг дӕр мӕм бахӕлӕг кӕндзӕни.
Нуры дӕр ӕппӕлыд йӕхицӕй:
– Уый мӕнӕй хӕрзконддӕр нӕй! Мӕ уӕлӕдарӕс – цалдӕр фӕлыс-ты, мӕ уӕлӕ – уӕнггай барст, уӕнггай хуыд. Ницы мын хуры бон у, ницы – уазалы.
Хъӕдындз ӕмӕ нуры сӕ кондӕй афтӕ ӕппӕлыдысты, ӕмӕ зӕххӕй схаудтой.
Уыцы рӕстӕджы быдыргӕсы чызг зылди быдырыл. Куы сӕ федта, уӕд сӕ байрад:
– Адон иугӕр сӕхи ныррӕсугъдтӕ кодтой, уӕд сӕ афон ӕрцыд, ӕмӕ сӕфынӕн ӕвгъау сты, – ӕмӕ сӕ йӕ хызыны ныппӕрста.
МЫСТ ÆМÆ ДОМБАЙ
Мыст домбайы дӕлбазыр ӕрцарди. Фӕлӕ домбай базмӕлы, ӕмӕ кӕс – мыст йӕ хуыккомы смидӕг. Домбай ныззӕмбы, ӕмӕ кæс – мыст фӕтары…
Афтӕ ӕппынӕдзух домбайӕ фӕдисы лӕууыд йӕ уд.
Уӕд ын иухатт домбай афтӕ:
– Ныр дыл цы уынгӕджы бон и, мӕ сыхаг уай. Дӕхи ӕмсӕртимӕ ӕрцӕр, ӕдас сӕ уӕддӕр уыдзынӕ.
Мыст та йын загъта:
– Дӕ азарӕй басудзон, мӕ паддзах, ам мын ӕрмӕст дӕуӕй у тас, ӕмӕ дӕ исты хуызы хиздзынӕн мӕхи, ардӕм мӕм дӕ тӕссӕй зулмӕ ӕрбакӕсын дӕр ничи ӕрбауӕнддзӕни. Уым та мыл хъӕды цъиутӕ дӕр тых сты. Куыд уынгӕджы фӕдӕн, цалӕй сӕ хизон мӕхи?
МАЙМУЛИ ÆМÆ АДÆЙМАГ
Зондджын лӕджы фарстой:
– Маймули ӕмӕ адӕймагӕн исты ис иумӕйагӕй?
Уый сын афтӕ:
– Сӕ зонд. Маймулийӕн бӕласы уынгӕг мӕрайы, куыд ӕй фена, афтӕ сӕкӕры къӕртт ныппарынц. Уый мæрайы нытътъыссы йӕ дзӕмбы, ссары йӕ, фӕлӕ дзӕмбы тымбылӕй мӕрайӕ сласын нал фӕкомы. Сӕкӕры къӕртт аппарын та маймулийы цӕст нал фӕуарзы. Ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ӕрцахсынц.
Адӕймаг дӕр афтӕ у. Нозт ын йӕ разы ӕрӕвӕрынц. Фӕзоны йӕ, куы бануаза, уӕд дзы йе сӕфт ссардзӕнис… Фӕлӕ йӕ ныууадза, уый йӕ цӕст нал фӕуарзы, ӕмӕ дзы фесӕфы.
БӔХЫ САРГЪ
Иу хӕрӕг йӕ хицауимӕ загъд самадта:
– Куыд дӕм кӕсы, мӕныл бӕхы саргъ не сфидаудзӕни?
– Бӕхы саргъ та дыл куыннӕ сфидаудзӕни, фӕлӕ бӕхты дугъ дӕр рафидаудзӕни дӕуӕй? – ныууырдыг ӕм хицау дӕр.