Хъæлдзæг хабæрттæ: Иу æй акарста, иннæ йæ ахуыдта…

ИУ ÆЙ АКАРСТА, ИННÆ ЙÆ АХУЫДТА…

                                        * * *

– Баба, мæ фыны федтон, цыма мын мин сомы радтай.

– Уадз сæ дæхицæн, мæ хъæбул.

 

                                        * * *

– Дыууæ къуырийы дзидза мæ цæсты кæронæй дæр нæ федтон, – тæригъæддаг хъæлæсæй дзуры мæгуыргур.

– Мæ чызг, физонæг ма йæм равдис.

 

                                        * * *

Мад кæсы хъæлдзæг цауты чиныг. Йæ гыццыл чызг æй фæрсы:

– Хъæлдзæг цаутæн дзуаппытæ ис?

– Цавæр дзуаппытæ?!

– Уæдæ, кæм худын хъæуы, уый куынæ зонай, уæд та?

 

                                        * * *

Ус йæ лæгмæ модæты журнал æвдисы:

– Ацы аз нæлгоймæгтæ дардзысты æнæцæппузыр хæдæттæ.

– Диссæгтæ! Уæдæ æз фæстаг фынддæс азы дзаума уыцы модæмæ гæсгæ дарын!

 

                                        * * *

Зындгонд киноактрисæ йе ‘мбал чызгæн дзуры:

– Михалимæ чындзæхсæв уал мын фæстæдæрмæ баззад.

– Цæмæн?

– Сергеймæ уал ауайон чындзы.

 

                                        * * *

– Æртæ боны йеддæмæ зонгæ куынæ стæм, уæд мæ куыд хъуамæ ракурай?

– Æз дæ рагæй зонын. Дæ фыд йе ‘хца кæм дары, уыцы банчы кусын…

 

                                        * * *

– Тамако æгæр бирæ дымыс.

– Æмæ цы?

– Уый дын дæ цард цыбырдæр кæны.

– Куыннæ стæй! Рагон бердзенæгтæ тамако нæ дымдтой, фæлæ уæддæр иууылдæр амардысты.

 

                                        * * *

– Дохтыр, ахæм зынаргъ хостæ мæ æнæмæнг хъæуы? Бинонтæ даринаг мын ис…

– Мæнæн дæр.

 

                                        * * *

Зындгонд фыссæгмæ æрыгон дохтыр æрбацыд æмæ йын æппæлы:

– Медицинæйыл мæ къух ауыгътон фыссæг суæвыны тыххæй. Афтæмæй адæмæн фылдæр пайда ‘рхæсдзынæн.

– Медицинæ кæй ныууагътай, уымæй дæр сын ныридæгæн кæуылты хæрзты бацыдтæ!

 

                                        * * *

– Дохтыр, бузныг дæ зæрдиаг лæггады тыххæй!

– Бахатыр кæн, фæлæ дæ кæд дзæбæх кодтон, фыццаг хатт дæ куы уынын?

– Дæ бæрны мæ фыдыфсымæр уыд. Йæ бынтæ мæнæн баззадысты.

 

                                        * * *

– Хорз лæг, дæ хосгæнæн кæрдæджытæ æцæгдæр исты пайда сты?

– Уæдæ! Мæ фыртæн хæдзар балхæдтон, мæ чызгæн – машинæ.

 

                                        * * *

Зæронд ус йæ царды фыццаг хатт уырыссаг бæгæныйæ ацахуыста. Йæ дисæн кæрон нал уыд:

– Нæ лæг фæстаг ссæдз азы дæргъы цы хос нуæзта, уый дæр ахæм ад кодта!

 

                                        * * *

– Дæ низ æнцон дзæбæхгæнæн у, – зæгъы дохтыр. – Алы изæр дæр – ваннæйы дзаг хъарм дон æмæ уый фæстæ – коньячы чысыл агуывзæ.

Цалдæр боны фæстæ рынчын ногæй фæзынд:

– Дохтыр, коньяк мын æнцонæй цæуы, фæлæ ваннæйы дзаг дон мæ бон бануазын нæу…

 

                                        * * *

Адвокат фæрсы:

– Ахæстонæй куыддæр рацыдтæ, афтæ газеты редакторы фæнадтай. Куыд æмбаргæ у уый?

– 20 мины йеддæмæ нæ адавтон, газеты та 30 мины ныффыстой. Не ‘фсин мын цытæ бакодта, уый зоныс?

 

                                        * * *

Дохтыр:

– Мæ хос дын феххуыс?

Рынчын:

– Тынг хорз хос! Мæ хуыфæг фæцыдæр, мæ фыртæн йæ ахсæн нал риссы, цы ма дзы баззад дæ хосæй, уымæй та не ‘фсин рудзгуытæ ныхсадта.

 

                                        * * *

Тæрхонгæнæг:

– Дæ ныхæстæм гæсгæ, дукани фæкъахтай, сыдæй кæй мардтæ, уый фыдæй. Æмæ уæд æхца цæмæн адавтай, хæринæгтæ цæуылнæ райстай?

Давæг:

– Уымæн, æмæ цæсгомджын адæймаг дæн – цы хæрын, уымæн хъуамæ бафидон.

 

                                        * * *

– Нана, 500 сомы ма мын авæр æмæ сæ, уæртæ парчы цы мæгуыр ус лæууы, уымæн раттон.

– Цы тæнзæрдæ дæ, мæ чызг. Цу, ахæсс ын æхца. Æвæццæгæн, йæ бон кусын нал у.

– Æвæццæгæн, нал. Къафеттæ уæй кæны.

 

                                        * * *

– Мæ зынаргъ, цы ма фæуон? Знон мæ фыд йе ‘хца иууылдæр къамæй фæхæрд, æмæ нæм, чындзæхсæв ма цæмæй скæнæм, уый нал ис!

– Ма тыхс! Йе ‘хца йын æз рамбылдтон…

 

                                        * * *

– Не ‘фсинимæ хъуамæ ахицæн уон. Алы бон хæрæндæттæ æмæ сæндæттыл зилы.

– Афтæ тынг нуазы?

– Нæ, мæн фæагуры.

 

                                        * * *

– Дохтыр, иудадзыг мæ сæр риссы.

– Изæры мæнæ ацы хосæй бануаз, райсомæй ма кæд райхъал уай, уæд та дзы ногæй бануаздзынæ.

 

                                        * * *

Лæг рестораны бафынæй. Иу кæстæриуæггæнæг чызг иннæмæ дзуры:

– Цом, феддæдуар æй кæнæм.

– Цытæ дзурыс! Цал хатты йæ райхъал кæнын, уал хатты та йе ‘хсæвæрæн ногæй-ногмæ бафиды.

 

                                        * * *

Мæгуыргур тæрхоны раз æрлæууыд, кæрц кæй адавта, уый тыххæй.

– Худинаг дæм нæ кæсы! – дзуры тæрхонгæнæг. – Æртæ азы размæ дæр ахæм давды тыххæй куы бахаудтай!

– Омæ уæдæ уыцы кæрц кæдмæ дардтаин?!

 

                                        * * *

Лæг æхсæвы фехъал æмæ уыны, хуыснæг ын йæ уаты куыд джигул кæны, уый.

– Гъей, цы агурыс?

– Æхца!

– Дæ хорзæхæй, кæд исты ссарай, уæд-иу мæн дæр райхъал кæн.

 

                                        * * *

Зæхкусæгæн йæ хъуг фесæфт.

– Æнæрай фæу! – смæсты уый. – Æрмæст дæ ссарон, æндæра дæ хуынкъ суариыл нæ ныууæй кæнин!

Уалынмæ хъуг хæдзармæ фæзынд. Лæджы йæ ныхас сайын нæ бафæндыд, хъугыл гæдыйы абаста æмæ базармæ фæраст.

– Иу суарийæ хъуг уæййаг! – хъæр кæны. – Гæды та – дæс мин сомæй! Хицæнтæй сæ нæ уæй кæнын, æрмæстдæр – иумæ!

 

* * *

Чысыл горæты дохтыр йæ фæллад уадзынмæ ацыд æмæ йæ бæсты ныууагъта йæ фырты – уæд ын медакадеми каст фæци. Дыууæ къуырийы фæстæ куы æрыздæхт, уæд æрыгон дохтыр аппæлыд:

– Сона дæс æмæ ссæдз азы дæргъы йæ ахсæнæй хъæрзыдта, ныр æй æз адзæбæх кодтон.

– Цы бакуыстай! Уыцы ахсæны руаджы куы фæдæ каст скъола, колледж æмæ институт!

 

                                        * * *

– Чындзы цæугæйæ, дам, чызг хъуамæ урс дарæсты уа. Уый, дам, амонды нысан у, йæ чындзæхсæв йæ царды амондджындæр боныл нымад у.

– Тынг раст. Фæлæ мын уыдæттæ цæмæн дзурыс?

– Усгурæн та йæ уæлæ тар уæлæдарæс цæмæн вæййы, уый мын, зæгъын, кæд бамбарын кæнис…

 

                                        * * *

Чызг хъаст кæны йæ мадæн:

– Дæ сиахсы мæ бон иу миниæгыл сахуыр кæнын нæу! Йе ‘хцатæ алы хатт дæр æндæр ран бамбæхсы.