Сывæллæтты курдиат дидинкалæг уæд!..

А зæххыл дзæвгар рацардтæн, æмæ мæ бон у ивгъуыд æмæ абоны ‘хсæн абарстытæ скæнын. Мæ цардвæндагыл мæ стыр амонд фæци мæ мад, мæ ахуыргæнджытæй æмæ, музыкæйы, театры, литературæйы, аивады, спорты къабæзты хицауадон оргæнты ирд минæвæрттимæ зонгæ кæй уыдтæн, уымæй. Уымæ гæсгæ зæгъдзынæн: ивгъуыд фæлтæр абоны фæлтæримæ куы барæм, уæд нæ нырма уыдоны онг хъæуы дзæвгар къахдзæфтæ акæнын. Цы дуг аивгъуыдта, уый зæрдæхæлардæр æмæ адæмуарзондæр уыд. Хорз æмæ æвзæр цы у, уый тыххæй раздæр музыкæ фыстам, абон та æнæхъæн дунейы дæр фыдæхдзинад йæ сау тауæнтæ кæны, æмæ адæм фыдæбæттæ æвзарынц.
Дзырдуатæй нæ цардмæ «ралæбурдтой», ивгъуыды афтæ уæзгæ бынат кæмæн нæ уыд, ахæм æмбарынæдтæ – æгъатырдзинад, сайд æмæ æнæуынондзинад. Фæлæ дуне иууыл сауæй ахуырстæй уынын раст нæу, æмæ радзурдзынæн, абон мæ зæрдæ цæмæй рухс кæны, цæрын æмæ райдзаст фидæнмæ бæллынæн нын ахъазгæнæг цы у, уыдæтты тыххæй.
Цинæфтауæг мыл фыццаджы-фыццаг сты сывæллæттæ. Се ‘нтыстытæ сын уынын, æххуыс сын кæнын, музыкæйы дунемæ сæ хонын, семæ концертты архайын – уымæй стырдæр амонд нæй. Мæнмæ гæсгæ, сывæллæттæ иууылдæр курдиатджын сты, æмæ се ‘нтыстытæ педагогты æмæ ныййарджыты æмзонд архайды бæрæггæнæн вæййынц.
Мæ цард æнæхъæнæй дæр у æрыгон фæлтæрæн сæ курдиат раргом кæнынæн уавæртæ аразынимæ баст. Бирæ нæм ис дæсны музыканттæ, дирижертæ, композитортæ, пианисттæ, зарæггæнджытæ. Гъемæ Ирыстоны æппæт ресурстæ дæр хъуамæ, уыцы курдиат дидин цæмæй кала, уымæ саразæм. Мæ мад мæ сахуыр кодта хи сывæллæттæй иннæты иучысыл фылдæр уарзыныл, æмæ мæ абоны онг уыцы ныстуан рох нæу.
Ноджы ма, цас фылдæр цæрын, уыйбæрц «националистдæр» кæнын. Мæ архайды нысан у, цы аивады, цы царды ирон хæдхуыздзинад бахъахъхъæнын æмæ йæ парахат кæнын. Фæнды мæ, цæмæй ирон музыкæ ахуыр кæныны æмæ цæгъдыны хъуыддаг æнæмæнг уагæвæрд суа нæ республикæйы музыкалон скъолаты æмæ колледжты. Нæ театрты режиссертæм дæр сидын, цæмæй спектакльтæм музыкæ Интернетæй æвзарыны бæсты æмгуыст кæной нæхи композитортимæ.
Раздæр ма республикæйы Сæргълæууæджы цур куыста Культурæйы фæдыл совет æмæ йæ цæст дардта, национ культурæ куыд рæзы æмæ парахат кæны, уымæ. Хорз уаид фæстæмæ йæм раздæхын.
Зæрдæрай дæн, курдиатджын сывæллонæн нæм кæй ис хистæрты оркестрты цæгъдыны фадат. Уыцы уаг йæ рæстæджы сæвæрдта УСФСР-йы адæмон артист Павел Ядых, æмæ йын мах йæ фарны хъуыддаг дарддæр хæццæ кæнæм.
Фæсивæдæн ма фыссын мæ мысинæгтæ, аивады, литературæйы, театры алы къабæзты цы номдзыд адæмы зыдтон, уыдоны тыххæй. Цæрæнбонтæм сæ бузныг уыдзынæн, сæ нæмттæ мын – табуйаг. Ацы куыстæй мæ фæнды æрыгæттæн ахæм зонды фæрæз раттын, сæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл къаддæр рæдыдтытæ куыд уа. Фæнды ма мæ, мæ хъарутæ фаг куыд уой адæмæн хорздзинæдты цæуынæн. Æнæкæрон уарзтæй та уарзын мæ Райгуырæн бæстæ, æмæ мын дызæрдыггаг нæу, дуне цы фыдбылызты ахæсты бахауд, уыдоныл кæй фæуæлахиз уыдзæн.
МАХЪОТЫ Ацæмæз,
РЦИ-Аланийы Композиторты цæдисы сæрдар,
Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг