Культурæ æмæ аивад Ирыстоны хъуамæ уой бæрзонд æвæрд

Цалынмæ лæг цæры, уæдмæ йæм бирæ домæнтæ ис: хъæуы йæ хорз цæрæнбынат, уæлæдарæс, кусæн мигæнæнтæ, хæринаг æмæ афтæ дарддæр. Æппæт дæр арæзт цæуынц адæймаджы фæллойæ, фæлæ дзы иу дæр рæстæджы сæрты нæ ахизы: чи хардзы ацæуы, чи æмбигæ кæны, чи та – згæ, сæ кой дæр нал баззайы. Фæлæ цæйдæр фæрцы адæмыхатт, паддзахæдтæ, хицæн адæймæгтæ баззайынц историйы, æмæ уыцы цыдæр у культурæ, культурæйы сæйраг хай та – аивад. Бирæ хæзнатæ, бирæ мулк кæмæ ис, уыдон ферох уыдзысты, фæлæ, культурæмæ, аивадмæ чысыл ног бавæрæн чи бахаста, уыдон, æнæмæнг, баззайдзысты историйы, сæхæдæг куы нал уой, уæддæр. Культурæ дæр арæзт цæуы адæмы фæллойы руаджы. Цас дзы фылдæр пайда кæнай, уыйас кæны ирдæй-ирддæр, егъаудæр. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ культурæ у зæххы къорийыл цæрæг адæмтæн сæ размёдзыды сæйраг нысан.
Культурæйы къабæзтæ, аивады алы хуызтæ сты æмсæр, иу иннæмæй уæлдæр кæнæ дæлдæр нæу, фæлæ, америкаг архитектор Фрэнк Ллойд Райты ныхасмæ гæсгæ, «архитектурæ у аивæдты мад». Мæ хъуыдымæ гæсгæ, архитектурæ нæ тæрсы уазал æмæ æнтæфæй, дымгæ æмæ къæвдайæ, иннæ аивæдты та хъахъхъæны фыдракæндтæй æмæ æрдзы тызмæгдзинадæй. Архитектурæ у демократон аивад, цыфæнды хъæумæ кæнæ горæтмæ бацæуай, æнæ сæмбæлгæ йыл нæ фæуыдзынæ. Хъыгагæн, лæг цы архитектурæйыл сæмбæлы, уый æдзух сæ хуыздæртæй нæ разыны. Ацы хъæндзинад иннæ аивæдтæм дæр хæццæ кæны.
Кæй зæгъын æй хъæуы, хæрзхъæд архитектурæ канд архитектортæй аразгæ нæу. Афтæ зæгъæн ис, æмæ йæм кæй къух æмæ зонд нæ хæццæ кæнынц, ахæм адæймаг зын ссарæн у – архитектурæ у дуджы æхсæнады иумæйаг фæлгонц.
Алцы зонæг нæ дæн, чи зоны, бирæтæ мæ хъуыдытимæ разы нæ уыдзысты, фæлæ ма мæ фæнды зæгъын литературæйы тыххæй дæр. Къоста æмæ Пушкины фæдыл ног хъуыды тынг зын зæгъён у – уыдон сæ бынат раджы бацахстой, мах цæст æххæсгæ дæр кæдæм нæ кæны, уыцы бæрзæндтыл. Маяковский дæр уыцы бæрзондыл лæууы, фæлæ, æвæццæгæн, ахæм рæстæг нæма æрцыди, æмæ æппæт адæмы зæрдæты йæ аккаг бынат бацахса.
Ирон адæмы бæрц бирæ милуантæ куы уаид, уæд, мæ хъуыдымæ гæсгæ, ирон æвзагæн йæ кад уаид бæрзонд, Булкъаты Михалы æмæ Гуыцмæзты Алешы уацмыстæ та æппæт дунейы дæр уаиккой хъуыстгонд. Нуарджын аивадон мадзæлттæй сæ иу раргом кодта Иры хъæздыг истори, иннæ та – адæймаджы арф æмбæхст миддуне.
Уæдæ нæм куыд нæ уыди Къостайы аккаг поэттæ дæр… Токаты Алихан æмæ Дзаболаты Хазби кæд бирæ нæ ацардысты, уæддæр ирон поэзимæ бахастой, бæрæг чи дары, ахæм ног формæтæ æмæ æнкъарæнтæ. Къоста ма куы цардаид сæ дуджы, уæд сын аккаг аргъ скодтаид.
Культурæ æмæ аивад Ирыстоны хъуамæ уой бæрзонд æвæрд, уый у нæ алкæй хæс, науæд нæ адæмыхаттæн историйы нæ уыдзæн фидæн. Уыимæ ма батыхсын хъæуы нæ адæмы нымæцыл дæр, нæ кæстæртыл.
Алыккаты Руслан,
Уæрæсейы Архитекторты цæдисы
цæгатирыстойнаг хайады сæрдар