165 азы юбилейы фӕдыл Лабӕйы цӕрджытимӕ фембӕлд

Хетæгкаты Къостайы номыл националон наукон-культурон центр Къостайы райгуырды 165 азы юбилейы фӕдыл цы мадзӕлттӕ аразы, уыдонӕй иу уыд знон – Хъӕрӕсе-Черкесты Республикӕйы Лабӕйы цӕрджытимӕ фембӕлд. Архайдтой дзы центры разамонӕг Ӕлборты Иван, йӕ хӕдивӕг Бигъуылаты Людмилӕ, «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдары хӕдивӕг Дзӕгойты Станислав, Ныхасы ахуырад ӕмӕ ирон ӕвзаг бахъахъхъӕныны комитеты разамонӕг Бургалаты Заремӕ, Ныхасы уӕнг Дыгъуызты Алыксандр, журнал «Мах дуг»-ы сӕйраг редактор Хетӕгкаты Оксанӕ, Фысджыты цӕдисы сӕргълӕууӕг Хозиты Барис ӕмӕ иннӕтӕ.

РЦИ-Аланийы Парламенты сӕрдар Тускъаты Таймуразы номӕй арфӕйы гӕххӕттытӕ райстой Хъӕрӕсейы Ирон ӕхсӕнады сӕргълӕууӕг Хетӕгкаты Олег ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы номыл хъӕуы (Лабӕйы) бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕг Хъӕрджынты Арсен.