Бадзырд æмгуыстады тыххæй

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим æмæ литературон журнал «Мах дуг»-ы редактор Хетæгкаты Оксанæ бафыстой бадзырд æмгуыстады тыххæй, ирон журнал университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæн рафыссыны хъуыддаджы хуызы.
«Нымайын мæ хæсыл ирон æвзаг æмæ литературæ бахъахъхъæнынмæ ме ‘вæрæн бахæссын журналтæ рафыссыны хуызы. Алы ирон адæймаг дæр хъуамæ кæсаг ирон журнал, ирон газет! Уый у культурæ! » – загъта Тедеты Вадим.
Бузныг зæгъæм ацы хъæппæрисы тыххæй Вадимæн! Уый зæрдиагæй архайы кæстæрты раст фæндагыл сæвæрыныл, сæ уды сын байтауын ирондзинадмæ уарзондзинад, ирон æгъдау æмæ культурæ!