«Мах дуг»-ы дунеон преми

Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет æмæ литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал “Мах дуг” расидтысты “МАХ ДУГ”-ы ДУНЕОН ПРЕМИ!


Журналы историйы уый у фыццаг Преми. Йæ нысан у ирон æвзаг æмæ литературæйы кад фæбæрзонддæр кæнын, авторты литературон уацмыстæ фыссынмæ разæнгард кæнын, алы бæстæты цы ирæттæ цæры, уыдоны Ирыстонмæ æрбангомдæр кæнын, журналкæcджыты ног нæмттимæ базонгæ кæнын. Æмткæй райсгæйæ та, æмзиууонæй ирон литературæйы рæзтыл бакусын.

Конкурсы къамисы уæнгтæй нысангонд æрцыдысты Ирыстонæн йæ Цæгат æмæ Хуссайраг фарсы сфæлдыстадон интеллигенцийы минææрттæй. Сæ сæйрагдæр домæн у, цæмæй автортæ бадæттой сæ ног уацмыстæ. Ома, ныридæгæн мыхуыргонд чи нæма уыд газеттæ, журналтæ æмæ Интæрнеты фæрæзты.

Дунейы паддзахадты, Уæрæсейы регионты цы ирон диаспорæтæ ис, уыдонимæ бастдзинад даргæйæ дзы архайдзысты, ирон æвзагыл сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдон.

Преми райсыны конкурсы ис 5 номинацийы:

– поэзи;
– прозæ;
– публицистикæ;
– драматурги;
– аивадон тæлмац.

Конкурсы архайджытæ кармæ гæcгæ дихгонд цæудзысты 3 къордыл:

☑️7 азæй 15 азмæ;
☑️16 азæй 35 азмæ;
☑️ 36 азæй уæлæмæ.

Уæлахиздзаутæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты æхцайы премитæ

Фыццаг бынат – 50 мин сомы
Дыккаг бынат – 30 мин сомы;
Æртыккаг бынат 15 мин сомы.

Премийы сæрмагонд нысан æмæ дипломтæй.

Конкурсы къæпхæнтæ:

15-æм майæ 30-æм октябрьмæ авторты бадæттын хъæуы сæ куыстытæ ахæм электрон адресмæ: mahdug@mail.ru “Конкурс” дзы фæнысан кæнгæйæ;

1- æм ноябрæй 30-æм ноябрьмæ сæрмагонд къамисы уæнгтæ аргъ скæндзысты авторты уацмыстæн;

10-æм декабры кадджын уавæры уæлахиздзау автортæ æрцæудзысты хорзæхджынгонд.

Автортæн сæ бон æрмæджытæ æрбарвитын у Журнал «Мах дуг»-ы электрон почтæмæ mahdug@mail.ru. «КОНКУРС 21» дзы фæнысан кæнгæйæ.

Преми райсынмæ автор цы сфæлдыстадон куыстытæ æвдисы, уыдон æнæмæнг хъуамæ уой электрон хуызы, А4 гæххæтты форматы, редактор «Word»-ы, «Times New Roman»-ы 14-æм шрифт равзаргæйæ. Фыццаг сыфыл æнæмæнг ныффссын хъæудзæн авторы тыххæй информаци: ном , фыды ном, мыггаг, кæд райгуырдæ æмæ кæм цæры, уыцы адрес, цы куысты лæуд у, электрон адрес, телефоны номыр, банчы картæйы номыр (мыййаг, премийы æхцатæ электрон хуызы æрвитын куы бахъæуа, уый тыххæй).

Бæлвырддæр æрмæг базонæн уыдзæн журналы æмæ Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты фæрæзты комитеты сайты. Уæ хъус дарут Инстаграм æмæ Фейсбукы нæ сæрмагонд фæрстæм дæр.

Фыццаг къорды архайджыты уацмыстæн къамис аргъ кæндзæн хицæн домæнтæм гæсгæ. Фыст сты Премийы Уагæвæрды.

Журнал «Мах дуг»-ы редакци