«90 азы — фарны фæндагыл»

Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуг»-ы иуæндæсæм номыр. Æмæ та у тематикон! Баст у Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон ирон академион театры равзæрды 90 азимæ. Нæ уарзон театры æнтыстытæ кæддæриддæр фæндаг ссарынц театрдзауты зæрдæтæм. Фæлтæр фæлтæры ивы, спектакль спектаклы… 90 азты сæрты акæсгæйæ нæ Ирон театр бирæ цæуылдæрты æрдзурид, фæлæ абон ныхас йæхимæ райста журнал «Мах дуг» йæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæимæ.
Йæ фыццаг хайы — «Историйы сыфтæ»- йы æмбæлæм ирон профессионалон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы тыххæй цыбыр зонинаг йæ цардыл æмæ йæхи зæгъинæгтыл. Бакæсæн дзы ис Джыккайты Шамилы ныхæстæ Елбыздыхъойы тыххæй, цавæр аргъ ын скодта нæ адæмы царды, уый тыххæй. Цымыдисаг цаутæ хронологион равæрдæй дзурынц дарддæр нæ театры фыццаг къахдзæфты æмæ æнтыстыты тыххæй. Уыдонæн ма æвдисæн сты рагон къамтæ.
Дарддæр уынæм Ирон театры аивадон разамонджыты (сæ къамтæ лæвæрд сты) се ‘ппæты фыццагæй абоны онг: Елена Маркова, Васили Фотиев, Брытъиаты Зариффæ, Хуыгаты, Геор, Гæлæуты Анатоли, Уататы Бибо, Цæриаты Валери, Гуыбиаты Хъазыбег, Колыты Владислав, Уалыты Гиви. Алчидæр дзы йæхи фæд ныууагъта.
Бæциаты Агуыдз уыд зындгонд театралон аивадиртасæг. Йæ царды цыбыр æрфыст, йæ сæйрагдæр куыстытæ æмæ йæхи зæгъинæгтæ цыбырæй кæсæм хицæн сыфыл. Афтæ ма уым йæ иннæ фарс – театры тыххæй зындгонд адæмы — В. Белинский, К. Станиславский, Н. Гоголь, М. Щепкины – зæгъинæгтæ.
Ацы аз нæ театр кæй ном хæссы, Отеллойы ролы хуыздæр ахъазæгыл йæ райгуырдæй рацыд 115 азы. Тæбæхсæуты Балойы тыххæй цымыдисаг уацтæ бакæсæн ис – Хуыгаты Георы «Нæ разагъды лæг» æмæ Темыраты Даууыты «Ирон театры цæсгом». Саламты Къолайы мысинæгтæ æдзымыдиссагдæр не сты. Уыдонимæ ма бакæсæн ис, Бало йæхæдæг цы фыста йæ ролты тыххæй, уый, æмæ йæхи тыххæй цы фыстой, уыдон.

Нæ зындгонд актрисæ Хъариаты Тамарæйы 110 азы райгуырдмæ мыхуыргонд цæуынц йæ мысинæгтæ «Ме скъола».
Тъехты Тамерланы интервью Ирон театры абоны аивадон разамонæгимæ Уалыты Гивиимæ рауад «бæрæгбонвæлыст», фæлæ сагъæссаг хъуыдытæй дæр хайджын.
Публицистикæйы хайады – дыууæ уацы Гасанты Валерийы «Ирон профессионалон театры авдæнгæс» Тотраты Бесæйыл, æмæ Гуымецъаты Зæринæйы уац «Дæ зарды зæлтæм цæмæн хъусæм æрхæндæгæй, цымæ?» Сланты Къостайы быдзæуты тыххæй Шекспиры сфæлдыстады.
Журналкæсæджы размæ Дауыраты Дамир рахаста йæ диктофонæй ист адæмы мысинæгтæ скъуддзæгтæй Брытъиаты Зариффæйы тыххæй.

Сæ мысинæгтæ Таутиаты Солæманы тыххæй кæсæм Икъаты Бертæйы æмæ Таугазты Гаврилы фыстыты.
Артистты поэтикон фæлварæнтæ хицæнæй кæсæм. Цымæ чи сты? Уыдон сты: Бытъæты Роберт, Гæлæуты Анатоли, Къуысæллæгкаты Мурат, Дзытиаты Лактемыр. «Мах дуг»-ы равдыст цыма журналкæсджытæ иууылдæр уарзынц, афтæ мæм кæсы. Уæвгæ, ницы диссаг у. Уыцы къамтæм æркæсын у удыбæстæ – райдай алы рæстæджыты афишæты, алы азты рауагъдонты, коллективон къамтæй, суанг спектаклты эпизодтæй нæ уарзон артисттимæ. Афтæ ма цымыдисаг сты цыбыр цитатæтæ театры тыххæй, иу темæйæ иннæмæ бахизгæйæ.

Драматургийы хайы бакæсæн ис Айларты Асæхмæты дыууæархайдон трагеди «Сæфты фæндаг». Торчынты Дзерассæ йæ уацы «Ныхас дыууæ трагедион фæлгонцыл» снывæзта актрисæ Гæлæуты Зæлинæйы сурæт. Джусойты Нафийы уацы «Нæ аивады зæрдиаг кусæг» бакæсæн ис Гаглойты Владимиры æмæ йæ сфæлдыстадон бынты тыххæй.
Уæдæ æмæ та дысвæлдæхтæй бакуыста журнал «Мах дуджы» редакцийы коллектив ацы сæрмагонд рауагъдыл. Æддаг бакастæй – аив, зæрдæмæдзæугæ, дизайны æгъдауæй – æнæаипп, æрмæджытæ та – бынтон диссаг! Аивадуарзæгæн, театрдзауæн, журналкæсæгæн – стыр лæвар!
Хъайтмазты Заремæ
Авторы ист къам
Газет «Слово», 16.12.2025 аз