АДÆМЫ ФАРН БИРÆ У!


Хæрзгæнæг, дам, хорз никуы ссары, фæзæгъынц. Бæгуыдæр ссары! Цардивæнтæ, дугивæнтæ сæхæдæг уымæн – æвдисæн. Лæгау лæджы ном хæссæгæн судзины бырынчъы йас хорздзинад фæу, æмæ йæ цæргæ-цæрæнбонтæм нæ ферох кæндзæн. Æвзæрмæ дæр абон куынæ бахъара дæ хорздзинад, уæд æм искæд уæддæр хæццæ кæндзæн, йæ зондахастыл сахаддзæн.

Хорз хæрзгæнæгмæ фæстæмæ кæй здæхы, уый у царды æцæгдзинад, æмæ мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды ирон журналы хæрзгæнджытæн. Фыццаджыдæр, уыдон сты нæ журналкæсджытæ, нæ автортæ æмæ, æрвылаз журналыл йæ уды фарн æмæ дзыппы бæркадæй чи ауды, уыцы адæм: РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Уататы Зелим, амалхъомтæ Хуыгаты Ростислав, Джуссойты Альберт, Æгъуызарты Руслан, Кочынаты Эдуард, Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан, Ирон театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, Мæскуыйы ирон æхсæнады разамонæг Абайты Алан, лæвæртты æмæ чингуыты дукани «Книги»-йы директор Абайты Ларисæ, Олгинскæйы цæрджытæ, Цхинвалы 9-æм скъолайы ахуыргæнджытæ сæ директор Зассеты Зарæимæ, пенсиисæг Хъайтыхъты Риммæ. Æмткæй райсгæйæ, Уæрæсейы посты æмæ Хуссар Ирыстоны Саулохты Зойæйы уылты журнал рафысджытæн се ‘ппæтæн дæр зæгъæм бузныг, йæ царды фылдæр бонтæ ирон журналы редакцийы кусгæйæ чи арвыста, дзырдаивады дæснытæй ирон журналæн æмæ ирон литературæйæн йæ цард чи снывонд кодта, ирон дзырд цæра, ирон журнал цæра, зæгъгæ, уыдонæй се ‘ппæты номæй дæр.

Хæдзаронтæгæнгæ мæ фæнды уе ‘ппæт къонатыл дæр æрзилын, ног азы сæрæвæрæн бонты уæ фæрныг къæсæрты сæрты арфæтимæ бахизын, зæрдæйы фæндиæгтæ уæ алкæуыл дæр байуарын! Дарддæр та уе ‘ппæтыл дæр Нафийы ногазон куывд æрцæуæд: «Ног бонтæ æрцыдысты æмæ уын ног амæндтæ æрхæссæнт! Мæ сæрыл цал æрдуйы ис, уæ хосы мæкъуылты цал хиталæджы ис, уал амонды уæ уæд! Уæ фидæнабонтæ хуыздæрæй æййафут! Уæ зайæгхал фос цыппæргæйттæ бауæнт, уæ чындзытæ – лæппуты мæдтæ! Фидæнабонмæ уæ сæныччы хъус дæр ма фæхъæуæд, йæ къухы алгъæй дæр уæ мачи схъæрзæд! Бон æгуыст макуы фæут, æхсæв – æгъуыссæг! Уæ алы бон дæр уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй батонут! Уæ цард цингуыст æмæ æнцойвидыцæй арвитут! Æхсинёджы базырау уын аив куыд уа, мады рæвдыдау – адджын, армытъæпæнау – фæлмæн!»

Æхсызгонæй хъусын кæнæм, ацы аз кæй расидтыстæм журнал «Мах дуг»-ы дунеон преми, ныридæгæн кæй æнхъæлмæ кæсæм авторты ног уацмыстæм. Уый дæр æххæстгонд цæуы ирон æвзаг æмæ литературæйыл аудджыты руаджы.

Хорздзинад æнусон у, хæрзгæнæг – арфæйаг! Йæ зæрдæйы уæ чи цы хорз фæндиæгтæ сныв кодта йæхицæн æмæ йæ дзыллæйæн, уыдон царды куыд сæххæст уой, уыцы арфæ Хуыцау ракæнæд!

ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ