АФТÆТÆ, ГЪЕ!

Фæстаг азты мæ хъуыдытæ баст сты не ‘взагимæ, растдæр куы дзурон, уæд та не ‘взаг куыд халæм, уыимæ. Халæм не ‘взаг, æмæ нын «ма кæ» зæгъæг нæй. Æмæ ма иннё æвзёгтёй цауддёр куы уаид: мæнæ йæ Хуыцауы цæхæрадоны дзурынæн цыма сфæлдыстæуыди. Арвæй зæххы ‘хсæн ахæм æнкъарæнтæ нæма фæзынд, ирон æвзагыл равдисæн кæмæн нæй. Уæдæ ирон æвзагыл цы удфæлæууæн æмæ удрæвдауæн азæлд райхъуыса, ахæм зын ссарæн у иннæ æвзæгты ‘хсæн. Ирон æвзаг иннæ адæмтæй искæй æвзаг куы уыдаид, уæд ын йæ номыл аргъуантæ фæцарæзтаиккой, дунейы сыгъдæгдæр удты номыл цы уаз аргъуантæ фæцарæзтой, ахæмтæ. Мах та йæм, куыд фæзæгъынц, искæй цæстæй кæсæм. Хæссæм ын йæ зылангон удмæ, кæм цы æлхынцъхурхон æмæ æзыланг мыртæ ис, уыдон, тъыссæм ын сæ йæ сыгъдæг уды.
Иу «хъ»-йæ та бынтон нал фæразы. Айразмæ «Рæстдзинад»-ы иу къаннæг уацыл æрхæцыдысты мæ цæстытæ. «Не ‘взаг бахъахъхъæнæм» – афтæ уыди уацы сæргонд. Ацу æмæ хæрдмæ ма фæхау! Ай нын йæ уацæн йæ сæргондæй халгæ куы кæны не ‘взаг, уæд ма йæ бахъаггæнынмæ цы хуызы хъавы?!
Абайты Васойы номдзыд дзырдуаты ис ацы дзырд, æмæ йæ комкоммæ ис фыст: «…кæс: бахъаггæнын». Уый амоны: «бахъахъхъæнын» ирон дзырд нæу, æмæ йын этимологи дæр нæй. Этимологи ис «бахъаггæнын»-æн. Равзæрд ацы дзырд «гъæуай кæнын»-æй. Дыгургомы ныр дæр дзурынц афтæ: «гъæуай кæнун». Хуссар Иры дæр дзурынц уыцы дзырд æнæ уыцы «хъ»-тæй: «бахъаггæнын». Ам быдыры ирон хъæутæн цыдæр адджын фæци уыцы «хъ», æмæ йæ кæм нæ балæууын кæндзысты æмæ йæ кæцæй нæ ракæсын кæндзысты! Æмæ алы ран дæр йæ бынат бацахсы уыцы дзæбæх зылангон «гъ»-йæн: «боныхъæд», «хæрзхъæд», «ахъаззаг», «æнхъæл» æмæ афтæ дарддæр. Суанг ма «догъ»-мæ дæр ахæццæ ис. Уым ын иунæгæй йæ бон нæ баци «гъ»-йы бынат бацахсын, æмæ ма «н»-йы дæр йемæ фæиу кодта – «донхъ».
«Хъ» цы знаггад кæны ирон æвзагæн, уый хорз зыдта Къоста æмæ дзы йæхи хызта. Фыста, мах куыд фыссæм, афтæ – «дзæнхъа» нæ, фæлæ «дзæгъгъа»: «…Урс-урсид дзæгъгъатæй – бадæнтæ, тæрхæг». Фыста «хъахъхъæнын» нæ, фæлæ «хъакгæнын»: «Амонд йæ хъакгæнæг ахæм æвзæрæн». Къоста хорз зыдта æлхынцъхурхон дæр æмæ, æзыланг чи у, уыцы мыртæ æвзагæн йæ дзæбæх азæлд дæлдзинæг кæй кæнынц, уый æмæ сæ ис æмæ гæнæнёй æввахс нæ уагъта йæ уацмыстæм. Æмæ фыста, ныр мах «дт» кæм фыссæм, уыцы рæтты дыгай «д»-тæ: «фæкалддæн», «ахауддæн», ацыддæн æмæ афтæ дарддæр.
Æмæ диссагæн хæссинаг у, уыцы дзырдтæ æмæ уыдоны хуызæн дзырдты дыккаг «д»-ты бæсты «т»-тæ кæй фыссæм, уый. Тæхуды, уый кæй хъуыдыйæ фыст æрцыд, уый базон, стæй дзы цы пайда кæнынмæ хъавыд, уый дæр!
Æмæ бирæ ахæм дызгъуыммæгонд хъуыддæгтæ цæуы нæ раст- фыссынады. Диссаг у, куыд сын фæразы не ‘взаг. Уæдæ ма æрæджы дæр фыстам «хисдæр» æмæ «кæсдæр». Стæй чидæр, дзырдты мидæг цы «д»-тæ уыди, уыдон фæфæнд кодта «т»-тæй баивын æмæ сæ баивта, æмæ йыл, куыд фæзæгъынц, куыдз дæр не срæйдта. Уæд уый хуызæн зылангон мыртæ уыцы къуырма, æзыланг мыртæй баив! Афтæ, æвзагæн йæ зыланг дæр чи не ‘мбары æмæ уыцы зылангæн йæ азæлд дæр, ахæм адæймаг бакæндзæн æрмæст. Æмæ цæмæн сты ахæмтæм не ‘взаджы дуæртты дæгъæлтæ? Чи сæм сæ радта, цæмæн сæм сæ радта?! Ныр не скъолаты куыд ахуыр кæнынц, цымæ, уыцы дзырдтæ? Раздæр «дæр» хайыг уыди, абарыны фæрæз кæмæ и, ахæм хайыг. Ныр «тæр» циу, уымæн кæд кæсæджы молло исты зоны, уый йеддæмæ йын ам нæхимæ ничи ницы базондзæн, уымæн æмæ йын базоныны амал нæй.
Афтæтæ, гъе!
Бынтон лидзинаг та «уæвын» æмæ «дзинад»-æй фæци не ‘взаг. Бабырстой йæм, æрбынат дзы кодтой æмæ фæйнæрдæм ахæц-ахæц кæнынц сæ бынæттыл, æмæ сын æнтысгæ дæр кæны. Не ‘взаджы дохтыртæй иу, фæндаггонтæн фыццаг зонæнты чиныггонд чи арæзта, уый уырыссаг хъуыдыйад «Хочу с Вами познакомиться» афтæ ратæлмац кодта: «Демæ мæ базонгæ уæвын фæнды». Ацу æмæ дæ цæнгтæ ма æрхауæнт! Абайты Васо афтæ фыссы уыцы уырыссаг мивдисæджы тыххæй: «Ирон æвзаджы йын ис æрмæст иунæг хуыз – «уæвгæ». «Уæвын» нæ бады ирон æвзаджы, æмæ йын дзы бынат нæй. Махыл цыма къуырманиз бахæцыд, уымæй уæлдай нæм нæ байхъуыстысты уыцы ныхæстæ: лæбурæм уыцы «уæвын»-мæ, цыма нæ дзы куы нæуал фæуа, уымæй тæрсæм, нæ уарзондæр дзырд сси: «фæнды мæ космонавт суæвын»; «саби бонтæй фæстæмæ бæллыдтæн ахуыргæнæг суæвынмæ»; «кæстæртæн амонын хъæуы аккаг уæвын»… Мæнæ, адæмы фынгтыл чи разил-базил кæна, ахæм нозтуарзæг лæгау кæцæй нæ ракæсдзæн! Лæгæрды нын не ‘взагыл, йæ ирон уд ын ласы йæ хъæлæсæй, мах ыл цинæй мæлæм!
Иннæ ахæм та уыцы «дзинад»! Нæй нын дзы бафсис. Бæттæн ын кæм нæй, уым æй уæддæр абæттæм нæ дзырдты къудитыл æмæ йыл цинæй амæлæм. Уазæг фысымтæн арфæ кæныныл схæцдзæни: «Уæ барджындзинад уын Хуыцау бирæ фæкæнæд!» Ахуыргæнæг æппæлдзæни: «Сабитæ ахæм циндзинад бавзæрстой!» «Нæ хистæртæ нын цы уæлахиздзинад æрхастой, уымæн хъуамæ аргъ кæнын зонæм». Ацы хъуыдыйæдты «дзинад» æппындæр кæй ницæмæн хъæуы, уæй æрмæст, ликбез кæй хуыдтой, уым чи ахуыр кодта, уый дæр бамбардзæн. Æмæ, диссаг куыд нæу, «дзинад» зæгъын кæй къухы бафты, уый кæд иттæг разыйæ нæ баззайы йæхицæй! Кæд æм афтæ фæзыны, ома «дзинад» размæдзыд, стыр культурæйыл хæст æвдисы! «Дзинад» æвзагæн цы стыр зиан хæссы, уый дæр хорз зыдта Къоста æмæ дзы хызта йæхи. «Ирон фæндыр»-ы æз æрмæст дыууæ хатты амбæлын уыцы «дзинад»-ыл: «Растдзинад уарзынæй скæнæм нæ фæндаг» æмæ «Дунейы хæрзтæй хуыздæр нæм куы кæсид уарзондзинад». Ныр махæй бирæтæ бадис кæнынц, æвæццæгæн, «Тагъд дæлдзæх фæу ме ‘намондимæ» куы бакæсы, уæд: «æнамонд» æнæ «дзинад» куыд загъта, цæмæн загъта?.. Грис дæр фыста: «Ме ‘взонг басыгъд карз тохы цæхæры».
Мæ ныхас адаргъ и, кæд ыл фæстæмæ фæхæц-фæхæц кæнын, уæддæр. Фæлæ фыдæлтæ мæнгæй нæ загътой: «мæгуыр – хæраг, мæсты – дзураг». Æмæ ма мын уæддæр иу хъуыддаджы тыххæй æнæ зæгъгæ нæй. Уый растфыссынадмæ нæ хауы, фæлæ æнæуи алы ранмæ дæр хауы. Мæнæ телевизоры ирон хабæрттæ чи фæкæсы, уыцы чызг каст куы фæвæййы йæ хабæрттæ, уæд нын цыма истæмæй ныфсытæ æвæрынмæ фæхъавы, уый къæрцц ракæны экранæй: «Хорз хабæрттæ хъусут!» Уый йын чи бацамыдта, цымæ, афтæ дзурын хъæуы хабæртты фæстæ? Лæг йæ бадæнмæ йæхи нылхъивы: гъæтт, куынæ зæгъиккой ацы хатт афтæ! Нæгъ, фæзæгъынц та. Афтæ-иу дзырдтой, хъæргæнæг-иу кæй арвыстой иннæ хъæутæм, уыдон. Зианы хабар-иу куы фехъусын кодтой, уæд-иу гыццыл алæууыдысты, кæмæн æй фехъусын кодтой, уыдоны цур, стæй-иу загътой «Хорз хабæрттæ хъусут» æмæ-иу ацыдысты дарддæр.
Ныр, дам, сарæзтой, ирон æвзаг райрæзты центр. Чи зоны, растдæр уыдаид, «бахъаггæнæн центр» æй куы схуыддаиккой, уæд: «райрæзт» æгæр сахъ дзырд у. Æмæ лæджы æрфæнды: тæхуды, уыцы центрмæ искуыцæй бакæс, кæддæра цы мадзæлттæ аразынц не ‘взаджы райрæзтæн?..
Ныр Ног аз æрцæуы, æмæ мæ, фысгæ чи кæны, уыдонæн фæнды, хорз истытæ куыд ныффыссой. Фысгæ чи нæ кæны, уыдон та сæ телефонтæй се ‘ргом чиныгмæ куыд аздахой. Уымæн æмæ чиныгæн ацы дунейы ницæмæй ис баивён чиныгæй йæхи йеддæмæ.
Хуыгаты Сергей