АРФӔТӔ ХОЗИТЫ БАРИСӔН!

Зӕрдиаг арфӕтӕ кӕнӕм Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы Цӕгатирыстойнаг хайады сӕрдар, фыссӕг, ахуыргонд Хозиты Барисӕн йӕ 70 азы юбилейы кадӕн!
 Барис бирӕ азты дӕргъы удуӕлдайӕ лӕггад кӕны ирон адӕмӕн. Дӕргъвӕтин рӕстӕг кусы фӕсивӕдимӕ. Уыд ЦИПУ-йы  телекомпанийы директор, журналистикӕйы кафедрӕйы фыццаг сӕргълӕууӕг, аивӕдты, уый фӕстӕ та ирон филологийы факультеты декан, газет «Рӕстдзинад» -ы сӕйраг редактор.
Йӕ бирӕ лӕггӕдты тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд Уӕрӕсейы культурӕйы сгуыхт кусӕджы нӕмӕй, Хуссар Ирыстоны зонӕдты сгуыхт архайӕджы номӕй, майдан «Ирыстоны намысӕн»-ӕй.
Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ фӕрныгад! Йӕ фӕндтӕ иууылдӕр йӕ къухы куыд бафтой!