Бенджамин Франклины зонды ныхæстæй

Номдзыд америкаг философ, ахуыргонд, фыссæг, политик æмæ æрхъуыдыгæнæг Франклин Бенджамины райгуырдыл сæххæст дыууæ æнусæй фылдæр .
Франклин ницавæр скъолайы бакаст, уыди хæдахуыр. Йæ бирæ бинонтæ (17 сывæллоны) хæст уыдысты æрмгуыстыл. Уымæ гæсгæ Бенджамин хæрз æрыгонæй æрлæууыди фæллойы фæндагыл. Фæстагмæ сси дæсны дипломат æмæ политик, уыд америкаг Конституцийы автортæй иу, дунейы бирæ бæстæты академиты (уыдонимæ Уæрæсейы зонæдты академийы) уæнг.
Б. Франклинæн бирæ бантысти физикæйы, уæлдайдæр та электрондыхы хъуыддæгты дæр. Абон нæрыздах кæй хонæм, уый дæр ацы фæрнджын лæг æрхъуыды кодта.
Адæмимæ хи куыд дарын хъæуы, цæмæй хиуыл хæцын фæразай, стæй дæ хорз миниуджытæ фылдæр кæнай, уый тыххæй цы кæнгæ у, уыдæтты тыххæй Франклин ныффыста цалдæр чиныджы. Цивилизацийы æмвæзадмæ чи схызт, уыцы америкæгты ‘хсæн Бенджамин Франклин нымад уыди фыццагыл. Цы автобиографи ныффыста, уый та зонæг адæм рахуыдтой америкаг литературæйы классикон уацмыс.
Франклин амарди 1790 азы 84-аздзыдæй. Америчы Иугонд Штатты йыл сау дардтой 30 боны. Йæ хуызист ныртæккæ ис америкаг æхцатыл – доллæртыл.
· Куыстуарзаг лæгмæ æгуыстытæ стæм хатт цæуынц: фыцгæ агмæ бындзытæ нæ тæхынц.
· Стыр импери стыр гуыдынæй уæлдай нæу – йæ кæрæттæ æнцондæр хæрæн вæййынц.
· Дæхæдæг дæхи куыд арæх сайыс, афтæ дæ чи сайы?
· Сæрибар адæмтæ хъуамæ сæ сæрибар æвæллайгæйæ æмæ иттæг къæрцхъусæй хъахъхъæной.
· Кæд дæ хорз фынæй кæнын фæнды, уæд-иу дæ хуыссæнмæ сыгъдæг цæсгом бахæсс.
· Хылы арт чи цырын кæны, æхсидæвтæ чи змæнты, уый хъаст ма кæнæд, йæ цæсгомыл зынджы стъæлфæнтæ куы ‘мбæлой, уæд.
· Æртæйы бон у исты басусæг кæнын, дыууæ дзы мард
 куы уой, уæд.
· Фæразынхъом чи у, уымæн йæ къухы бафтдзæни, цыдæриддæр æй хъæуы, уый.
· Зыд æмæ амонд кæрæдзиуыл никуы амбæлдысты; уæдæ цы хуызы хъуамæ базонгæ уой?
· Йæхи йеддæмæ чи никæй уыны, уымæй фæстагмæ рауайы хæрз къаннæг тыхтон.
· Оппозици æнæмæнг хъæуы. Æцæг паддзахадон лæг, стæй алы æмбаргæ адæймаг дæр, йæ ныхмæлæуджытимæ ныхас кæнгæйæ фылдæр зонд райсдзæн, йæ иузæрдион фарсхæцджытæй цы райса, уымæй.
· Хицæуттæ нæ цы хъалонтæ исынц, уыдонæй нæ фылдæр хъалон исынц нæ аиппытæ.
· Гыццыл хæрдзтæм уæ хъус тынгдæр дарут: тæккæ гыццылдæр хуынкъ дæр стыр нау фæдæлдон кæны.
· Æдылыйæн йæ зæрдæ – йæ дзыхы, зондджынæн та йæ дзых – йæ зæрдæйы.
· Искæмæн хорзы цæугæйæ хæрзиуæгмæ нæ фенхъæлмæ кæсын – цыма мæ хæстæ фидын, уыйау мæм фæкæсы.
· Мæнгард хæлар æмæ аууон немæ æрмæстдæр хурбонты вæййынц.
· Хъазæн ныхасæй де знагæй лымæн не скæндзынæ, уыйхыгъд лымæнæй знаг скæндзынæ.
· Къаннæг знæгтæ нæ вæййы.
· Дæ сабиты сæ дзыхтыл хæцын ахуыр кæн. Дзурын сæхæдæг базондзысты.
· Кæд дæ уæгъд рæстæг хъæуы, уæд рæстæг дзæгъæлы ма саф.
· Уынаффæмæ чи нæ хъусы, уымæн баххуысгæнæн нæй.
· Уæрæхзæрдæ адæймагмæ хъуамæ цалдæр аиппы уа, цæмæй йæ хæлæртты хъыджы ма цæуа, уый тыххæй.
· Æгæр цин æнæфенды нысан у.
· Иу абон дыууæ райсомы аргъ у.
· Схъæл лæгæн хи стауын – йæ сихор, йе ‘хсæвæр та – адæмы æлгъ.
· Йæхи раст кæнынмæ чи арæхсы, уый æндæр ницæмæ арæхсы.
· Зивæг зонд æмæ буарыл згæ æвæры; арæх кæмæй фæпайда кæнынц, уыцы дæгъæл æдзухдæр æрттиваг вæййы. Зивæг адæймагыл хæлуарæджы тынау тыхсын байдайы, стæй йæ æфсæн рæхыстæ раивынц.
· Æвæццæгæн, не ‘рдзон монцтæй æппæтæй зындæр басæттæн у сæрыстырдзинад; цасфæнды йæ æмбæхс, цасфæнды тох кæн йемæ, ссæнд æй, мар æй – уæддæр цæры æмæ та рæстæгæй-рæстæгмæ йæхи равдисы.
· Хосгæнæг Хуыцау у, æхца та дохтыр исы.
· Хорз дохтыр уый у, хостæй бирæтæ кæй ницы пайда сты, уый чи зоны.
· Кадмæ æппæтæй цыбырдæр фæндаг: кады сæрвæлтау цы кæныс, уый æфсармы сæрвæлтау кæн.
· Кусæджы хæдзармæ стонг бакæс-бакæс байдайы, фæлæ йæм мидæмæ цæуын нæ уæнды.
· Йæ исбоныл чи æфтауы, уый йæ мæтыл æфтауы.
· Æдылы уый у, йæ зонд бамбæхсынхъом чи нæу.
· Хорзраконд алкæд цæсгом нæ рæсугъд кæны, фæлæ йæ фыдракæнд кæддæриддæр гуылмыз кæны.
· Амондджын у, чи ницæмæ æнхъæлмæ кæсы, уый – фæсмон æм никуы æрцæудзæн.
· Ацы дунейыл фидарæй дзурæн ис æрмæст дыууæ хъуыддагыл: мæлæт æмæ хъалонтыл.
· Ныфсытæй чи цæры, уый æххормагæй мæлдзæни.
· Æхсар канд хæсты нæ хъæуы, фæлæ хуымæтæджы хъуыддæгты дæр.
· Бирæ адæймæгтæ æвзæрдæр уаиккой, фылдæр исбон сæм куы уаид, уæд.
· Лæгæн æрмæстдæр æртæ æнувыд æмгары ис: зæронд цардæмбал, зæронд куыдз æмæ, йæ чыссæйы цы ‘хца ис, уый.
· Ус курыны размæ дзæбæх кæс, ус ракурыны фæстæ та æппындæр мауал кæс.
· Де ‘фсармы куы бафхæрай, уæд дæ йæ маст райсдзæни.
#журналмахдуг #БенджаминФранклин