ЧЫНДЗЫТЫ ХУЫЗДÆР – РЕГИНÆ
Æфсины хъарæг…

Мæнæн тынг зын у зæрдæрыст æмæ зæрдæсастæй ацы ныхæстæ фыссын, фæлæ мын сæ æнæ зæгъгæ дæр нæй. Уый у æфсины хъарæг йæ чындзыл. Чындзы номыл цыппар азы размæ нæ хæдзары къæсæрæй чи ‘рбакъахдзæф кодта æмæ нын чызджы ад чи скодта, ууыл. О, вæййы царды афтæ дæр, чындз æмæ ‘фсинæн кæрæдзийæ адджындæр куы нæ вæййы. Мæ чындз Регинæйыл хъынцъым кæнгæйæ, уæ размæ хæссын мæ рис…
Цыма æнæ Регинæ цæрын дæр нал базондзыстæм, афтæ мæм кæсы. Нæ къæсæрæй цы бон æрбахызт, уæдæй нæ бинонтæй алкæмæн дæр йæ цард афтæ аивта, æмæ хур дæр, цыма, æрмæст махæн каст уæларвæй, афтæ амондджынæй æнкъардтам нæхи. Уæларвæй цы, уый цард нæ хæдзары æмæ нæ тавта æхсæвæй-бонæй йæ зæрдæйы хъарм ахастæй, йæ уды рухс æмæ фæлмæн мидбылхудтæй.
Не ‘хсæн нæ райгуырд Регинæ, не ‘хсæн не схъомыл, фæлæ бононты æгъдау афтæ айста, йæхи афтæ бауарзын кодта бинонтæн, хæстæджытæн æмæ ма суанг хъæубæстæн дæр, æмæ не ‘хсæн царвау батад. Йæ фæлмæн ныхасæй, йæ рæсугъд удæй, йæ сыгъдæг зæрдæйæ фæндаг ссардта алкæмæ дæр. Тынг æй фæндыд алкæй хорздзинад дæр. Ирон сылгоймагмæ цыдæриддæр хорз миниуджытæ ис, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр хайджын уыд.
Уæд та не ‘хсæн иу зæрдæхудт куы уыдаид… фæлæ мæ чындзы руаджы æз базыдтон цард æмæ йын æндæр хуызы аргъ кæнын. Уый фæрцы федтон фæсарæнтæ дæр. Иу изæр мæ уатмæ ‘рбахызт æмæ мын балæвар кодта, цы ‘хцатæ фембырд кодта, уыдон къонверты тыхтæй. Мæ мады хай, дæ фæллад суадз, зæгъгæ, загъта, цæрæнбонты дæ дæхимæ никуы равдæлд, æмæ афтæ раст нæу. Уымæн аргъ ис?! Дзырдта-иу, бон мыл изæрæй нал фæкæны, куыстæй ма нæ хæдзармæ куы бахæццæ уаин æмæ иумæ цай куы бацымиккам, нæ ныхæстæ кæрæдзийæн куы фæкæниккам, зæгъгæ. Уыдон мæнæн ныр баззадысты адджындæр æмæ зынаргъдæр мысинæгтæй.
Йе ‘рхъуыдыдзинад æмæ уæздандзинадæн кæрон нæ уыд. Йæ уатмæ никуы бацыдаид изæрæй, цалынмæ-иу бинонтæ иууылдæр не схуыссыдысты, æмæ-иу сын сæ дзабыртæ нæ ныхсадта кæстæрæй хистæры онг, уæдмæ.

Регинæ фæндаг кæй зæрдæмæ не ссардтаид, ахæм нæ уыд. Чызг æмæ чындзы лæггæдтæ фæкодта йæ хицау Эрикæн дæр. Алкæй дæр нæ фæндыд Регинæйæн хорздзинад ракæнын. Регинæйæн куыстæй йе ‘рцæуыны рæстæг-иу куы ‘рхæццæ, уæд-иу Эрик уынгæй мидæмæ нал цыд, æнхъæлмæ йæм каст, æмæ-иу тигъæй йæ машинæ куы ‘рбазынд, уæд-иу ын кулдуар фегом кодта, чындзы йæ машинæйæ æддæмæ рахизын цæмæй ма бахъæуа. Афтæ цин кодта йæ алы æрбахызтыл дæр нæ къæсæрæй. Сыхæгтæ-иу хынджылæгæй дзырдтой: «Эрик йæ чындзæн дуаргæсæй лæууы». Алы ныййарæгæн йæ хъæбулæй зынаргъдæр нæй. Мæ фыртимæ кæрæдзийы афтæ æмбæрстой, афтæ фидыдтой, æмæ сыл цин кæнынæй не ‘фсæстæн. Сæ дыууæ дæр мын кодтой æмад. «Ацы царды йын дæ бон хорздзинадæй саразын цы у, уый макуы бавгъау кæн Регинæйæн», – уыд ын мæ фæдзæхст.
Мæ чындзы хорздзинæдты тыххæй æз никуы бафæллай-дзынæн дзурынæй, стæй сын кæрон дæр нæй. Нæ кæстæр фырт хъуыддаг кæнынвæнд куы скодта, уæд Олег æмæ Регинæ Дзæуджыхъæуы фатер балхæдтой æмæ уырдæм цæрынмæ ацыдысты. Æз иу къуыри кæугæ фæкодтон, мæ фырт кæй ацыд хицæн бинонтæй цæрынмæ, ууыл нæ, фæлæ, Регинæйы алы бон кæй нал уындзынæн, ууыл. Æз куыдтон мæ чындзы фæдыл. Йæхæдæг дæр тынг кæй мысыд бинонты, уый тыххæй бонцухæй уад Санибамæ. Æнæ сымах, дам мын цард ад нæ кæны. Дзургæ та мæм мады номæй кодта. Æмæ уый хуымæтæджы нæ уыд, уыдон нæ уыдысты кæнгæ митæ æмæ цæстмæхъус ныхæстæ. Цыфæнды куы ‘лхæдтаид хæдзары дзаумайæ, уæлæдарæсæй, уæддæр мæм-иу йæ къам æрбарвыста, мæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, уый базонынæн. Уыдон, чи зоны, хуымæтæг хъуыддæгтæ сты, фæлæ цард уыдоныл æнцой кæны. Уыцы фыццаг бакастæй лыстæг хабæрттæ систы фидар бындур бинонты амонд æмæ иудзинадæн. Фæлæ бирæ нæ ахастой…
Уалдзыгон хъарм бон, бæстæ дидинæг куы фестад æмæ хур йæ тынтæй дунетæ куыд рæвдыдта, афтæ арв ныннæрыд æмæ йæ цæхæртæ нæ кæрты астæу æвзалытæ фестын кодтой не стыр цин – йæ цардæй ахицæн мæ хурæнгæс чындз Регинæ. Удхæссæг æй йæ дыууæ хъæбулы ‘хсæнæй йæ маргæйдзаг къухæй ахаста. Йæ хъæбысы, æртæ мæйы дæр кæуыл нæма сæххæст, йæ мады ‘хсырæй чи нæма бафсæст, уыцы хъæбул Мурат, Махарбегыл та цæуы дыууæ азы æмæ аст мæйы, афтæмæй сидзæрæй аззадысты сæ мадæй. Мах та – йæ фæдыл дзыназгæйæ. Нæ бафсæст цардыл цин кæнынæй, не ‘ркарста, цы бирæ хорздзинæдтæ байтыдта, уыдонæн сæ тыллæг. Йæ цардæмбал Олег – зæрдæсаст. Æз та… Æз та æрдæг фæдæн… Цæстытæ йæ агурынц хæдзары къуымты, ныртæккæ ‘рбахиздзæн, зæгъгæ, сæхи алы хъинцмæ дæр дуармæ ныццæвынц. Агуры йæ зæрдæ, йæхи къултыл хойы, нæ комы рæстдзинад айсын. Уымæн гæнæн нæй… Цæмæн фæхъуыд уыцы хуыцауысконд адæймаг не ‘хсæнæй, 34 азы йеддæмæ йыл куы нæма цыд, уæд.
Бирæтæ базæронд вæййынц ацы царды æмæ, Регинæ-йæн цы кад уыд йæ гыццыл царды бонты, уый сæм зæронды бонмæ дæр нæ вæййы. Куыд амондджын уыдыстæм иумæ.
Мах цæрæнбонты нæ сæртæй ныллæг кувдзыстæм, ахæм хъæбул чи схаста, уыцы хæрзæгъдау æмæ фæрныг ныййарджытæ – лескейнаг Дреты Рамадзан æмæ Альбинæйæн. Бирæ тых æмæ сын хъару Хуыцау раттæд. Кæд Регинæ Дзæуджыхъæуы схъомыл, уæддæр арæхст хæдзары мидæг алцæмæ дæр. Йæ адæймагдзинад æмæ бирæ хорз миниуджытæн, йæ куыстуарзондзинадæн бындур бавæрдтой йæ ныййарджытæ. Уыд ирон æгъдау хæссæг. Йæ алы къахдзæфы мидис уыдысты адæймагдзинад æмæ цардмæ уарзондзинад.
Фæнды мæ фæдзæхсты хуызы ирон æфсинтæ æмæ чындзытæн зæгъын, цæмæй цæрынæй бафсæдой сæ кæрæдзиимæ, базоной кæрæдзийæн аргъ кæнын, кæрæдзимæ кæсой уарзонцæстæй æмæ мидбылхудгæйæ. Цард æгæр цыбыр у. Адæймаджы зæххон царды кæрон æрмæст Дунескæнæг зоны. Аргъ кæнын хъæуы алы уысмæн дæр… Ацы дунейæ адæймаг йемæ ницы ахæсдзæн. Сæйрагдæр у, адæмы зæрдæты цы ныууадздзынæ дæ фæстæ, уый. Дæ фæстæ дæ ном сдзургæйæ, адæймаджы зæрдæйы цы ‘нкъарæнтæ сæвзæрдзæн, уый.
Хуыцауæй курын, цæмæй, нæ бинонтыл цы ‘вирхъау цау ‘рцыд, уый иунæг бинонтæ дæр макуы бавзарой. Фæлæ, цыппар азмæ нæ чындз Регинæимæ цы амондджын рæстæг арвыстам, уыцы амонд та иууылдæр бавзарой æмæ иууылдæр хайджын уой бинонты фарнæй.
Цырыхаты Жаннæ
Бинонтæ бузныг зæгъынц, сæ зыны сахат сæ фарсмæ чи балæууыд, уыдонæн, æмæ хъусын кæнынц, Регинæйы дыууиссæдзæм бон кæй уыдзæн 20 июны, Дæллаг Санибайы, Тыбылты Мараты номыл уынджы 20-æм хæдзары.