Фарнхæссæг

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас» арфæ кæны литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг»-ы кусджытæ æмæ йæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйæн, бирæ азты дæргъы ирон æвзаг бахъахъхъæнынæн æмæ парахат кæнынæн æвæджиауы рухстауæн куыст кæй кæнынц, аивадон дзырдмæ фæсивæды кæй æмхиц кæнынц, ирон адæмы истори æмæ традицион культурæ ахуыр кæнынæн сфæлдыстадон архайд кæй аразынц, уый тыххæй.

Ирон мыхуыры фæрæзтæ, «Иры Стыр Ныхас» хъуамæ кæддæриддæр царды цæуой уæхски-уæхск, æмцæдисæй архайой национ хæзнатæ бахъахъхъæныныл, адæмы фарн размæ хæссыныл, хъарутæ йыл æфтаугæйæ.

Мæн тынг фæнды, цæмæй ирон мыхуыры фæрæзты кусджыты фæллойæн аргъгонд цæуа аккаг уагыл, сæ уавæртæ та уой бæллиццаг! Фидарæй мæ уырны, абон журнал царды цы ныфсджын къахдзæфтæ кæны, уымæй ирон литературæйы фидæн зæрдæхсайгæ кæй нæ уыдзæн, кæй бахъомыл кæндзæн, раздæр журналы сыфтыл цы хъомысджын фысджыты уацмыстæ мыхуыргонд цыдысты, уыдонæн аккаг фæдонтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, абон æнцон нæу ахæм уаргъ хæссын, уымæн ис аххосæгтæ, фæлæ, зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ, сæ дыстæ бафæлдахгæйæ, архайынц журналы кад дæлæмæ ма ‘руадзыныл! Уый тыххæй сын зæгъын бузныг! Арфæ кæнын ирон журналкæсджытæн, фысджытæн æмæ сын се сфæлдыстадæн аргъгæнджытæн!

Дуджы хорзæх не ‘ппæты дæр уæд!

УАТАТЫ Зелим,
ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы Координацион Советы сæрдар