Хæмыцаты Албеджы райгуырдыл æххæст кæны 85 азы

Поэт, прозаик, публицист, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Хæмыцаты Албег райгуырд Тырсыгомы. 1961 азы каст фæцис Ольгинскæйы астæуккаг скъола, фæстæдæр та Цæгат Ирыстоны педагогон институты филологон факультет. Куыста ахуыргæнæгæй, Паддзахадон телерадиокомпани «Алани»-йы редакторæй, журнал «Мах дуг»-ы критикæ æмæ публицистикæйы хайады сæргълæууæгæй, партийы Цæгат Ирыстоны обкомы консультантæй.

Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Рацыд ын ахæм поэтикон æмбырдгæндтæ: «Удварн», «Суадоны цин», «Тырсыйаг зарæг», «Урс катай», «Дурты хъарм», «Цæстырухс» æмæ æндæртæ. Хæмыцаты Албеджы агурæнтæ сты алыхуызон, ис ын йæхи дунеæмбарынад, йæ чингуыты иу кæны иумæйаг арф философи. Йæ бон у дымгæйы улæфт, дурты хъарм, цæугæдоны знæтдзинад, тæхæг маргъы сæрибардзинад банкъарын. Албеджы сфæлдыстадмæ се ‘ргом здæхтой композитортæ дæр. Абон дæр рох не сты, радиойы йын цы проекттæ уыд, уыдон:  «Нæ республикæйы культурæйы архаджыты сфæлдыстадон портреттæ мæ цæстытæй», «Скифтæ, сæрмæттæ, алантæ – нырыккон ирæтты рагфыдæлтæ»… Хонæм уæ йæ поэзи бакæсынмæ дæр. Уымæн æмæ  æххæстæй поэт раргом вæййы æрмæст йæ уацмысты.

ХÆМЫЦАТЫ Албег

* * *

Нæ Иры зæхх-иу сау туджы мæцыд,
Сыгъдис, фæздæг калгæ, цъæх арты.
Уæддæр æдзух йæ хъæдгæмттыл хъæцыд,
Нæ къона никуы сфæнык царды.

Нæ кодтам уысм фыдæлты уæзæг рох,
Уый мах, ныййарæг мадау, уарзтам,
Йæ сæрыл кодтам кардæлвæстæй тох,
Нæ удты рухс фæлтæртæн хастам.

Лæбуры та нæм абон дæр фыдгул,
Нæ зоны сабийæн дæр барын,
Фæлæ нæ сæрмæ н’ аныгуылдзæн хур,
Фыццагау хъуысдзæни нæ зарын.

 

* * *

Ныллæууыди уалдзæг, ысулæфыд зæхх.
Æртадысты миттæ, нæ быдыртæ – цъæх.

Фынкбарц дæттæ ласынц пырх къæрттытæй их.
Нæ бады, пъæззыйау, къуырф адгуыты мигъ.

Тызмæг зæйтæ коммæ лæбырынц æд маст.
Бодзола тæдзынæг ыскуыдта æваст.

Фæзынди пысыра нæ кауы рæбын.
Бæрзонд хæхтыл хъазы зæрин хуры тын.

Æртахти зæрватыкк – æгæрон йæ цин.
Зымæгон дымгæтæн сæ рæстæг фæци.

Нæй Терчы цæлхъытæн фырцинæй кæрон.
Мæнæн та æрхæндæг – мæ зæрдæ, мæ бон:

Æрыййæфта уалдзæг мæгуырæй мæ къуым,
Мæ галтæ – æххормаг, зæрæстон – мæ хуым…

 

САБИДУГ МЫСГÆЙÆ

Хуыскъадаг та, къæртт ихтæ ласгæ, зары,
Йæ сæрмæ хæхтыл арвы уадздзаг – цъæх.
Цыдæр цин зæрдæ химидæг æнкъары,
Улæфы фахсыл хуры хъарммæ зæхх.

Баба кæны йæ зæронд гутон цалцæг,
Æвзары кæрты тауинаг мæ мад.
Æрцыди та нæ гыццыл хъæумæ уалдзæг,
Æз дæр кæм бадын ацафон æнцад!

Мæ уисын бæх æрцæфтæ кæнын ехсæй,
Æцæг барæгау, донбылтыл – мæ дугъ,
Кæнæ тъæпæн дур урс уылæнтæм фехсын,
Нæ вæййын никуы рухс бæллицтæй цух.

Ныййарц вæййын, тæлыдзалх тулгæ, коммæ,
Фæбæллын, ехх, кæд ысхъарм уыдзæн цад!
Сæрбынты та кæд гæпп кæндзынæн донмæ,
Кæд хъусдзынæн фынк æхсæрдзæнты зард.

 

* * *

Хуыссыди хур хæмпус æврæгъты базыл,
Тындзыдта комы, дуртæй хъазгæ, дон.
Æз дын цъæхсыфтæр къутæры дæлбазыр
Мæ фыццаг лæвар – дидинхуд – быдтон.

Ды йæм цыдæр дызæрдыгхуызæй каста,
Цыма уыдис бынтон дзæгъæл мæ куыст.
Мыййаг мын ыл куы нæ баввæрсай – тарстæн,
Анкъард равг уыд дæ рухс цæсгомыл фыст.

Æркодтон æй фырæфсæрмæй дæ сæрыл, –
Уыдтæ æвдхуыз æрвырдынау рæсугъд.
Нæ баивтаин уыцы худ æндæрыл,
Дæ уаз фидыцы баззади мæ уд.

Фæлæ йæ ды, тымбыл сыгъзæрин цалхау,
Ныппæрстай доны уылæнтæм æваст,
Æмæ фæци мæ цины уысм – мæ аргъау,
Йæ фæдыл ма æрхæндæг зæрдæ каст…

 

МÆ ИР

Дæ хæхтæ, их цъититæ, кæмттæ
Ысты мæ уды цин, мæ уарзт.
Дæ ивылд урсбазыр финк дæттæ
Сæ тахтæй айсафынц мæ маст.

Мæн фыдæлтыккон мæсгуытæ
Дæттынц нæртон лæджы ныфс, тых.
Мæ сæрмæ тар мигъы ыскъуыдтæ
Ыскъуырынц къуылдымтыл сæ ных.

Мæ балцы райдайæн фыццаг хатт
Уыдис дæ митæйдзаг къæсæр.
Ныр уыцы ивгъуыд рæстæг атахт,
Ныхъхъус и, рох дурау, кæмдæр.

Куы афтын æз Гандзайæ дарддæр –
Мæ зæрдæ ам вæййы, хъæмæ.
Æнæ дæу мæн нæ хъæуы цард дæр,
Тындзин дзæнæтæй дæр дæумæ.

Мæнæн ды дæ, мæ Ир, ныййарæг,
Ыстыр дæ фарны раз – мæ хæс.
Дæ фæрцы басгуыхы мæ зарæг
Цъæх арвы денджызы цæргæс.