Ирон дзырды куырдалæгон – «Мах дуг»

Дзырд у царды æнусон бындур, йæ аразæг æмæ пырхгæнæг. Дзырды руаджы райгуырынц уарзондзинады æлутон æнкъарæнтæ, сомбоны фæрныг хъуыдытæ, абоны цин æмæ масты уылæнтæ, фыдæхдзинадыл тæрхон. Дзырды æнæ фæцудгæ тыхыл бирæ ныхас ис, суанг ма Библийы дæр: «Фыццаг уыд Дзырд. Дзырд уыд Хуыцаумæ, Дзырд у Хуыцау!»

Уæдæ ирон дзырды зæрдæйы рæбын дæр æмбæхст сты æппæт Алантæ-Ирæтты удварны хæзнатæ, сæ царды истори, сæ культурæ æмæ даргъ фæндæгты азфыст.

Æмæ кæм рамбырд вæййынц ирон Дзырдтæ, кæм вæййы сæ Ныхасы бынат, кæм рахæссынц адæмы размæ сæ бæллицтæ, цин æмæ куырыхон хъуыддæгтыл тæрхæттæ?

Уыцы Сызгъæрин Галуан та у, ирон æвзагыл цы газеттæ æмæ журналтæ цæуынц, уыдоны хуры тынау хъарм æмæ урс-урсид Сыф. Æмæ Сызгъæрин Галуаны фынгыл кувæг у йæ 90 азы юбилейыл кад æмæ радимæ æмбæлæг журнал «Мах дуг». Абоны Удварны Къæбицæн Ирыстоны арф кæмтты æмæ бурдидинæгджын уыгæрдæнты йæ фыццаг зард куы азæлыд, уæд ыл Саг амбæлд, æмæ йæ адæм фыр буцæн схуыдтой «Фыццаг зарæггæнæг».

Фыццаг уæлмонц хъуыды та кæддæриддæр вæййы Фарнхæссæг, æмæ йæ фарны дзырд абон дæр ныфсджынæй ленк кæны ирон царды денджызы гуылфæнты æмæ сси Адæмон.

Адæмон кæй у журнал, уый бæрæг у йæ номæй дæр – «Мах дуг». Куырыхон ми бакодтой нæ хистæр дзырдаивады зиууæттæ, ахæм ном ын кæй æрхъуыды кодтой, уымæй. Бирæ æмæ бирæ фæлтæртæ сты сæрыстыр сæ Дуджы журналæй, уымæн æмæ у сæ рæстæджы Азфыссæг.

Абон та журнал йæ мидисджын æмæ актуалондзинады темæтæм гæсгæ ахызт Иры урссæр хæхты сæрты бæстæйы æндæр рæттæм æмæ фæсарæнтæм дæр. Кæсынц æй, иронау дзурæг адæм кæмдæриддæр цæрынц, уым. Уыцы æвæлмон хабар та у йæ редакцийы алы азты æмæ абоны кусджыты хъазуатон архайды ирд дæнцæг.

Журнал «Мах дуг»-æн йæ хъуытаз хъæлæс раст Нарты номхæссæн Ацæмæзау хъуысы хæхты æмæ быдырты цæрæг ирæттæм. Хæссы сæм Аланты фæдонты рæсугъд кафт æмæ зарды мелодитæ, æвдисы сын се ‘хсар, сæ лæгдзинад, сæ фарн, у сын Рухстауæг æмæ Цырагъдар.

Уадз æмæ, алайнаг æвзаджы къæбицы цы дзырдты кæритæ ис, уыдон дидин æфтауой тъымы-тъыматæм!

ДЖУСОЙТЫ Клавæ,
журнал «Мах дуг»-ы редакцион советы уæнг