КОНКУРС «БАЗЫРТÆ»

 

Зынаргъ хӕлӕрттӕ!

Ацы аз Нафийы райгуырдыл 100 азы кæй æххæст кæны, Шамилы райгуырдыл та 85, уымæ гæсгæ Литературон журнал «МАХ ДУГ» расидт конкурс  «БАЗЫРТӔ»  ирон ӕвзагыл сын се `мдзӕвгӕй аив бакӕсынӕй.

✅Ацы мадзалы сӕ бон архайын у,  12 азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдонӕн се ‘ппӕтӕн дӕр: нӕ хъӕппӕрисджын студенттӕ, фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕ, ирон ӕвзагыл аудджытӕ ӕмӕ ирон литературӕ уарзджытӕн! Кармӕ гӕсгӕ архайджытӕ дихгонд цӕудзысты дыууӕ къордыл:

1️⃣ 12 азӕй 22 азмӕ;
2️⃣  23 азӕй уӕлӕмӕ.

✅Цы хъӕуы бакӕнын?
Ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй аив  бакӕс, ныффысс  ӕй видеойы хуызы  ӕмӕ йӕ   ӕрбарвит  31 мартъимӕ нӕ бастдзинады  чатмӕ Телеграмы хызӕджы ацы адрисмӕ:
https://t.me/mahdugchat

✅Ӕнӕмӕнг йемæ  фыстӕджы хуызы ӕрбарвитын хъӕуы архайӕджы мыггаг, ном, кар, ахуыры кӕнӕ куысты бынӕттӕ (ахуырдзауты ӕрмӕджыты фӕбӕрӕг кӕнын, чи сӕ бацӕттӕ кодта, уыцы ахуыргӕнджыты).

✅Уӕлахиздзаутӕ хорзӕхджынгонд ӕрцӕудзысты Кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. (сæ ахуыргæнджытæ дæр Кады гæххæттытæй)

✅Куыстытӕн аргъ скӕндзысты сӕрмагонд къамисы уӕнгтӕ.
Нӕ фембӕлдмӕ!

#журналмахдуг
#конкурс #иронӕмдзӕвгӕ #Нафи #Шамил #базыртæ
#гӕлӕбу #бакӕсӕмиумӕ