Литературон журнал «Мах дуг»-ы премийы лауреаттæ

ПРОЗÆ

1-аг кары къорд – хистæртæ:

  1-аг бынат – ГУСАЛТЫ Барис, Уæрæсейаг фысджыты цæдисы уæнг, зындгонд прозаик, тæлмацгæнæг. Уацмыс «Гренадæ»-йы тæххæй.

2-аг бынат – ДЖУССОЙТЫ Нинæ, журналсит, прозаик, тæлмацгæнæг, Хуссар Ирыстоны республикон газет «Хурзæрин»-ы уацхæссæг.  Уацмыс «Æрæджиауы фæсмон»-ы тыххæй

3-аг бынат – БИТАРТЫ Маринæ, республикон газет «Северная Осетия»-йы газеты сæйраг редактор. Йæ уацмыс «Фæлдурæджджын хъысмæт»-ы тыххæй.

 

2-аг кары къорд – фæсивæд:

1-аг бынат – уæлахиздзау дзы нæй

2-аг бынат – БЕТЕТЫ Фатимæ, поэт, прозаик, тæлмацгæнæг. Йæ уацмыс «Уарзт æмæ хæрам»-ы тæххæй.

3-аг бынат – уæлахиздзау дзы нæй.

 

ПОЭЗИ

3-аг кары къорд – хистæртæ:

1-аг бынат – ГАБОЛАТЫ Зауырбег – æмдзæвгæты циклы тыххæй;

2-аг бынат – ГОДЖЫЦАТЫ Георги – æмдзæвгæты циклы тыххæй;

3-аг бынат – БÆЗЗАТЫ Эдуард – æмдзæвгæты циклы тыххæй.

 

СÆРМАГОНД ПРЕМИЙÆ хорзæхджынгонд цæуы Стъаралаполы ирон диаспорæйы хистæрты советы сæргълæууæг, цалдæр чиныджы автор, поэт БÆЦОЙТЫ Савели йæ æмдзæвгæты цикл «Хуыцауæй ныл ис хæс»-ы тыххæй.

СÆРМАГОНД ПРЕМИЙÆ хорзæхджынгонд цæуы Турчы цæрæг ХЪУЫСАТЫ Маулуд. Æмдзæвгӕты цикл «Цом нæхимæ»-йы тыххæй.

 

2-аг кары къорд – фæсивæд:

1-аг бынат – ГЕГКИТЫ Сослан. Æмдзæвгæты циклы тыххæй;

2-аг бынат – АЙЛАРТЫ Дианæ. Æмдзæвгæты циклы тыххæй;

3-аг бынат – ДЗГОЙТЫ Дзерассæ. Æмдзæвгæты циклы тыххæй.

 

ПУБЛИЦИСТИКÆ         

3-аг кары къорд – хистæртæ:

 1-аг бынат – ГÆБÆРАТЫ Юри, журналист, прозаик, публицист, нывгæнæг Хуссар Ирыстоны фысджыты æмæ журналистты цæдисты уæнг, Хуссар Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг æмæ сгуыхт журналист.

2-аг бынат – ДЗÆРÆХОХТЫ Ритæ, 38-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг.

3-аг бынат – ЦХУЫРБАТЫ Жаннæ, Хуссар Ирыстоны Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы музыкалон хайады сæргълæууæг.

 

ДРАМАТУРГИ

3-аг кары къорд – хистæртæ:

1-аг бынат – уæлахиздзау дзы нæй.

2-аг бынат – АЙЛАРТЫ Асæхмæт – РЦИ-Аланийы адæмон артист, драматург;

3-аг бынат – БЕКЪОЙТЫ Майя – Хуссар Ирыстоны Зонадон Иртасæнты Институты ирон литературæйы хайады наукон кусæг, Фысджыты Цæдисы уæнг.

 

2-аг кары къорд – фæсивæд:

2-аг бынат – ГУЫБЕТЫ Сослан. Пьесæ «Ногазон диссæгтæ»-йы тыххæй.

 

АИВАДОН ТÆЛМАЦ

3-аг кары къорд – хистæртæ:

1-аг бынат – КЪУДУХТЫ Маринæ поэт, тæлмацгæнæг.  Чингиз Айтматовы уацмыс «Мады быдыр» кæй ратæлмац кодта, уый тыххæй;

2-аг бынат – ХЪУЛАТЫ Юри РЦИ-Аланийы сгуыхт журналист, тæлмацгæнæг. Альдо Николайы Комеди-гротеск «Иучысыл буц митæ»-йы тыххæй.

3-аг бынат – ХУЫДÆЛТЫ Маринæ РЦИ-Аланийы сгуыхт артист,  Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты аспиранткæ, Дыгурон театры артисткæ. Антон Чеховы пьесæ «Арс» кæй ратæлмац кодта, уый тыххæй.

 

2-аг кары къорд – фæсивæд:

 3-аг бынат – АСЛÆМЫРЗАТЫ Дзæрассæ

СЫВÆЛЛÆТТЫ СФÆЛДЫСТАД

ПРОЗÆ

1-аг бынат – УАЛЫТЫ Аслан – Хуссар Ирыстоны Дменисы астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау. Йæ ахуыргæнæг Къусыраты Анжелæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

2-аг бынат – БАЛЛАТЫ Камиллæ Дзæуджыхъæуы шкъола-интернаты 8-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Хуыдæлты Мадинæ

3-аг бынат – КУЫДЗЕТЫ Валерия Хуссар Ирыстоны Цхинвалы 9-æм скъолайы ахукырдзау. Ахуыргæнæг Зассеты Зарæ

 

ПОЭЗИ

1-аг бынат – ГУЫЦМÆЗТЫ Марат Беслæны 7-æм скъолайы 7-æм къласы  ахуырдзау. Ахуыргæнæг Гæбæраты Риммæ.

2-аг бынат – ТЕЗИАТЫ Дзерассæ Ногхъæуы скъолайы 3-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Тедтойты Эльвирæ.

3-аг бынат – ХУЫБИАТЫ Ацæмæз Диалоджы скъолайы 3-аг къласы ахуырдзау, ахуыргæнæг Киситы Заремæ.

 

АИВАДОН ТÆЛМАЦ

1-аг бынат – БЫЦЕНТЫ Сабинæ Архонкæйы 1-аг скъолайы 5-æм къласы  ахуырдзау. Ахуыргæнæг Гæззаты Татьянæ.

2-аг бынат – ТЕДТАТЫ Ибрагим Беслæны 7-æм скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Елдзарты Нателæ.

 3-аг бынат – АКЪОТЫ Виктория Архонкæйы 1-æм скъолайы 7-м къласы ахуырдзау. Ахуыргæнæг Козаты Индианæ.