Мæ ныфсыл ныфсæфтауæг

Адæймаджы цардвæндаг диссаг куыд нæу, фæлæ газет кæнæ журналы цард та ноджы цымыдисагдæр рауайы. Скъолайы райдайæн кълæсты райдыдтон «Рæстдзинад» кæсын. «Мах дуг» та мæ къухтæм фыццаг хатт хистæркъласон уæвгæйæ райстон. Уæдмæ мæ сисфæлварæнтæ мыхуыргонд цыдысты къласы æмæ скъолайы къулы газетты.

Куыдфæстагмæ сдæн газет «Рæстдзинад»-ы æхсæнадон уацхæссæг, профессионалон фысджыты журналмæ æрмæг дæттынмæ та мæ ныфс нæ хастон.

Фæлæ кæддæр-нæуæддæр бацыдтæн «Мах дуг»-ы сæйраг редактор Хъодзаты Æхсары кусæн уатмæ. Уый мын мæ къухфыстытæм æркаст æмæ мæ уæды бæрнон нымæрдар Гусалты Барисмæ барвыста. Уый мæ, цалдæр боны фæстæ æрбауай, зæгъгæ, бафæдзæхста. Бацыдтæн. Уæдмæ мын мæ фыстытæм æркаст æмæ загъта: «Фысс æмæ нæм хæсс де ‘рмæджытæ».

Афтæ сдæн, мæ ныфс æмæ зондамонæг рагæй цы журнал уыд, уый автор. Очерктæ фыссыныл уæд бæстондæр фæцалх дæн, æмæ мæ, 2022 азы «Мах дуг» цы дунеон конкурс расидт, уый лауреат рахуыдтой публицистикæйы жанры. Æхсызгон хабар! Фæлæ мын ноджы æхсызгондæр та уый уыд, конкурсы бирæ æрыгон автортæ, суанг скъоладзаутæ дæр кæй архайдтой. Уыдон сты нæ адæмы, нæ мадæлон æвзаджы æмæ нæ уарзон журналы фидæн!

Бирæ хур бонтæ æмæ тымыгътæ баййæфта «Мах дуг» 90 азы дæргъы. Фæлæ йæ, йæ райгуырдæй фæстæмæ дзы чи куыста, уыцы куырыхон адæм фæцудын никуы бауагътой, иу уæлахизæй йæ иннæмæ кодтой. Йæ фыццаг номырæй фæстæмæ йыл цы фарны ном сбадт, уый йыл абон дæр фидауы.

Ныр та мæ зæрдиаг арфæ ракæнын фæнды редакцийы æрыгон æмæ куыстхъом кусджыты къордæн. Архайы мадæлон æвзаджы хæзнатæ адæммæ хæссыныл. Гъемæ йæ ныфс бонæй-бон фылдæр æмæ хъомысджындæр кæнæд, йе сфæлдыстадон къæбицы бæркад æвидигæ уæд!

МАМИАТЫ Таймураз,
журнал «Мах дуг»-ы I Дунеон премийы лауреат