Мæн дæр бафæндыдис мæ рухстауæг бинонты бафæзмын
Бургалаты Заремæ,
«Аланты Ныхас»-ы мадæлон æвзаг
бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл комитеты сæрдар
Куы мæ бафæрсат, æнæкæрон бирæ дæсныйæдты ‘хсæн ахуыргæнæджы куыст цæмæн равзæрстай, зæгъгæ, уæд уын уæ фарстæн ахæм дзуапп ратдзынæн: алцы дæр царды баст у сабидугимæ. Æз райгуырдтæн, абон педагогон династитæ (фæлтæртæ) кæй хонынц, ахæм бинонты ‘хсæн. Мæ фыд Хъуырман, Фыдыбӕстӕйы Стыр хæсты æмæ Фæллойы ветеран, йæ райгуырæн хъæу Зилгæйы скъолайы фæкуыста ахуыргæнæгæй фæндзай азы гыццыл хъуагæй. Йæ дыууæ хойы дæр – афтæ. Уыдонимæ – ме ‘фсымæр дæр. Æмткæй райсгæйæ, нæ бинонты фæллойы aзты нымæц астæуккаг æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты хæццæ кæны дыууæcæдæмæ. Цал æмæ сын цал æрыгон уды бантыстис раст фæндагыл саразын!.. Мæн дæр бафæндыдис мæ рухстауæг бинонты бафæзмын.
Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ ивддзинæдтæ æрцыди нæ царды дæр æмæ ахуырады къабазы дæр, æз кусын куы райдыдтон, уæдæй нырмæ. Бирæтæ дзы – пайдайаг æмæ хъæугæ ногдзинæдтæ нæ абоны, нырыккон дуджы. Фæлæ дзы иутæ та зианы хос йеддæмæ ницы фесты. Цæуыл хъуыды кæнын, цæуыл у мæ тыхст, мæ мæт абон, зæгъгæ мæ куы бафæрсат, уæд уын уымæн дæр æргом дзуапп ратдзынæн. Хъыгагæн, рацaрæзт кæй хонынц, уыцы рæстæг æмæ ма йӕ фæстæ цы азтæ цыдысты, уæд дæр ахуырад бынтондæр фæхицæн хъомылад æмæ хъомыладон куыстæй. Йæ æххæст кæныны хæс та æвæрд æрцыд ныййарджытыл.
Уыцы рæстæджы ахуыргæнæндæтты хъомыладон куыстмæ фаг цæcтдард кæй нал уыд, уый не ‘хсæнадæн æрхаста бирæ æппæрццæг фæстиуджытæ: бирæ кæстæртæ нæ райстой æмбæлгæ хъомылад æнæ скъолайы æххуысæй. Нæ амондæн, абон хуыздæрæрдæм ивы уавæр. Нæ бæстæйы Президент æмæ Хицауады уынаффæмæ гæсгæ та, куыд Советон рæстæг, афтæ абон дæр хомылад æмæ хъомыладон куысты хæстæ баргонд æрцыдысты ахуырады къабазæн, скъолаты æппæт къæпхæнтæн. Æмæ уый раст у.
Хъомыладон куыст, фыццаджыдæр, хъуамæ цæуа скъолаты. Уыимæ æхсæнады æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хæдзары. Фæлæ кæстæр фæлтæры – Ирыстон æмæ Уæрæсейы фидæны – хъомылад канд ныййарджыты хæс нæу. Уарзондзинад Фыдыбæстæмæ, сæ уидæгтæм, сæ ныййарджытæм, адæммæ æмæ а.д. – уыдæттыл семæ хъуамæ иумæ æмзиууонæй кусой бинонтæ, cкъола, æхсæнад. Нæ домæнтæ дæр хъуамæ иухуызон уой. Æрмæст уæд уыдзæни нæ иумæйаг архайд пайдайаг, ахадгæ.
Ноджы ма мах, æмдугонты, хæс у нæ кæстæртæм фæхæццæ кæнын, нæ кадджын фыдæлтæ нын сæ хъæздыг къæбицты цы удварны хæзнатæ ныууагътой, уыдон. Цæмæй нæ фæсивæд царды æндæр искæй нæ, фæлæ се ‘хсарджын фыдæлты фæзмой. Ууыл у мæ мæт, уый сæраппонд у мæ куыст студенттимæ æмæ æхсæнады дæр.
Абон ма мæ зæрдæ цæмæ ‘хсайы? Нæй ирон адæмы ‘хсæн æмбæлгæ иудзинад, кæм хъæуы, уым æдзух нæ равдисæм æмзонддзинад, нæ вæййæм æмцæдисон, не стæм цух æппæрццæг миниуæг – хæлæгдзинадæй дæр. Сыстырзæрдæ стæм нæ мадæлон æвзагыл – ирæттæ йыл сæ фылдæр нал дзурынц, бирæтæ та æмбаргæ дæр нæ кæнынц иронау. Æмæ, нæ мадæлон ирон æвзаг куы нал зонæм, куынæ йыл дзурæм, уæд ма цавæр ирæттæ стæм мах?! Æз мæхиуæттæн, мæ студенттæн сæ размæ ахæм нысaн сæвæрдтон: дзурут иронау, уæ алыварс куы ничи дзура, уæд дæр!
Ралæууыд та уалдзæг. Уыимæ та Иры зæхмæ, æппæт Уæрæсемæ тагъд æрцæудзæн цытджын Уæлахизы Бон. Уæлахиз ут сымах дæр, мæ зынаргъ æмзæххонтæ! Дуне сабыр уæд!