«МАХ ДУГ» –ы айдæн!

«Бæзджын» литературон журналты тыххæй рæстæгæй-рæстæгмæ «ссудзынц» быцæу ныхæстæ. Уыдонæн вæййы алыхуызон аххосæгтæ, фæлæ алы хатт дæр сæ тыхст вæййы мыхуыры фæрæзы куыст фæхуыздæр кæныныл. «Бæзджын» журналтæн рæстæгимæ дæр ис быцæу ахастытæ. Цæимæ баст у ахæм уавæр, уымæн дзуапп ссарын æнцон хъуыддаг нæу.

Мæ абоны ныхасы сæр у нæ республикæйы рагондæр литературон журнал «Мах дуг». Кадджын уавæры бæрæг кæны йæ фыццаг номыры рацыды 90 азы юбилей. Арфæйы ныхæстимæ иумæ бафæрсдзынæн: «Цавæр тираж нымайæн ис хорзыл ирон национ литературон журналæн?» Ахæм уавæры цæрæм, æмæ йыл хъуамæ кусой, сæйраг редакторæй райдайгæйæ, ирон национ литературæ зынаргъ кæмæн у, уыдон иууылдæр.

Æрæджы журналы редколлегийы кар цалдæр фæлтæры фæ- æрыгондæр, æмæ уый банымайын хъæуы раппæлинагыл. Фæлæ фидæны тырнын хъæуы, цæмæй дзы алы фæлтæртæ кусой, уымæ. Абон та уал хорзыл банымайын хъæуы, журналы редакцимæ кусынмæ сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæ, йе ‘мхъуыдыгæнджытæ Къелойты Альбинæ, Касаты Батрадз, Тъехты Тамерлан æмæ Æлборты Дианæ кæй æрбацыдысты, уый. Афтæ зæгъæн ис, редакцион советыл цы ног адæймæгтæ бафтыд, уыдоны тыххæй дæр. Бзарты Руслан, Уататы Зелим, Джусойты Клавæ, Къадзаты Станислав, Къусраты Анатоли æмæ Куыдзойты Анжелæ фæлтæрдджын адæм сты æмæ журналы «хуымы гутонвæд» нæ фехалдзысты. Журналы кусджытæм ис хорз фæндтæ, æмæ, сæ къухы æнтыстджынæй куы бафтой, уæд уый хорзæрдæм фæзындзæн сæ куысты алы къабазыл дæр.

Уыдонæй иу у, цардмæ сæ хæстæгдæр уæвын кæй фæнды, уый. Нæ сын æнтысы, зæгъгæ, нæ зæгъдзыстæм, фæлæ уæддæр журналкæсджыты нымæц зæрдæйы фæндиаг нæу. Æргътæ хæрдмæ ныццавтой, æмæ сæ бамбарæн ис – æрвылбон къæбæр амал кæныныл куы тыхсай, уæд ма дæ журналы мæт ис?! Фæлæ уæддæр «Мах дуг»-æн йæ куыст баст у аивадон литературæимæ, æмæ йæ цыфæнды уавæрты дæр уыцы бæрнæй ничи суæгъд кæндзæн.

«Мах дуг», мæнмæ гæсгæ, у, фыццаджыдæр, нырыккон ирон аивадон литературæйы айдæн, æмæ, уым кæй æвдисæм, уый хъуамæ уа сыгъдæгцæсгом, уырзæй æвзæрст æмæ хæрзхъæд фыст. Авторы хъысмæт æмæ журналы хъысмæт хъуамæ кæрæдзийыл баст уой. Журналы азфысты йæ ирд фæд чи нæ ныууадза, уымæн бар нæй авторы ном хæссынæн, уымæн æмæ абоны уавæрыл дæр хæрзæгъдауджын адæм сагъæс фæкæнынц, журналы цы уацмыстæ рацæуы, уыдонмæ гæсгæ…

Чи уыдзысты «Мах дуг»-ы хæстæгдæр фидæны автортæ? Нæ фысджыты цалдæр фæлтæры, æмæ уый у хорзыл банымаинаг! Уыдонæн хъуамæ нæ дзырдаивады фидæн суа кувæндонмæ фæндаджы хуызæн, кæннод сæ фыдæбæттæй ницы рауайдзæн. Сбæрæг нæ кæнын хъæуы, ирон литературæйы дзуарæвæрд ног рæстæджыты размæ чи ахæсдзæн, уый. Ныхас дæр ыл нæй, уыцы хъуыддаг æнцон æххæстгæнæн нæу.

Стыр домæнтæ æвæры йæ авторты размæ журнал «Мах дуг»-ы редакци, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы сфæлдыстадон æнтыстытæ!

ХОЗИТЫ Барис,
РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг