НОГ АЗ «МАХ ДУГ»-ИМÆ

Ӕрхӕццӕ кӕны Ног аз!

Ӕрбаввахс лӕвӕрттӕ ӕмӕ зӕрдӕлхӕнӕнты рӕстӕг! Цы ма уа хуыздӕр ирон журналы сыфтӕ рафӕлдахынӕй! Цы ма уа зӕрдӕйӕн ӕхцондӕр, ирон фысджыты уацмысты арфы бацӕуынӕй, ирон журнал дӕхицӕн ӕмӕ дӕ уарзон адӕмӕн рафыссын ӕмӕ балӕвар кӕнынӕй! Ӕппын фӕстаг, йӕ хъаруйыл ын хъару бафтауынӕй, йӕ цӕрайыл — цӕра!

🎄Мах дӕр зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ журналкӕсджытӕм 2024 аз.!

🎄2024 азы фыццаг ӕмбисӕн журнал «Мах дуг» ​ рафыссӕн ис ​ «Уӕрӕсейы пост»-ы алы хайады дӕр. Нӕ индекс: 37247. Аргъ -​ 711 сомы ӕмӕ 00 капеччы (афӕдзы ӕмбисӕн), льготӕтимӕ — 653 сомы ӕмӕ 58 капеччы.

🎄Журнал асламдӕр аргъӕй, 350 сомӕй афӕдзы ӕмбисӕн рафыссӕн ис нӕ редакцийы.  Ӕнӕхъӕн афӕдзӕн та — 700 сомӕй. Ацы ран ис иунӕг домӕн: редакцимӕ-иу ӕм  хъӕудзӕн уӕхи ӕрбацӕуын йӕ ахӕссыны тыххӕй. ФӔЛӔ! Кӕд 30 журналӕй фылдӕр рафыссат, уӕд уын сӕ нӕхӕдӕр  уӕ амынд бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕндзыстӕм!

🎄Нӕ хъомысджын кусджыты къорд ӕмцӕдис зиууонтӕй архайынц ирон дзырды фарн адӕммӕ хӕссыныл! Бузныг, кӕй стӕм ацы хъуыддаджы ӕмвӕндаггонтӕ!

🎄Нӕ адрис: г. Дзӕуджыхъӕу, Къостайы проспект, 11-ӕм хӕдзар, 2-аг уӕладзыг.☎️8962 743 58 78, 8918 835 33 56

Редакцийы кусджытӕ