РАЙГОНДÆЙ ЦÆР, МÆ ФЫДЫБÆСТÆ! АРФÆГОНД У, МÆ НЫЙЙАРÆГ МАД ИРЫСТОН!
Ирон лæгыл стыр хæс æвæрд ис куыд царды, афтæ йæ адæмы раз дæр. Зæххæн йæ иннæ кæрон куы уай, Ирыстонæй дард, уæддæр хъуамæ хъуыды кæнай дæ ныййарджыты сæрыл, дæ фыдæлты номыл, Ирыстоны кадыл. Æгас дуне махæн у Фыдыбæстæ, нæ райгуырæн мад та – Ирыстон, лæг фыццаг къахдзæфтæ кæм акодта, мадæлон æвзагыл фыццаг ныхæстæ кæм загъта, йæ риу нæ хæхбæсты сыгъдæг уæлдæфы рог уддзæфæй кæм байдзаг, æппæты фæлмæндæр къухтæ йæ авдæны кæм ауызтой.
Æз дæн Хуыгаты хæрæфырт. Цæрын Мæскуыйы. Райгуырдтæн Сунжæйы хъæуы, схъомыл дæн Куырттаты комы. Уырдыгæй рахастон царды æгъдау æмæ дунембарынад. Хъомыл та мæ кодтой канд нæ бинонтæ æмæ хиуæттæ нæ, фæлæ скъола, æхсæнад, нæ уынджы фæрныг цæрджытæ.
Кæстæр рæдиаг куыд нæ вæййы. Уыдонæй уыдыстæм мах дæр нæ сабибонты. Хорз ма хъуыды кæнын, цы хистæрты ‘хсæн хъомыл кодтон, уыдоны: алы хъуыддаджы дæр – дæнцæгæн хæссинаг. Уыдон махæн уайдзæф никуы бакодтой, нæ сæ зонын æфхæрд ныхас дæр. Фæлæ-иу демæ, раст цыма ды дæр стыр лæг дæ, афтæ аныхас кодтаиккой, æмæ-иу дæ митыл уый фæстæ дæ зæрдæ афтæ æрхудтаид, æмæ загътаис, уый бæсты зæххы скъуыды куы ныххауин! Мæнмæ гæсгæ, уый раст хъомылад уыд!
Бирæ зæгъинæгтæ мæм ис, фæлæ мæ фыццаджыдæр зæгъын фæнды бузныг «Мах дуг»-ы кусджытæн сæ удвæллойы тыххæй ацы æнæнцой рæстæджы. Азтæ мыл куыд цæуы, афтæ æз тынгдæр райдыдтой æнкъарын, куыд ахсджиаг цæджындз нын у ирон журнал фидæнмæ фæндаг аразыны рæстæг.
Ирыстонæй дард цæргæйæ, æз арфдæр банкъардтон, ирон лæгæн йæ туджы кæй ис адæмимæ хæларæй цæрын, рæстдзинад тауын æмæ йыл тох кæнын, цард уарзын æмæ дзы кадимæ цæрын. Йæхи Хуыцауыл чи фæдзæхсы йæ цины æмæ йæ хъыджы дæр, уый у Ирон! Йæ зæрдæйы гыццыл къуымы дун-дунемæ уарзондзинад кæмæн цæры æмæ йыл йæ цинтæ чи тауы, уый у Ирон! Дæ разæй фæрныг хистæртæ куы уа, дæ фæстæ – рæсугъд кæстæртæ, уæд уый цардæн у йæ тæккæ стырдæр хæзна.
Мах абон арæх фехъусæм нæ кæстæрты тыххæй алыхуызон ныхæстæ. Мæн дæр фæнды зæгъын мæхи хъуыды. Ныфсджынæй зæгъын, ныртæккæ ирон адæмæн Цæгатæй Хуссармæ цы рæсугъд, æфсармджын, æгъдауджын кæстæртæ ис, ахæмтæ бирæ адæмыхæттытæм нæ фендзынæ. Нæ рагфыдæлтæм уыд ахæм куывд, чызг нæм мадæй уæздандæр куыд кæна, лæппу фыдæй йæ фыдыуæзæг фылдæр куыд уарза, æмæ уыцы дуг махмæ абон æрбаввахс ис. Бузныг дын, Ирыстон! Ныллæг дын мæ сæрæй кувын, ахæм хъæбултæ дæ хъарм хъæбысы кæй схъомыл! Арфæгонд уæнт сæ ныййарджытæ, сæ нанатæ, сæ дадатæ, сæ ахуыргæнджытæ, сыхбæстæй, хъæубæстæй сын зонд чи бацамыдта, раст фæндагыл сæ чи сæвæрдта, ирон лæджы ном сын кадимæ хæссыны хъуыддаг сæ туджы чи бауагъта. Фылдæр ныл æфтæд ахæм кæстæртæ.
Мæскуыйы цы ирæттæ цæры, уыдонæй иу фæлтæр иннæимæ арæх абарын. Ныры кæстæртæ цард хуыздæр æмбарынц. Сæ кæрæдзийыл сты æнувыддæр. Куы нæм æрбацæуынц уазæгуаты, уæд сæм цæст кæсынæй не ‘фсæды. Æз фæраздæронæй кæрæдзийæн æгъдау дæттыныл фæвæййынц. Цы йæ æмбæхсон, мæ рæстæгæй сæ дуг кæд æнцондзарддæр у, уæддæр сын алыхуызон цыбæлтæ нæ фесæфтой сæ хуыз, сæ ном. Сæ размæ æвæрынц раст нысантæ æмæ сæ ахуыры фæндагыл дæр сты æнтыстджын. Рох сæ нæу, стыр сахармæ цæй фæдыл æрцыдысты, уый. Тырнынц цардмæ æмæ нæ рох кæнынц сæ фыдæлты ном.
Ис ахæм ирон дзырд – ФАРН! Абон махмæ кæстæр куы райгуыры, уæд ын Дунедарæгæй цы нæ фæкурæм, ахæм зæххыл нал вæййы: стыр лæг дзы рауайæд, ахуыргонд суæд, мулкхъуаг ма уæд… Фæлæ нæ фыдæлтæм чындзхасты цы фарнимæ баст æгъдау баззад, уымæн дзы æмбал нæй куыд уæды дуджы, афтæ абон дæр. Чындзы йæ ног бинонты бынаты бардуагыл куы бафæдзæхсынц, уæд ын, Сæрызæды тырыса йæ сæрмæ схæсгæйæ, фæзæгъынц: «Фарн, фарн, фарн! Авд лæппуйы æмæ иу цъæхдзæст чызг!» Цæуыл дзурæг у уыцы куывд? Фарн цæуы хæдзары нæлгоймагæй. Тауинаг та у иууылдæр ныййарæг мадæй. Абон мах хъуамæ нæ кæстæрты зондахастыл сахадæм æмæ сын бамбарын кæнæм, ирон адæм хъуамæ кæй фæфылдæр уой. Нæ фарн хъуамæ кæй фæфидардæр уа! Мад йæ кæстæрмæ гуырдзмæ хъуамæ уый дзура: «Дунейы фарн уыцы тых раттæд, æмæ, кæд чызг дæ, уæд нæ Ирыстоны, фыццаджыдæр, амондарæг æмæ тауæг фæу». Лæппу куы райгуыры, уæд та Хуыцауæй кура: «Нæ иу сæдæ бауæд!»
Хъæздыгдзинад мулкæй нæу, хъæздыгдзинад нæ бирæйæ у. Дугрæстæг уымæн – ирд æвдисæн.
КЪÆБЫСТЫ Рузвельт,
Мæскуы – Ирыстон