Уæлахизы майдан – хæсты ветерантæн

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизыл ацы аз æххæст кæны 75 азы. Уый фæдыл нæ бæстæйы Президент бафыста Указ, 2020 аз банымайын Уæлахизы æмæ Намысы азыл. Президенты уынаффæмæ гæсгæ ма рацыд майдан «Уæлахизы 75 азы» кадæн дæр.

Ацы майданæй хорзæхгонд цæуынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ, уыцы уæззау азты Уæлахиз хæстæгдæр чи кодта уыцы архайджытæ, фашисттæ тыххæй уацары алы лагерты кæй дардтой, уыцы æнахъомтæ, Советон æфсады национ къордты фашистон лæгмарты ныхмæ чи тох кодта, ахæм æндæрбæстаг граждæнтæ.

Цæгат Ирыстоны хæсты ветеранты нымæц азæй-азмæ къаддæргæнгæ цæуы. Фæлæ, абон не ‘хсæн чи ис, уыдонмæ нæ бæстæйы æмæ республикæйы разамындырдыгæй хорз цæстдард цæуы.

Знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав юбилейон майдан «Уæлахизы 75 азы»-йæ схорзæхджын кодта, хæсты цæхæры чи уыд, мæлæты цæстытæм комкоммæ чи каст æмæ удæгасæй чи баззад, уыцы ветеранты: Гулуты Хизиры, Василий Коротаевы, Валентинæ Майоровайы, Магкæты Исрафилы, Мамсыраты Исламы, Пагæты Алыксандры æмæ Арутюн Хачикяны.

Битары-фырт хæсты ветерантæй алкæмæ дæр комкоммæ бацыд æмæ сын райста сæ къухтæ. Уый фæстæ сын ракодта зæрдиаг арфæтæ:

– Нæ зынаргъ хистæртæ, ветерантæ! Нæ бæстæйы Президенты бардзырд æххæст кæнгæйæ, сæрыстыр дæн, сымахæй алкæмæн дæр хæрзиуæг кæй дæттын, уымæй. Уæвгæ, нæ царды стырдæр хæрзиуæг сымах фыдæбон уыд. Æгъатыр знаджы къæхты бынмæ не ‘руагътат нæ Райгуырæн бæстæ, уе ‘мбæлтты хæсты быдырты «таугæйæ», уæддæр Уæлахиз уæ къухы бафтыд, цавæр аргъæй, уый нæ алчидæр зоны. Сымах хæстæн радтат уæ æрыгон азтæ, уе ‘взонгад, уæ хъару æмæ тыхтæ, афтæмæй хæстæгдæр кодтат Уæлахиз. Хæсты фæстæ дæр уæ хъæдгæмттæй рыст уæнгтæн æнцойдзинад нæ радтат, фæлæ æнгом æрлæууыдыстут пырх бæстæ йæ къæхтыл слæууын кæнынмæ. Абон стут нæ буц хистæртæ, уæддæр уæ архайд Фыдыбæстæйы хорзæхæн нæ уадзут. Патриотон зондахастыл хъомыл кæнут фæзминаг кæстæрты, кæддæриддæр стут нæ фарсмæ бахъуаджы сахат, æмæ уын – бузныг. Махæй, республикæйы хицауадæй, уæ фæрныгадæн цы аразгæ у, ууыл архайдзыстæм æппæт гæнæнтæй дæр. Чи уæ цæмæй батыхса, табуафси, комкоммæ мæм-иу фæдзурут, – загъта Битарты Вячеслав.

Хæсты ветерантæн ма арфæтæ ракодта нæ республикæйы Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан дæр:
– Майы мæй Уæлахизы бон уæ хъуамæ алчидæр æфсæддон парадмæ саккаг кæна. Æнæ сымахæй бæрæгбон бæрæгбоны хуызæн нæ уыдзæн.

Юбилейон майдантæй уæлдай ма æппæт ветерантæн дæр радтой лæвæрттæ. Юбилейон майдан нæ республикæйы дарддæр лæвæрд цæудзæн хæсты ветерантæн æмæ, йæ категоримæ чи хауы, уыцы æппæт архайджытæн.

Саутæты Тамилæ, газет “Рæстдзинад”