Уæздандзинады гуырæнтæ сты ирон адæмы уидæгтæ

Уæздандзинады гуырæнтæ сты ирон адæмы уидæгтæ Адæймаджы хуыздæр миниуджытæй хайджын чи у, уымæн йæ зæрдæ дзаг вæййы уарзондзинады æнкъарæнтæй йæ Райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ, æмæ сын кæддæриддæр фæкæны хъæбулы лæггад, фæбæллы, цæмæй йæ фæстæ ныууадза рæсугъд фæд æмæ фæаразы æппæт мадзæлттæ дæр уымæн. Адæмы ‘хсæнæй чи рацæуы, уый цыфæнды стыр бæрзæндтæм куы схизы, зæххы кæронмæ йæ йæ цардвæндаг куы ахæссы, уæддæр вæййы йæ адæмимæ зæрдæйæ, хъуыддагæй æмæ ныхасæй дæр. Адæмы ‘взæрст куы суай, сæ фарнæй – хайджын, уæд уый та у, æмбал кæмæн нæй, уыцы æппæты стырдæр хæрзиуæг. Уыцы миниуджытæй се ‘ппæтæй дæр хайджын у, Фыдызæххыл, йæ адæмыл æнувыд чи у, уыцы лæгау лæгтæй иу – РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз. 22 августы йыл æххæст кæны 60 азы. Зæрдиаг арфæтæ йын кæнæм нæ журналы редакцийы кусджыты, фысджыты æмæ журналкæсджыты номæй. Сымах ын иууылдæр хорз зонут йæ куыс-ты хабæрттæ, æвдисæн стут йæ фарны хъуыддæгтæн, мах та фæнды уæ размæ рахæссын хуымæтæг ирон лæг Таймуразы сурæт, райхалын йæ хъуыдыты комбаст æмæ сæ байтауын Иры бæстыл.
– Таймураз, адæймаг куы райгуыры, уæд йæ ныййарджытæн, бинонтæн, æппæт хъæубæстæн свæййы ныфс, цыдæр хорзмæ йæм фенхъæлмæ кæсынц, йемæ фæбæттынц сæ бæллицтæ, сæ фидæны цинтæ. Стыр амонд у ныййарæджы фæндиаг фæуын. Афтæ куы зæгъон, ды уыцы амондæй хайджын фæдæ, уæд æппындæр нæ фæрæдидзынæн. Уымæн æвдисæн, абоны онг дæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, цы бæрзæндтæм схызтæ, уыдон. Дæ нымад политикон æмæ паддзахадон архайæг, педагог, академик, фæрныг бинонты хистæр, уыдтæ РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдар, ра-замынд лæвæрдтай Хёххон паддзахадон аграрон университетæн. Ис ма адарддæр кæнæн ацы ранымады халæн. 2022 азы æвзæрст æрцыдтæ РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдарæй. Раст зæгъгæйæ, бирæтæ батæхуды кæндзысты де ‘нтыстытæм. Фæлæ алы къæпхæны фæстæ дæр стыр удвæллой кæй ис, уый дызæрдыггаг æппындæр нæу. Цæй мидæг ис æнтысты ратæдзæн?
– Цард халвæндагау у. Ис дзы тынг бирæ цыбæлдзинæдтæ, æмæ йæ хатгай адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæны, йæ нарæг хидыл ын цæугæйæ куыд фæцуды, уый. Фæрæдийын тынг æнцон у, рæсугъд цардмæ бæллыны монцтæ бæллæхы хос сты. Æз мæ зæрдæйы арфы хæссын цалдæр фæдзæхсты: ма асай, гадзрахатæй макæуыл рацу, дæу цы нæу, уый дæхи макуы рахон, адæмы æууæнк ма фесаф. Суанг студенты бонты дæр мæхи уымæ никæд æруагътон, цæмæй искæмæй сфыссон раст дзуаппытæ. Хардзау мæм каст. Уый дæр адавынæй уæлдай нæу. Ацы царды цы дæ, уымæй фылдæр никуы уыдзынæ, дæхимæ цыфæнды стыр паддзах куы кæсай, уæддæр. Дæхи дзы сайыс уæд. Мæ царды иннæ сæйраг принцип та у ахæм: дæ размæ кæд хæс сæвæрдтай, уæд, цыфæнды стыр цæлхдуртæ куы уа дæ размæ, уæддæр ма ‘рлæуу, ссар дæхимидæг сæ сæрты ахизыны хъару. Адæймаджы бон алцы дæр у. Æз нæ зонын дзырдтё «мæ бон нæу». Мæ дзырдуаты сын бынат нæй. Ма у «æз дæн»-он. Уый фыдхæссæг миниуæг у. Адæм бафæлладысты аразгæ æмæ хиуарзондзинады митæй. Хъуамæ зонай дæ алыварс адæмимæ цæрын, семæ кусын, аргъ сын кæнын. Чи зоны, бирæтæ адон рахондзысты хуымæтæг хъуыддæгтæ, фæлæ сыл æнцой кæны царды рæстдзинад, уыдонимæ баст сты адæймаджы æнтыстытæ, Хъарсы фидарæй стырдæр у сæ хъару. Политикæйы та хъуамæ цæттæ уай критикæмæ, æхсæнады дамтæм. Макуы рахон дæхи уæлбикъон. У хуымæтæг. Лæг хъуамæ æвæллайгæйæ куса йæхиуыл: йæ зонындзинæдтыл, йæ удварныл, йе ‘рдзон цæттæдзинадыл… Уый æнцон бæргæ нæу. Фæлæ, кæд ацы зондахастыл æнувыд дæ, уæд кæддæриддæр уыдзынæ уæлахиз!
– Уыцы зондахаст бинонтæй цæуы?
– О. Адæймаг царды уа, куысты уа, хъуамæ, фыццаджыдæр, йæ хæдзарвæндаджы кад хъахъхъæна. Бинонты ‘хсæн цы фенæм, цы базонæм, уыдон нын фæндаггаг вæййынц цæргæ-цæрæнбонтæм. Иннæмæй та, – æхсæнад. Хистæрты ныхас «худинаг у!» йæ куыст кодта кæддæриддæр. Сыхбæстæн уыдтæн цумайы сæр. Ууыл мæ ахуыр кодта мæ нана. Зивæг кæныны бар нæ никæмæн уыд. Уæдæ сыхæгтæ зиу расидтысты, уæд дзы æз фыццæгтимæ куыд хъуамæ ма архайдтаин…
– Æртæ фæлтæры цы бинонты вæййы, ома нана æмæ дада, уыдоны цот сæ цотимæ, уым сывæллæттæ бахъомыл вæййынц се ‘ппæты фарнимæ дæр æмæ цардмæ рауайынц цæттæдæр. Фæлæ абон бирæты фæнды хибарæй цæрын. Ды та куыд хъуыды кæныс?
– Уæдæ æз та схъомыл дæн, цыппар фæлтæры кæм уыд, ахæм бинонты ‘хсæн. Суанг ма мæ нанайы мады дæр хъуыды кæнын. Йе ‘цæг дунемæ куы ацыд, уæд ыл цыдис сæдæ азæй фылдæр. Мæныл та уæд сæххæст дæс азы. Уый кæрæдзийыл æнгом баста бинонты, хион-хæстæджыты. Æвдисæн уыдтæн ирон фыдæлтыккон традицион бинонты цардыуагæн. Куыд лæггад кодтой хистæрæн, куыд нæм цыдысты хæдзармæ бабæрæг ёй кæнынмæ, уыдæттæ уыдтон. Мæ нана мæ æппынæдзух хуыдта йемæ хиуæттæм, æмæ сæ æз дæр афтæмæй базыдтон. Баста нæ кæрæдзийыл. Уый уыд дæнцæгон бинонты институт. Стæй ма мæм хорз каст хистæрты ныхæстæм хъусын, химидæг хатдзæгтæ кæнын.
– Тынг бæрнон хъуыддаг у Парламенты сæрдарæй кусын. Закъон фидаргæнæг процессты æргомуаг, дзыллæйы æууæнк, æппынæдзух адæмимæ бирæвæрсыг ныхасы бацæуынмæ цæттæдзинад. Уæддæр никуы равдыстай дæ фæллад, дæ чемыл кæй нæ дæ, уый, вæййыс худындзаст. Мæнмæ гæсгæ, дæхиуыл æппындæр нæ ауæрдыс. Уый цы, дæ алыварс чи ис, уыдоны дæр ма ифтонг кæныс дæ хорз зæрдæйы ахастæй политикæйы фæзы æмæ æхсæнады дæр. Куыд дын æнтысы?
– Ме ‘нæрæнцой, мæ размæвæрд нысантæ, æхсæнады раз мыл цы хæс æвæрд ис, уыдон мæ æнцад-æнцойæ бадын æппындæр нæ уадзынц. Фарон бæрæг кодтам Парламенты 30 азы юбилей. Стыр куыст бакодтам. Бæстон равзæрстам парламентаризмы институт. Фыццаг Сæйраг Совет 1938 азы æвзæрст куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ цы стыр цаутæ ёрцыд, цы кадджын адæм куыста республикæйы закъондæттæг оргæны, уыдоны тæххæй цы æрмæг æрæмбырд кодтам, уым ирдæй зыны, нæ размæ цы кадджын лæгтæ лæггад кодтой адæмæн, æмæ ныл уый ноджы стырдæр хæс æвæры абон. Мах иууылдæр дзыллæйы æвзæрст стæм, æмæ ныл уымæй бæрнондæр хæс ёвёрд ис. Æнæ адæм нæй Хицауад дæр. Адæмы бартæ æмæ хæрзæбоныл хъуыдытæй райдайы нæ бон. Æргом, æнæкъæм ныхасæй хуыздæр ницы ис. Дæ бон цы нæу саразын, уымæй ныфс макуы æвæр, ма фесаф дæ цæсгом. Адæм алцы дæр бамбардзысты, семæ æргомныхас куы уай, уæд.
Хъару мыл æфтауынц нæ истори, нæ ивгъуыд, алы стыр ирон лæджы номы фæстæ цы бынтæ баззадис, уыдон дæр. Уынгты цæугæйæ хъуамæ дæ цæстытæ макæмæй æмбæхсай. Хъуамæ уай ныфсджын дæ рæстдзинадæй, ныфсджын дæ зонды хъаруйæ. Мæнæн дæнцæг сты Къоста, Плиты Иссæ, Дудараты Вероникæ, Андиаты Сослан æмæ бирæ æндæр адæймёгты цардвæндаджы æнтыстытæ. Сæ фæлгонцтæ нæ хъуамæ кæной тыхджындæр, æнтыстджындæр, тырнæм уыдоны рухсмæ.
– Нæ республикæйы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц РЦИ-Аланийы паддзахадон æвзæгты закъоны тыххæй Парламенты хатдзæгтæм. Цымæ нæм цы æнхъæлмæ кæсы, куы йæ сфидар кæнæм, уæд?
– Мадæлон æвзаг удварны хæзна у. Мæ куысты бынатмæ гæсгæ Ирыстоны куынæ цардтæн, уæд хорз бамбæрстон, ирон ныхас-иу хъус куы ацахста, уæд зæрдæйæн цы æгæрон цин хаста, цы тых æфтыдта лæгыл, уый. Афтæ – национ музыкæ дæр. Æвзаджы закъоны проект та у уыцы гарз, не ‘взаг бахъахъхъæнынæн æмæ йæ райрæзтæн ахъаз чи фæуыдзæн. Закъоны проектыл ныр дæр цæуы куыст. Мыхуыргонд æрцыд, цæмæй йæ феной эксперттæ æмæ адæм дæр. 15 сентябрьмæ йыл кусдзыстæм алывæрсыгæй. Ирон æвзаг у Къостайы, Блашкайы, Секъайы, Малиты Георгийы æвзаг. Уый у, адæмы иу чи кæны суанг монон æгъдауæй дæр ма, уыцы тых. Мæ зæрдæ дарын, закъон ист кæй æрцæудзæн нæ иумæйаг хъуыдыйæ. Ам равдисын хъæуы нæ фыдæлты куырыхондзинад. Алкæй хъуыды дæр нын уыдзæн ахсджиаг.
– Таймураз, нæ фембæлды размæ дæу тыххæй фылдæр базоныны фæдыл ныхас кодтон дæ раздæры студенттимæ. Абон дæр сæ зæрдæйы баззад бирæ рухс мысинæгтæ, лекцитæ сын куы кастæ, уæдæй. Уæвгæ, ды уыдонæн канд ахуыргæнæг нæ уыдтæ, фæлæ ма цæстуарзон хистæр æмæ хæлар дæр…
– Бузныг, раст хатдзæг скодтай. Æз уарзын кæстæртимæ кусын. Мæ размæ не ‘вæрдтон ахæм хæс, цæмæй мæ студенттæ стъæлфой. Уый раст нæу. Æнæ карз ныхасæй кæддæриддæр кæрæдзийы æмбæрстам, æууæндыдысты мыл. Мæ зæрдыл тынг хорз лæууы, 1992 азы мæ фыццаг лекцимæ куы бацыдтæн уæды Хæххон хъæууонхæдзарадон институты механизацийы факультеты цыппæрæм курсы студенттæм, уыцы бон. Не ‘хсæн 4-5 азæй фылдæр нæ уыд. Мæныл цыд 25 азы. Иунæг хатт дæр студент-тæм æдзæттæйæ не ‘рбацыдтæн, уарзтой мæм лæмбынæгæй хъусын. Бамбарын сын кодтон мæ ахастдзинадæй, кæй дæн, зонындзинæдтæ, сæ равзæрст фæндагыл сын хъару чи ратдзæн, аргъ сын чи кæны æмæ сæ йе ‘мсæрыл чи нымайы, уыцы адæймаг. Сæ бафхæрыны хъуыды мæм никæд уыд. Дæсæмæссæдзаздзыдæй сдæн наукæты кандидат. Куыстон æрыгон фæлтæры хъомыладыл, ахуыр сæ кодтон кæрæдзийæн аргъ кæныныл.
Æдзæсгом чи у, культурæ кæмæ нæй, æхсæнады хъуыды æцæгæлон кæмæн у, уый пайда никæд æрхæсдзæн йё адёмён, цыфæнды зондджын куы уа, уæддæр. Кæстæртимæ фылдæр хъомыладон куыст кæнын хъæуы. Афтæмæй раст загътай: зондамонæг – хæлар – педагог.
Афтæ аразын мæ ахастытæ мæхи кæстæртимæ дæр: уыдон царды хъуамæ ссарой сæхи, æз та уон æнтыстджын кæстæрты хистæр. Уый зиу у!
– Ирон æвзаджы фæрнджындæр дзырдтæй иу у уæздандзинад. Уый адæймагæн йæ туджы куынæ уа, уæд æй балхæнæн нæй. Уæздан адæймагæн йæ уды рухс дæр дардмæ зыны…
– Уæздандзинад у ирон адæмы царды бындур. Хуымæтæджы нæ уы- дысты кадылмæлгæ. Нарты кадджытæ, фыдæлты таурæгътæ, хъæбатыртыл зарджытæ… Алы ран дæр ирдæй бæрæг дары ирон лæджы удыхъæд кадæй, æхсарæй, уæздандзинадæй, æгъдауæй æххæстæй. Лæг йæхи куыд дардта, уымæ гæсгæ йын кодтой аргъ. Ирон лæг уыд уæззаузонд, хиуылхæст. Нæ сылгоймæгтæ – æгъдауджын, фарнхæссæг, къонайы хъарм хъахъхъæнæг. Ахæмтæ уыдысты мæ хистæртæ, æмæ мах дæр архайæм, цæмæй уæм уыдоны аккаг кæстæртæ. Цы дæм ис, уымæй, дæ фарсмæ чи ис, уыдонён дæр фæхай кæн. Дæу цы нæу, уый макуы райс. Уыдон уыдысты мæ хæдзары хистæрты ныстуантæ. Афтæ никуы бахæлæг кодтон суанг скъолайы дæр ме ‘мкъласонтæн мæ хынцинæгты цæттæ дзуаппытæ, радтон-иу сын сæ сфыссынмæ. Хатгай хæлардзинад уымæй дæр райдайы. Уымæ гæсгæ, уæздандзинады гуырæнтæ сты нæ уидæгтæ!
– Цæмæй райдайы Парламенты сæрдарæн йæ бон?
– Хъæбысхæстæй!
– Кæимæ?
– Мæхиимæ! Цæмæй райсомæй афойнадыл сыстон. Æнафонтæм куы бафæстиат вæййын куысты, уæд райсомæй æхсæзём æрдæгыл рабадын æнцон хъуыддаг нæ вæййы. Стæй уæд æнæмæнг хъуыддаг – спортивон фæлтæрæнтæ. Фараст сахатмæ – куыстмæ. Хæдзар. Бинонтæ. Ахæм у мæ цардыуаг.
– Спортæн дын йæ кæцы хуызтæ сты хæстæгдæр?
– Футбол, теннис, дугъы уайын, тренажертæ. Спортæй хи ссæрибар кæнæн нæй. Уый ма дисциплинæ дæр у, уымæ гæсгæ кæстæрты хъæуы спортмæ æмхиц кæнын. Цæмæн уарзын афтæ спорт? Уый дæтты хъарутæ нысанмæ цæуынæн дæр. Мæ райгуырæн Цыколайы фæсивæд спортмæ рагæй дæр æмхиц уыдысты.
– Дæ царды цаутæй æхсызгондæрæй цы æрымысыс?
– Ахуыр куы фæдæн, уæд мæ кусынмæ Тулæмæ куы арвыстой, уый мæ зæрдыл арæх æрлæууы. Уыдтæн Николай Вознесенскийы номыл совхозы сæйраг бухгалтер. Уый мæнæн уыд стыр фæлварæн! Æрыгон специалист. Хæдзарæй – дард, дæхæдæг дзуапп дæттыс дæ алы къахдзæфæн. Æцæгæлон адæмы ‘хсæн рæбинаг куыд сдæн, мæ къухы куыд бафтыд семæ хæлардзинады ахастытæ ныффидар кæнын, уый зæрдиагæй фæмысын. Æз банкъардтон уырыссаг адæмы уарзондзинад ирон адæммæ. Абон дæр ма се ‘ппæтæн дæр хъуыды кæнын сæ нæмттæ, куыд мын æххуыс кодтой, уыдæттæ. Мæнæн уæд тынг ахсджиаг уыд, кæй мыл баууæндыдысты æмæ сæ фыдæнхъæл кæй нæ фæкодтон. Куыд бахъахъхъæдтон диссертаци, куыд сдæн экономикон наукæты доктор. Никуы мæ ферох уыдзæн, 2007 азы Парламентмæ æвзæрстыты мыл Æрæфы районы цæрджытæ æмзиуæй куыд схъæлæс кодтой. Уыцы ахаст мæнæн мæ хъарутæ кодта æмæ абон дæр кæны дывæр. Афтæ мæ царды алы ног къæпхæн дæр уыд зæрдылдаринаг.

– Таймураз, ды дæ уды хъару æмæ фæллойуарзондзинады фæрцы схызтæ, бирæтæн æрмæст бæллæн кæмæ ис, ахæм бæрзæндмæ. Тæссаг у хиуыл фервæссынæн дæр. Кæддæр Булат Окуджава афтæ загъта, мæхимæ, дам, генион кæсын куы райдайын, уæд къустё æхсыныл балæууын. Ды къустæ нæ фехсыс?
– Бæгуыдæр фехсын, уæдæ куыд. Хæдзары иунæгæй куы вæййын, уæд мæ фæстæ æнæфснайдæй никæд ныууадзын. Фæлæ Окуджава цæй кой кодта, уымæй мæ Хуыцау бахызта. Мæхимæ гениалон никæд кастæн. Уый мæнæн сæрмæхæссинаг хъуыддаг нæу. Хиппæлой махмæ стыр худинагыл нымад уыд. Табу Хуыцауæн, уыцы низæй рынчын никуы уыдтæн.
– Сабийæ дæм бинонты ‘хсæн цавæр рæвдауæн номæй дзырдтой?
– Дзырдтой мæм мæхи номæй. Æрмæстдæр мæ мæ фыд хуыдта Таймо. Къулбадæг митæ нын никæд кодтой мæ ныййарджытæ. Ирон традицион хæдзары хъомыл кодтон. Хорз нысан райстай скъолайы – дæхицæн æй райстай. Фосы кой бакодтай – æмбæлгæ дын кодта. Афтæ сахуыр стæм. Базар никæд кодтон ме ‘нтыстытæй ахуыры. Мæ хистæрты цæсты ма бафтауон, сæ зæрдæ мыл ма фæхуда, ууыл архайдтон кæддæриддæр.
– Цавæр у дæ сабибонты хæрздæф?
– Мæ нанайы ногфых дзул æмæ цæхæры фых нартхоры кæрдзынты, ногдыгъд æхсыры, ногкарст кæрдæджы тæф!
– Дæхæдæг искæд цæвæгæй карстай?
– Тæккæ æндæрæбон Цыколайы нё цæхæрадоны кæрæттæ цæвæгæй ракарстон.
– Бинонты амонд цæуыл æнцой кæны?
– Æрмæстдæр кæрæдзийæн аргъ кæныны зондахастыл. Дыууæ адæймаджы кæрæдзийæн аргъ кæм нæ кæнынц, уым уарзондзинад дæр хуыдуг кæны. Аргъ кæн дæ бинонтæн, хистæртæн, дæхи æмæ дæ цардæмбалы ныййарджытæн, цы мыггагмæ æрбацыдтæ, уыдонæн. Хорздзинад дын чи фæцис, уый макуы ферох кæн. Кæрæдзийæн аргъ кæм нæ кæнынц, уым уарзондзинад фæнык у. Уый ныййарджытæм дæр хауы. Сывæллоны уарзын фаг нæу, аргъ ын скæн йæ хорз мииуджытæн, æмæ дидинæг ракала, радта дыргъ.
– Лæг йæ кæстæртæн цавæр стыр хæзна хъуамæ ныууадза йæ фæстæ?
– Йæ хорзы ном. Уымæй стырдæр хæзна нæй. Ууыл хæст уыдысты мæ хæдзарвæндаджы хистæртæ дæр. Ирон адæм куыд бафæрсынц? Кæй фырт дæ? Стæй ма дын дæ фыдæлтæ сæ фæстæ цы фидар бындурыл æвæрд хæдзар ныууагътой, уый ды фæцудын ма бауадзай æмæ йæ дарддæр адæттай дæ кæстæртæн. Мулк кæддæр ныггаффутт уыдзён, æмæ дзы ницыуал баззайдзæн. Абон дæр ма нæ хæдзары ис мæ фыдыфыды этажеркæ. Мæскуыйæ йæ сласта. Цыколайы йæ нæ хæдзары зынгæ бынаты сæвæрдтам, æмæ нын уымæй дæр нæ фыдæл йæ рухс ном рох кæнын нæ уадзы. Кæд æмæ хæдзары иннæ дзаумæттимæ нæ фидауы, уæддæр у нæ хæдзары фидыц.
– Зонын, кæй уарзыс литературæ, кæй ссарыс рæстæг уыцы æнæвдæлонæй дæр æмæ ма æмдзæвгæтæ дæр кæй сахуыр кæныс. Нæ журналкæсджыты дæр базонгæ кæнæм, аргъ кæмæн кæныс, уыдонимæ.
– Мæ зæрдæмæ цæуынц Хъайтыхъты Георы æмдзæвгæтæ, уырыссаг классикæ иууылдæр, Гæздæнты Гайто, Джек Лондон, Марк Твен, Теодор Драйзер. Ныртæккæ кæсын Цæголты Георгийы публицистикæ. Цæмæй дæ адæмы уд банкъарай, уый тыххæй та кæсын хъæуы Къостайы прозæ.
– Дæ цард ногæй рацæрынæн гæнæн куы уаид, уæд дзы цы аивис?
– Ницы. Алы ног бон дæр фæлварæн у лæгæн. Домагдæр хъуамæ уа адæймаг йæхимæ. Дæ абон хъуамæ де знонæй хуыздæр уа. Уый дæхимæ дæр хауы æмæ дæ царды уавæртæм дæр.
– Раст цыма рæстæг цыбырдёр фæци, размæвæрд хæстæ та фылдæрæй-фылдæр кæнынц, афтæ дæм нæ фæкæсы? Афтæмæй царды зилдухæнты лæг æрдæг фæвæййы. Куыд æрбамбырд кæныс дæ хъарутæ?
– Спорты удæнцой ссарын, хорз чиныг бакæсын, ахъаззаг культурон мадзалы архайын, горæты уынгты атезгъо кæнын, науæд та исты ног хъуыддаджы ныллæууын.
– Зонынджын лæгтæй дын кæй ныхæстæ сты хæстæгдæр?
– Фыццаг хатт Парламенты æвзæрстытæм мæхи куы цæттæ кодтон, уæд мæ зæрдæйы ныффидар китайаг философ Лао-Цзыйы арф хъуыды: «Кæд дæ фæнды, цæмæй адæм дæ фæстæ ацæуой, уæд сæ фæдыл цу». Политикæн ацы хъуыды кæдфæнды дæр зæрдылдаринаг у.
– Дæ хистæртæй та кæй ныстуантæ бадардтай дæ зæрдыл?
– Мæ нанайы. Уый-иу мын арæх фæдзæхста, адæмы хъæр æмбар, зæгъгæ. Дыгуронау та – «адæми смаг лæдæрæ».
– Чи у дæхимæ гæсгæ Тускъаты Таймураз?
– Хуымæтæг лæг. Адæм афтæ куы зæгъой, ай нæхи у, уæд уымæй стырдæр амонд нæй. Кады нæмттæ хорз сты, фæлæ… Фæлæ царды барæнтæ æндæр сты: а лæг æй, а ба – нæ ‘й!
– Дæ зæгъинæгтæ Ирыстоны цæрджытæн.
– Нивгун, амондгун уотæ! Нæ фидæлты æгъдау æмæ кадæй рæсугъддæр ницы ис. Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй иууылдæр уыдон хъахъхъæнгæйæ æмæ хæсгæйæ зæры бонтæм фæцæрой. Алы бинонты дæр рæсугъд хистæртæ куыд уа! Нæ кæстæртæ коммæгæс куыд уой, кусаг, æгъдауджын, ныфсджын, сæ цард сæхи уды хъаруйæ куыд аразой, уыцы амонд Хуыцау раттæд!
Ныхас ныффыста ХЕТÆГКАТЫ Оксанæ