Журнал «Мах дуг» хатдзæгтæ скодта æмдзæвгæты æркатæн

Мæй размæ литературон журнал «Мах дуг» расидт конкурс «Базыртӕ».

Мæй размæ литературон журнал «Мах дуг» расидт конкурс «Базыртӕ». Æдæппæтæй дзы архайдтой 70 адæймагæй фылдæр. Ӕппӕты кӕстӕрыл цӕуы 15 азы, ӕппӕты хистӕрыл та – 89 азы. Ацы бонты конкурсæн хатдзæгтæ скодтой, уӕлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гӕххӕттытӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй. Кадджын мадзалæй Дзæдзойты Фатимæйы æрмæг.

Каир, Санкт-Петербург, Цæгат æмæ Хуссар Ир… Æркаст «Базыртæ» – мæ æрмæджытæ уыйбæрц сахартæ æмæ хъæутæй æрбарвыстой, æмæ цыма раст æгас дунейыл дæр анхъæвзта, афтæ кæсы адæймагмæ. Журнал «Мах дуг»-ы фæнды ирон литературæ æмæ ирон поэзимæ фæсивæды сразæнгард кæнын. Дæнцæг та ма сын хистæртæ дæр куыд уой. Уымæ гæсгæ конкурсы архайджытæ кармæ гæсгæ 2 къорды уыдысты: хистæртæ æмæ фæсивæд. Журналы сæйраг редактор Хетæгкаты Оксанæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзал, йæхи æцæг ирон чи хоны, уыдонæн стыр бæрæгбон у.

Æркасты æппæт архайджытæн æмæ аразджытæн раарфæ кодтой республикæйы Парламенты депутат Уататы Зелим, Мыхуыры ӕмӕ дзыллон коммуникациты комитеты сӕрдар Фидараты Юрий.

Ахсджиаг уыд уӕлахиздзауты арӕхстдзинадмӕ байхъусын  ӕмдзӕвгӕтӕ аив кӕсынӕй.

Мадæлон æвзаджы райрæзтыл Æрыдоны 2-æм скъолайы дæр æвæллайгæйæ кусынц. Æмæ ахуырдоны минæвар Гикайты Зæлинæ уымæн æвдисæн.

Æркаст ацыд онлайн хуызы. Мадзаларазджытæ 70 куыстæй фылдæр райстой æмæ æппæтæн дæр къамисы уæнгтæ стыр аргъ скодтой. Уæлахиздзаутæ систы 25 адæймагæй фылдæр. Фæсивæдæн схорзæхджын кодтой сæ ахуыргæнджыты дæр, уымæн æмæ уыдоныл сабийæн мадæлон æвзаг бауарзын кæныны хъуыддаджы сæ хæс егъау у, æмæ йæ удуæлдайæ æххæст кæнынц. Цхинвалы 9-ӕм скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Ӕлборты Оксанӕйæн уæлахиздзаутæ систы йæ дыууæ ахуыргæнинаджы.

Уæвгæ, хуссайраг æфсымæрты æрбацыдмæ Цæгат Ирыстоны дæр тынг æнхъæлмæ кастысты. Æмæ не ‘нхъæлц нæ фæдзæгъæл. Сæ аив дзырдмæ хъусгæйæ зæрдæ сæрыстырдзинады ӕнкъарӕнтӕй байдзаг.

Сæрмагонд, æхсызгон лæвары аккаг сси Гæбæраты Хох дæр.

Сæрмагонд дипломтæй схорзæхджын кодтой, ирон чи нæу, фæлæ ирон æвзаг, мадæлон æвзагау, адджын кæмæн у, уыдон. Сæ иу – сомихаг цæхæрцæст лæппу Давид Мунтян. Йæ мыггагæй йæ куы бафарстам, уæд йæхи хонгæ дæр Мунтянтæй скодта – иронау.

Æркасты фидауц систы æппæты хистæр архайджытæ. Уыдон сты Плиты-Икъаты Зойæ æмæ Борыхъуаты-Лианты Дыгорхан. Сæ дыууæйылдæр цæуы сыл 90 азмæ хæстæг. Зæрдывæрдæй сахатгай сæ бон у кæсын ирон æмдзæвгæтæ.

Æркасты чидæриддæр архайдта, уыдон иууылдæр сты уæлахиздзаутæ. Уымæн æмæ йæ мадæлон æвзагыл æдæрсгæйæ чи дзуры æмæ йæ дарддæры фæлтæртæм чи дæтты, уый арфæйы аккаг у. Конкурс «Базыртæ» уыдзӕн ӕрвылазон.

Газет «Осетия-Ирыстон»