Журналы ног автор

ДÆУМÆ

Уадымсы сыбар-сыбурмæ,
Денджызы уынæрмæ,
Стъалыты тыбар-тыбурмæ,
Сатæг-сау мæйдармæ,
Дидинсыфыл ирд æртæхмæ,
Булæмæргъы зардмæ,
Арф, æнæбын арвыцъæхмæ,
Хурыскасты артмæ,
Хæхты митæхгæд бæрзæндтæм,
‘Хсæрдзæны зæллангмæ
Ссу мæ лæгъстæтæм, мæ сæнттæм,
Мæ амонды фæндагмæ.
Зон æй: фесæфти мæ маст дæр.
Нæу мæ бон быхсын.
Æз ныббардзынæн. Æрмæстдæр
Искæцæй фæзын.
* * *
Мæйрухс æхсæв у ацы хатт – æлгъин:
Æнуд – йæ улæфт. Й ‘алы къуым – мæрдон.
Ыстъалыты æрттывд – фæливæг æмæ хин…
Тæссаг æхсæв! Куы нал ын и кæрон!
Кæддæр йæ тары цардис уарзты цин…
Цыбыр æхсæв-иу уыд… Фæлæ – нæртон!
Зӕрдиагӕй нӕ фӕнды уӕ размӕ рахӕссын журнал «Мах дуг»-ы ног  автор, курдиатджын журналист, прозаик ДЗЫНЫХТЫ Аленӕйы ӕмдзӕвгӕтӕ. Аленӕ свӕлдыстадон куыстмӕ рагӕй у ӕмхиц. К Уӕрӕсейы ӕмӕ нӕ республикӕйы  конкурсты лауреат, куыд литературӕйы, афтӕ журналистикӕйы къабазы дӕр. Ӕрӕджы та ссис  национ литературон преми «Золотое перо Руси»-йы лауреат!  Фыссы ирон ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтыл.
 Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы ног ӕнтыстытӕ!