ХÆСТАРЫД БАЗЫРТÆ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райгуырæн зæххы сæраппонд сæ цард радтой æртиссæдз ирон фыссæджы. Чи нæ зоны, зæгъæм, Калоты Хазбийы, Кочысаты Мухарбеджы, Елехъоты Мураты æмæ иннæты. Хъыгагæн, уыцы æвзонг поэтты зарæг аскъуыд æрдæгыл. Фæлæ сæ нæмттæ баззадысты ирон литературæйы, сæ зæрдыл сæ дарынц нæ адæм дæр.

Æрæджы ма уыцы номхыгъдыл бантыст иу ном бафтауын. Национ телекомпани «Осетия-Ирыстон»-ы бацæттæ кодтам документалон ныв «Хæстарыд базыртæ», 85 азы æбæрæг чи уыд, уыцы æдзард поэт Бырнацты Ахмæты тыххæй.

Бырнацты Ахмæт райгуырд Нары 1923 азы. Фæстæдæр сæ бинонтæ ралыгъдысты Къостайыхъæумæ. Ам Ахмæт каст фæци астæуккаг скъола æмæ бацыд Ирон театры студимæ актеры дæсныйадыл ахуыр кæнынмæ.

Куыд сбæрæг, афтæмæй йæ поэтикон уацмыстæ мыхуыргонд никуы уыдысты, фæлæ сæ Ахмæт бæллыд хицæн чиныгæй рауадзынмæ. Сæргонд дæр ын æрхъуыды кодта – «Æвзонг хъæлæс». Фæлæ йын Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ фæндтæ фехæлдта. Æстдæсаздзыд цардмондаг лæппуйæ ацыд тохы быдырмæ æмæ æбæрæгæй фесæфт. Йæ къухфыстытæ йын стыр хæзнайау бахъахъхъæдта йæ хотæй иу. Арф æмæ сæ бæстон æфснайдæй йæ царды кæронмæ фæдардта сæ хæдзары. Уыцы курдиатджын поэты ном кæдмæ æбæрæг уыдаид, уый нæ зонын. Фæлæ, Хуыцау хорз, æмæ æрæджы йе ‘мдзæвгæтæ бахаудысты хæдахуыр поэт Фидараты-Плиты Эльзæмæ. Уый сæ ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ. Стæй мæм сæ равдыста, æркæс-ма сæм, зæгъгæ.

«Ирон поэзийы æнæмæнг хъуамæ сæрттива Бырнацты Ахмæты стъалы дæр», – загътон мæхицæн æмæ йын йæ уацмыстæ фæхæццæ кодтон, æмбæлгæ аргъ сын чи скодтаид, уыдонмæ. Абон мæ стыр бузныг зæгъын фæнды нæ номдзыд хистæр поэттæ Хуыгаты Сергей æмæ Дзасохты Музаферæн, Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барисæн, фыссæг Булкъаты Игорæн, поэт Касаты Батрадзæн, журналист Гасанты Валерийæн. Уыдон нын раргом кодтой Бырнацты Ахмæты поэзийы æууæлтæ, йæ уацмысты хъæздыгдзинад æмæ ахадындзинад. Стыр бузныг мæ зæгъын фæнды Цæгат Ирыстоны адæмон артист, ЦИПУ-йы театралон аивады кафедрæйы доцент Æлбегаты Аланæн. Уый зæрдиагæй бакуыста йæ студенттимæ, бацæттæ кодта æмдзæвгæтæ, æмæ сæ аив бакастысты. Афтæмæй, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæйыл тынгдæр æмбæлынц. Иумæйаг куысты фæрцы Бырнацты Ахмæты ном нæ Иры дзыллæйыл кæй азæлыд, уый мæ зæрдæйæн æрхаста стыр циндзинад. Нæ документалон нывы кæрон æз дæр бакастæн Бырнацты Ахмæты æмдзæвгæтæй иу.

 

 ФЫН

Ныттар и æрдз… Уад ниудта дардыл,
Фæлдзæгъдæн кодта, уарыд мит.
Ыздыхуыз мигъ ысбадтис арвыл,
Нæрыдис кæмтты, кодта ‘хситт!

Фынæй кæнын… Мæ цæсты тарыл
Ныдзæвы фын, кæсут-ма, кæс!
Уæлиау уым хъуынтъызриу арвыл
Тахт уады ныхмæ стыр цæргæс.

Йæ базыртæ – домбай. Уæрæхыл
Уый уадæн акодта хъæбыс.
Уый ахуыр у егъау гæрæхтыл, –
Фылдæр æм уæд æрцæуы ныфс.

Ацы æмдзæвгæ хуымæтæджы нæ равзæрстон. Ахмæт йæхæдæг дæр уыцы цæргæсау бæргæ ныфсджынæй стахти поэзийы арвы тыгъдадмæ, фæлæ йын цыфыддæр хæст йæ базыртæ басыгъта. Æниу цæргæс уæддæр цæргæс у! Йæ ном нæ фесæфт æмæ нырæй фæстæмæ цæрдзæн ирон поэзийы, ирон литературæйы историйы.

ТЕДЕТЫ Индирæ,
тележурналист

 

ÆНКЪАРÆНДЖЫН ПОЭЗИ

Дидинæг рафтауæг уалдзæг йæ фыццаг дыргътимæ адæймаджы зæрдæйы цы цин æмæ ныфсы æнкъарæнтæ бауадзы, ахæмтæ мыл бафтыдтой цардхъуаг, бынтон æрыгон Бырнацты Ахмæты æмдзæвгæтæ.

Йæ миддунейы сыгъдæг æмæ æвзонг хъæлæс хъуысы йæ алы рæнхъ, йæ алы дзырдæй дæр. Йæ æрыгон кар, йæ хæрз цыбыр царды дзырдаивадæй йæ бон равдисын баци йæ курдиаты арф уидæгтæ. Хиуылхæцгæ, уæздан ирон лæппуйæн куыд æмбæлы, афтæ арæхстджынæй, аив дзырдæй пайдагæнгæйæ, æвдисы йæ уарзондзинад:

Кæд-иу мын уарзонæй, уæндонæй
Ды райсай хъæлдзæгæй мæ къух,
Лæудзæн дæ аив уынд бæстонæй
Мæнæн мæ зæрдæйы æдзух.

Æрыгон поэт арф æнкъары бæстæйы, дунейы уавæр. Йæ иу æмдзæвгæйы, цыма æгас дзыллæйы дæр фæдзæхсгæ кæны, уыйау абоны хуызæн хъуысы йæ сидты хъæлæс:

Цырддзастæй лæуу, дæ хæцæнгæрзтæ
Æдзух æргъæвдæй дар,
Цæмæй нæ уарзон фыдыбæстæм
Фашист нæ дара бар.

. . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . . .

Æрра куыдзау æнæсцухæй
Лæбуры нæм æдзух.
Цæттæйæ лæуу, æндон къухæй
Нылвасæм ын йæ хурх.

Йе ’ппæт æмдзæвгæтæ дæр сты зæрдæмæхъаргæ, æнкъарæнджын.

КАСАТЫ Батрадз