БРЫТЪИАТЫ Елбыздыхъо

(1881 – 1923)

Брытъиаты Цопаны фырт Елбыздыхъо рай Дæллагхъæуы, Куырттаты комæй рацæуæны, Цæгат Ирыстоны 1881 азы 23 мартъийы.

Йæ ныййарджытæ уыдысты зæхкусджытæ, хъæубæсты ’хсæн нымад адæм сæ хорз зонд æмæ зæрдæйы тыххæй. Мæнæ-мæгуыр цард нæ кодтой, фæлæ уæддæр цыбыркъух уыдысты. Елбыздыхъо иунæг лæппу уыд, фæлæ 1893 азы хъæууон скъола каст куы фæци æмæ Дзæуджыхъæуы реалон ахуыргæнæндонмæ куы цыд, уæд йæ фыды бахъуыд райсын хъæубæстæй ахæм гæххæтт, ома «йæ фырт ист æрцæуæд горæты астæуккаг скъолатæй иумæ къазнайы хардзæй». Уымæн æмæ, фыстæуыд дарддæр Дæллагхъæуы куырдиаты, «нæ мæгуыр хъæубæстæй иу сывæллон дæр нæ ахуыр кæны астæуккаг скъолайы, нæ хæхты мæгуырдзинад мах нæ уадзы нæ сабитæн ахуырдзинад раттын». Хъæуы хицæуттæ дæр бафидар кодтой ацы хъуыддаг æмæ сæхи номæй ныффыстой, зæгъгæ, «Брытъиаты Цопан йæ чысыл зæххы хайæ дары йæ бинонты, фæлæ ма йæ сабиты ахуырмæ ратта йæхи хардзæй, уый йæ бон нæу, афтæмæй сабитæ та сæхи ахуырмæ æппарынц».

Ныддаргъ сты Елбыздыхъойыл йæ ахуыры азтæ: æнæхъæн 10 азы фæци уыцы скъолайы. Нæ цыдис йæ зæрдæмæ, скъоладзаутæй иуæй-иутæм ахуыргæнджытæ хъулон цæстæй кæй кастыты: иутæн фарсхæцæг кæй уыдысты, иннæтæн – ныхкъуырæг, уый. Уæд паддзахы хицæуттæ æмæ чиновниктæ былысчъилæй кастысты Кавказы хæххон адæмтæм – æфхæрдтой сæ, стыгътой сæ, алы фидиссаг нæмттæй сæ хуыдтой – æмæ уыцы цæстæнгас бæрæгæй зынд скъолаты дæр. Уымæй уæлдай ма лæппу тыхстытæ æййæфта материалон æгъдауæй дæр æмæ иуцалдæр хатты рафæнд кодта йæ ахуыр бынтондæр ныууадзын, фæлæ разынд йæ ахуыргæнджытæй иу ахæм, лæппуйы зæрдиагæй чи бамбæрста æмæ чи барæвдыдта. Уый уыд Виддинов Никъала. Уый æххуысы æмæ уынаффæты руаджы фæци каст Елбыздыхъо скъола 1903 азы.

Елбыздыхъойæн уæлдай зындæр уыд ахуыр кæнын фæстаг дыууæ азы. 1900 азы уалдзæджы йын йæ фыд Цопаны амардтой абырджытæ Хуыскъададжы цур. Ныр бинонты бæрн дæр йæхимæ æрхауд, æмæ йын зын куыд нæ уыдис, фæлæ уæддæр нал ныууагъта йæ ахуыр, йе скъола каст фæци.

1903 – 1904 азты Елбыздыхъо куыста ахуыргæнæгæй сæ хъæуы, чысылæй йæхæдæг кæм ахуыр кодта, уыцы скъолайы. Уый фæстæ ахуыргæнæджы куыст ныууагъта æмæ царди зæххы куыстæй.

1905 азы революцийы рæстæджы Елбыздыхъо йæ цард, йæ хъысмæт сбаста адæмы сæрибары сæрыл тохимæ. Уыцы аз уый бацыдис Уæрæсейы социал-демократон кусæг партийы (УСДКП) рæнхъытæм æмæ кодта агитацион куыст адæмы ’хсæн. Паддзахы фæсдзæуинтæ йæм сæ хъус дарын райдыдтой. Уыдоны «æппæтуынæг цæстæй» æмæ «æппæтхъусæг хъустæй» нæ фæиппæрд сты Елбыздыхъойы митæ æмæ зæрдиаг, революцимæ сидæг ныхæстæ. 1906 азы апрелы 24 бон Елбыздыхъойы æрцахстой æмæ иу афæдз фæбадт ахæстоны Назраны фидары, стæй уый фæстæ та æрвыст æрцыд Ирыстонæй æмæ йын 1912 азы онг æрцæуыны бар нæ уыдис.

Фыссæгæн йе ’фхæрд ууыл дæр нæ фæци. Суанг 1917 азы февралы революцийы онг уымæ сусæгæй йæ хъус дардта паддзахы пъæлицæ æмæ йæ æнцад-æнцой нæ уагъта. Куыст ссарæн ын никуы уыд æмæ йæхи схуыдта «æгуыст адæмы стыр æфсады гвардион». Исты сдзурæн, рæстаг хъуыддаг саразæн дæр ын нæ уыд, – пъæлицæ йæ фæдыл зылди. Зыдта ацы хабар нæ фыссæг æмæ 1909 азы августы 28-æм бон йæ иу фыстæджы (Хъазбегаты чызгмæ) афтæ зæгъы: «Шпионтæ та мæ алыварс цоппай систой. Пъæлицæ мын бамбарын кодта: ам, Бакуйы дæр мæнæн фæцæрæн кæй нæй, æмæ сфæнд кодтон Мæймæ атæхын. Фæлæ мæ хъустыл æрцыди, а фæстаг рæстæджы, дам, уым дæр хъуыддæгтæ рæстмæ нал сты. Столыпин, дам, уырдæм Кованькойы æрвитинаг у. Мыййаг та уым дæр хæстон уавæр куы расидой, уæд ма цы фæкæндзынæн ме ’намонд сæр?».

1908 азы сæрды Елбыздыхъо ацыд Бетъырбухмæ (Петербург) æмæ уæдæй суанг 1917 азы майы мæймæ цардис уым. Ацы горæты, Уæрæсейы сæйраг горæты, æнæхъæн паддзахады экономикон æмæ политикон, зонадон æмæ культурон центры Елбыздыхъо арвыста йæ цардæй 9 азы. Ам каст фæци университет, юридикон факультет. Ам бафæлвæрдта ирон литературон журнал «Хуры тын» уадзын, фæлæ йын бирæ ницы бантыст, æртыккаг номыр куы рацыд, уæд бамынæг, нæ фыссæг зæрдиагæй кæуыл фæфыдæбон кодта (æгæрыстæмæй, йæ корректурæ дæр йæхæдæг кодта), уыцы мыхуыры оргæн. Ам ма Елбыздыхъо зонгæ кодта Уæрæсейы революцион хъуыдыимæ.

Ирыстонмæ Елбыздыхъо æрыздæхт февралы революцийы фæстæ. Уæд бæстæ уыд змæст æмæ хæццæ. Паддзахы хæдхæцæгады системæ фехæлд, рæстæгмæ хицауад архайдта ууыл, цæмæй революцион хицаудзинады дуг ма ’рцыдаид. Стыр, бирæнацион паддзахады уыдис цалдæр политикон партийы. Ныр ма сæм бафтыд ноджы фылдæр æмæ алыхуызондæр къордтæ, цæдистæ, организацитæ æмæ æнд. Уыдоны æхсæн цыдис карз тох, фыццаджыдæр, политикон хицауиуæджы сæрыл, ома Уæрæсейы политикон уагæвæрд куыд уыдзæн, æхсæны цард цы формæты рæздзæн дарддæр, ууыл.

Елбыздыхъо æвзонджы азтæй фæстæмæ паддзахы хæдхæцæгады ныхмæ тох кодта æмæ йын ныр стыр цинаг уыд паддзахы раппæрст, адæмы фыццаг уæлахиз. Æрмæст дарддæр революци куыд хъуамæ рæза, буржуазон-демократон революци куыд хъуамæ ахиза социалистон революцимæ, куыд хъуамæ бафта фæллойгæнæг дзыллæты къухы дыккаг æмæ сæйраг уæлахиз – атæппæт вазыгджын идейон-политикон фæрстытæ раст раиртасын йæ бон нæ бацис нæ фыссæгæн æмæ Октябры революцийы, стæй мидхæсты дæр ницы архайдта. Адæмы стыр тохæй лæууыд иуварс. 1920 азы уалдзæгмæ, ома Цæгат Ирыстоны советон хицауад цалынмæ бынтон нæ ныффидар, уæдмæ Елбыздыхъо æхсæны цардæй иппæрд уыд. Куыста йæ райгуырæн хъæуы йæ зæххы гæбазыл, стæй ма ахуыр кодта хъæуы сабиты райдиан скъолайы æнæ мыздæй, æнæ искæй æххуысæй.

1920 азы Елбыздыхъо кусын райдыдта советон хицауады оргæнты. Уæлдай зæрдиагæй архайдта Дзæуджыхъæуы театры хъуыддаг сифтонг кæныныл. Æцæг ын æнтысгæ ницыуал бакодта. 1921 азы рынчынтæ кæнын райдыдта. Рæстæг тыхст æмæ æвадат уыдис, бæстæ æмæ адæм – гæвзыкк æмæ хæствæллад. Ахæм уавæры низимæ архайын тынг зын уыдис. Бынæттон оргæнтæ зæрдиагæй архайдтой Елбыздыхъойы сдзæбæх кæныныл, цалдæр хатты йæ арвыстой бæстæйы хуыздæр санаторитæм (Калакмæ, Сочимæ), фæлæ йын уыдон дæр ницыуал фæахъаз сты. 1923 азы сентябры 25-æм бон Брытъиаты Елбыздыхъо амард. Ныгæд æрцыд Дзæуджыхъæуы зæронд уæлмæрды.

 

«РÆСУГЪД АДÆЙМАГ»

Стыр ирон нывгæнæг Тугъанты Махарбег йæ мысинæгты Елбыздыхъойы схуыдта «рæсугъд адæймаг». Æмæ, æцæгдæр, ахæм уыд нæ фыссæг уындæй дæр, зæрдæйæ дæр, зондæй дæр, стæй удыхъæдæй дæр.

Бæрзонд, рæхснæг æмæ уæхскджын лæппулæг уыд Елбыздыхъо. Рæсугъд фидыдтой йæ уæнгтыл даргъфæдджи цъæх цъухъхъа æмæ сау куырæт. Куырттаты комы ныр дæр дзурынц иу æмбисонд: дæ бæрцагъудты æхсæрдæс бæрцы куы нæ цæуа, уæд лæппуты рæнхъы нæ ацæудзынæ. Елбыздыхъо ахæм лæппу уыд, æмæ фæсивæдæн сæ рæнхъы нæ, сæ разæй цæуын дæр фæрæзта.

Сау-сауид стыр цæстытæ чысыл æнтъыснæгæй кастысты бæзджын, фæлæ мæстæг амад æрфгуыты бынæй. Хъæуы схъомыл æмæ иттæг дæсны уыд ирон хъæууон куыстытæм се ’ппæтмæ дæр. Æмгаруарзон – куысты дæр, фæндагыл дæр. Фæллад нæ зыдта, зарæг нæ цух кодта йæ былалгъæй. Ирон адæмон зарджытæм уыд тынг æмхиц æмæ æмбисонды дæсны. Елбыздыхъо цы ’хсæнады уыдаид, уым-иу кæддæриддæр уыд рæсугъд зæрдæйы æмæ хæрзæгъдауы фæтк æмæ равг.

Елбыздыхъойы зонд æмæ зæрдæйы сæйраг миниуæг уыд адæмуарзон, гуманизм. Уый бæрæг у куыд йæ аив уацмыстæй, йæ революцион тохæй, афтæ йæхи сæрмагонд царды хабæрттæй дæр.

Афæдз фæбадт ахæстоны, уый фæстæ 10 азы дæргъы Ирыстонæй уыдис æрвыст. Баййæфта пъæлицæйы цæстдард, æгуысты хъизæмæрттæ, жандармты «уæздан митæ», фæлæ уæддæр йæ зæрдæйы адæмы сагъæс уыдис. Йæ иу фыстæджы афтæ зæгъы: «Мæхи тыххæй нæ тыхсын, мыййаг, мæнæн мæ сагъæс хъизæмаргæнæг адæймагады тыххæй у». («Моя печаль о страждущем человечестве».)

Назраны ахæстоны куы бадт, уæд Елбыздыхъоимæ иу уатмæ бахауд йæ фыды марджыты лæппу. Уый дæр ахст æрцыд, революцийы кæй архайдта, уый тыххæй. Туджджынимæ фидауын, уымæн ныббарын кæддæриддæр зын уыдис. Æнцон нæ уыд Елбыздыхъойы æнæрцæф удæн дæр, фæлæ йæ къух радта йе знагмæ, уымæн æмæ уый адæмы сæрибары сæрыл тох нымадта йæхи сæрмагонд æмæ иууыл ахсджиагдæр хъуыддагыл. Революцийы уæлахизы охыл знагæй сарæзта хæлар, æнувыд хæлар.

Барон лæг уыдис Елбыздыхъо æмгæртты ’хсæн, сæрибары хъуыддагыл æнувыд чи уыд, уыцы адæмæн. Фæлæ революцийы знæгтæм, паддзахы фæсдзæуинтæм та уыд фыдæх, хаста сæм æнусон хæрам йæ зæрдæйы. Уыдоны раз уый æрдуйы бæрц дæр никуы равдыста йæхи сæрныллæгæй.

Хъазбегаты Олгъа йæ мысинæгты дзуры ахæм хабар. 1912 азы Елбыздыхъоимæ æрцæйцыдысты Бетъырбухæй Ирыстонмæ, хиуæтты фенынмæ. Дзæуджыхъæуæй Дæллагхъæуы астæу иу ран æрулæфыдысты фæсвæндаг. Чысыл фæстæдæр сæм комкоммæ бацыд пъырыстыф цыппар хъазахъхъагимæ æмæ уæлбæхæй æрдзырдта Елбыздыхъомæ, дæ хæцæнгарз ардæм æри, зæгъгæ. Елбыздыхъо бирæ уарзта хæхты дзæбидырдзуаны цæуын æмæ цуанон топп йемæ хаста кæддæриддæр, хохмæ-иу куы цыди, уæд.

Пъырыстыфы ныхасмæ Елбыздыхъо сыстад, æхсæнгарзы дыууæ хæтæлы дæр нæмгуытæ нывæрдта, сæргъæвта йæ æмæ уæд бадзырдта пъырыстыфмæ, æрцу, зæгъгæ, дæхæдæг мын айс мæ хæцæнгарз. Пъырыстыф хъæртæ кодта йæ хъазахъхъæгтыл, æлгъыста сæ: байсут ацы лæгæн йæ хæцæнгарз, зæгъгæ, фæлæ Елбыздыхъомæ хæстæг цæуын ничи уæндыд, алчи дæр сæ тарст мæлæтæй.

Уалынмæ Дæллагхъæуы фæсивæд, фынддæс барæгæй уым балæууыдысты: зыдтой, Елбыздыхъо Дзæуджыхъæуæй кæй рараст, уый æмæ йæ размæ рацыдысты саргъы бæхтыл. Уыдон куы федта пъырыстыф, уæд æрсабыр, æмæ йæ куы бафарстой, цы ’рцыд, зæгъгæ, уæд ма афсон кодта: мæнæ дзы курын, цæмæй мын, хæцæнгарз дарыны бар ын кæй ис, уый бæлвырдгæнæн чиныг равдиса. Уый куы фехъуыста Елбыздыхъо, уæд йе ’фсинмæ бадзырдта, зæгъгæ, дæ чыссæйæ сис æмæ ратт пъырыстыфмæ бæлвырдгæнæн чиныг. Хъазбегаты чызг тæккæ уыцы аз фæци каст медицинон институт (дæндæгты дохтыр уыд) æмæ йæ чыссæйы æрмæст йæ диплом уыд, æндæр ницы. Систа йæ æмæ йæ пъырыстыфмæ балæвæрдта. Уый йæм æркæстытæ кодта æмæ афтæ зæгъы: «Мæн дæр æндæр ницы хъуыд, бузныг!» Уыйадыл диплом фæстæмæ радта, йæ бæхæн мæсты цæфтæ фæкодта ехсæй æмæ афардæг.

Ахæм сæрыстыр, æнæрцæф, æппæтæй «рæсугъд адæймаг» уыд Елбыздыхъо: знæгтыл фембæлд, уæд æгъатыр, цæхгæр, тохыллæуд; æмгæрттимæ та – æдзухдæр саламджын æмæ барон, цытгæнаг æмæ сæрныллæг.

 

ТЕАТР – ЙЕ ‘НУСОН УАРЗОН

Елбыздыхъо Дзæуджыхъæуы цы дæс азы фæцахуыр кодта, уыдонæн сæ фылдæр бахардз кодта дунейы аив литературæ кæсыныл æмæ театры спектакльтæм цæуыныл. Бирæ уарзта аив ныхасы, стæй аивады æппæт формæтæ дæр, фæлæ дзы йæ зæрдæйы иууыл арфдæр ныххауд драмон театр. Уый равзæрста Елбыздыхъо æнусон уарзонæн æмæ йын лæггад кодта йæ царды фæстаг бонтæм.

Елбыздыхъо йæ фыццаг драмон уацмыс «Уæрæседзау» ныффыста, реалон ахуыргæнæндоны ма куы уыдис, уæд – хæрз æрыгонæй, йæ царды райдиан. Йæ царды кæрон, 1921 азы фæцис фыст йæ фæстаг уацмыс «Амыран». Æцæг йæхицæн фыссын йæ бон нал уыд, йæ цæстытæй рæстмæ нал уыдта, фæлæ дзырдта, йæ хæлæрттæ та фысгæ кодтой. Йæ цæсты рухс, йæ зонды тых, йæ зæрдæйы уарзондзинад – æппæт дæр снывонд кодта Елбыздыхъо ирон драматурги æмæ ирон театр саразынæн.

Бирæ не сты Елбыздыхъойы драмон уацмыстæ нымæцæй – æдæппæт 7 пьесæйы («Уæрæседзау», «Худинаджы бæсты мæлæт», «Хазби», «Дыууæ хойы», «Маймули рухсаг, æгас цæуæд ирон тиатр», «Налимтæ», «Амыран»), – фæлæ стыр у сæ нысаниуæг ирон национ культурæйы. Елбыздыхъойы уацмыстæй райдыдта ирон драматурги, уыдон бындурыл сырæзт ирон драмон театр. Раст зæгъгæйæ, ирон театры репертуары абоны онг дæр уыдонæй хуыздæр уацмыстæ нæма ис.

Елбыздыхъойы пьесæтæ сты нæ драматургийы классикон уацмыстæ, уый æгъуыстаг бындур. Фæлæ уыдонæй адæмæн уæлдай уарзондæр фæци драмæ «Дыууæ хойы». Æхсай азæй фылдæр ис ирон театры репертуары, фæлæ йæм абоны онг дæр цымыдисæй кæсынц ирон театрдзаутæ сценæмæ.

 

ДЫУУÆ ХОЙЫ

Цыппарнывон драмæ

УÆВДЖЫТÆ:

Тæтæрхъан – 60-аздзыд.

Мусон, йæ ус – 50-аздзыд.

Буцæ, сæ фырт – 18-аздзыд.

Хансиат – 22-аздзыд 1 хотæ, Тæтæрхъаны

Асиат – 14-аздзыд / æфсымæры чызджытæ.

Хъамболат, чызджыты мады ’фсымæр – 50-аздзыд.

Сидахъон, йæ ус – 48-аздзыд.

Xъылцыхъо, сæ фырт – 22-аздзыд.

Аслæнбег, хъæууон лæг – 60-аздзыд.

Саламджери, усгур – 30-аздзыд.

Сафар, Саламджерийы æфсымæр – 55-аздзыд.

Касалы-фырт – 35-аздзыд.

Агуыбечыр, чызджыты æрвад – 30-аздзыд.

Бибо, чызджыты хгестæг – 35-аздзыд.

Пупæ – 25-аздзыд.

Мукара, скъæфæг – 35-аздзыд.

Xадзымæт, цуанон – 40-аздзыд.

Фыййау – 21-аздзыд.

Чысыл лæппу.

Гæлæуон, сыхаг ус.

 

ФЫЦЦАГ НЫВ

Чызджыты уат. Комкоммæ къулы дыууæ рудзынджы. Рахиз къулы дуар, галиу къул æмæхгæд. Уат дзæбæх æфснайд. Къултыл гауызтæ, рудзгуытыл æмбæрзæнтæ. Галиу къулы цур сынтæг. Уаты — цыппæрдигъон стъол, фынг, бандæттæ, къултыл сурæттæ. Цыппæрдигъон стъол — дыууæ рудзынджы æхсæн.

I

Агъуысты Сидахъон, Мусон æмæ Гæлæуон.

М у с о н. Ахæм ма нæртон æмбисонд уыдзæн?

Г æ л æ у о н. Дæ хорзæхæй, Мусон, цы хабар у? Дæ-дæ-дæй, кæд исты фыдбылыз…

М у с о н. Цы хабар ма уа: нæ хъал чызджы нын фæсхъæуы лæппутæ аскъæфтой.

Гæлæуон. У, мæ фæрстæ йын фехæлой мæгуыр сидзæрæн.

М у с о н. Æмæ йын кæй аххос у, цы цæуыны æфсæрм æй уыд?

С и д а хъ о н (сонт каст фæкодта Мусонмæ). Уый та цы ныхас у? Мæгуыр чызджы фыдбылызы ныссагътай, ныр ын æй йæхи аххос кæныс?

М у с о н. Чи?

С и да хъ о н. Адæмы фыдбылыз чи у, дæу йеддæмæ!

М у с о н. Мæнг чи зæгъы, уый адæмы фæхъхъау фод!

С и д а хъ о н. Аммен!

М у с о н. Уый йæ хъæбулты быныл баззайæд!

С и д а хъ о н. Аммен!

М у с о н. Æрра дæн… Дæ фырт хъæуи-хъæу арахъдзуан кæны. Дæхæдæг та адæмы куырæйттæ къахыс.

С и д а хъ он. Æбуалгъ мард акæнай, Мусон! Уый та цы ныхас у? Дæуау кæркхъус дæн, хæдмæлхор?

М у с о н (йæхи йæм æрбайста). Уæ, дæ бындур ныззила, цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай?

Г æ л æ у о н. Уæ хорзæхæй, фæсабыр ут, кæрæдзийæн, Иры цы нæй, уыцы митæ куы бакодтат.

М у с о н. Куыд мæ сабыр кæныс, хъусыс æм?

С и д а хъ о н. Уый мæм хъусы, уый æгъгъæд нæу, дæ джауыр митæм æз адæмы æрыхъусын кæндзынæн. Хъуамæ зоной, мæгуыр сидзæрты куыд уæй кæныс, уый.

Æдде уынæр.

Г æ л æ у о н. Фæсабыр ут, æрбацæуынц фæдисæттæ.

II

Æрбацыдысты Хансиат, Асиат, Агуыбечыр, Буцæ æмæ ма чидæртæ. Асиат æфхæрдхуыз, фæлурс, æнæфаст, йæ уæлæ – кæйдæр уæрæх къаба.

С и д а хъ о н (Асиаты йæ хъæбысы ныккодта). Хъаймæты дæ мæгуыр уды тæригъæдтæ фæфидæд, дæу фæсхъæуы лæппутæн хынджылæггаг чи ныккодта! Йæ цæрынæй хæрынмæ æрмæст дæ фендмæ йæ былтæ чи хордта, уыдон дын ныр сæ хъæбæр къухтæй дæ урс дæллагхъуыртæ куы сцъæх кодтой (кæсы дæллагхъуыртæм), куы астыгътой дæ рæсугъд цæнгты цъар, дæ даргъ дзыкку дын армыдзæгтæй фæйнæрдæм куы фæхастой. Мæ фæрстæ дын фехæлой… Сæ туджы фæмæцой де ’фхæрджытæ. (Скуыдтой Сидахъон æмæ Асиат.)

А г у ы б е ч ыр. Дæ хорзæхæй, Сидахъон, кæуынæй нæ ма буц кæн. Никуы никæй аскъæфт! Дзæбæхæй ма дæ къухмæ кæй æрæфтыд, цин кæн.

С и д а хъ о н. Цæуыл дзы цин кæнон. Йæхи хуызæн дæр мын куынæуал у, мæ бындур ныззылд… (Кæуы.)

X а н с и а т. Ныууадз, Сидахъон, æнамонд удыл ахæм бæллæхтæ цæуы. Кæуынæй ницыуал. (Иууылдæр фæсабыр сты).

М у с о н (фыддæрадæн). Уе ’мбалы цы фæкодтат? Буцæ уын цы фæци?

X а н с и а т. Скъæфгæ Асиаты ачынд, агургæ та дæ фырты кæныс, Мусон?

А г у ы б е ч ы р. Тас ын нæу.

Б у ц æ. Мæнæ дæн, мæнæ, цы кæныс?

М у с о н. Ницы, стæ-ма, цы хуызæн дæ ды та?

Б у ц æ. Мæ хæрв аивын æнхъæл мын уыдтæ?

М у с о н. Кæд дæ исчи асхуыста, мыййаг, цы мын бустæ кæныс?

Асиат сынтæджы йæхи æруагъта, иннæтæй чи бады, чи лæууы, æмæ хабæрттæ кæрæдзийæн дзурынц. Буцæ рацыд.

X а н с и а т. Мусон, иннæтæй куыд никæй æфхæрдыл мæт кæныс?

М у с о н. Иннæтæй мæ мæт хъуаг ничи у. Буцæйы йеддæмæ мын ничи ис. Ацы дунейы мæ къæхтыл уымæн цæуын.

С и д а хъ о н. Гæды зæгъыс, дæ къæхтыл цæуыс дунейыл фыдбылыз тауыны тыххæй.

М у с о н. Цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай, Сидахъон, уый бæрæг нæй? Адон (хотæй) мæнæн мæ уарзон файнусты зæнæг сты, мæхи бинонтæ, дæумæ хæстæгдæр не сты. Зæгъæнт, цы хъаст мæ кæнынц, уый? Кæд мæ сæ хорздзинад нæ фæнды, уæд мæ Хуыцау амарæд!

С и д а хъ о н (æмæ къорд чидæртæ). Аммен!

М у с о н. Кæннод мæнг чи у, уымæн…

А г у ы б е ч ы р. Де ’лгъыстæй нæ ныууадз, дæ хорзæхæй.

III

Б у ц æ (æрбацыд). Хистæрты ардæм фæнды.

А г у ы б е ч ы р. Сидахъон, уæртæ уал хæдзармæ ацæут.

Уат сындæггай сафтид.

С и д а хъ о н. Æз нæхимæ цæуын. Æрбауайдзынæн та. (Ацыд. Баззадысты ма Агуыбечыр, Хансиат, Асиат.)

IV

X а н с и а т. Мæ фæрстæ куыд нæ фехæлынц адæмы алы ныхасмæ… чи та мын сæм хъусдзæн… Агуыбечыр. Уымæн хос ис: макæй ныхасмæ хъус.

X а н с и а т. Уæлдайдæр зæрæдты ныхæстæ. Агуыбечыр. Дæ зæрдæмæ макæй ныхас хæсс, кæй цы фæнды, уый дзурæд.

X а н с и а т. Кæй цы фæнды, уый дзурдзысты, æмæ замана уый у.

V

Æрбацыдысты Тæтæрхъан, Аслæнбег æмæ Хъамболат.

Т æ т æ р хъ а н (æрбацæйцæугæйæ дзуры). Бауадзут сæ, уыдон зондджын сты, никæмæ хъусынц. (Хансиатмæ.) Гъы, йæ зондæн кæрон кæмæн нæй æмæ хæдзары уынаффæ йæхимæ чи айста, уыцы Хансиат! Циу уый сынтæджы?

А с л æ н б е г. Куыд, куыд! Мæсты ма кæн!

Т æ т æ р хъ а н. Мæсты нæ, фæлæ адон Куыдзæппарæн былæй акалын хъæуы. Цæрæн ис адонимæ? Æдзух хивæндæй архайынц.

А с л æ н б е г. Хивæндæй цард кæй нæй æмæ хистæры дзырдæн аргъ кæнын кæй хъæуы, уый æцæг у. Дæ кæстæртæн зонд куы амонай, «ма кæ» дын ничи зæгъдзæн. Фæлæ дæ маст фæуром.

Хъамболат Асиаты ракодта æддæмæ.

Т æ т æ р хъ а н. Куыд мын уромын кæныс мæ маст, дæ мæрдтыстæн. Абон мæ фарстой, цæуа, цы кæна Асиат уазæг чызгимæ? Дзырд радтон: ацод, кæд сын лæгæмбал ис, уæд. Уыйфæстæ фехъуыстон, лæгæмбалæн Буцæйы акодтой, уый. Уæд исчи афтæ кæны?!

Хъ а м б о л а т. Дæхæдæг сын семæ куыд никæй фæраст кодтай, æхсызгон куысты сахат куы нæ у?

Т æ т æ р хъ а н. Фæлæуу, дæ хорзæхæй. Изæры райхъуыст, Ханæгатæ, дам, уын уæ чызджы аскъæфтой. Гъе, Хуыцау сын æй ма ныббара, æмæ сæ цы дарæм? Йæ фæстæ хабар райхъуыст: фæстæмæ йæ байстой нæхионтæ. Мæ уæрджытæ мæ быны нал цæуынц, уæ, Хуыцау, уæ, зæхх!

Хъ а м б о л а т. Агуыбечыр, чызджы бирæгътæй ды байстай, æнхъæлдæн. Радзур-ма, хабар куыд уыд?

А г у ы б е ч ы р. Цы дзуринаг дзы ис? Дуррæбынты фæндаджы фæйнæфарс бонсихорафон бабадтысты бæлццæтты размæ æмæ ахастой Асиаты. Нæ хæрзгæнæг нын бацамыдта, кæуылты йæ фæхæссынц, уый. Сæ фæдыл фæпырх стæм. Æз иу къардиуы рæбын баййæфтон æртæ сау æндæрджы, фехстон сæ, æмæ дзы дыууæ алыгъд, иу баззад. Куы йæм бацыдтæн, уæд разынд Асиат, тыххæй ма лæууыд, мæгуыр, йæ къæхтыл. Йемæ чи уыд, уыдонæй иу Ханæджы-фырт уыд, иннæ та Тогуызы-фырт. Иууыл рæсугъд уынаффæтæ сæм нæ уыд, фæлæ махæн дæр нæ худинаджы дуг нæма æрцыд, æвæццæгæн.

Ныхъхъус сты.

А с л æ н б е г. Ницы сæ къухы бафтыд?

А г у ы б е ч ы р. Ницы. (Аджих сты.)

Хъ а м б о л а т. Дис кæнын æз, цæй æнæхатыр, цæй хъæбæрзæрдæ стæм. Аипп ма уæд мæ ныхас. Асиат æмæ Хансиат мæ хойы чызджытæ сты, канд уый тыххæй дæр нæу мæ ныхас. Фæлæ уæм диссаг куыд нæ кæсы, æфхæрд ныртæккæ уыдон сты, хъал фæсивæд сæ къæхты бын уыдон амонд стылдтой цъыфы. Хъæрзæг æмæ дзы нæтæг та Тæтæрхъан сси. (Тæтæрхъанæн). Хъæртæй дæхи буц кæныс, дæ аххос бамбарын æнхъæл никæмæн дæ?

Т æ т æ р хъ а н (фæмæсты). Гъы, дæ хорзæхæй!

Хъ а м б о л а т. Дæ зæрдæ сыл кæд тыхстис, уæд сын сæ фæдыл цæуылнæ искæйты арвыстай? Зон, дæ хъæр æмæ дæ де ’лгъыст раст нæ кæнынц.

А с л æ н б е г. Нæ-н-нæ! Ма зæгъ, Хъамболат. Кæстæр хистæрмæ куынæуал хъуса, уæд адæмы уаг хæлгæ кæны.

Т æ т æ р хъ а н. Мæнæн мæ хæдзар ахæм ныхæстæ халынц. Дæ ныхæстæ дæсны не сты; фæлæ тæригъæд цы сидзæртæн кæныс, уыдон дæм кæй байхъусдзысты æмæ сын дæ ныхæстæ ныфс кæй сты, уый зоныс?

Хъ а м б о л а т. Зонын æй!

Т æ т æ р хъ а н (мæстыйæ). Уæдæ мыл сæ ардаугæ кæныс? Æмæ сæ цы зылын дæн? Хансиат у, æмæ ныр аст азы йæ фыды уæларт бады. Цы фæнд æм и, уымæн ницы æмбарын. Радтам æй Касалатæн, зонут сæ уе ’ппæт дæр: хæдзарæй дæр, мыггагæй дæр рафауинаг не сты. Байста сæ йæхи. Се ’фхæрдмæ сын фос бафыстам; баууæнд мыл, дыууæ галыл æй нæ раттаин, ахæм бур хъуг сын сæ фыццаг скодтон. Ныр у, æмæ йæ уыдон уæддæр сæ чындз хонынц æмæ йæм курæг никæй уадзынц. «Чи куыдз, чи хæрæг, нæ чындзмæ нын курæг чи æрцыд?» Йæ сыгъдæг фосæй фыдбылыз чи æлхæны? Æмæ та курæг дæр йæ фæрныг хæдзармæ афардæг вæййы. Асиаты хъуыддаг та бынтон фыдбылыз. Дзырд Лакатæн радтам, скъæфгæ та йæ Ханæгатæ акодтой; кæимæ ма дзы чердæм дзырдæуа? Мæстæй тъæпп куыд нæ ахауон!

А с л æ н б е г. Зын у, фæлæ фæразын хъæуы. Адæймаг æнусмæ иу зæрдæ нæ хæссы. Сæ ныв кæм уа, уымæй сын цухгæнæн нæй.

Т æ т æ р хъ а н. Алы бæрæгбон мæм Касалатæ минæвар кæнынц.

Хъ а м б о л а т. Æмæ куыд уæндынц?

Т æ т æ р хъ а н. Æмæ цы мæ бон у? Лæг марын зын у.

Хъ а м б о л а т. Лæг аздахын æнцондæр у.

Т æ т æ р хъ а н. Фесæфай, æмæ сæ кæд нæ аздахын, уæд уæдæ ныронг фидыд цæуылнæ стæм?!

Хъ а м б о л а т. Аздахыс сæ Хансиаты зондæй, уый Касалатæ хорз зонынц, ды сæхирдыгæй лæг дæ, уый дæр зонынц, стæй дæ дæ бур хъуг дæр рох нæма у, уый дæр хъусынц.

Т æ т æ р хъ а н (мæстыйæ). Цытæдзурысуый, цытæмæм уæндыс?

Хъ а м б о л а т. Æцæг циу, уый!..

Т æ т æ р хъ а н. Æцæг циу, уый?..

А с л æ н б е г. Уæ хорзæхæй, кæрæдзийы ма æфхæрут. Уæ туг, уе стæг сты, уæ иуæн дæр аппаринаг не сты.

Т æ т æ р хъ а н (йæхи фæурæдта). Хорз! Бæрæгбонты Иналатæм Иры номдзыд лæгтæ æвзæрстæй уыдзысты. Мæ хъусыл æрцыд, ныр та нæм уыдон æрвитынц минæварæн. Гъемæ, мæ хур Хъамболат, дзуапдæттæг ды фæу, мæнæн мæ цæсгом нал хъæцы.

Хъ а м б о л а т. Нырма никуы – бæхы хуыррытт, никуы – ехсы къæрцц, уый мæт та цы кæныс!

X а н с и а т. Уыдæтты мæт нæ нæй, мæнæ не стыр фыд нæ сæрæй уæлдæр.

Т æ т æ р хъ а н. Ери-гъа! Базæронд дæ æмæ дын афон у исчердæм акуыйты.

А с л æ н б е г. Ай-гъай, Хансиат, æрхъуыды афон у ныр. Адæмæй уындджындæр, хуыздæр, хъаруджындæр уæвгæйæ, æнамонд цæмæн фестут! Æнамонд Хуыцау ма зæгъæд…

X а н с и а т. Дæ фыдгул дæр махау æнамонд куы уаид.

Æдде лæппуйы дзурын: «Агуыбечыр, уазæг дæм дзуры».

VI

Чи уыд, уыдон æнæ Агуыбечыр. Агуыбечыр ацыд.

А с л æ н б е г. Уый дæр зæгъын нæ хъæуы. Хуыцауы æвастæй ницы и. Не ’ппæт дæр дæм зонд æнхъæлмæ кæсæм. Бирæ бад, чысыл – дæ нывæй никуыдæм аирвæздзынæ. Дæ ныв та у, æвæццæгæн, Касалы-фырт. Кæд уый нæ бæззы, уæддæр ды дæ хорз æмæ уый дæр схорз кæн, бафæзм аргъауы чызджы. Аргъауы иу чызг йæ хъаруйы руаджы цъыфдзасты хæфсы лæг куы фестын кодта, уæд ды æвзæргомау лæппуйы схорз кæнын нæ бафæраздзынæ?

Хъ а м б о л а т. Аргъауы чызг æмæ хæфсы астæу æндæр зæрдæйы уаг уыдаид.

А с л æ н б е г. Зæрдæ? Зæрдæйы уадз, фыды мур йеддæмæ ма исты у?

VII

Агуыбечыр æрбацыд.

Т æ т æ р хъ а н. Цы хабар ис, Агуыбечыр?

А г у ы б е ч ы р. Уазæг чызг сæхимæ цыд, æмæ йын уæрдон арæвдз кодтон.

Хъ а м б о л а т. Фæндараст æй Хуыцау фæкæнæд. Дис уыл кæнын сымахыл: Асиаты фæдисы цæугæ æрбакодтам, Хансиаты хъуыддаг та кæнгæ кæнæм.

Т æ т æ р хъ а н. Æнæ кæнгæ дæр ын нæй, дæуæн дæр хæс у семæ баныхас кæнын.

Хъ а м б о л а т. Кæд æнæ зонд амонгæ нæй, уæд зæгъын, уæдæ. Рæдийут уæ дыууæ дæр.

А с л æ  н б е г. Рæдыды комы æхсырфæмбал.

Хъ а м б о л а т. Дæсны цы хъуыддæгтæм стут, уыдон хицæн сты. Фæлæ зæрдæйы хъуыддагæн цы зонут? Аипп ма уæд мæ ныхас.

А с л æ н б е г. Æмæ мах дæсны цы хъуыддæгтæм стæм, уым зæрдæ ницы у?

X ъ а м б о ла т. Дæхи загъдау, фыды муры йеддæмæ циу? Чызг æмæ лæппуйы æхсæн цы уарзондзинад вæййы, зæрдæйы хъуыддаг уый хонын. Уым зæрдæ фыды мур нæу, фæлæ дзы у стыр тых дæттæг. Æвзæры хорз чи кæны, хæфсæй – лæг, æнæ тыхæн – тых. (Тæтæрхъанæн.) Бирæ хæттыты дын загъта Хансиат, Касалы-фырт мын адджын нæу. Ды уæддæр алы хатт хъуыддаг æрдиаджимæ сног кæныс. Хансиат Касалыфыртмæ ацæуыны бæсты йæхицæн равзæрста ингæн. Бауырнæд уæ уый, æмæ афтæмæй дзурут.

А с л æ н б е г. Уымæй дарддæр ма дзы цы и, уый та дын æз зæгъдзынæн. Не ’мбæлы Хансиатæн ферох кæнын æгъдау, хæдзар, мыггаг æмæ æгас дзыллæйы. Æнæгъдаудзинад у, фыдæлтæй фидисæн баззад чызгæн йæхи байсын, бинонтæ æмæ мыггаг туджджын скæнын.

Т æ т æ р хъ а н. Дзуæрттыстæн, Аслæнбег, нал уæндын нæ лæппуты куыстмæ арвитын. Алырдыгæй знæгтæ, æмæ дæм дзы кæцы фæцарæхсдзæн, уый бæрæг нæй.

А с л æ н б е г. Тæссаг у.

Хъ а м б о л а т. Раст фонт уæ ныхæстæ, фæлæ дзы Хансиаты зæрдæ кæцыйæ æлхæнут? Фод. Адæмы ’гъдау цæмæй нæ фехæла, хæдзар æмæ мыггаг хъыгдард цæмæй не ’рцæуой, уыдæтты тыххæй раттæд йæхи зындзинадмæ. Адæм æй растаудзысты? Бамбардзысты йæ?

А с л æ н б е г. Фыццаджыдæр ын табуафси чи зæгъдзæн, уый æз. Адæмæн та арфæйаг фæуыдзæн.

Хъ а м б о л а т. Рæстыл дзурын хъæуы. Адæм зæгъдзысты: «Хансиат сфæлмæцыд бадынæй æмæ моймæ уымæн ацыд. Адæмы ’фсармæй исты куы кодтаид, уæд аст азы кæм уыд».

X а н с и а т. Аипп ма уæд… Мæнæн зæгъын не ’мбæлы, фæлæ…

А с л æ н б е г. Зæгъ, дæ хорзæхæй, æнæфсæрмæй. Арæзт дæумæ ис.

X а н с и а т. Цы зындзинады дæн, уымæй схицæнæн амал куы арин, уæд дзы схицæн уаин. Мæхицæй зындæр та кæмæн у? Бинонтæ дæр æмæ хæстæджытæ дæр азымы мæн дарынц. Сывæллоны онг мыл дзы йæ уайдзæфы хай чи не ’рбаппардзæн, ахæм нæй…

Т æ т æ р хъ а н. Дæхимæ ницы аххос и?

X а н с и а т. Цы аххос мæм ис? Асиаты фæсхъæумæ Мусон арвыста, мæныл æй цæмæн æвæрут, мæнмæ уый тыххæй, Тæтæрхъан, цæмæн дзурыс? Скъæфтæуыдзæн æй, уый дæр зыдта. Тæтæрхъан. Чи зыдта?!

X а н с и а т. Зындзинæдтæ ме ’ккой мæнæн сты, адон та ма мын уайдзæфтæ кæнынц. Фыдбылызы, дам, нæ бафтыдта. Цавæр фыдбылызæй тæрсынц, уый зонгæ нæ кæнын.

Т æ т æ р хъ а н. Туджджыны цæстæй нæм кæсынц Касалатæ, уый нæ зоныс?

X а н с и а т. Ницы йæ зонын. Нæ размæ бабаддзысты, зæгъгæ, зæгъут, æмæ алы куывды, алы хисты фæрсæй-фæрстæм куы фæбадут.

Т æ т æ р хъ а н. Хъусут æм!

X а н с и а т. Изæры Касалы-фырт уе ’хсæн куы уыд, Агуыбечыримæ уарзон ныхæстæ куы кодтой…

А г у ы б е ч ы р. Мемæ?

X а н с и а т. Демæ, уæрдоны кой дæр ма кодтат. Артдзæсты æз судзын, адон мæм уырдæм уайдзæфтæ дзурынц, дæ артæй, дам, нæм стъæлфæнтæ цæмæн хауы.

Т æ т æ р хъ а н. Гъе, сымах цы мад æмæ фыд сахуыр кодтой, уыдонау фæуат! Æмбарыс, дæсны Хъамболат, цы зонды ахаст сын ис, уый!

Хъ а м б о л а т. Кæннод æй кæд не ’мбæрстон? Сымах æй не ’мбарут. Аст азы æнæ сæрфатæй йæ фыды уæларт чи бады?

Х а н с и а т. Аст азы алы фидис, алы хъоды, алы уайдзæф чи хъусы? Йæ дзыхы дзаг чи никуы ныххудт, йæ цæсты дзаг чи никуы акаст? Дуне талынг кæуыл у? Хансиатыл. Уыцы мæтты цур уæ мæттæ ницы сты.

Т æ т æ р хъ а н. Куыд ницы?

X ъ а м б о ла т. Ницы. Дæхи буцдæр цæмæн кæныс, уый нæ зонын.

Т æ т æ р хъ а н (мæстыйæ). Дæ хорзæхæй, уыцы дæсныйæ дæ хæдзары кæрдзын бахæрынæн цæуылнæ ис?

Хъ а м б о л а т. Зондджын йæ зондæй æфсæст у, кæрдзынтæ та æдылыты фонт. (Сыстад.) Иучысыл сæ сæхи бар бауадзæм, Аслæнбег, фæлмæцыд сты.

А с л æ н б е г. Æмбæлы, æгæр сæ хъыгдарæм.

Т æ т æ р хъ а н. Абадут уал, цом уал хæдзармæ, кæд нæм исты ис…

А с л æ н б е г. Нæ, нæ, ницы хъæуы. Хæрзæхсæв.

Т æ т æ р хъ а н. Цæй, Хансиат, уæдæ дæм æндæр ницы дзуапп ис?

X а н с и а т. Ницы.

Рацыдысты Агуыбечырæй фæстæмæ.

VIII

Агуыбечыр æмæ Xансиат. Исдугмæ æнæдзургæйæ.

Т æ т æ р хъ а н (æдде). Буцæ, цы фæдæ, цы?

Б у ц æ. Мæнæ.

Т æ т æ р хъ а н. Уыцы фосы абæрæг кæн. Изæр у ныр. Сæфты уæныг та хъуццытæй кæвдæсы макæй баппарæд.

Б у ц æ. Хорз.

А г у ы б е ч ы р. Касалы-фыртимæ уыдтæн, уый мыл цæмæн æрымысыдтæ?

X а н с и а т. Æмæ басусæгмæ хъавыс, Касалы-фыртимæ кæрæдзийæн уарзон ныхæстæ кæнут, уый? Кæй дын бауырндзæн?

А г у ы б е ч ы р. Гъе ныр зæрдиагæй дзурыс?

X а н с и а т. Хъазыныл дæн ныртæккæ? Къахут мæ, æмæ æз дæр къæйных кæнын. Дзырд сæттынæн кæддæриддæр уый фæдзурут: «Амардзысты нæ». Хисты уа, куывды, йе фæндагыл, уæхи сыл куы никуы атигъ кодтат, уæд ма махæн та цы уайдзæф кæнут? Нæлгоймæгтæ стут æмæ сымахæн бауайдзæф аипп у, сылгоймагæн йе рагъ куы надæуа, уæддæр ын уайдзæф хæссын худинаг у, фæлæ… Мад, фыд, æфсымæр нæй, чи зæгъдзæн мæ бæсты? Æнæ зæгъгæйæ та хæрзхынджылæггаг кæны адæймаг.

Асиат æрбацыд.

А г у ы б е ч ы р. Ахæм хæрам зæрдæ уæм ис, ахæм. Фод уæдæ! Дзырд уын дæттын: мæ хæдцурæй уæ куы хастæуа, уæддæр «фæндараст» зæгъынæй дарддæр ницы бакæнинаг дæн.

X а н с и а т. Хорз æфсон дын фæци. Уæ фæндтæн уын фæндаг мæхæдæг радтон. Мæхæдæг цыфæнды фон, фæлæ, Нанайыстæн, сымах Асиаты æнцад нæ ныууадздзыстут, æз уын, Иры цы нæй, уыцы хъуыддæгтæ уæ астæуæй сæнхъизын кæндзынæн.

А г у ы б е ч ы р. Фендзыстæм, кæддæра дæм æнхъизæн фаг разынид. (Рацыд.)

IX

Асиат æмæ Xансиат.

X а н с и а т. Хъæбатыр æфсымæр, сидзæр хотæм додойтæ ничи кæны.

А г у ы б е ч ы р (æдде). Мæнмæ чи нæ хъуса, уый мын хо нæу. Ам моладзанты сæр ницæмæн хъæуы.

А с и а т. Цы йæм дзурыс? Нæ йæ уыныс, махæй кæй нæу, уый?

X а н с и а т (йæхи йæм баласта). Мæ уарзон, ме ’фхæрд хо, æмæ сæ чи у, чи, махæй?

А с и а т. Уæ, мæ тынгдæр æфхæрд хо! Габо махæй, Хъыл-

цыхъо махæй; ис ма дзы чидæртæ…

X а н с и а т. Хъамболат у махæй, фæлæ дæ Хъылцыхъо

кæм ис, кæм? Кæм сты дæ чидæртæ? (Аджих сты.)

А с и а т. Кæм сты, æцæг?

X а н с и а т. Кæм сты?.. (Фенцадысты.) Цæй, кæд сæ рох нæ уаиккам… Мусон цы кусы?

А с и а т. Нæ йæ федтон. (Сыстад). Абæрæг æй кæнон. Ой, мæ бацæвиттæ нал тасынц. (Ацыд.)

X

X а н с и а т (иунæгæй). Мæ фæндæгтæ мын алырдыгæй сæхгæдтой. Скъæйных мæ кодтой сæхимæ æмæ сын дзурын, цы аккаг сты, уыдæттæ. Мæ зонд æмæ тых сараздзынæн, Асиат йæ бонтæ хъæлдзæгæй æмæ рæсугъдæй цæмæй арвита, уымæ… Ныридæгæн ын сагъæс йæ зæрдæйы фæкодтой, сæ арт бауазал уа… (Фæхъус.) Фæлæ цы кодтон мæхæдæг дæр? Цы кодтон, Нана? (Кæуы.) Нæ тæригъæдæй фæндараст ма фæуат, мах чи нæ уадзы.

XI

Касалы-фырт рудзынгæй æрбазынд.

К а с а л ы-ф ы р т. Цæй æнцадæй бадыс, хъал Хансиат? (Хансиат фестъæлфыд.) Хъæбатыр куы дæ, цæй тарст кæныс?

X а н с и а т. Цы ми кæныс ам?!

К а с а л ы-ф ы р т (мидбылты худгæйæ). Тæрсын мæнæн æмбæлы де ’фсымæртæй.

X а н с и а т (дуарыл йæхи ныццавта, фæлæ æдде æхгæд разынд). Мæ бындур ныззылд, цы ма акæнон!

К а с а л ы-ф ы р т. Исты ми уал райс, æз нæ уарзын магуса.

X а н с и а т. Ацу, фæдис хъæр кæнын. Ацу ардыгæй!

К а с а л ы-ф ы р т. С-с! Хъæр ма кæн, дæхи ма худинаг кæн. Дзурынмæ кæмæ хъавыс, ам уыдоны зондæй дæн. Уыдоны фæндонæй. Æрмæст дыууæ ныхасы зæгъынмæ æрбацыдтæн.

X а н с и а т. Мацы мын дзур, нæ дæм хъусын, ацу ардыгæй!

К а с а л ы-ф ы р т (мæстыйæ). Нæй дын æнæ байхъусгæ! Бæрæгбонты та дæм нæ бинонтæ фидауджытæ æрвитдзысты, æмæ дæм кæд фыццаджы зондæй хуыздæр нæма ис, уæд сæ ма æрбауадзон.

X а н с и а т (йæхинымæры). Мæнæй хынджылæгмæ хъавы, фæлæ мæ бар дæр бауадзæд. (Касалы-фыртæн.) Сау ингæн хуыздæр дæумæ ацæуынæй.

К а с а л ы-ф ы р т. Кæнæ дæу, кæнæ æппындæр нал курын ус. Дæу та ме ’вастæй чи ахæсса, уыимæ мæхæдæг фидаудзынæн. Афтæмæй кæдмæ фæразай, уæдмæ цæр. Куынæуал фæразай, уæд дæм æз дæр зындзынæн.

X а н с и а т (æдæрсгæ, хъæлдзæгæй). Кæд уыйбæрц æхсарджын дæ, уæд ме сфæлмæцынмæ цæмæн æнхъæлмæ кæсыс? Дуне стыр, дунейы рæсугъд адæм бирæ; ацу æмæ равзар дæхицæн чызджыты хуыздæры, æрхæсс æй æмæ уый фæстæ мæнмæ дæр курæг макæй уадз. Кадджын æмæ æхсарджын дæ, уый мæн дæр уæд бауырндзæн.

К а с а л ы-ф ы р т. Уæд мæ дæумæ нал æвдæлдзæн, мæн та дæу йеддæмæ ничи хъæуы.

X а н с и а т. Рæсугъд фæндонæй дзæнæтмæ хид ис.

К а с а л ы-ф ы р т. Уыцы дзæнæтмæ цæуын æз дæр.

X а н с и а т. Дæ хорзæхæй, рæсугъд, æхсадæй быдырты йе хæхты балцы цал хатты уыдтæ? Кæй зоныс? Чи дæ зоны? Адæмы æхсæн цал зондджын ныхасы ракодтай?

К а с а л ы-ф ы р т. Æмæ мæ уыдæттæ цæмæн хъæуынц?

X а н с и а т. Дæ къахыл сæрак дзабыр, афтæмæй йæ æгъдæнцойы цал хатты атъыстай?

К а с а л ы-ф ы р т. Æмæ афтæ æнхъæлыс, дæумæ æрттиваг цырыхъджын йæ къахфындзтыл слæууыд? Сæрак дзабыр сылты дарæс у. Мæнæн мæ æрчъи –мæ дарæс, мæ хъама (æвдисы йæ) – мæ ныфс.

X а н с и а т. Хъама къулыл ауыгъдæй рæсугъддæр фидауы. Æрчъийæ раст зæгъыс, уый у æцæг дæ дарæс, фæлæ æрчъи рæхсын нæ зонын æмæ дæхи аккаг усаг бацагур. Куыннæ йæ æмбарыс, кæрæдзийæн нæ бæззæм, уый. Цы мæ дæ ныхтæ ныссагътай? Ныууадз мæ!

К а с а л ы-ф ы р т (фæмæсты). Куыдзау рæйынмæ дæсны дæ, уый хъусын, фæлæ мæн лæгъз ныхасæй нæ асайдзынæ. Æз цалынмæ дæу æрхæссон æмæ дын æрчъирæхсæнтæй дæ рæсугъд былтæ снæмон, уалынмæ никæй курын!

X а н с и а т (тынг фæмæсты). Ацу, фаджыс, нæ куыйтæн дæ уæддæр бахæрын кæндзынæн.

К а с а л ы-ф ы р т. Æлхæд мын сты стад фиуæй.

X а н с и а т. Цæй фиу дæм ис, кæй хæдмæлæй растыгътай? Æниу мæ куы ахæссай, уæд мæ цæмæй дарын дæ зæрды ис? Давæггаг капеччытæй?

К а с а л ы-ф ы р т. Дзырдæй дæ ничи басæтдзæн, фæлæ дын æз хос зонын! Марын дæ хъæуы. У, джауыр! (Дамбаца йæм фæдардта).

X а н с и а т. Бауæндис цымæ? (Хæстæгмæ балæууыд. Касалы-фырт фехсынмæ куыд хъавыд, афтæ йын Хъылцыхъо йæ къух ацахста).

ХII

Рудзынджы æдде

Хъ ы л ц ы хъ о. Уый сылтимæ хæцынæн нæу! Ей, хæдзар, фæхынджылæг дæ чынд!

К а с а л ы-ф ы р т. Суадз, дæу ам ницы хъуыддаг ис!

Хъ ы л ц ы хъ о (йæ дамбаца йын срæмыгъта). Хуы! Кæд иннæты балхæдтай, уæддæр, æз æгас дæн, уый дæ рох ма уæд. Цы фæдæ, Буцæ?

X а н с и а т. К-с! Хъылцыхъо, уыдон æвастæй не ’рбацыд! Фæлтау æй ауадз.

Хъ ы л ц ы хъ о. Дæ хатыр ын фод! (Касалы-фыртæн). Цу, фæлæ дыл куыд никуыуал сæмбæлон, афтæ.

К а с а л ы-ф ы р т (æдде). Фендзыстæм!

X а н с и а т. Мидæмæ рацу.

А с и а т (æдде). Хъылцыхъо нæ дæ? Цæй хъæр у?

ХIII

Æрбацыдысты

А с и а т. Дуар дыл æдде чи сæхгæдта, Хансиат?

X а н с и а т. Нæ зонын, æхгæд уыд? Æрдæбон куы ацыдтæ, уæд æй кæд дæхæдæг æнæрхъуыдыйæ ахгæдтай?

Хъ ы л ц ы хъ о. Чифæнды уæд. Цæй, ныр уе ’хсæв хорз!

X а н с и ат. Æгас нæм цу!

Хъ ы л ц ы х ъ о. Цы фæдæ, Асиат?

А с и а т. Афойнадыл мæ фæрсыс!

А г у ы б е ч ы р (æдде). Гъей, цы хабар у? Чи хъæр кæны?

X а н с и а т. Де ’мгæртты фæстæ дæр афтæ куы аззаис, фæдисы куыд тагъд рауадтæ!

А с и а т. Мæ бындурыл, цæй фæдисы?

Хъ ы л ц ы хъ о (рудзынгæй). Ма фæтæрс, уый æз дзырдтон Буцæмæ. Куыйтæ мæ хордтой.

А г у ы б е ч ы р (æдде). Хъылцыхъо куыдæ! Кæцæй ды та?

Хъ ы л ц ы хъ о. Фæфæдис дæн æз дæр. Мидæмæ!

А г у ы б е ч ы р (æдде). Абад уал, æз дæр уæм фæцæуын.

X а н с и а т. Куыд дæ сайы! Уымæн ардæм цæуæн ис?

Хъ ы л ц ы хъ о. Цы кодтат?!

X а н с и а т. Хъоды ныл куы кодта!.. Йæ хъоды дæр ницы æмæ йæхæдæг дæр. Цы хабар ис дæхимæ?

Хъ ы л ц ы хъ о. Хабæрттæ уæхирдыгæй куы сты.

X а н с и а т. Уæдæ… махæн дæр та нæ пакъуы ацагътой.

Хъ ы л ц ы хъ о (Асиатæн). Цы фæдæ, мæ гыццыл хо?

А с и а т. Æфсымæр хойы уæлхъус бахъуаджы сахат хъуамæ уа. Ды та кæм уыдтæ?

Хъ ы л ц ы хъ о. Æмæ афтæ æнхъæлыс, мæхицæй тынг бузныг дæн?

А с и а т. Ныр-ма акæс. (Æвдисы йæ бызгъуыртæ, йæ буары цъæхпгæ.) Куыд мæ ныттыдтой фæсхъæуы лæппутæ сæ æнæконд ныхтæй… Куыд мын риссынц, уый куы зонис!

Хъ ы л ц ы хъ о (æнкъардæй). Хуыцау сын æй ма ныббарæд. Мæ бон сын ницы у, фæлæ… (Мæстыйæ.) Мæ бон сын ницы у, фæлæ, сæмбæлгæйæ… мæхи сыл-иу атигъ кæндзынæн.

X а н с и а т. Æнцад у. Дæуæй раздæр хæс кæмæн у, уыдонимæ æфсымæртау куы цæрынц.

Хъ ы л ц ы хъ о. Худинаг сын уæд.

X а н с и а т. Ме ’фсымæртæн сæ худинаг бамбарынæй ма тæрс.

Хъ ы л ц ы хъ о. Мæ зондыл ныллæуут, æмæ сын æй бамбарын кæндзыстæм.

X а н с и а т. Цавæр у?

А с и а т. Цæттæ!

Хъ ы л ц ы хъ о. Асиат, мæ уарзон хо, иудадзыг азымы мæн ма ратт, дæ зындзинады сахат дæ уæлхъус дæхи тыххæй нæ уыдтæн.

А с и а т (хъазгæйæ). Æрæгæй ардæм хъуыддæгтæ иууылдæр ме ’фсонæй хæлынц.

X а н с и а т. Асиат та дæ арвыста?

Хъ ы л ц ы хъ о (къахæгау). Исты зæрдæрухс уын саразон, зæгъгæ, мæхи аппæрстон, æмæ…

X а н с и ат. Æмæ зæрдæрухс арæзт у?

X ъ ы л ц ы хъ о. Иттæг.

А с и а т. Кæм ис уæдæ? (Хæстæг æм бауад.)

Хъ ы л ц ы хъ о. Куыройы цур, хæристы бын.

А с и а т (йæхиуыл фæхæцыд). Цавæр у?

Хъ ы л ц ы хъ о. Лæг.

X а н с и а т. Цæй-ма, хынджылæг ма кæн. Чи у?

Хъ ы л ц ы хъ о. Пупæ.

Асиат фенкъардхуыз.

X а н с и ат. Мæнг зæгъыс? (Цингæнгæ).

Хъ ы л ц ы хъ о. Гъе уый уын мæ бон уыд æмæ уын æй æрбакодтон. Фæнды уæ – фенут æй, нæ – уæддæр уæ бар ис.

X а н с и а т. Æмæ йæ куыд фенæм?

Хъ ы л ц ы хъ о. Мидæмæ йæ ракæнæм.

X а н с и а т. Мæ бындурыл, бынтон зарæджы сæр мах куы уыдзыстæм.

Хъ ы л ц ы хъ о. Алы хатт Аслæнбег кæй фæдзуры, уыйау: адæмы æфсарм?

X а н с и а т. Æмæ уæдæ?

Хъ ы л ц ы хъ о. Фыдæлты æгъдау? Мыггаджы фарн?

X а н с и а т. Æмæ уыдон ницы сты?

Хъ ы л ц ы хъ о. Куыннæ сты! Уæ уæнгтæн рæхыстæн уæддæр бæззынц.

X а н с и а т (зæрдæбынæй). Адæмы æфсарм, фыдæлты æгъдау æмæ мыггаджы фарн уыйбæрц аппарæм, æмæ нæхицæй лæгдон кæнæм? Цы йæ хъæуы ам Пупæйы?

А с и а т. Цæмæн бырсут гæдыйы артдзæстмæ?

Хъ ы л ц ы хъ о. Ныронг дæ ныхæстæ æндæр уыдысты,

Х а н с и а т. Ныронг дæ фæндыд, Пупæ уæм хæстæгдæр цæмæй уыдаид, уый. Дæ зонд аивтай?

X а н с и а т. Цæмæн зæгъыс? Мæ зонд нæ аивтон, фæлæ ацы афон кæйдæр лæппуйы мæ уатæй ацæугæ чи фена, уый цы зæгъдзæн?

Хъ ы л ц ы хъ о. Адæмы æфсарм, фыдæлты æгъдау?.. (Худы). Мыггаджы, буцæтæ æмæ агуыбечырты фарн? (Зæрдиагæй). Куыд дын амардтæн, Хансиат, фæкæуат мыл, сылтæ, цæй æнæхъару стут. Уæ зондджын дæр, уæ тыхджын дæр цæй æдых у! Фехалын цы ’гъдæуттæ нæ уæндут, уыдон уын хъадамантау уæ уæнгтæ ’лвасынц, уæ цардæй уын уæлæуыл зындон кæнынц, цагъайраг уæ кæнынц. Фыдæнусы рисыл сахуыр стут, гал æфсондзыл куыд сахуыр уа, афтæ, æмæ йæ нал æмбарут, фæлæ йæ чи ’мбары, уыдон та ма йыл цæмæн сæ арм дарынц? Цы уын радтой хорздзинадæй не ’гъдæуттæ? Сæ уæз сымахыл тынгдæр ис, мæ уарзон хотæ, æмæ дзургæ кæнут, фæлæ уæм сызмæлыны ныфс нæй.

X а н с и а т. Цы нын кæнын кæныс уæдæ?

Хъ ы л ц ы хъ о. Æгъгъæд у табу кæнын æнæуд гуымирыйæн! Цæв хъадамантæ, æмæ ныппырх уой! Цæв, æмæ кæд дæ уæнгты тых сæ фаг нæй – мæнæ дын дыууæ фидар къухы, уыдон дын баххуыс кæндзысты.

XIV

Пупæ æрбацыд.

Хъ ы л ц ы хъ о. Донласт хуылыдзæй нал тæрсы. Уæлдай уæ ницыуал зæгъдзысты адæм, Пупæйы уæхимæ æрбауадздзыстут, уый тыххæй.

П у п æ. Æз уыцы аипп мæхимæ райстон. Æрбабырстон мæхæдæг. (Хотæ фестъæлфыдысты.)

X а н с и а т. Уый та куыд?

П у п æ. Хъылцыхъо, тагъд хъуыддаджы мидæг уæвгæйæ, æгæр æрæгмæ куы цыди, уæд æй æмбæрстон, дæ зондæй уыдзæн, уый, Хансиат. Зыдтон, зын дæм фæкæсдзæн фыдæлты æфсарм æмæ адæмы æгъдау фехалын. Фæлæ мæ хъуыддаг кæм ис, уым мæхицæн уыцы ныфс радтон æмæ фехæлдтон æгъдау мæхæдæг. Хъуамæ æз уон æнæгъдау. Цы мæ кæнут – уæ бар дæн.

Хъ ы л ц ы хъ о. Ныфс, ныфс, мæ хотæ! Фесæфæнт хъадаманхуыз æгъдæуттæ!

X а н с и а т. Фод афтæ. (Асиат йæхи акъуырдта).

П у п æ. Уæ изæр хорз уæд! (Къухтæ нæ исы).

X а н с и а т (хъæлдзæгдæрæй). Æгас нæм цу. Абон дæ рæдыдæй уынын, æмæ йæ хуыздæрæн Хуыцау фæкæнæд. Сбад. Хъылцыхъо (иу къухæй йæ хъæбыс кæны). Аммен, дæ рын бахæрон, мæ хо! (Сбадтысты.)

П у п æ. Бæлвырд бадт æмæ бæлвырд ныхæстæ кæнынæн фадат нæй, æмæ бахатыр кæн, Хансиат, куы фæтагъд уон, уæд. Цы зæрдæйы уаг мæм ис сымахырдæм, уый зоныс, цы æнхъæл уæ дæн, уый дæр зоныс, æмæ мын кæд фæндаг ис, уæд æз мæ хъуыддаг кæнон.

Хъ ы л ц ы хъ о. Йæ бирæ ракæ-бакæ ницы у, айфыццаг мын уæ разыдзинад загътат: сразы дæ ды, Хансиат, Асиаты Пупæйæн фæлæвар кæнын. Мæнæ стæм гъе ныр. Зæгъ нын.

X а н с и а т. Мæнмæ уæлдай зæрдæ нæй. Фæлæ ныл цы ’рцыд, уый фехъуыстат.

Хъ ы л ц ы хъ о. Фехъуыстам æмæ цы? Нæ уарзондзинад фылдæр йеддæмæ къаддæр нæ фæци.

X а н с и а т. Мæ къæхтыл мæ иунæг хойæн цæуын, æмæ мын уый амонд куы ссара, уæд æндæр ницæмæ бæллын. (Ёдде Мусоны дзурын цæуы: «Хансиат, кæрдзын дæр нал хæрут, æви? Буцæ, куыройы цур цæй бæхтæ сты, акæс-ма»). Мæ бындурыл! Цон æм æз, кæд ардæм не ‘рбацæуид. (Ацыд).

Хъылцыхъо. Мæ бæх у уый, Мусон. Акæсон сæм æз. (Ацыд).

XV

Асиат дæр рацæйцыд. Пупæ йæ размæ æрлæууыд.

П у п æ. Ма фæлидз, бирæгъ нæ дæн.

А с и а т. Уæдæ цы дæ? Бирæгъ дæр йæ фæндон æххæст кæнынмæ быруйы сæрты æвастæй гæпп кæны.

П у п æ. Мæ аххос нæу. Дæ бафхæрды хабар фехъусгæйæ, мæ маст нал баурæдта.

А с и а т. Æмæ чи дæ? Цы дæ хъуыддаг ис?

П у п æ. Пупæ дæн.

А с и а т. Æз та Асиат дæн.

П у п æ. Гъемæ Пупæ Асиаты фенынмæ æрбацыд. Уый тыххæй, æмæ Пупæ Асиаты куы нæ уыны, уæд ын хур талынг у, уæд ын улæфын зын у, уæд ын цард ад нæ кæны, æмæ ацы мæнг дунейыл йæхи уæлдай хоны!

А с и а т. Дуарæй иуварс лæуу!

П у п æ (иуварс алæууыд). Сдзæгъæл дæн æнæ дæу, ницæмæнуал бæззын. Фæцух стæм кæрæдзийæ, уый цы бон базонон, дыккагмæ мын цæрæн нæй.

А с и а т. Къулбадæджы ныхæстæ… Уыдон дæр нæ иунæгæй ныууагътой… (Рацæйцыд.)

П у п æ. Фæлæуу… фæрсын дæ иттæг зæрдиагæй, зон, дæ дзуаппы мæ цард йе ’ппæт ис, уый. Нæ дунейы цард иумæ цæмæй арвитæм, уый дæ фæнды æви нæ?

А с и а т. Рог ныхæстæ та цæмæн хъæуы! Лæгæн не ’мбæлы ахæм ныхæстæ. Уæлдайдæр, лæгтæ налат сты. (Рацæйцыд).

П у п æ. Нæ мæм хъусыс… Зæгъинаг кæй уыдтæн, уыдонæн кæрон нæй. Лæгтæ не сты се ’ппæт налат. Цæмæн цæуыс ды ардыгæй? Агъуыст сымах у. Æз дзы дæн исчи æмæ цæуын. Æвæццæгæн, дзæгъæлы мæ ных æрбатардтон, ам æз зæрдæдарæн никæмæн дæн, мæ хуры хай мæнæн нæ рухс кæны. Хæрзæхсæв, хорз амонд дæ хай! Фæлæ ма дын уый фæдзæхсын: искуы дын зын куы уа, уæд-иу æрымыс, дæ уарзынæй чи басыгъд, уый; уæд-иу зон, цы ма дзы баззад, уый дæу у. (Æнкъардæй рацыд, дуар рассыдта. Асиат сагъдæй аззад.)

А с и а т (дуар фегом кодта). Пупæ, фæцæуыс?

Пупæ раздæхт, Асиат рудзынджы цур алæууыд исдугмæ, йæ къухтæй йæ цæсгом бамбæрзта. Пупæ йæ йæ хъæбысы æрбакодта. Æдде хъæлæба.

П у п æ. Асиат, мæ уарзон, мауал тæрс ныр. Дуне дæр мах, цард дæр мах. (Фæхъус.) Чидæртæ æрбацæуы. Хæрзæхсæв!

Рудзынгыл агæпп кодта. Xансиат æмæ Мусон æрбацыдысты. Æдде Тæтæрхъан: «Гъей! Цы дæ уый, нæ лæууыс? Цæвын дæ!» Гæрах.

М у с о н. Цы та у? (Рацыд.)

А с и а т. Базыдтой йæ… мæ арт бауазал, базыдтой йæ!

Æмбæрзæн.

 

ДЫККАГ НЫВ

I

Чызджыты уат

А с и а т (иунæгæй, уат мæрзы). Цæй уазджытæ та сты? Цы та сæ хъæуы? Исты хъуыдытæ мæм ис, сагъæсты мидæг дæн, мæ зæрдæ æгомыг рыст кæны, уый мæ бинонты хъуыддаг нæу. Æниу мыл сæхи былæлгътæй мæтгæнæг куы скæной, уæд сын цы радзурдзынæн? Уарзондзинад мын мæ риу судзы æмæ мын хаттæй-хатт рухс дуне ингæн фесты, уый сын зæгъдзынæн? Æмæ мæ цы фæхондзысты?

II

М у с о н (æрбацыд). Дæ рын бахæрон, Асиат, нырма дæ уат дæр æнæмарзт куы у.

А с и а т. Нал уыдзæн æнæмарзт ныртæккæ. (Мæрзы.)

М у с о н (æфсæрмхуызæй). Диссаг у нæ лæг, диссаг, уый дæуыл æрхъæцмæ дæр куыннæ хъæцы! Ссæдз фарсты мæ бакодта: «Уыцы сæракæй Асиатæн цыппæрæмхай раттай æви нæ?» Мæнæ дын æй æрбахастон. Буцæ та, мæгуыр, бæгъæввад у.

А с и а т. Æмæ дзы скæ Буцæйæн. Æз уæ уый æнхъæл дæр куы нæ уыдтæн. Бузныг уе ’гъдауæй, ахæсс æй. (Дæтты йæ.)

М у с о н. Дæ рын бахæрон, Асиат, тæргай ма кæн, уый зæронд лæг у æмæ уæ цæрайæ куы цæры. Иучысыл ын аргъ кæнут уымæн дæр. Иудадзыг æй ауæлдай кодтат, æмæ уанцон нæу!

А с и а т. Ницы йæ ауæлдай кодтам.

М у с о н. Йе ’ртæ чъирийæ кæддæриддæр уæ амондмæ фæкувы. Сымах амонд æй куыд фæнды, афтæ хорз мæ иунæгæн. Сымах дæр ын-иу йæ ныхасæн иучысыл аргъ скæнут. Байхъусут æм-иу.

А с и а т. Æмæ йæм чи нæ хъусы, уыйбæрц ныфс кæм ис?

М у с о н. Кæйонгты, знон дуканийы, Асиаты иу къабафаг куы уаид, зæгъгæ, цы хуызæн стыхст…

А с и а т (гуырысхо кæнгæйæ). Æцæг, æви?

М у с о н. Буцæ мын цæра… Уæууа, амæрз дæ уат, æз дæр ныхæстыл куыд фæдæн… Амæрз. (Рацыд).

III

А с и а т (иунæгæй исдугмæ мæрзы). Хуымæтæджы мæ нæ бауарзтой. Цыма та цыдæр хъавынц. Мæ бындур ныззылд… Цы фæци Хъылцыхъо, кæм ис Пупæ? Тæтæрхъан сæ куы фехста, уæдæй нырмæ сæ куы ницы хабар ис. (Тарстхуызæй.) Ма йæ амарæнт, мæ бындурыл! (Аджих, рудзынгæй кæсы, мидбылты худы.) Хур ма кæсы, дуне рухс у, кæрдæг зайы, дон цæуы… (Хъæлдзæгæй.) Нæ, Пупæйыл исты куы ’рцыдаид, уæд хур баталынг уыдаид æмæ дуне йе змæлдæй æрæнцадаид. Æмæ йæ кæннод мæ зæрдæ нæ зоник… (Аджих.)

IV

Б у ц æ (æрбацыд). Хъаз донмæ куы кæса, уый каст куы кæныс. Нырма дæ уат дæр æнæмарзт. Фезмæл, уазджытæ æрбацæуынц.

А с и а т. Цæй уазджытæ та сты? Æнæ ардæм цæугæ сын нæй, æви? Иннæ уатмæ сæ акæн.

Б у ц æ. Хъуыддаг сæ ам ис!

А с и а т. Цы та у, чи сты?

Б у ц æ. Лакатæ сты!

А с и а т. Цы нæм агурынц?

Б у ц æ. Чызг, чызг, Асиат-æхсин!

А с и а т. Цы?

Б у ц æ. Чызг дын куы загътон! Усгур сты, афтæмæй чызг агурынц. (Асиат цъылын аппæрста æмæ сагъдауæй баззад). Цы та ныджджих дæ? Хансиат кæм ис? Нæ та дæ фæнды? Хуыцауыстæн, Саламджерийæ хуыздæр дæ нæ ахæсдзæн. Цы хуызæн бæх ын ис, уый зоныс? Уыцы бæхæн йæ дыууæ цæсты Косеры цæстытæй рæсугъддæр сты. Саламджерийæн йæ иу ехсы къæрццы аргъ чи нæ у, Уастырджистæн, ахæмтæ дæм хъавыдысты курынмæ, сылваз Пупæтæ-йедтæ. (Асиат æм коммæ ныккаст мæстыйæ).

А с и а т (цыдæр фæхъуыды кодта). Чи у, цавæр Саламджери у?

Б у ц æ. Лакайы-фырт.

А с и а т. Хорз бæх ын ис, зæгъыс?

Б у ц æ. Ай-гъай! Бæхбæттæнмæ йæ чидæриддæр бафæрсдзæн: «Кæй хайуан у уый?»

А с и а т. Æмæ Пупæ кæй хоныс, уый бынтон фистæг у, бæх ын нæй?

Б у ц æ. Дынджырхъус хæргæфсы та бæхыл чи нымайы?

А с и а т (къахæгау). Баивис мæ уыцы бæхыл сæрмæ-сæр, и?

Б у ц æ. Уадидæгæн.

А с и а т. Æмæ мæ куы нæ фæнда, уæд та?

Б у ц æ. Цæуылнæ дæ фæнддзæн, æрра дæ?

А с и а т (ахъуыды кодта). Уæдæ мын бæхы аргъ йеддæмæ нæ кæныс?

Б у ц æ. Цæуылнæ, ирæд мæ рох у, æнхъæл дæ? Бæх – мæнæн, ирæд – хæдзарæн.

А с и а т. Уæй?

Б у ц æ. Æнгузы хуызæн.

А с и а т. Ме ’вастæй уæ бон нæу.

Б у ц æ. Аскъæфын дæ кæндзыстæм. Де ’гомыг митæй, дæ фыдбылызтæй нал фæразæм. Ды уал уат амæрз, æз Хансиаты рацагурон. Фæстæдæр баныхас кæндзыстæм.

А с и а т. Ме ’гасæй уæ къухы ницы бафтдзæн.

V

Æрбацыд Тæтæрхъан.

Т æ т æ р хъ а н. Цы дзæнгæда та цæгъдыс? Ныр дæ цæмæ рарвыстон? Ацу, рацагур Хансиаты! (Асиатмæ.) Ды дæр æй нæ зоныс, Асиат, кæм ис Хансиат?

А с и а т. Нæ зонын, кæд Хъамболатты ’рдыгæй нæй, уæд нæ зонын.

Т æ т æ р хъ а н (Буцæмæ). Цу, абæрæг æй кæн. (Фенцад. Буцæ ацыд). Асиат, мæ хур, мæнæн дæр сымах йеддæмæ ницы ис, цæуыл дзы мæ зæрдæ фæлæууа?.. Мусон дын дæ дзабираг нæ радта?

А с и а т. Цæуылнæ.

Т æ т æ р хъ а н. Мæ Хуыцау, мæ зæхх – ме ’вдисæн, къабайаг дæр дын æлхæдтон… Асиат, мæ хур! Дæуæн æз цы зæгъон, уый бакæндзынæ, дæу тыххæй мæ зæрдæ фидар у. Фæлæ мын а Хансиатимæ куы бадзурис. Исты дзуапп Касалатæн, гормæттæ! Ды мæ ныхасыл дыууæ нæ зæгъдзынæ, фæлæ… Асиат… (Иннæрдæм фездæхта ныхас). Дæ уат афснай. Буцæйы дзæнгæдамæ ма хъус. (Ацыд).

VI

А с и а т (иунæгæй). Мæ бындур йæ бынæй куыд ныззылд! Æнхъæлдæн æмæ та мæ алыварс цыдæр фыдбылыз рæзы. Буцæ ахæм æвзагæй кæм дзуры, Тæтæрхъан мæ мæт кæнын кæм байдыдта, уым сæм цыдæр уынаффæ ис… Хансиаты куыд ауæй кодтой, афтæ мæ ауæй кæндзысты. (Аджих.) Чи ахæцдзæн мæ фарс? Хъылцыхъо? Æмæ йæм чи байхъусдзæн?.. Пупæ йæ ныхас фæсайдта. Кæд æй нæ хъæуын, мыййаг… (Тæргайæ). Мæтæй мæ амарæд… Кæд мæ ферох кодта? (Хъæлдзæгæй). Уæд мыл хур нал кæсид æмæ дуне иннæрдæм афæлдæхид.

VII

X а н с и а т (æрбацыд). Æнхъæлдæн, Асиат, кувгæ кæныс?

А с и а т (сыстад). Кувын! Табу кæнын! Мæ зæрдæ кæд нал риссид.

X а н с и а т. Ныртæккæ дын нал рисдзæн. Хъамболаттæм уыдтæн. Сидахъон сыхаг хъæуы уыд мардмæ, нырма ныр æрбахæццæ.

А с и а т (фæтарсти). Чи амард?

X а н с и а т. Цæмæй зонын, чи амард! Чифæнды уæд. Пупæйы федта, рынчын уыд, ныр та дзæбæх у.

А с и а т. Хъылцыхъо зынæг нæй?

X а н с и а т. Хъылцыхъо дæр уым ис.

А с и а т. Æмæ дзæбæх у?

X а н с и а т. Æнхъæлдæн æмæ дохтырдзинадмæ дæ зæрдæ ’хсайын байдыдта. Дзæбæх сты сæ дыууæ дæр.

А с и а т (фæмæсты). Æмæ уæдæ кæд дзæбæх сты, уæд мын Лакатæ мæ уд хæрынмæ цæмæн æрбацыдысты?

X а н с и а т. Сæхи удтæ бахæрæнт. Цæй Лакатæ та сты?

VIII

М у с о н (æрбацыд). Уæууа, Асиат… (Хансиаты ауыдта). Æрбацыдтæ, Хансиат? Буцæ та ма дæу агуры.

X а н с и а т. Цы мæ кæны, цы хабар уæм ис?

М у с о н. Ницы… Уазджытæ нæм ис.

X а н с и а т. Цæй уазджытæ та нын сты?

М у с о н. Лакатæ сты.

X а н с и а т. Æмæ нын кæй æрбахастой, уый æнæ мæн уæ хъуыры нæ цæуы?

М у с о н (сабыргай). Иудадзыг хивæнд нæ хъæуы. Буцæ цæра…

X а н с и а т. Гъемæ сымахæн уый загъдæуа. Иудадзыг хивæндæй цæмæн архайут?

М у с о н. Бæргæ ницы архайæм.

А с и а т. Уæдæ нæм, бар ис-нæй, Лакаты чи ’ркодта?

X а н с и а т. Цæй Лакатæ сты?

М у с о н. Махæй сæм ничи арвыста. Фæлæ иу хатт искæй коммæ дæр бакæсын хъæуы. Гъе уыдон хорз мыггаг æмæ бонджын адæм хонынц. Лæппу та, уæдæ ма хуыздæр чердæм вæййы? Саламджери хуыйны, зонгæ дæр æй кæныс. У, дæ хорзæхæй, Хансиат, исты дзуапп ын раттут. Уæхицæн дæр æнцондæр.

X а н с и а т. Раттæм æй, зæгъыс?

М у с о н. Табуафси, курын уæ гъе уыцы хорз.

А с и а т. Хансиаты сæр цæмæн ссæндут?

X а н с и а т. Цы аипп мæм хæссут? Йе йæ хистæр нæ дæн, йе мæ цæст сохъхъыр у, йе мæ ми нæ бæззы? Фæсдуар кæй амбæхсат, уый дæн?

М у с о н. Дæуæн, Хансиат, дæ хъуыддаг конд у. Ис дын мойаг.

X а н с и а т. Сымах тынг чи хъæуы æмæ мæн æппын чи нæ хъæуы, уый?

М у с о н. Куы дæ фæнда, уæд дын ис. Фæлæ ды æппындæр ма ацæуай моймæ, æмæ уæд Асиат йæ фыды уæларт урс дадалитæ æруадза?

X а н с и а т. Мæн дæр сымах фенамонд кодтат. Æнаккаджы мыл сардыдтат. Нæ мæ хъуыд, æмæ дзы мæхи байстон… Фыдбоны халæтты уаст та хуымæтæджы нæ кæнут… Холыйы тæф та уæ былтыл ауад.

М у с о н. Уый зонай æмæ, гæзæмæ сойбыл уæ стæм!

А с и а т. Ныууадзут нæ, Мусон, мой дæр нын ма агурут æмæ кой дæр.

М у с о н (фæмæсты). Уæдæ урс дадалитæ рауадзут уæ фыды уæларт, кæд мын мæ дзæбæхтæ æндæр ницæмæ дарут, уæд. Мæхицæн уæ цы агурын?.. Мæнæн мæ бинонты фыдбылызы ма ’фтаут, уый фæстæ дæлдзæх фæут! (Рацыд.)

IX

Xансиат æмæ Асиат.

А с и а т. Сæхи та ракæнонхуыз куыд скодтой!

X а н с и а т. Куыд сæм кæсын, афтæмæй та фарс сты æмæ нæ фыдбылызы садздзысты… Асиат, куы дæ фæрсой, цæуылнæ комыс, зæгъгæ, уæд де ’фсон – моймæ дын мæ разæй ацæуæн нæй… Æниу æз ам дæу мæ фæстæ ныууадзин!

А с и а т. Уыцы ныхæстæ та ма дын цы сты! Æгъдау нал ис?

X а н с и а т. Нал ис, нал, æз æмæ дæ хуызæттæн æгъдау æххæст кæнын дæр сæ бон нæу. (Фæхъус). Амæй ма арвы цæфдæр уыдзæн?.. Макæй хъыг дар, макæмæн мацы зæрдæ æвæр, афтæмæй дыл алырдыгæй зындоны арт æндзарæнт? (Кæсы рудзынгæй.) Хъамболатмæ арвитын хъæуы, уый сæ куы нæ æрсабыртæ кæна, уæд мах къуымы бакæндзысты. Ксс-кс! Хабе!..

Ч ы с ы л  л æ п п у (æдде). Циу?

X а н с и а т. Цу-ма, мæ зæрдæдарæн, æмæ Хъамболатæн, Хансиат дæм дзуры, зæгъгæ, зæгъ.

Л æ п п у. Сидахъонты Гамболæн?

Х а н с и а т. О

Л æ п п у. Ныртæккæ, бæхыл абадон.

X а н с и а т. Дæ бæх бæрз у æви фæрв?

Л æ п п у. Хæрис.

X а н с и а т. Фезгъоры, мæгуыр… А Хъылцыхъо та цы фæци?

А с и а т. Афтæ æнхъæлыс, æмæ Хъылцыхъойы мах мæт йеддæмæ ницы мæт ис?

X

Æрбацыдысты Агуыбечыр, Бибо æмæ Буцæ.

Б и б о. Уæ бон хорз!

X а н с и а т. Бибо, æгас цу! (Къухтæ исынц). Кæцæй ды та?

Б и б о. Бахатыр кæн, Хансиат, сымах фенын мын ныронг дæр хæс уыди, хæстæгдзинад не ’хсæн куыд ис, уымæ гæсгæ, фæлæ нæ амал нæхи къухы нæй.

X а н с и а т. Нæ хæстæгдзинад дæуццаг нæу. (Фæхъус сты).

Б и б о. Мæнæн ардæм цæуын цы хъуыддæгты тыххæй æмбæлы, уыдон хицæн сты, фæлæ мыл ацы хатт æмгар фæтыхджын.

X а н с и а т. Хорз æмгар хæстæгæй хуыздæр у. Æз дзы бузныг дæн де ’мгарæй, уый нæ уæвгæйæ, уæд ныры онг дæр нæма федтаиккам.

Б и б о. Æмбæлы мыл, хъæуы мын, ноджыдæр мæ куы æфхæрай, уый, фæлæ мæ уæддæр дæуæй уыйас æфсæрм нæй. Мæ гыццыл хо Асиатæй мæ тынгдæр æфсæрм ис.

X а н с и а т. Цы уæлдай æфсæрмы ма дзы дæ?

Б и б о. Асиат, абад мæ цуры иучысыл. (Сбадын æй кодта). «Цы», куы зæгъай, уæд, фыццаджыдæр ын ныронг мæхи кæй нæ базонын кодтон, уый, дыккаг… (фæхъус, акаст сæм) йæ лымæйнаг знæгтимæ кæй дæн, уый.

X а н с и а т (фæхудт). Фыццаг ныхасæй раст зæгъыс, фæлæ дæ фæстаг ныхас цыма не’мбарын…

Б и б о. Агуыбечыр, зæгъæм нæ ныхас.

А г у ы б е ч ыр. Ай-гъай! Æхсæвæр æрæгмæдæр куы хæрай, уæд хор фылдæр нæ лæууы.

Б и б о. Уарзондзинады фæдыл нæ иттæг зæрдиагæй агурынц Лакатæ.

А г у ы б е ч ы р. Саламджерийы зондзыстут.

X а н с и а т. Цæмæй йæ зонæм, цæ? Æмæ уæ кæннод цæмæн хъæуы, мах æй зонæм, уый?

Б и б о. Уарзондзинады охыл нæ агурынц Лакатæ. Тыхгæнæг не сты.

А г у ы б е ч ы р. Тыхæй ардыгæй ницы ахæссæн ис.

X а н с и а т. Тыхгæнджыты фыддæр уыцы лæппу разыны, йæ уарзондзинадыл кæмæн нæ барвæссыдæуы.

Б и б о. Тыхгæнæг не стæм. Мах иукъордæй уæ мыггагмæ æрбацыдыстæм. Лакатæ Асиатыл рагæй дзурынц, айфыццаг уæм минæвар дæр æрбакодтой. Уæд цæйдæр тыххæй фехæлд хъуыддаг, æниу уæ хистæрты фæндыд. Ныр дæр, кæй уарзын, уыдоны хистæртæ-иу кæрæдзийæн ахæм адджын ныхæстæ кæнæнт. Фидыд сты. (Асиат фестъæлфыд, сыстад). Фæлæ ма уæддæр мах æрбарвыстой мæ хойы бафæрсынмæ. Загътой: нæ ныхасыл уæлдай нæ зæгъдзæн, фæлæ йæ уæддæр бафæрсут: ныры фæсивæд хивæнд сты. (Асиатæн). Цы нын зæгъыс, мæ уарзон хо? (Ахъуыды кодта.) И? Цы нын зæгъут, Хансиат?

X а н с и а т. Мæн та ма дзы цы фæрсыс, хистæртæ кæй алыг кодтой, уымæй мæ бон цы уæлдай зæгъын у?

Б и б о. Нæ хистæртæ дæр æй афтæ цæхгæр нæ алыг кодтой. Арæзт сымахмæ ис.

А г у ы б е ч ы р. Æнæ сымах бафæрсгæ куыд?

X а н с и а т. Стыр дис цæуыл кæнын, Бибо: ахæм хъуыддаджы, ахæм уынаффæйы сылгоймаг кæройнагдæр цæмæн вæййы?

Б и б о. Цæмæн зæгъыс, Хансиат? Ахæм зонд нæм куы нæ ис.

X а н с и а т. Абоны онг мах Асиатимæ, Лакатæ цы сты æмæ ныл цы фæндтæ кæнынц, уый нæ зыдтам. Ныр æй куыд бамбæрстон, уымæ гæсгæйæ хъуыддаг зындгонд уыд нæ алыварс адæмæн дæр, дæуæн дæр, Бибо! Куы ничи уæ ницы ской кодта?

А г у ы б е ч ы р. Гъе ныр дын æй зæгъæм, мах дæр æй сымах тыххæй кæнæм, нæ дзыпмæ дзы фостæ нæ хæссæм. (Хансиат æм скаст.)

Б и б о. Æмæ дын уымæй мæхи раст кæнын?

X а н с и ат. Ныронг нæ цæуылнæ федтай? Цæуылнæ абадтæ немæ? Чи нæ кæцы у, уый уæддæр зыдтаис.

Б и б о. Къæмдзæстыг дæн уыдæттæй.

X а н с и а т. Уæд кæд базыдтаис… (Фæхъуыды кодта). Цæй, ницы.

Б и б о. Мæ мард фен, куы нæ зæгъай.

X а н с и а т. Тобæ.

А с и а т. Уæд кæд, Хансиат хистæр кæй у, уый зыдтаис.

Б и б о. Хансиат хистæр у, уый та куыд нæ зонын, фæлæ…

X а н с и а т. Фæлæ мæ Касалаты чындз хоныс.

Б и б о. Æмæ афтæ нæу?

А г у ы б е ч ы р. Зæгъут, Хансиат, уæ дзуапп.

X а н с и а т. Æмæ кæд уый афтæ у, уæд Асиатыл дæр цæмæн дзурут? Уый та Ханæгатæ аскъæфтой æмæ йæ сæхи хонынц.

Б и б о. Уыдонимæ дзурын бæргæ æнцон у.

X а н с и а т. Гъе уæдæ сдзурæгæй у, æвæццæгæн, Бибо! (Хансиат æмæ Бибо кæрæдзимæ кæсынц).

А г у ы б е ч ы р. Бибо, хистæртæ махмæ баддзысты. Исты дзуапп, Хансиат!

X а н с и а т. Бафæрсут ын мæнæ йæхи, æз уын ницы зæгъинаг дæн.

Б и б о (Асиатмæ). Цæй, уæдæ, мæ гыццыл хо Асиат, хистæртæ махмæ куы кæсынц, зæгъ нын дæ дзуапп.

А с и а т. Цы уæ фæндыд, уыдæттæ куы бакодтат, уæд ма махæй та цы хъазут?

А г у ы б е ч ы р. Чи дзы цы бакодта, чи? Уæ дзуапмæ æнхъæлмæ кæсынц.

Б и б о. Дзæгъæлы нæ бафхæрдтай, мæ гыццыл хо.

А с и а т. Цы дзы фехалдзæн мæ дзуапп йе дзы цы сараздзæн?

Б и б о. «О» куы зæгъай, уæд Лакатимæ бахæстæг кæндзыстæм, «нæ» – уæд та нæ алчи йæ фæрныг хæдзармæ ацæудзæн.

А с и а т. Афтæ у?

Б и б о. О.

А г у ы б е ч ы р. Афтæ.

А с и а т. Нæ уæдæ, нæ. Æргом ныхасы къæм нæй. Зæгъут сын, Асиат разы нæу.

Б и б о. Ау! (Фæмæсты.)

А г у ы б е ч ы р. Хансиатмæ бахæлæг кодтай?

Б у ц æ. Æдзæсгом!

Б и б о. Æфсарм нал ис, хистæртæн афтæ куыд зæгъон? (Ахъуыды кодта). Уæвгæйæ уын æндæр цы зæгъа уæдæ, азымы йæ дзæгъæлы дарут. Уый дæр дзуапп у! (Аджих). Цомут уæдæ нæ хистæртæм. Цæй, уæдæ, хорз амæндтæ уæ хай! Къухтæ нæма исын.

Рацыдысты Агуыбечыр, Бибо, Буцæ.

Б у ц æ (мæстыйæ кæсы Асиатмæ.) Хансиаты фæзмыс? Къæйных, фæлæуу! (Рацыд).

XI

Xансиат æмæ Асиат.

X а н с и а т. Ай та цы ми кæны?

А с и а т. Сæрхъæн цы фæкæны? Лакаты Саламджерийæн мæ сæрмæ-сæр бæхыл ивы!

X а н с и а т. Бæрзæйсаст фæуа, кæд цавæр ивд у, уæд.

А с и а т. Ныр куыдтæ радзырдтой, куыдтæ кодтой? Минæвæрттæ!..

X а н с и а т. Бибойæн йæ фæстаг ныхæстæй ницы бамбæрстсн. (Ахъуыды кодта). Мæ бындурыл! Асиат!

А с и а т. Циу, цы?

X а н с и а т. Цы, уый зоныс? Фыдбылызы та нæ æфтауынц. Дæ ныхас хистæртæн нæ зæгъдзысты.

А с и а т. Уанцон нæу?

X а н с и а т. Гъæй-джиди, уыдонмæ байхъус. Кæй барвитæм? (Рацæйцыд. Сидахъон бацыд).

XII

Асиат, Хансиат, Сидахъон.

X а н с и а т. У-у, Сидахъон, нæ хæдзар та хæлы!

С и д а хъ о н. Цы та у, мæ бындур ныззылд?!

X а н с и а т. Уазджытæ кæм сты, уый зоныс?

С и д а хъ о н. Зонын, дæ рын бахæрон.

X а н с и а т. Цæугæ уæдæ æмæ сæм искæй байхъусын кæн. Кæддæра сын Агуыбечыритæ цы радзуриккой?

С и д а хъ о н. Цы фыдбылыз та у, мæ бындур ныззылд?! (Рацыд).

ХIII

Асиат, Хансиат.

А с и а т (дисгæнгæйæ). Куыд нæ зæгъдзысты мæ ныхас?

X а н с и а т. Бибойы фæстаг ныхас нал хъуыды кæныс? «Уый дæр дзуапп у!» Цæмæн афтæ загъта, уый æмбарыс?

А с и а т. Не ’мбарын.

X а н с и а т. Дæ ныхас дзуаппыл банымадта, разыйы дзуаппыл. Радзурдзысты: «Нæ» кæд загъта Асиат, уæддæр æфсæрмæй, фæлæ разы у. Тæрсын, дæ ныхас дын афтæ куы агалиу кæной, уымæй.

А с и а т (фæтарст). Мæ бындур ныззылд! Æмæ сæ афтæ ныууадзон?! Уæддæр мыл къæйныхы ном ис æмæ мын хъауджыдæр нал у. (Агуры).

X а н с и а т. Цы дæ зæрды ис?

А с и а т. Мæ кæлмæрзæн цы фæци? Уырдæм сæм цæуын.

X а н с и а т. Æрра сдæ? Кæд дæ ныхæстæ раст радзурдзысты, уæд та? Дæ лæбурды цы и? Хъамболаты сæм барвитдзыстæм…

А с и а т. Кæд ма, кæд? Куы мæ ныууæй кæной, уæд?

X а н с и а т. Афтæтæ куы кæнай, уæд дыл зарджытæ скæндзысты.

А с и а т. Зарджытæ! Æмæ ма мыл цавæр зарæг скæндзысты? Фæсхъæуы фыййæуттæ цъиутау кæй уасынц, уымæй æбуалгъдæр ма мыл цы æрымысдзысты.

X а н с и а т. Æз та ма дын, куы фефсæрмы уай, уымæй фæтарстæн… Æнцад у, Хъамболаты бар сæ уадз. (Фæхъус сты).

А с и а т. Кæд уыдзæн Хъамболат дæр? Афонмæ ахицæн кодтой хъуыддаг! Æз æм мæхæдæг цæуын. (Рацыд).

XIV

Xансиат.

X а н с и а т. Мæгуыр, æнамонд Асиат! Æмбарын, цæмæн дæ ферох æфсæрм, уый. Уарзондзинад зонды коммæ нал фæкæсы. Зæйау дыл стыхджын дæ уарзондзинад, æмæ катай кæныс.

Ч ы с ы л  л æ п п у (æдде). Тпрр. Ей, Хани!

X а н с и а т. Циу, мæ зæрдæдарæн?

Л æ п п у (æдде). Хъамболат ныртæккæ æрбацæудзæн. Мæнæ дын чиныг, иу лæг дын æй æрбарвыста.

X а н с и а т. Кæм и, чи у, цы хуыйны?

Л æ п п у (æдде). Нæ зонын. Йæ фарсыл мæныйас хъама. Кæд, дам, схъыг дæ, уæд ардæм рацу.

X а н с и а т. Касалы-фырт хуынд?

Л æ п п у (æдде). О, о, кæсаджы фырт.

X а н с и а т. Кæм и?

Л æ п п у (æдде). Уæртæ быруйы цур.

X а н с и а т. Цу, атæр æй, кæннод нын нæ кæрчытæ адавдзæн! Ауай!

Л æ п п у (æдде). Уастырджистæн, ныртæккæ. Куыйты йыл сардаудзынæн. (Æфсæрмхуызæй). Дæ чиныг-ма мын ратт.

X а н с и а т. Æгайтма дæ хъæуы, мæ къона. (Дæтты йын чиныг). Куыйты йыл сардау.

Л æ п п у (æдде). Чиныг мын! Чиныг мын! Мæнæн чиныг! Гъа, гъа, Силæм! Силæм! Уырæдз!

X а н с и а т. Дæ хистæртæ дæ фæхъхъау фой, Хабе! (Фæхъус). Фыдбылыз та нæм хæцаг бирæгъау йæ дæндæгтæ ныззыхъхъыр кодта. (Æнкъардæй бады).

XV

Агуыбечыр æмæ Xансиат.

А г у ы б е ч ы р (æрбацыд). Цæуыл та æнкъард дæ?

X а н с и а т. Амæлын – хуыздæр ацы цардæй: йæ кой дæр мын тых кæны, уый зоны æмæ мæм чиныг дæр уымæн æрбарвыста.

А г у ы б е ч ы р. Чи у, чи, уыцы писыр?

X а н с и а т. Дæ лымæн Касалы-фырт.

А г у ы б е ч ы р. Ахæм лымæндзинадæй не ’хсæн куы ницы ис.

X а н с и а т (ахъуыды кодта). Касалы-фыртимæ цард нæ дыууæйæн дæр фыдбылыз у. Адæм уый не ’мбарынц, афтæмæй мæ уæддæр йемæ цæрын кæнынц. Фыдбылыз дзы ис уым æмæ, уый зонгæйæ, нæй мæнæн уыцы хъуыддаг бакæнæн.

А г у ы б е ч ы р. Зониккам æй, фыдбылыз дзы куы уаид, уæд. Аргъ нын кæй нæ кæныс, уымæй дæхи иттæг зыны æвæрыс.

X а н с и а т. Зонын æй æмæ амондмæ æнхъæлмæ нал кæсын. Худинаг дæр мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн.

А г у ы б е ч ы р. Аскъæфдзысты дæ.

X а н с и а т. Цæмæй йæ зоныс?

А г у ы б е ч ы р. Зонын æй.

X а н с и а т. Куыд бауæнддзысты сымахæй? Кæд сæ дæуæй ныфс ис?

А г у ы б е ч ы р. Æз уый мæ сæрмæ не схæсдзынæн, фæлæ дæ æнæ хицонæй дæр аскъæфдзысты.

X а н с и а т. Аскъæфæнт уæд та! Мæнæй пайда ничи фендзæн. Фæлæ, Агуыбечыр, курын дæ, Асиаты мын ма фенамонд кæнут.

А г у ы б е ч ы р. Амондджын цæмæй уа, ууыл куы зилæм. (Рацыд).

А с и а т (æдде). Фезмæл, фезмæл, Хъамболат!

XVI

Хъамболат, Хансиат, Асиат.

Хъ а м б о л а т. Цы фестæм?

X а н с и а т. Нæ фæдистæй дæ схъыг кодтам! Лакатæ ам сты, уый зоныс?

Агуыбечыр рудзынгæй æрбазынд, Хансиат æй нæ уыны.

Хъ а м б о л а т. Фехъуыстон.

X а н с и а т. Асиатмæ Агуыбечыр æмæ Бибойы фæрсæг æрбарвыстой. Ам цыдæр къулбадæг ныхæстæ фæкодтой æмæ ацыдысты. Асиат сын цæхгæр «нæ» загъта, фæлæ мæм сæ ныхæсты хъæд хорз нæ фæкаст. Тæрсын гадзрахатæй. Сæ цуры куы уаис, уый мæ фæнды. Æгæр къулбадæг ныхæстæ кодтой, æмæ тæрсын…

А г у ы б е ч ыр. Уæ алы чъизи ме ’фсон ма кæнут. Æз къулбадæг ныхæстæ нæ кæнын, ма мæ къахут уымæй фылдæр. (Фæаууон).

X ъ а м б о л ат. Æндæр хорзмæ нæ бæллын, ацы «хорз» æфсымæрты цурæй уæ куы сцух кæнин.

XVII

Уыдон æмæ Сидахъон.

С и д а хъ о н. Уый нæ лæг дæр ам куы ис!

X а н с и а т. Цы базыдтай? Цы радзырдтой?

С и д а хъ о н. Цы сын загътат, уымæй уæлдай ницы.

А с и а т. Æмæ номхыгъдæй цы?

С и д а хъ о н. Мæ бацыдмæ минæвæрттæ сæ ныхæстæ конд фесты. Хансиаты нæ фæндыгомау, загътой. Асиат кæд «нæ» загъта, уæддæр уый тыххæй, æмæ йын «о» зæгъын зын у, æфсæрмы кæны. Афтæ мын сæ радзырдта уе ’рвадæлты лæппу.

X а н с и а т. Нæ загътон?!

А с и а т. Мы бындур ныззылд, Хъамболат! (Йæхи йæм баппæрста).

Хъ а м б о л а т. Ма мæт кæнут, мæ бар сæ уадзут. Хъæды сырдтæ сты махмæ адæм. Хæстæгдæр дæм йæхи чи ласа, уымæй дардмæ лидз æмæ йыл тигъджын дур цæв. Дис кæнын, арв нæ куыд нæ ныггæрах ласы, ууыл. (Рацыд).

ХVIII

Сидахъон, Асиат, Хансиат.

С и д а хъ о н. Мæ бындур йæ бынæй сау зылд куыд ныккодта, æнхъæлдæн æмæ та уыл гадзрахатæй рацыдысты?!

X а н с и а т. Сæ фыццаг раконд у?

А с и а т. Гъе ныр уыдон кæрæдзи ма ныццæгъдой? Фæрсæм, дам, дæ, Лакайы-фыртæн комыс æви нæ? Нæ комын! Зæгъ-ма, Сидахъон, сæ хъустæ ма сын асаджил кæнон?

С и д а хъ о н (дисгæнгæйæ). Цы радзырдтой, уыдон сæхуыдтæг æрымысыдысты?

X а н с и а т. Уæдæ!

С и д а хъ о н. Кæрæдзийы амарæнт Уациллайы бон, сæ устытæ куырдуаты куыд баззайой. Науæд сæ куы ’рхæссой, уæд хызисæн æхсæв фыдызнаджы амæттаг фонт!

X а н с и а т. Ног арфæтæ куы рауагътай, Сидахъон. (Йæхинымæры цыдæр куыстыл фæци.)

С и д а хъ о н. Уый сын мæ арфæтæ. (Фæхъус сты).

XIX

Хъылцыхъо, Хансиат, Сидахъон, Асиат.

Хъылцыхъо (æнкъардæй). Цы фестут, мæ хотæ?

С и д а хъ о н. Фæзындтæ, сæфт? Дæ фыд та дæм агурæг цыд.

А с и а т. Дæ хотæ, алы бон кæимæ фæбадыс, уыдон, – мах дæ рох стæм.

Хъ ы л ц ы хъ о. Бæргæ мæ не стут рох!

X а н с и а т. Фæлæ цы?

Хъ ы л ц ы хъ о. Ницы…

А с и а т. Куыд ницы? Рынчын уыдтæ? И? Исчи амард? Цæф у? Цы, цы? Цы загътай?

X а н с и а т. Мæ бындур ныззылд, куыдтæ дзурыс уый?

Хъ ы л ц ы хъ о. Æрра сдæ? Ничи у цæф! Æгас стæм, дзæбæх стæм.

С и д а хъ о н. Цы та у, мæ бындур ныззылд?

А с и а т (Хъылцыхъойæн). Дæ цæсгом бамбæрз æмæ афтæмæй кæн гæдыныхæстæ.

Хъ ы л ц ы хъ о. Æмæ кæд цæф нæ, фæлæ мард у, уæддæр ма нын дæ бон циу? Кæй бон циу? Фæлæ…

А с и а т. Æз дæр дæ уый агурын… (Хъæрæй). Зонын æй, зонын æй, мауал мын æй æмбæхс. Тæтæрхъаны нæмыг уирагдуртыл кæй туг ныккалдта, уый зонын. Йæ размæ бабадтысты æмæ йæ амардтой. (Дуары ’рдæм хъæр кæны). Цы дын кодтам, Тæтæрхъан, зындоны арты нæ цæмæн судзыс?!

Хъ ы л ц ы хъ о. Æнкъард дæн æз, нæ фидауджытæ ныронг ам кæй не сты æмæ та уæ алырдæм ратон-батон кæй кæнынц, уый тыххæй. Æгас стæм, дзæбæх стæм! Æрра хъæртæ ма кæн!

С и д а хъ о н. Æгæр дæхи суагътай, мæ къона Асиат, уый нæ бæззы.

X а н с и ат. Æрра митæ ма кæн! (Сидахъон рауад).

А с и а т. Фосы уæй мæ кæнынц æмæ мæ бон «нæ» зæгъын нæу. Ауадзут мæ, цæугæ сæм кæнын… (Рацæйцыд, дуарыл Тæтæрхъанимæ сæмбæлд).

XX

Уыдон, Тæтæрхъан æмæ иннæтæ.

Т æ т æ р хъ а н. Кæдæм, дæ бынаты слæуу! Мидæмæ, Сафар. (Æрбацыдысшы Сафар, Хъамболат, Бибо, Аслæнбег). Уазджытимæ мæ тæккæ зæрдиаг ныхас кæнгæйæ мæм уæ мады ’фсымæр Хъамболат фæфæдис. Бамбарын нын кодта, цыма уæ ацы хъуыддаг нæ фæнды, уый. Ахæм ныхас бауæндын æнхъæл уын нæ дæн, æмæ мæ фæнды уæхи дзыхы дзуапп фехъусын мæнæ дзурæджы æфсымæр Сафаримæ.

А с и а т. Фæндон мын нæу ацы хъуыддаг. Нæ мæ фæнды. Хуыцауы хатыр бакæнут, ныууадзут мæ!

Т æ т æ р хъ а н. Банцайут, худинаггæнджытæ!

С а ф а р. Цом! Нæхион нæхи фæци! (Хансиатæн). Хистæр чызг, мæ абоны худинаг дæуæй æнхъæл дæн. Уæ ном мын фидисæн баззайæд, æз ме ’фхæрд куы ныббарон. (Бакъахдзæф кодта).

Хъ ы л ц ы хъ о. Уыдоны ном дын ничи бафиди скæндзæн, фæлæ дæхи ном абонæй фæстæмæ æнаккæгты æлгъитынæн бæздзæн. (Сыстадысты, дуар гом, Тæтæрхъан къæсæрыл, Сафар йæ цуры. Хъамболат йæ бынаты лæууы, Аслæнбег бады.)

Хъ а м б о л а т (Хъылцыхъойæн). Æнцад у, дæ дзырддаг адонимæ нæу… ам нæу! Тæтæрхъан, ацы уазæг де ’фсымæры æмæ мæ хойы чызджытæн кæй загъта, уый нын æхсæрфарсы цæф у. Бæзцъар дæ æмæ та барыс, фæлæ мæнмæ æндæр уынаффæ ис.

С а ф а р. Цы, дæ хорзæхæй?

Хъ а м б о л а т. Ацу! (Хъæрæй). Уæй кæнинаг!

Бибо Хъамболаты асхуыста. Хъылцыхъо Бибойы риуыл фæхæцыд æмæ йæ фæдуарæдде кодта. Хъамболат Хъылцыхъойы уромы. Аслæнбег, Агуыбечыр, чызджытæ иргъæвынц.

Б и б о. Кæуыл хъæртæ кæныс ды?

Хъ ы л ц ы хъ о. Дард, фæлдыст куыдз!

Хъ а м б о л а т. Æнцад у, лæппу, агъуысты фарн ма рох кæн!

XXI

Чызджытæ, Хъамболат æмæ Хъылцыхъо.

Б и б о (æдде). Æддæмæ-ма рацу, сылваз!

Хъ ы л ц ы хъ о (тырны). Æмæ мæ уæд бирæ пайда ахæсдзынæ? (Хъамболат æй уромы.)

Хъ а м б о л а т. Бирæгъæн æмбисæндтæ хаст, уый сæгъмæ йæ хъус дардта. Æнæгъдау æнæгъдау уæд, уымæ гæсгæ ды де ’гъдау ма хал. (Фæхъус сты).

X а н с и а т. Цы ма кæндзыстæм! Бинонтæ нæ, фæлæ нæм адæм æппæт дæр схæрам сты. Ацы æнамонд цæмæн стæм? Кæмæн цы кодтам? Рæстдзинад нал агурын, фæлæ нын тæригъæд дæр куы ничиуал кæны. Асиат, мæ уарзон, ма ку! Уæд та ку! Ку, мæ иунæг хо, фыдбылызтæ рæзын кæй нæ бауагътой, дунейы царды рæсугъддзинадæй чи ницы федта. (Кæуынц).

Хъ а м б о л а т. Æтт, æтт, æтт, Хансиат! Куыд кæнут уый? Бархийы æфсæрм ис. Бархийæн ныфс хъæуы. Федтат ам дæрзæг тымбылкъухтæ, æмæ уыдон тых уæхицæй цæсты сыгæй аздахынмæ хъавут? Сымах агурут уæ бартæ. Дунейы сылтæ иумæ цы хъуыддаг нæ бафæраздзысты кæнын, уый уæз райстат уе ’ккоймæ. Кæсын уæм æмæ уынын, уыцы уæз уæ бурæхсидт хохау йæ быны куыд кæны, уый. Тæрсын, уæ лæмæгъ уæраг куы фæтаса, уымæй. Куы фестин æндон цæджындз, уæд та цавддур, уыцы хох чи бауромид. Гъæй-джиди!..(Аджих). Фæлæ аздæхæн нал ис.

X а н с и а т. Раст зæгъыс, Габо, уæдæ нæм цæй тыххæй хæрам сты, уый кæронмæ æмбарын.

Хъ а м б о л а т. Хансиат, Асиат, Хъылцыхъо, уартæ (амоны) уым – не знæгтæ, ам та – мах. Рахæцыдыстæм семæ хъæбысæй, æмæ хъуамæ бынæй уыдон фой. Хъылцыхъо, ацы хотæ цалынмæ сæ амонд ссарой, уалынмæ ма бацагур хъарм бынат, зæрдæрухс. Амæл, кæд хъæуы, уæд, æгадмæ сæ ма ’руадз. Мæ хо, Госæма-хо, дæ дыууæ сидзæрæн дын мæ иунæджы нывонд кæнын, мæ бон дын æндæр ницы у.

X а н с и а т. Тобæ, Габо, мах ын нæхуыдтæг нæхи нывондæн куы хæссæм.

Æмбæрзæн.

 

ÆРТЫККАГ НЫВ

Хоты уат — афтид, йæ дзауматæй йæ хуылфы ницыуал. Чъизи. Тъæпæнджытæ дзы.

I

Агуыбечыр æмæ Буцæ.

А г у ы б е ч ы р. Æмæ уæдæ сразы сты?

Б у ц æ. Ныр сæм æртыккаг хатт бацыд Тæтæрхъан.Табуафситæ сын кæны, мæ зæрондæй мæ ма фæхудинаг кæнут сын зæгъы, кæй сæм никуал сдзурдзæн, ууыл сын дзырд дæтты. Иуныхасæй сæм йæхи ауагъта.

А г у ы б е ч ы р. Æмæ разы кæнынц?

Б у ц æ. Тыхджын. Æмæ сын æнæ сразы ис. Чындзхæсджытæ куы ’рбацæуынц ноджы.

А г у ы б е ч ы р. Сс!.. хъæр ма кæн. Цæй чындзхæсджытæ?

Б у ц æ. Саламджерийы йеддæмæ нын сиахс кæм ис?

А г у ы б е ч ы р. Ахсæв уæдæ, и?

Б у ц æ. Тыхджын, афонмæ дæр æрбахæстæг сты.

А г у ы б е ч ы р. Фысыммæ кæмæ уыдзысты?

Б у ц æ. Уый зæгъинаг нæу. Зонгæ дæр æй нæ кæнын. Цæмæн дæ хъæуы?

А г у ы б е ч ы р. Тæрсын, куы дæ базындæуа, уымæй: йæ хойы аскъæфын кодта, зæгъгæ, куы айхъуыса, уæд худинагæй не ’ппæт дæр дзаг кæнæм. Мæнмæ дæр ма дзы хæццæ кæны.

Б у ц æ. Ма тæрс. Ды ам нæ уыдзынæ йæ сахатыл, æз та хоты хъахъхъæнгæ кæндзынæн. Куы ’рбабырсой, уæд сын мæн акъуырын цас у. Бынæй куы фон, уæд мæм худинагæй цы хауы? Хансиаты бауромдзысты, Асиаты хæсдзысты…

А г у ы б е ч ы р. Тæрсын, куы ныггалиутæ кæнай…

Б у ц æ. Хуыцау бахизæд, уæд æнæ бæхæй баззайдзынæн.

А г у ы б е ч ы р. Цæй бæх?

Б у ц æ. Уæдæ цы? Саламджерийæн мæ хойы лæвар дæттын? Асиат – уымæн, бæх – мæнæн.

А г у ы б е ч ы р. Уайтагъддæр! Æнхъæлмæ кæс! Уæллæгъи, нæ хотæй ма йын æртæ куы раттай, уæддæр уый йæ бæх нæ ауæлдай кæндзæн. Æрра дæ?

Б у ц æ. Хуыцауы тыххæй, æцæг?

А г у ы б е ч ы р. Уыйхуызæн бæх афтæ авæргæйæ у?

Б у ц æ. Уæдæ ма уæд мæхи та цы худинаг кæнон? Асиаты тæригъæды та ма цы цæуон? О, æмæ уæд æз иннæрдæм нæ зонын?

Агуыбечыр. Чердæм?

Б у ц æ. Давгæ.

А г у ы б е ч ы р. Дæуæй йыл дзæбæхдæр лæппутæ авзæрста, æмæ къухы не ‘фты.

Б у ц æ. Се скъæтæй дарддæр ма искуы ис?

А г у ы б е ч ы р. Æмæ скъæт куыд æвæрд у, уый зоныс?

Б у ц æ. Нæ зонын. (Гуырысхойæ). Ды йæ цæмæй зоныс?

А г у ы б е ч ы р. Зонын æй.

Б у ц æ. Цæмæй?

А г у ы б е ч ы р. Уый дæ хъуыддаг нæу. Фыны йæ федтон.

Б у ц æ. Æцæг зæгъыс? (Гуырысхойæ). Æмæ куыд у уæдæ?

А г у ы б е ч ы р. Скъæты ных Саламджерийы уаты æмбуар у. Бæхдоны дуары фæстæ æфсæйнаг æхгæнæн къулы иннæрдæм Саламджерийы уатмæ хизы, уым æхгæнæны уыттыр тъыст, уыттыры уæлæ базтæ – Саламджерийы нывæрзæн. Ацу æмæ йæ ралас уырдыгæй.

Б у ц æ. Лымæн, æнхъæлдæн æмæ йыл кæддæр дæхи ахафтай, фæлгæнцтæ æгæр бæлвырд зоныс.

А г у ы б е ч ы р. Фыны федтон дын куы зæгъын.

Б у ц æ (фæмæсты). Аскъæфдзынæн ын æй бон-сихорафон.

А г у ы б е ч ы р (рацæйцæугæйæ). Багæрах дæ кæндзæн.

Б у ц æ. Фендзыстæм. Уыдæттæм æрцом.

А г у ы б е ч ы р. Цафон сæмбæлдзысты?

Б у ц æ. Фыццаг фынафон.

А г у ы б е ч ы р. Тæтæрхъанæн зындгонд у?

Б у ц æ. Уый та йæ цæмæй зоны?

А г у ы б е ч ы р. Фæдисы куы рацæуа…

Б у ц æ. Фыццаг фынафон алчи фынæй вæййы. (Мидбылты бахудт).

А г у ы б е ч ы р (фæгуырысхо). О! Хорз, уæдæ.

Б у ц æ. Уæууа, байрæджы мын, цон, æз бæх аифтындзон. Демæ дзурыныл фæдæн. Цом, нæ хоты æрбакæнæм.

А г у ы б е ч ы р. Хи хъæуы та уæрдон цæмæн хъæуы?

Б у ц æ. Сæ дзаума дæр уым сты. Хъамболатмæ биноныг æрцæрынмæ хъавыдысты. (Рацыд).

А г у ы б е ч ы р. Цу, уæдæ! Фæсайдтой дæ, мæгуыр лæппу! Саламджери йæ бæхы бæсты йæ рахиз цонг лыгмæ ратдзæн. Тæтæрхъаны зонд дæр дзы ис, уый ныр бæрæг у. (Ахъуыды кодта). Уый æмæ дын æз. Нæ уарзын, къухæй фидар хæст куы нæ уон, уæд. Æргом ныхасы къæм нæй: «Бæх – мæн, Касалатæ, Хансиат – сымах, раздæр бæх мокцеби». Афонмæ пæух дугъон ме скъæты хуссайраг хос мерс кæны. Искæй дзырдыл Агуыбечыр цæмæн баууæнда. (Ахъуыды кодта). Дыууæты скъæфджытæ дæр ахсæв бырсдзысты. Ныггалиутæ уыдзысты. Уыцы цæттæйæ та дзы йæ хъуыддаг ничи ныууадздзæн. (Ахъуыды кодта.) Кæрæдзийæн сæ базонын кæнын хъæуы. Сæхуыдтæг ыл фидауæнт. Кæн… (Мусон æрбацыд.)

II

М у с о н (Агуыбечыры нæ уыны). Цы сæм худаистæй цæуы? Кæд сæ хъæуы – мæнæ сын хæдзар, кæннод сæ Лæгтыдзуар фыдвæндаг фæкæнæд. Хæтынмæ хъæуы куыйты куы амбылдтой. (Рудзынгæй дзуры). Ацу, Буцæ, æмæ нæ лæгæн зæгъ – ракуыйты уæд йæ хæдзармæ.

Б у ц æ (æдде). Ма дзур, ды та цы ’мбарыс. Тпрр! Ард дæ хæдзары! Гузи дæр та скъуыд куы у. О, заууаты хæдзар, йе! Мусон, æнцад у, ма та сæ-иу æлгъит, куы ’рбацæуой, уæд.

М у с о н. Æз сæ не ’лгъитын, фæлæ сæ Хуыцау ралгъитæд. Ды дæр де ’мгæрттæй фæхъу, кæд мæм цы ’взаджы хаттæй дзурыс, уæд.

А г у ы б е ч ы р. Цæй мæсты дæ, Мусон? Исчи ахæм зæрдиаг æлгъыст кæны?

М у с о н. Уæууа, куы нæ дæ федтон. Куыд нæ уон мæсты, куыд не ’лгъитон? Дыууæ хæйрæджы нæм равзæрд. Мах сæ адæймæгтæ хонæм, фæлæ уыдон, сæ мады хуызæн, хæйрæджытæ сты. Нæ цардæй нын арвистон скодтой. Рахиз æмæ галиу кæм ис, уый нал зонæм. Нæ зæронд арс схæцыд æмæ ма сæм ноджы лæгъстæмæ бацыд. Цы дæ кæсы, уадз сæ, æндæр! Куы сæ хъæуа, уæд сæхуыдтæг цæудзысты.

А г у ы б е ч ы р. Тæригъæд æм кæсынц. Адæмæй дæр худинаг у сæ ныууадзын.

М у с о н. Æмæ уыдонæн куы ницы у худинаг! Уыдон куы нæ тæрсынц худинагæй.

А г у ы б е ч ы р. Уыдон сæ цæсгом суагътой. Сылгоймаг йæ цæсгом куы суадза, уæд ма худинагæй тæрсы?

М у с о н. Уæ, сæ уæлæ æрхауой сæ цæсгæмттæ, кæд сæ кæдæм суагътой, уæд! Сымах дæр уæхи лæгтæ хонут!

А г у ы б е ч ы р. Цæмæй ныл фæгуырысхо дæ?

М у с о н. Раттут сæ искæмæн, æмæ уæ æгъгъæд мæстæй марой. (Буцæ æрбацыд). Сылгоймæгтæ йеддæмæ ма исты сты? Цæмæй сæ тæрсут?

III

Б у ц æ (хъазæгау). Нæ хотæ не сты? Тæригъæд сын кæнæм.

А г у ы б е ч ы р. Тæрсгæ та сæ цæмæй кæнæм?

М у с о н. Ахæм джауыртæн тæригъæд дæр нæ хъæуы æмæ иу дæр. Фæйнæ роны хæррæгъыл дæр сæ æрбауæй кæнут.

Б у ц æ. Бæхтæ дæр та нын хæлæг кæныс? Цом, цом, Агуыбе.

М у с о н (гуырысхойæ). Цы? Цытæ та дзурыс?

Б у ц æ. Ницы, бæхæн нæмыг куы авæрин, зæгъын.

М у с о н. Дæлгом ау, кæд цы дæлгоммæ ныхæстæ кæныс! Тъæпæнæг кæм ис?

Б у ц æ. Къуымы!

М у с о н (тъæпæнæг хæссы). Къуымтæ ныууай кæннодæ, кæд ницы бакæндзынæ, уæд. (Рацыд).

Б у ц æ (йæ фæдыл). Цы базындæуа!

А г у ы б е ч ы р. Æгæр дзурыс. Сусæг зарæг хъæрæй нæ чындæуы!

Б у ц æ. Тæрсгæ ма кæн. Цом!

А г у ы б е чы р. Цом, фæлæ мæ чысыл хъуыддаг ис æмæ мæм куы фæлæууис!

Б у ц æ. Фæлæудзынæн.

Агуыбечыр рацæйцыд, фæлæ Мусонимæ баиу.

IV

М у с о н. О, дæ хорзæхæй. Цæмæй дæ афæрсынмæ хъавыдтæн. Хъамболататæм уыцы сыхаг хъæуккаг цы сагъуыд?

А г у ы б е ч ы р. Æмæ уыдон хъуыддæгтæн æз дæр куы ницы зонын.

Б у ц æ. Пупæйæ зæгъут, æви?

М у с о н. Æмæ цы зонын, цы «пæ» хуыйны, уымæн!

Б у ц æ. Нæ сиахс у, Асиаты куры.

М у с о н. Дзæбæх лæппу у. Уæд та йæ уый фыццаг куы фæкæниккат.

А г у ы б е ч ы р. Æмæ куы ницæйаг у, æнхъæлдæн.

Б у ц æ. Æмæ кæннод исчи йæ цæф сырдæн йæ хойы дæтты?

М у с о н. Æбуалгъ æрбауай, кæд цытæ дзурыс, уæд!

Б у ц æ. Зæронд топпæхсæгæй ахæм сырдтæ нæ ирвæзынц.

А г у ы б е ч ы р. Тæтæрхъанæй зæгъыс?

Б у ц æ. Тыхджын…

V

Т æ т æ р хъ а н. Цы дзæнгæда цæгъдыс? Р-р-ы! Бæх ауыгъдæй ныууагъта, йæхæдæг… Ацу æмæ уыцы дзауматæ ралас!.. (Сабырæй). Цу, Агуыбечыр, ды дæр ын аххуыс кæн. Тагъд, талынг у. (Ацыдысты. Мусонмæ). Цы фæдæ, не ’фсин?.. (Мусон нæ дзуры). Цы мард дæ хæдзарыл æрцыд? Хæцаг галы каст куы кæныс!

М у с о н. Мæ каст дæр мæ бар нал у? Де ’фсымæры чызджытæн сæ каст нæ, фæлæ сæ идон бынтон уæгъд куы у. Ноджы ма сæм худаистæй лæгъстæмæ куы цæуыс!

Т æ т æ р хъ а н (фæлладхуызæй). Цы ’мбарыс, цымæ?

М у с о н. Уый æмбарын, æмæ лæгъстæйæн æгæр зæронд дæ. Дæ хæдзары куы уыдысты, кæд дыл æрвæссыдысты, уæд. Уадз сæ уым æмæ сæ…

Т æ т æ р хъ а н. Цы?

М у с о н. Кæд æппын исчи ахъыримаг кæнид.

Т æ т æ р хъ а н. Исчи сæ куы хъыримаг кæна, уæд ардæм дæр æрбауæнддзæн. Дæ гæмхетт фырт айк мæцъисæй афæлдахдзæн.

М у с о н (фестъæлфыд). Гæмхетмæ дæр фæндтæ вæййы.

Т æ т æ р хъ а н. Цы? Цæй фæндтæ?

М у с о н. Цы зонын, цæйдæр бæхты койтæ, цæйдæр зæронд

цуанæтты дзæнгæдатæ цæгъды.

Т æ т æ р хъ а н (фæфидар). Уый уадз æмæ дзура, фæлæ ды дæ пъирийыл æнцад хæц. Афонмæ чызджытæ æрбацыдысты. Чи зоны, цы вæййы – барæвдау сæ, цу!

М у с о н. Цæмæн, цæмæн?!

Т æ т æ р хъ а н. Æз дын зæгъын! Уымæй фылдæр мæ мауал дзурын кæн.

М у с о н. Омæ!..

Т æ т æ р хъ а н (фæмæсты). Цы дын зæгъын! Кæннод дын дæ сæрыфахс сæттын! (Мусонрацыд). Æмбал кæмæн нæй, уыцы Хуыцау рæстмæгæнæг уæд. Лæппуты хъуыддæгтæн та æз цы зонын? (Аджих, ныззæмбыдта). Цы сын зонын? (Мæтгæнгæйæ, сабырæй). Цы та дзырдта уыцы æрра? Худинаг мæ кæндзæн. Цæй! (Йæ къух ауыгъта, аджих. Хотæ æрбацыдысты). Гъе, уæ рынтæ бахæрон, афтæ чындæуы. Чи у æнæ мæн уæ хъахъхъæнæг? Искæй мыггагæй æфсымæр нæй. Чи зоны, уыцы æрра та сæхимæ куы уыдаид, уæд уæ нæ рауагътаид. Хъамболатæй зæгъын.

VI

X а н с и а т. Йæхицæн мæгуыр кусæг лæг у. Æрра куы уаид, уæд æй баст дариккой.

Т æ т æ р хъ а н. Афтæ æрра та… фæлæ йæ ныхасыл нæ ауæрды. Ныггæрах æй ласы, хъыг уыдзæн, æхсызгон, уый та ды ’рхъуыды кæ! Фæлæ уынаффæмæ, бамбарынмæ, раныхасмæ!… Хуыцау куы раттаид ахæм. Цæй уæхи æруадзут. Абæрæг кæнон, куыдтæ бафснайдта фостæ уыцы сæрхъæн. Хуыссæнтæ ныртæккæ æрбаласдзысты… Мацæуыл мæт кæнут! (Рацæйцыд, фæлæууыд). Гъи? Мацæуыл мæт кæнут. Ницы мæтаг нæм ис, ницы тас у. (Рацыд).

VII

А с и а т. Сау хъæды куы нæ стæм, цы тас у?

X а н с и а т. Сау хъæды къаддæр тæрсин. Цыдæриддæр кæд дзуры, уæддæр ыл не ’ууæндын, æгæр нæм йæхи ауагъта, æмæ уый хуымæтæджы нæу. Фосы тыххæй йæ сæрмæ цыдæриддæр схæсдзæн.

А с и а т. Уанцон нæу?!

X а н с и а т. Уæдæ мæ зæрдæ та цы кæны? Йæхинымæры та æгомыг рыст куы кæны. Хъуыды ма кæныс? Ардыгæй куы цыдыстæм, уæд нæ нæ урæдта. Уыйфæстæ та нæм бонæн цыд цæмæн кодта, уый не ’мбарын.

А с и а т. Ой, де ’гæр гуырысхотæ – хæппæй дæр тæрсгæ кæныс!

X а н с и а т. Бас кæй басудзы, уый доныл дæр фу кæны.

А с и а т. Æмæ цæмæй тæрсыс? Лæгмæ фæсмон никуы æрцæуы? Йæ хъуыддæгтыл æрфæсмон кодта æмæ нæ ныр та рæвдаугæ кæны.

X а н с и а т. Кусæрттаджы зæрдæ æргæвдыны агъоммæ адджинагæй æлхæнынц.

А с и а т. Æмæ ма нын цы сæ бон у? Ардыгæй… (фенцад, фефсæрмы).

X а н с и а т (фембæрста). Ардыгæи райсоммæ! Æцæг зæгъыс! Цы æвзæр зæрдæ мын ис.

А с и а т. Райсомы кой мур дæр нæ кæнын.

X а н с и а т. Мæ сæнтты дын цы амонд мысыдтæн, уый райсом мæ цæстæй фендзынæн. Райсом Пупæйы фидауджытæ æрбацæудзысты. Тæтæрхъанæн дæр фос йæ фаг куы уа, уæд басабыр уыдзæн æмæ нæ нæхи бар ныууадздзæн. Къуыримæ дæ ачындз кæндзынæн. (Хъæлдзæгæй). Цæуыл ма мæт кæнон?

А с и а т. Махмæ ачындз кæнинаг ды куы дæ. Цалынмæ ды ачындз уай, уалынмæ мæнмæ ахæм хъуыддаджы тыххæй мачи мацы дзурæд. Дзуапп æнхъæлмæ мæм мачи кæсæд.

X а н с и а т. Æз дæ ратдзынæн. Мæ ныхмæ тыхджынæй ныллæууын та дæ дæ зæрдæйы уарзондзинад нæ бауадздзæн.

А с и а т (иттæг фенкъард). Æмбæлы мын уыцы уайдзæф. Хæрзаг зæгъыс: дæ зæрдæниз дын нæ зонын? Дзурын дæм нæ уæндын, фæлæ мæнæн дæр мæ зæрдæ дæумæ ’хсайы. Мæ мæтæй хус кæныс, æмæ дæ дæхи сагъæс дæр кæй ферох, уый нæ уынын? Махæн фæхицæнгæнæн ис? Æз дæу ацы бирæгъты æхсæн уадзын? Мачи мын кæнæд ахæм койтæ, никæмæ байхъусдзынæн, мæрдты ’рдыгæй мæ ныййарæг мад куы рабада, уæддæр.

X а н с и а т. Æбуалгъ фæуай! Уæдæ цы дæ зæрды ис?

А с и а т. Дæ фарсмæ бадын æмæ, цинæй дæр, æнкъардæй дæр нæ хай цы фæуа, уый дыууæ дихы кæнын.

X а н с и а т. Æмæ нæ нæ сахъ æфсымæртæ куы фæхицæн кæной, уæд та?

А с и а т. Нал бауæнддзысты.

X а н с и а т. Фидыды кой куы айхъуыса, уæд, ома, ныссабыр уыдзысты? Бæрæг нæй, чи зоны, æмæ Тæтæрхъан фыддæрадæн нæ бафидаудзæн. Куы бафидауа, уæд та дæ Пупæ нал ныууадздзæн.

А с и а т. Къахыс мæ æмæ дын зæгъын. Уарзондзинад æнахуыр цыдæр у. Адæймаджы цъыфы дæр тулы, уæларвы стъалытæм дæр æй хæстæг кæны. Айфыццаг Тæтæрхъанмæ куы лæбурдтон, уæд иттæг æвзæр уыдтæн, уый мæхæдæг дæр зонын. Фæлæ уæд ницæуыл мæ зæрдæ лæууыд. Ме стыр уарзондзинадæн мын дзуапп нæ уыд. Æцæгдзинад мæ нæма уырныдта. Ныр мæ зæрдæ фидар у, æмæ уымæй дарддæр рухс дунейы дзæбæхдзинæдтæй куы ницыуал фенон, уæддæр мын æгъгъæд у. Уарзын æй – уарзы мæ. Æз дæуæй хъæздыгдæр дæн, хъуамæ дын æз исты раттон. Уæдæ ды рыст адæймаг, æмæ ма дæуæй æз исты нывонд исын? Мæ афон, мæ цард, мæ уд кæнын дæ фæхъхъау.

Хъæбыс кæнынц. Æрбацыд Буцæ гобæттимæ.

VIII

Б у ц æ. Хъæбысæй хæцут, æви?

X а н с и ат. Ой, дæ дзæгъæл дзырд!

Б у ц æ. Уæдæ кæрæдзийы мæкъуыстджытыл цы ныххæцыдыстут? Уæ хуыссæнтæ айсут, сынтæг райсом æрбахæсдзыстæм. Уый та цы ластат, уæ цæгатмæ куы нæ лыгъдыстут.

X а н с и а т. Дæ хуызæн æфсымæрæй исчи лидзгæ кæны?

Б у ц æ. Мæ хорздзинад бæсты куы нæ цæуа, уæд афтæ кæнын æз.

А с и а т. Дæ кæцы хорздзинад дын ферох кодтам?

Б у ц æ. Цæуылнæ мæм хъусут?

X а н с и а т. Дæумæ?

Б у ц æ. Мæнмæ, мæнмæ!

X а н с и а т. Раны куы фестæм! Нæ хистæрæй, нæ кæстæрæй уæ… æппæтмæ дæр мах хъусæм?

А с и а т. Уыйбæсты уал де ’гънæджытæ æвæрын сахуыр у.

Б у ц æ. Аргъ мын нæ кæнут. Уæууа, æз бæх афснайон, ныртæккæ æрбацæудзынæн. (Рацыд).

X а н с и а т. Уый дæр йæхи махæн хицау кæны, кæркхъус!

IX

Сидахъон тызмæгæй æрбацыд.

С и д а хъ о н. Цæмæн мæ бацарæфтыд кодтат, мæ хæдзар фехæлд!

А с и а т. Цы та у, мæ бындур ныззылд?

X а н с и а т. Цы хабар у?

С и д а хъ о н. Цæмæн рацыдыстут? Æнхъæлдæн, сайгæ та уæ ракодтой.

X а н с и а т. Уый та куыд? Чи дын загъта?

С и д а хъ о н. Ныртæккæ Агуыбечыр æмæ Буцæ, гобæттæ ласгæйæ, ныхас кодтой. Æз та сарайы уыдтæн, æмæ мæ нæ уыдтой. Агуыбечыр гобан Буцæмæ дæтгæйæ дзуры: «Айс, уæхимæ дæр ма сæ цы ласыс, ныххæццæ сæ кæн Саламджерийы уатмæ, æндæр. Уæддæр сæ хицау ахсæв чындзы куы цæудзæн. Уæвгæ сын ахсæв ныллæууæн нæй, æви?» Уæд ын Буцæ афтæ зæгъы: «Æрра дæ? Афонмæ дæр хæстæг сты». Чи та сты, мæ бындур ныззылд? Кæй бирæгъты та уыл сардыдтой?

X а н с и а т. Исты ма дзырдтой?

С и д а хъ о н. Ницы, ницы, мæ фæрстæ уын фехæлой.

Х а н с и а т. Ныббырсынмæ нæм хъавынц! Цы ма кæнæм?! Хъамболат никæцæйма зыны?

С и д а хъ о н. Бахъыримаг уый дæр кæмдæр. Нал ын æнтысы йæ хæдзармæ!

X а н с и а т. «Ныххæццæ сæ кæн Саламджерийы уатмæ». (Аджих). Сæ хъуыддаг, æвæццæгæн, хæрз цæттæ у.

А с и а т. Æвæццæгæн та дзæгъæл дзæнгæда цагътой. Ахæм ныхæстæ алы хатт дæр фæкæнынц, куы фæхибар вæййынц, уæд. Уыдон ныхæстæм дæр хъусут!

X а н с и а т. Æнæуый ницæмæн бæззынц, фæлæ фыдбылызы фаг сты. Бафæрсын хъæуы Буцæйы. (Рудзынгæй). Цы фæдæ, цы, Буцæ? Сидахъон, ацу, мауал лæуу, талынг дын кæны.

С и д а хъ о н. Иунæгæй уæ ницы ныууадздзынæн, нæ! Зындзинады сахат уын исты æххуыс кæд фæуин.

X

Б у ц æ (æрбацыд). Мæнæ дæн, кæй хъæуын?

X а н с и а т (æдзынæгæй йæм кæсы). Æрдæбон, гобæттæ хæсгæйæ, Агуыбечыримæ цы ныхæстæ кодтат?

Б у ц æ. Чи, æз? Кæд? Мурдæр ницы.

X а н с и а т. Саламджерийæн ахсæвмæ сæмгъуыд кодтат?

Б у ц æ (гæдыхуызæй). Цæй Саламджери? Æрра дæ, æви?

X а н с и а т. Агуыбечыр дын гобæттæ кæй уатмæ æрвыста, уыцы Саламджери! Кæй бæх уарзыс, уыцы Саламджери! Дæ хойы кæмæн уæй кæныс, уыцы Саламджери! Дæ зæрдыл нæма æрлæууыд?

Б у ц æ (фефсæрмы, ныхас хъазынырдæм здахы). О!.. Уый… Уый хынджылæг скъæрдтам. Æмæ исты сывæллæттæ стæм? Худинаг циу, уый нæ зонæм? (Хъазгæмхасæн). Кæцæй та нæм хъуыстай, Сидахъон? Хæйрæг дæ, хæйрæг. (Мусон æрбацыд).

XI

М у с о н. Цы та у, цы та дыл дау кæны Сидахъы-чызг?

Б у ц æ. Ницы, ницы… Дæ хъуыддаг нæу!

М у с о н. О, дæ хъуыддæгтæ дыл фæтыхсой æмæ дæ мæны йас дур æркъуыра! Цы дау дыл кæнынц, цытæ та дзырдтай?

Б у ц æ. Уастырджистæн, ницы, хынджылæг кодтам!

М у с о н. Æмæ кæннод цы бакæнын дæ бон у! Дæ ныхæстæм чи хъусы, уый дæр дæ хуызæн!

С и д а хъ о н. Кæй хуызæн у, уый дзы афтидæй аззайæд!

М у с о н. Ды кæй зæгъыс, уый дзы нæй!

X а н с и а т. Æгъгъæд у, Мусон. У, Сидахъон, дæ хорзæхæй, загъдмæ нæ не ’вдæлы. Цу æмæ нæм, куыд амал ис, афтæмæй Хъылцыхъойы рарвит. Буцæ дæ бахæццæ кæндзæн.

С и д а хъ о н. Уæ ныууадзын мæ бæргæ нæ фæнды, фæлæ цæуын. Уе ’хсæв уæхи фæндиаг, æвзæр фæндиаг уæм чи дары, уый уæ фæхъхъау фод. (Ацыд).

ХII

М у с о н. Адæмы фæхъхъау фæу… (Аджих сты, æдде мæллæг æхситт цæуы).

X а н с и а т. Куыдзы нæма суагъта Буцæ?

М у с о н. Суадздзæн æй.

А с и а т (рудзынгæй хъусы). Цæй æхситт у?

М у с о н. Æхситтытæй фылдæр цы и? Чызджытæ, уæндгæ дæр уæм нæ кæнын, фæлæ ныр къуыри уæ хæдзары хойраджы хъæстæ не стут. Сымах хъаджджынæй кæй ахæрон æмæ ануазон, уый мæ фарсæй фод.

X а н с и а т. Цæмæн зæгъыс?

М у с о н. Цомут хæдзармæ. Æвæджиауы æртæ фæлмæн чъирийы ракодтон æмæ сæ акувæм. Кæдæппын нын ахсæвыккон æхсæв нæ фыдбылызтæ фесафид.

X а н с и а т. Цом… Буцæйы ныхæстæ мæ зæрдæйæ нæ хицæн кæнынц, йе ’рра ныхæстæ æндæртæ вæййынц. Уæддæр æй Тæтæрхъанæн зæгъын хъæуы. Схуыссыд?

М у с о н. Бафынæй. Цы йын сæ зæгъыс! Буцæ рог ныхæстæй фылдæр цы кæны? Уымæ та цы хъусыс?

А с и а т. Иугæр ныл кæд сфæнд кодтой, уæд сæ нал аирвæздзыстæм. Буцæйæн йæ сæры куы ницы ис! Цы бакæнын йæ бон у?

X а н с и а т. Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы. (Рацыдысты).

Исдугмæ уаты ничи. Агуыбечыр æрбацыд.

XIII

А г у ы б е ч ы р (иунæгæй). Маст дæр мæ сæ ис а хотæй, фæлæ йæхи чи худинаг кæны. Уæвгæ мыл адæм нæ фæхуддзысты. Иу ахæм зæронд маст дыууæ мыггаджы æхсæн фехал – уый арфæйаг у. Хансиат дæр ныр кæд хъихъхъытæ кæны, уæддæр æрсабыр уыдзæн; ноджы бæх райстон, мæ кæвдæсыл баст фæци, æмæ мын ницыуал гæнæн ис. (Дуары æхгæнæнтæ уæгъд кæны). Сæрæй-сæрмæ дæ мадимæ ма рахæц, рахæцыдтæ, – хъуамæ фæтыхджындæр уай. Мæ хъуыддаг нæ рахъæр уыдзæн, Касалы-фыртæн мæ йæхи йеддæмæ ничи зоны. Иу-дыууæ æмбалимæ Лакаты скъæфджыты æфсон балæудзæн, æмæ иутæ Асиаты ахæсдзысты, иннæтæ Хансиаты… Уыйфæстæ бафидаудзыстæм. (Кæсы æддæмæ). Чидæр æрбацæуы… (Алыгъд).

XIV

Æрбацыдысты Хансиат, Асиат, Мусон.

X а н с и а т. Ницы фыддæрадæн. Мæ зæрдæ ныддур æмæ хæринаг нæ агуры. Акуывтам, æмæ нын Хуыцау баххуыс кæнæд.

М у с о н. Хæринаг кæнынмæ дæсны нæ дæн, фæлæ дзы, мæ зæрдæ æлхæнгæйæ, уæддæр ахæр.

А с и а т. Айс, айс! Кæдмæ дын лæгъстæ кæна?

Хансиат къæбæр айста æмæ йæ фæстæмæ æрæвæрдта.

Буцæ æрбацыд.

XV

Б у ц æ. А-а, чъири!? Уый хорз! Тынг сæххормаг дæн.

М у с о н. Тынг, тынг! Æрдæбон дзы æгас куы аныхъуырдтай. Кæм дæ цæуы уыйас?

Б у ц æ. Цал «кæмы» мæм ис? Хæринаг гуыбынмæ цæуы!

X а н с и а т. Бахæццæ кодтай Сидахъоны?

Б у ц æ. Тыхджын! Хъылцыхъо сæхимæ нæй!

X а н с и а т. Нæй, зæгъыс?! Фыны фенæгау былæй хауын æмæ мæхи бауромын куыд нæ фæразын! Зæххыл нын æххуысгæнæг нал ис, фæлæ, Хуыцау, нæхи де уазæг кæнæм! Ацу, Мусон, схуысс! Мах дæр ныртæккæ хуысгæ кæнæм.

М у с о н. Цæуын уæдæ. Цы пайда уын дæн, уемæ ныллæууин æмæ… Кæм хуыссыс ды та, Буцæ?

Б у ц æ. Ацу, мæ авдæнмæ зилын дæ куы нæ хъæуы, мыййаг!

М у с о н. Дæ дзыхы уаджы нывæн суай. (Чызджытæн). Уе ’хсæв уæхи фæндиаг! (Ацыд. Асиат æфснайы тæбæгътæ).

XVI

X а н с и а т (исдугмæ æнкъардæй бады). Бадыс ма, Буцæ?

Б у ц æ. Хуыссынæн нырма раджы у. Абадæм иучысыл.

X а н с и а т. Бафæлмæцыдыстæм мах. Уæттæ бакæн, Асиат!

А с и а т. Ныртæккæ. (Хуыссæнтæй фæндыр райста, хуыссæны уæлæ æрбадт æмæ æнкъард цæгъдтытæ кæны).

X а н с и а т. Цы цард у ай? Кæннод, хорз цард кæй хонынц, уый дæр циу? Кæрдæг дæр кæрдæг æмæ мах дæр. Кæрдæг сзайы, сырæзы, ацæры, йæхи хуызæттæ ныууадзы, уый фæстæ йыл уазал зымæг куы ’рбаулæфы, уæд амæлы. Амæлдзыстæм мах дæр, æмæ цы баззайдзæн нæ фæстæ не ’намонд æмæ нæ уæгъуыры койы йеддæмæ? Буцæ, бадыс ма?

Б у ц æ. Бадын.

А с и а т. Нæма цæуыс?

Б у ц æ. Нæма.

X а н с и а т. Дуар сæхгæ, Асиат. (Асиат дуар æхгæны).

Б у ц æ. Цы йæ æхгæнут? Æз лæг нæ дæн, æви? Цæмæй тæрсут?

А с и а т. Йæ ныв уæддæр дæ! (Цæгъды).

X а н с и а т. Æдзух мæт, сагъæс, фыдæбон. Дæ цæрынæй хæрынмæ цæджындзау хъæддых арæзт у искæй ныфсæй. Дæ буар дæ фаг ма айваз. Уæлдай дзырд, уæлдай къахдзæф ма акæн, ма фæхуд. Дæ фæндон баххæст кæнын нæ, фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд. Уый цард у? Уымæн равзæрдтæн дунемæ? Уый цард нæу. Кæд царды мидæг æндæр ницы ис, уæд мыл мæ мад дзæгъæлы фæфыдæбон кодта. Куыд уыдзысты дзæгъæлы утæппæт фыдæбæттæ?.. Нæ зонын… Ис, æвæццæгæн, исты æцæгдзинад, æмæ йæ æз не ’мбарын, мæ зонд æй нæ ахсы… Мæхи цард? Ницы у, мæнг у! Фæхъус сты, æнæсæрфат змæлд кæнынц.

А с и а т. Хуыссæм?

X а н с и а т. Бадыс ма, Буцæ?

Б у ц æ. Бадын, бадын, цы дæ хъыгдарын?

X а н с и а т. Асиат, дуар фидар сæхгæдтай? (Дуармæ сонт гыбар-гыбур).

Б у ц æ. Циу, цы? Стæ-ма!

X а н с и а т (хæцы йыл). Лæуу æнцад! Цæмæй тарстæн, уый ныл æрцыд, Асиат!

Б у ц æ (тырны дуармæ). Ауадз мæ!

X а н с и ат. Лæуу æнцад! Зонын æй, ды дæ нæ уæйгæнæг!

Б у ц æ. Æдде лæбурджытæ, æз та ам æхгæдæй бадон! (Дуар фегом кодта). Цы стут, цæвын уæ!

XVII

Саламджери, Бибо, Мукара æмæ иннæтæ æрбабырстой, сæ фæдджитæ – сæ фæсрон, сæ цæнгтæ – фистæг, сæ цæсгæмттæ æмбæрзынц, фæлæ дзы чи кæцы у, уый бæрæг у. Буцæйы абырстой. Xансиат къуыммæ бауад, Мукара йæ фæдыл.

М у к а р а. Джауыр, айæппæт ды дæ!

X а н с и а т. Бибо, хæстæджы хатыр нал ис?!

Б и б о. Дæумæ мæ нæма ’вдæлы.

ХVII

Рудзынджы Касалы-фырт, Агуыбечыр æмæ æндæр чидæртæ æрбазындысты. Касалы-фырт йе ’мбалимæ æрбабырстой. Асиатмæ Саламджери æмæ Бибо куы фæцæйцыдысты, уæд йæ къухтæ уæлæмæ систа, цыма йыл уæларвæй дур æрхауинаг уыд. Ныцъцъæхахст кодта. Ахастой йæ.

К а с а л ы-ф ы р т (Хансиатæн). Ай ныхæстæм дæсны у, фæлæ-ма йæ мæ бар бауадз, мæнæ лæг!

X а н с и а т. Дард, æнæгъдау, сæфинаг!

К а с а л ы-ф ы р т. Банцай, джауыр! Рахæц ыл, Тæтæри!

А г у ы б е ч ы р. Аддæмæ ут, уæ хуыздæр амард! (Раластой Хансиаты).

X а н с и а т. Мæ бындур ныззылд, мæ уарзон æфсымæр Агуыбечыр, цасыл мæ ауæй кодтай?

Уат сафтид, æдде – Хансиаты хъæр, хъæлæба. Иудзæвгар – уат афтид. Гæрах. Æрбацыд Хъамболат, йæ дæларм Хансиаты æрбакодта, йæ рахиз къухы – хъыримаг.

Хъ а м б о л а т. Цы фæдæ, цы фæдæ, Хансиат?

X а н с и а т. Бузныг, бузныг!.. Мæрдтæм цæугæйæ… зонын æз, адæмæй иуæй-иуты цард дзæгъæлы кæй нæу, уый… Абон ды стыр хорз хъуыддаг бакодтай… Оу…

Хъ а м б о л а т. Дæхи æнцад æруадз. Стырдæр былæй ахаудтæ?

X а н с и а т. Мæхи барæй аппæрстон… Уыцы æнаккагмæ фæцæуыны бæсты мæм мæлæт хуыздæр фæкаст. Амардтай йæ?

Хъ а м б о л а т. Мард у.

X а н с и а т. Асиат цы фæци?

Хъ а м б о л а т. Нал æй æрбаййæфтон, фæлæ Хъылцыхъо йæ фæдыл фæцæуы. Худинаг æм не ’руадздзæн.

X а н с и а т. Оу, мæлын…

Хъ а м б о л а т. Ма ма фæтæрс, Хансиат.

Тæтæрхъан, Мусон, Буцæ æмæ иннæ хæстæджытæ æрбацыдысты.

Т æ т æ р хъ а н. Цы хабар у? (Хансиат стырныдта Тæтæрхъаны ныхасмæ æмæ æрхауд.)

Хъ а м б о л а т (æнкъардæй). Сцин кæн, Тæтæрхъан, дæ фыдбылыз кæй хуыдтай, уыдонæй иу амард, аннæ дæр хуыздæр нæу… Рухсаг у, Хансиат, дæ ныхас сæххæст кодтай, адæмы æхсæнæй сæнхъизын кодтай стыр диссæгтæ!..

Æмбæрзæн

 

ЦЫППÆРÆМ НЫВ

Хæхбæстæ – сценæйы амонæн. Рахизырдыгæй галиуырдæм – зулаив бæрзонд къæдзæх. Комкоммæ рæбынæй – лæгæт, лæгæты раз – дагъ, дагъмæ рахизырдыгæй – уæгъд æрбацæуæн, галиуырдыгæй – даргъ бынмæкарст айнæг, фæлæ дзы сбырæнтæ ис. Айнæг йæхи амоны, зынгæ нæ кæны. Къæдзæхыл – уæлæмæ схизæн. Дагъы астæу – бæрз бæлас.

I

Ф ы й й а у (рахизырдыгæй æрбацыд, йæ уæлæ нымæты къæрид, цухъхъайы хæррæгъ, æнæ стæнхъ хъама1, йæ фæсрон згæхæрд ирон дамбаца, хызын. Зары, йæ дзауматæ ауындзы).

Мыггагæй мæ ма фæрс, –
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ хуызмæ мын ма кæс, –
Нæ бæззын чызгæн.

Мæ хæдон – четæнæй,
Мæ куырæт – кæттаг,
Мæ цухъхъа – цъæх тынæй –
Нæхи хохбæстаг.

Цогъс, цогъс! Гæбæр рагъ. (Дуртæ æхсы. Кæрдзын систа). А кæрдзын мын æнæ ахуыйæнæй мæ хъуыр халдзæн. Фыййауы, дам, куы бафæнды, уæд йæ нæл сæгъы дæр радуцы. Мæн ныртæккæ нæ фæнды? Æхсырæнхъæл къæдзæхы тигъ дæр ма радуцин, фæлæ дзы мæ къухты туджы йеддæмæ цы æрлæдæрсдзæн? Нæл сæгъæн дуцæн ис! Гъе, кæннодæ фыццаджыдæр уый чи загъта, уымæн йæ дзых бамыр уа! Цæй, а кæрдзын ацы лæгæты дзуарæн фæлдыст… нæ, фæлæ æхцон фод! Мæ разы куыд ис, уый разы дæр афтæ ис, æмæ йæ иу æрдæг мæн, иннæ та уый. (Хæры, йæрусыл фæхæцыд). Æллæх! Фарон кæй счынд, ахæм у. (Зары).

Фыййауæн – уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызын,
Йæ къæбæр – æнæвгъау,
Йæ куыст нæу уæд зын.

Кæй хъæуын, цæмæн мыл бамæт кæна мæ нард æхсин? Исты йæ хъæбул, мыййаг, куы нæ дæн. (Зары). «Æлгъыстæй, уæд надæй цы нæ бавзæрстон! Уæддæр-иу «дæ-да-дæй» куы ныццæлхъ ластон!» Мæгуыры зæрдæ фынтæй дзæбæх. Уæдæ уыцы Асиаты цы рæсугъд хонынц! Æмæ у, æвæццæгæн, уæдæ йыл лæппутæ сæ кæрæдзи цæмæн тонынц? Гъæй-джиди! Уый хъазты фен, уыимæ асимдтытæ, акæфтытæ кæн! Хæрзаг былтæ сысчъилтæ кæнид, сæр иннæрдæм азилид æмæ зæгъид (фæзмы йæ): «Фу, кæйдæр фыййауы тæф кæлы!..» «Тæф!» Цыма фыййау смаджы йеддæмæ цы кæны. (Зары).

Йæ бонæй уа зæрдæ! –
Куыд хивæнд у, куы!
Зæгъма йын: æвзæр дæ! –
Уырны йæ бæгуы!

Бон хурмæ нывæнды
Рæсугъд хуры тын,
Æхсæв æй æрфæнды
Мæимæ хæтын.

Кæмæй фыддæр дæн?.. Йæ мæкъуыстæг ын æрæлвæстытæ кæнин… Хæрзаг зæгъид: «Мæ цонг мын сæттут». Ох-ох-ох-ох! (Кафы). Гъа, уæдæ, Асиат, иннæрдæм дæр!.. Дзæбæх лæппуты, ай-гъай, уарздзæн, фæлæ хъуамæ мæн дæр бауарза. Кæмæй фыддæр дæн!? Фæлæуу, уæрыккафон хъаматæй æмæ рæттæй мæхи æрцаразон. (Зары).

Кæй барвитон курæг?
Кæй та равдæла?
Цæй мæгуыр дæ, иунæг,
Дæ мад амæла!

Рухсаг уа Къоста, йæ ныхæстæ цыма мæ цардмæ гæсгæ ныффыста. (Æрæнкъард). Уæууа, мæ фос былæй куы хауынц. Цогъс! Дæ хицауы мæрдтæ дæ бахæрой! (Разгъордта).

Галиуæрдыгæй дагъмæ бынæй схызтысты дыууæ цуаноны – Пупæ æмæ Хадзымæт.

II

П у п æ. Æри дæ къух, дæ къахæвæрæн æрысгар… Гъа, фæуæле стæм.

Х а дз ы м æ т. Фæзæронд дын дæн, Пупæ, уыййеддæмæ мын ахæм рæтты æххуыс хъуыди, цы? Знаг амæлæд, æз дын дæ чындзхæсджытæн тохъхъыл сычъи куы нæ амарон!

П у п æ. Фидауджытæ уал нын фонт арфæйаг.

Х а дз ы м æ т. Хуыцауы куы фæнда, уæд фæуыдзысты. Лæгæн йæ хардз цы уа, уымæн ын тас нæу.

П у п æ. Уый дæр у.

Х а дз ы м æ т. Æндæраз æрæгвæззæг, нæхи айвазæм, зæгъгæ, ацы къæдзæхтыл Тъепуимæ схызтыстæм. Уæлæ уыцы уæлбыл куы фестæм, уæд нæ разæй иу сычъи фæгæпп ласта. Æнхъæл дзы нæ уыдыстæм æмæ ницы сарæхстыстæм. Чысыл уæлдæр куы суадыстæм, уæд кæсæм, æмæ нæ дæлеты æрбатæхы. Æрæхстам æй, æмæ, цыма йæ сæр атылдта, уыйау мæм фæкаст. Фæстæдæр дзы туджы згъæлæн ссардтам. Фæлæ мæ Тъепу баууæндын кодта, йæ иу сыкъа зæбулæй ахаста, зæгъгæ. Абадæм.

П у п æ. Мæнæ кæйдæр фыййауы фæлыст.

Х а дз ы м æ т. Диссаг, æмæ йæхæдæг кæдæм ахъыримаг? Цæй, ардæм æй хъæуы.

П у п æ. Дæ сычъи цы фæци?

Х а дз ы м æ т. Цы дзырддаг у, фæлæ йæ нывы охыл дзурын. Бон-изæрмæ фæзылдыстæм æмæ та нæ цыд ауылты фæци; куыддæр ацы уæлвæзмæ æркастыстæм, афтæ дзы сычъиты рæгъау сыстад. Æрæхстытæ кодтам, æмæ дзы иу аззад. Бацыдыстæм æмæ – нæхи сычъи, йæ сы зæбул, ногсаст… Лæгæн йæ хардз цы уа, уымæн ын тас нæу.

П у п æ. Табу Хуыцауæн. Кæс, кæс, дæлæ дугъ. Гъей, гъей! Бамбæхсæм, æмæ нæ худæгæй амара. (Æмбæхсынц).

III

Ф ы й й а у (кафгæйæ йæ чъылдым æрбахаста). Уæд та, мæ хызын, ды фæу Асиат, æз дæ цуры рæсугъд кæсгон кафт акæнон.

Х а дз ы м æ т (бакафыд фыййаумæ). Æз, æз Асиат!

Ф ы й й а у (исдугмæ сагъдау аззад, хъамайы сæрыл фæхæцыд). Хуыцауыстæн, ма кæ!..

Хадзымæт æмæ Пупæ худынц.

Х а дз ы м æ т. Дæ хорзæхæй, гæрзтæм ма бавнал. Цæй хъæлдзæг дæ, фыййау, æхсыры заман куы нæ у?

Ф ы й й а у. Искæйтау гуыбынмæгæс нæ дæн. Фæлæ сымах чи стут? Цæмæн мæм æрбахъуызыдыстут?

П у п æ. Уæдæмæ нæм ды цæмæн æрбакафыдтæ? Мах ам дæ агъоммæ лæууыдыстæм.

Ф ы й й а у (хызын бахоста). Ау, æмæ уæдæ æз ам сымахæй раздæр кæд нæ уыдтæн, уæд мæ «заявкæ» цы ми кæны ам?

Х а дз ы м æ т. Цæй, цæй, амæттаг дын уæнт бæласæй, дагъæй, лæгæтæй. Исты хабæрттæ нын адзур. Абадæм уал, Пупæ.

Ф ы й й а у. Хабæрттæ кæм ис, уырдыгæй сымах цæут. Къæдзæхы цъуппыл ам мæнмæ цæй хабар ис?

П у п æ. Исты худæджы ныхæстæ нын акæн, æмæ дын æз Асиаты ратдзынæн.

Ф ы й й а у. Кæуын кæмæ фæцæуы, худынмæ уый фæбæллы. Æвæццæгæн, Асиат искæй дæтгæйæ куы уаид, уæд ын афонмæ фистæг бæлццæттæ йæ уадулты сырх йæ риутæй сластаиккой.

Х а дз ы м æ т. Уый та цæй фистæг бæлццæттæ сты?

Ф ы й й а у. Сывæллæтты йеддæмæ фистæгæй чи хæты?

П у п æ. Цæй бæлвырдтæ йæ зоныс? Уый быдираг хъал чызг, ды хохаг фыййау.

Ф ы й й а у. Кой дардыл хъуысы.

Х а дз ы м æ т. Æмæ дзы уагæры цы койтæ æрыхъуыстай?

Ф ы й й а у (фæмæсты). Æппын фыййауæн ницы æнхъæл стут, æмæ уанцон нæу!

Х а дз ы м æ т. Ау! Уый та куыд? Не ’ппæты дарæг дæр фыййау куы у.

П у п æ. Æнхъæл дын стæм æмæ дæ уымæн фæрсæм: сымах хъæуæй йæм курджытæ бацыд æви нæ, уæдæ?

Ф ы й й а у. Скъæфджытæ куы нæ уаиккой.

П у п æ. Сыхаг хъæуæй?

Ф ы й й а у. Цы хъæуæй, уый нæ зонын, фæлæ йæм хъавдæуы, уый фехъуыстон.

П у п æ. Фырæвдæлонæй дæ фыны федтай уыцы хабар?

Ф ы й й а у. Сымахæн исты чи дзуры, уый дæр сымах хуызæн. Уæдæмæ фыдæвдæлон сымах стут, фæзы мæлынæй бар кæй ис æмæ йæ мард хохмæ чи хæссы.

Х а дз ы м æ т. Ам мæлдзыстæм?

Ф ы й й а у. Ай-гъай. Къостайы ныхас нæ зонут? «Цуанон лæг мæрдтæм хæстæгдæр цæры, йæ мард та уæлмæрдтæм нæ хæццæ кæны!»

Х а дз ы м æ т. Амбылдта нæ, Пупæ. Цом, ай, цы бæсты ахатт, уыдоны зонд æмæ хин чи æрæмбырд кодта, ахæм у.

П у п æ. Æфхæрынмæ дæ нæ хъавыдтæн, фæлæ дис кæнын, нырма сæумæ куы у, уæд дын хабар чи фехъусын кодта?

Ф ы й й а у. Гъемæ фыццаг ахъуыды хъæуы, уый фæстæ та зæгъын.

Х а дз ы м æ т. Гъы, дæ хорзæхæй?

Ф ы й й а у. «Гъы», дæ хæрæг айнæджы сæрты тигъмæ куы цæуа, уæд уый фæрæвдз кæнынæн дзур.

Х а дз ы м æ т. Гъе, дæ мард фесæфа!

Ф ы й й а у. Мæнæн уымæй тас нæу. Фæлæ дæ мард дæуæн сæфдзæн, кæд искуы зæйы бын ныууай, уæд.

П у п æ. Скъæфджыты хабар дæм чи схаста, уый ма мын куы загътаис.

Ф ы й й а у. Ме ’мбал тæккæ дысон схæццæ хъæуæй. Фæндагыл къорд барджытыл сæмбæлд. Иуы сæ зыдта, æмæ йын уый дзырдта. Асиаты курынмæ, дам, цæуæм. Курæгæн та, дам, æгæр лæппу-адæм уыдысты, стæй æгæр бирæ.

П у п æ. Цас уыдысты?

Ф ы й й а у. Фынддæсы бæрц.

П у п æ. Де ’мбалы лымæн чи уыд, кæмæй уыд?

Ф ы й й а у. Къипыраты Бибо. (Фæхъуыды кодта). Æниу мын æй комдзоджы ’рдæм ма бамбарут.

Х а дз ы м æ т. Ма тæрс.

Ф ы й й а у. Уæд ма комдзог дæр цæуын, скъæфæгæй æнаддæр мын ницы и. Сæ мыггаг сыскъуыйæд.

Пупæ исдугмæ фæджих, стæй Хадзымæтмæ бакаст.

Х а дз ы м æ т. Скъæфджытæ сты, уый бæлвырдæй кæй дзурыс, уый дын уæддæр у æвдæлоны ныхас.

П у п æ (гуырысхойæ). Нæ зонын, уæллæ-гъи. Махонтæ æхсæзæй фылдæр не сты. Къипыраты Бибо кæм уа, уыцы бал хæрзагæй нæ уыдзæн. Саламджериимæ та æрдхорд сты.

Х а дз ы м æ т. Цом, дзæгъæл гуырысхотæ ныууадз! Комы цæуджытæй фылдæр цы и? Барджытæ никуы баиу вæййынц? Фыййау, изæры нæ фысым ды дæ. Кæд Æфсатийы хорзæхыл æмбæлд фом, уæд дæ мах, на, – уæд та ды мах фен хорз!

Ф ы й й а у. Разы. Уазæг – Хуыцауы уазæг!

Х а дз ы м æ т. Дæхи куы æруагътай, Пупæ? Цом, ам лæууынæй пайда нæй. (Фыййауæн). Асиатæй та дæм исты хабар куы уа, уæд нын-иу æй хъусын кæн. Де ’ууæлтæм гæсгæ, телæй дæсны дæ æмæ нæм-иу æй ныкъкъуыр. (Араст уæлæмæ).

Ф ы й й а у. Фырæвдæлонæй уæддæр исты æрхъуыды кæндзынæн. Цогъс! (Рацыд).

IV

П у п æ. Кæдæм цон? Фæстæмæ æви размæ? Æгомыг къæдзæх, ды ме ’вдисæн, дæуæн зæгъын мæ ныхас. Æрдæбон, ацы дагъæй акæсгæйæ, дуне йæ мидбылты худт, уыди рæсугъд, мæ зæрдæ уыди рухс, фæлæ мыл ныр дуне баталынг… Цы кæнон, мæ дуне, мæ уарзон, мæ хуры хай, Асиат? Цы кæнон, кæд дæм афонмæ бирæгъты ныхтæ бахæццæ сты æмæ дæ æнаккæгтæ портитæй хъазынц? Дæ уаты æвзистæй арæзт сычъийы сыкъайæ рагъæн цæмæй уыдаид, уый дæ фæндыд, æмæ дын ныронг уый мæ къухы нæма бафтыд. Зæрдæ та дын уæвгæ сæвæрдтон, уый æнæбары ам дæн. Æгомыг къæдзæх, ды ме ’вдисæн, кæд исчи Асиатмæ йæ ныфс бахаста, кæд æй исчи бафхæрдта, сидзæры, – ссардзынæн æй, æмæ де ’фхæрдтытæй æнæист иу дæр нæ баззайдзæн. (Хадзымæт æхситт кæны). Мæ уарзон, мæ дуне, Асиат, ныббар, кæд галиуырдæм фæдæн, мыййаг. (Рацыд).

Ф ы й й а у (æрбацыд). Фыййау сæрмæ хæссинаг нал у. Адæм дæр куыддæртæ кæнын байдыдтой. Фæзмын сæ хъæуы. Мах та фыййауæй цы уынæм? Акæс уыдонмæ, сæхи хæхты тæфмæ сæ зæрдæйы дзæбæхæн дарынц. Райсом сын алы хæдзар дæр фысым; рæсугъддæр адæм – се ’мбæлттæ. Афтæмæй сæм, æвæццæгæн, фыстæ дæр нæй. Хъуамæ мæгуыр цард дæр кæной… Уæддæр сæ хъуыддаг цæуы. Ныууадзын хъæуы ацы фос. Æндæр исты куыст дæр базондзынæн. (Аджих). Цогъс! Цогъс! Цæмæй фæтарстысты, цæ? Циу уый? Иу, дыууæ, æртæ… Уыгæрдæн иууылдæр барæгæй байдзаг. (Гыбар-гыбур, чызджы цъæхахст дард). Уый та сын циу? Цъæхахст?.. Мæ фыстыл мын ма фæхæлæф кæнæнт. Арæппын, уæд та ма цуанæттæ ам куы уаиккой… Цон сæм… Нæ, фæлтау цон бынатмæ, кæд ма сирвæзон, уæд. Адон хуымæтæджы не сты. (Фосы ’рдæм рауад, баздæхт, цуанæтты чрдæм фæцæуы, йæ дзауматæ айста). Ницыуал, æрбацæуынц ардæм. (Чызджы цъæхахст, хъæр). Кæд ма цуанæтты сæййафин. (Фæзылд, æрæмбæхст). Цы хабар у, уый ма бæлвырд куы базонин. (Чызджы хъæр хæстæгдæрæй).

V

Саламджери (æдде). Ма хъæр кæн, джауыр, айнæгæй дæ æппарын!

Б и б о. Ардæм, мæнæ æвæджиау ран. (Æрбазынд, айнæгæй кæсы). Æмбал кæмæн нæй, уыцы Хуыцау, мæнæ цы айнæг ис! Адæймаг ардыгæй ахауд, уæд, зæхмæ нæма ныххæццæ уæвгæйæ, фæздæг фестдзæн. Æрбадын-ма кæнут рæсугъд Асиаты дзуары бадæны. Ардæм! (Рауад).

Ф ы й й а у. Цуанæттæм тел цæвын хъæуы, Асиаты раскъæфтæуыд. (Рацыд).

Б и б о. Рацу, рацу. Æгъгъæд нæ хурхæй мар! (Æрбассыдта Асиаты, ехсæй йæм æрæвзыста).

А с и а т. Гормон, Бибо, цал хатты дæ курын хæстæджы хатыр?!

Б и б о. Цæй хатыр? Дæуæн хатыр хъæуы? Искуы ма сылгоймаг йæ цæсгом уыйбæрц суагъта? Куыд мæ ратардтай уæ уатæй мæ хистæртимæ?

А с и а т. Мæ уд мæ бар кæй у, уый уын загътон, æндæр… уæхуыдтæг мæ куы фарстат!

Б и б о. Фарст! Æмæ дын чи загъта, дæ уд дæ бар у, уый? Фæрсгæ та… не ’мбарыс, æфсоны фарст кæй фæкæнынц чызджы, уый? Хъуамæ мах уынаффæйыл цингæнгæ сразы уыдаис! Кæннод, куыд зонæм, уый федтай?

Саламджери. Æвæццæгæн мын Ханæджы-фырт æнхъæл уыдысты. (Асиатмæ йæхи баласта). Рацу-ма ардæм.

А с и ат. Хæстæг мæм ма цу!

С а л а м дж ер и (тыхæй йæ ахсы). Рацу… ныхъхъæбыс мæ кæн.

А с и а т (нæ комы). Мæ бындурыл, уый та куыд?

Б и б о (худы). Куыд вæййы, афтæ! Хъæбыс кæнын нæ зоныс? Дæ цæнгтæ-ма фæйнæрдæм акæ, стæй Саламджерийы дæ риуыл куы фенай, уæд сæ фæстæмæ æрбакæ. Бацамонæм дын?

А с и а т. Цæмæн мæ хынджылæг кæныс?

Б и б о. Æз? Мур дæр нæ! Хынджылæггаг дæхи дæхæдæг фæкодтай, уæ уаты хъал дзырдтыл куы схæцыдтæ, уæд. Мукара, рауай, хъæбыс кæнын ын бацамонæм.

М у к а р а. Цы кæнут? Мæ хойаджы мын цæмæн хъыгдарут? (Бибо Асиаты цонг айвæзта. Саламджери Асиатмæ æрбацæйцыд). Бибо, æгъдау чысыл! Иудадзыг тыхы фæндагыл ма ацæуæм. Цыдæриддæр маст нæ кæд ис, уæддæр, не знаг Асиат нæ къухы кæм бафтыд, уым фæуромæм нæхи. Баууæндын æй кæнæм нæхиуыл. Зæрдæ фæсæттынæн дæс цæфæй иу лæгъз ныхас хуыздæр у.

С а л а м дж е р и. Аразгæ ныхæстимæ лымæн нæ дæн, æнцад уæд, кæннод æй нæмгæ кæнын.

М у к а р а. Саламджери, æз дæр уе ’хсæн кæм дæн, уым курын, æмæ мæ ныхасæн дæр уæд бынат. Асиат, ацы æмгæртты фыццаг ды бафхæрдтай; ныр та уыдон дæу бафхæрдтой. Æфхæрддзинæдтæ уат-уат ацонт, фæлæ ма дзы уымæй фæстæмæ цы и хъуыддагæй, уый дæхицæн æгæр æнад ма кæн. Не ’мгар Саламджерийы нын дæхицæн хæрам ма кæн.

Б и б о. Афтæ æнхъæлыс, æмæ мæнæн мæ зæрдæ иттæг рухс у? Цы ’нхъæл дæ, мæ хæстæгдзинад ферох кодтон? Фæлæ мæ æнæ дзуаппæй кæй рарвыстай, уый мын хъыг уыд æмæ де знæгты фарс ныллæууыдтæн. Зындзинадæй фæстæмæ мыл дзы цы бахæцыд, уый мын хæрам уæд. Сабыр дæхи дар æмæ мах дæр хурхæй ма мар.

С а л а м дж е р и. Ма басабыр уæд æмæ искæй мæтæй амарæд. Æз лæгъстæ ахуыр никæмæн дæн.

А с и а т (джихæй баззад). Æнцад мæ куы уадзиккат, уæд æз бæргæ æгæр сабыр дæр ма дæн. Цавæр сабырдзинад уæ хъæуы?

С а л а м дж е р и. Дзургæ къаддæр кæн, хъусгæ фылдæр. Дæ дзыхыл æнцад куы хæцыдаис, уæд афонмæ дæр ма дæ хоимæ уæ уаты къуымы æнцад бадиккат.

А с и а т. Чи дæ? Мæн ахуыр кæнынмæ дæ цы хъуыддаг ис?

С а л а м дж е р и. Æз дæн ирон лæг, ирон æгъдауыл хæцæг.

А с и а т. Æмæ уæдæ, чызджытæй сæ дзыхтыл чи нæ хæца, уыдон се ’ппæт скъæфгæ кæндзынæ?

С а л а м дж е р и. Скъæфджытæ сæ уыдзæн. Не ’мбæлы сылгоймагæн йæ цæсгом суадзын.

Б и б о. Сылгоймаг æфсармæй фидауы. Цы фæндараст дзы фæци Хансиат йæ къæйныхæй? Исдугмæ уыд, æмæ йæхи Касалатæй исыныл бахъардта, уый фæстæ дæр йæ уд æрдуйæ нарæгдæр скодта. Ныр та… (Асиат æм фæкаст). Цы дзы ссардта?

А с и а т. Цы ныр та?..

М у к а р а (Бибойæн «ма зæгъ», зæгъгæ, амоны). Ныр дæр цас амондджындæр у.

Б и б о. О!

А с и а т. Мукара, цы мын æй æмбæхсут? Цы уæлдай ма мын у? (Мукарамæ). Дæ мад æмæ дæ фыды хатыр бакæн æмæ мын зæгъ, цы кодта мæ иунæг хо?

М у к а р а. Тобæ зæгъ! Æз ын ницыуал базыдтон. Цыма Касалы-фырт дæр скъæфынмæ бацыд.

А с и а т. Æмæ исты бафтыд йæ къухы?

С а л а м дж е р и. Нæ бафтдзæн! Сымахæн цы сахъ æфсымæртæ ис, уымæй!

А с и а т. Аскъæфта йæ уæдæ, Мукара? Уæ, мæ мæгуыр, ме ’фхæрд, æнамонд иунæг хо! (Кæуы).

С а л а м дж е р и. Нæ уынаффæ циу, Бибо?

Б и б о. Æнæ изæр нын ардыгай цæуæн нæй. Изæры та – нæ фысым цæттæ, æмæ хъæумæ нæхи ныйисдзыстæм.

С а л а м дж е р и. Хорз уæдæ. Æрфысым кæнæм ам. (Асиатæн). Ма хъæр кæн!

А с и а т. Зæххон адæмæй мæ фарс ничиуал у. Æгомыг къæдзæх, де уазæг кæнын мæхи! (Банцой кодта къæдзæхыл).

М у к а р а. Асиат, дæхи мауал æфхæр. Цы æрцыд, уый æрцыд. Хуыцауы цы фæнда, уый хорз.

А с и а т (фæхъус). Æмæ, цы ’рцыд, уый мын цæуылнæ хъæр кæнут? Цы йæ сусæг кæнут?

Бибо, Мукара æмæ Саламджери фæкъорд сты.

М у к а р а (сусæгæй). Цы йын зæгъæм?

Асиат сæм байхъуыста.

Б и б о. Зæгъæм ын нæй.

С а л ам дж е р и. Ничи амæлы, цы йын æй æмбæхсут?

А с и а т (æрбауад сæм). Амард! Хансиатæй зæгъут, и? Чи амард? Хансиат? Цæйут-ма!

С а л а м дж е р и. Æнцад!

Б и б о. Ничи амард! Хансиаты Касалы-фырт хаста, æмæ талынджы уæ былæй ахауд. Йæ удæн тас нæу!

А с и а т. Уæ, фæндараст ма фæуат, мах чи байсæфта! Уæ, мæ бындур куыд ныззылд, цы ма кæнын мæ цардæй? (Йæ сæрыхъуынтæм фæлæбурдта æмæ былы ’рдæм азгъордта).

Б и б о. Хæц! Хæц!..

М у к а р а (ацахстаАсиаты). Кæдæм, кæ?

А с и а т. Суадз мæ, мæ уд мæ бар у, æмæ нал цæрын!

С а л а м дж е р и. Æмæ æз та? Дæ уд мæ бар дæр у ныр!

М у к а р а. Бибо, Саламджери, курын уæ, æмæ мæ æнæ сымах Асиатимæ æрмæст дыууæ ныхасы бауадзут.

Б и б о. Хорз.

Бибо æмæ Саламджери ацыдысты.

М у к а р а. Асиат, ницы дын дæн: нæ хæстæг, нæ æввахс. Зонгæ дæр мæ нæ кæныс, фæлæ дæ сагъæстæй мæ зæрдæ фæрыст æмæ дын иу уынаффæ зæгъын. Де знæгты ’хсæн дæ æмæ дæхиуыл фидар хæц. Кæуынæн дæр, зарынæн дæр нырма бонтæ уыдзæн. Фенцай!

А с и а т. Бæлвырд хабар мын зæгъ Хансиатæй.

С а л а м дж е р и. Мукара! Бибо дæм дзуры! (Рацæйцыд Мукара, Асиат йæ фæдыл; Саламджери Асиаты уромы). Ды лæуу, дæумæ ничи дзуры!

А с и а т. Мукара! Дæ ныхæстæм гæсгæ дын мæн ам ныууадзын худинаг у!

М у к а р а (ныллæууыд, аджих, йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта). Мæ бон… Ныртæккæ фæстæмæ фездæхдзынæн.

А с и а т. Гæды стут, гæдыйæ мæ сайут!

Саламджери (Асиаты йæ къабазæй æрбаппæрста). Рацу, дæ бынат зон! Ферох кæн дæ хæстæджыты, ацы сахат æз дæуæн – мад дæр, фыд дæр, хо дæр. Рæвдау мæ!

А с и а т. Цæсгом дын куы уаид, уæд мæ хойы марды уæлхъус ахæм ныхæстæ нæ кæнис.

С а л а м д же р и. Чи дын загъта? Афонмæ Касалы-фыртимæ уарзон зарджытæ кæнынц.

А с и а т. Йæ тæригъæд фæфид, кæд ыл гæдыныхæстæ цæмæн мысыс!

Саламджери (йæхи йæм ласы, уый та дзы йæхи хъахъхъæны). Зон, кæд тызмæг мæхи дарын, уæддæр дæм мæсты нæ дæн: уарзонмæ мæстыгæнæн нæй. Дæ уындæй не ’фсæдын! Чысыл иу ран фæлæуу!

А с и а т. Хæстæг мæм ма цу!

С а л а м д ж е р и. Цæуылнæ? Уæдæ ма дæ цæмæн рахастон? Мæсты мæм ма кæн, кæй дæ бафхæрдтон, уый тыххæй. Уарзондзинады охыл уыд уый.

А с и а т. Дæ зонд куы æххæссид æмæ æцæг куы уарзис, уæд афтæ нæ бакодтаис.

С а л а м дж е р и. Сывæллонæй нырмæ хуыздæр ницæуыл ахуыр дæн. Ме скъæфындзинад сабатизæры халыввæтæй райдыдтон. Афтæмæй дæумæ æрхæццæ дæн. Ныр æй ныууадздзынæн, æрмæст мæ уарз. (Æвналы йæм).

А с и а т. Дард лæуу, æдзæсгом! (Хъылцыхъо схизæны сзынд). Рахастай мæ, уæд афонмæ фысыммæ цæуылнæ дæ?

С а л а м дж е р и. Ацы ранæй хуыздæр фысым кæм ссардзыстæм? Нæуу, бæлас, хæхтæ, лæгæт, лæгæты дзуар, нæ уарзондзинадæн æвдисæн чи уыдзæн. Бæркаддæр ма ран куыд вæййы?

Фысыммæ æмгъуыд мæн нæ фæнды – хъуамæ мæ фæндон уа.

А с и а т. Фосæй дæуæй цы хъауджыдæр ис? Æниу фос дæуæй уæздандæр сты. Зон, æз дæуæй фæхудинаджы бæсты мæ зæрдæ мæ риуæй ратондзынæн.

VI

Хъылцыхъо (хъамайы сæрыл хæцы). Цы фыцыс, мæ туг? Æддæмæ тырныс? Ныртæккæ дын фæндæгтæ уыдзæн, фæлæуу!

С а л а м дж е р и. Цы?! Мæнæй худинаг фæуыдзынæ? Банцай! Фысыммæ ма бæлл, уырдыгæй дæр нæ аирвæздзынæ. Мæлæты саг æфсымæртæ куы нæ æрбалæудзæн дæ фæстæ!

Хъ ы л ц ы хъ о. Раст, раст! Фæлæ ма дæм бакæсон!

А с и а т. Мæхи амарынæн мæ æфсымæр нæ хъæуы. Худинаджы бæсты – мæлæт!

С а л а м дж е р и. Кæм ис, кæм, худинаг, рацу-ма. (Ахсы йæ).

Асиат йæхи атыдта, йæ хъама йын фелвæста æмæ дзы йæхи æрцæйцавта, фæлæ йæ Саламджери ацахста, байста йын йæ хъама.

С а л а м дж е р и. Æрра ма у! (Хъама аппæрста, ацахста та йæ. Асиат йæхи ратыдта æмæ йын йе ‘хсæрфарс ныццавта).

С а л а м дж е р и. У, джауыр! Дæуæн цы хъæуы, уый æз зонын: лæппутæн дæ хынджылæгмæ ратдзынæн! Бибо, Мукара, ардæм! (Бибо, Мукара æрбауадысты). Хæц, Бибо, æрфистæг æй кæнут! Мукара, адзур кæстæртæм.

Мукара рацыд. Уæле цуанæттæ æрзындысты.

Б и б о (хæцы Асиатыл). Куыд вæййы, уый нæ зонын æмæ… (Йе ’гънæджытæм ын бавнæлдта).

Хъ ы л ц ы хъ о. Уый зонын дæ нал хъæуы, куыдзы хъыбыл, Бибо! (Ацахста Саламджерийы).

VII

П у п æ (æргæпп кодта). Суадзут æй, хъамылы хуытæ! Фаджыс куы у уе змæнтинаг! (Бибойы амардта).

Х а дз ы м æ т (Мукараитæм хъæр кæны). Хъылцыхъо йæ хойы байста, скъæфæг чи у, уæхи айсут!

Хъ ы л ц ы хъ о. Саламджери дæ ды, нæ?

П у п æ. Гъе уый у Саламджери? (Фæлæбурдта йæм).

Саламджери (сызмæлыд). Æз, мæ фыдыстæн, æз. Бибо!

П у п æ. Змæлгæ ма кæ, сидзæр хоты æхсæн нæ дæ! (Æрбырста йæ). Бибойы фæндагыл ацæудзынæ ды дæр!

А с и а т. Ацы лæгæты дзуар адон чъизидзинæдтæм кæсын нæ бафæраздзæн, уый мæ уырныдта. Уæ, Хъылцыхъо! (Хъылцыхъойыл бахауд).

Хъ ы л ц ы хъ о. Тæрхон ацы налатæн, тæрхон, мæгуыр сидзæрты чи фæцагъта, уымæн, тæрхон, адæймаджы ном фосы номæй чъизидæр чи скодта, уымæн, тæрхон Лакаты Саламджерийæн. Цы зæгъыс, Хадзымæт?

Х а дз ы м æ т. Хатыр.

Хъ ы л ц ы хъ о. Асиат?

А с и а т. Хатыр!

Хъ ы л ц ы хъ о. Цы зæгъыс, кæстæр!

Ф ы й й а у. Мæлæт худинаггæнæгæн, былæй йæ аппарут!

П у п æ. Разы.

Хъ ы л ц ы хъ о. Разы.

Былæй йæ æппарынц.

Хъ ы л ц ы хъ о. Пупæ, мæнæ дын мæ хо, хайыр ут. Хæц!

Пупæ Асиаты йæ дæларм æрбакодта. Хадзымæт æмæ фыййау рацыдысты.

Хъ ы л ц ы хъ о. Ацы джауырты чъизи туг саумæры ахъардта. Рæсугъд дидинæг, малусæг сзайæд уырдыгæй, уæ уарзондзинадæн, уæ цардуалдзæгæн йæ рæсугъд нысан чи уа! (Рацыд).

VIII

А с и а т (хъæбыс кæны). Цæй бирæ фыдæбон федтон, ацы сахатмæ бæлгæйæ! Цал æфхæрды, цал зыны… Фæлæ мæ ныр куы айрох сты, Пупæ!

П у п æ. Ацы амонды аккаг æз нæ дæн, фæлæ ды, кæд, куыд зæгъыс, æцæг афтæ дæ, уæд дæ амонд дæхæдæг лæгдыхæй ссардтай.

Æмбæрзæн

1921 аз