ЦÆГОЛТЫ Георги

(1871 – 1939)

Цæголты Георги – публицист, поэт æмæ беллетрист, райгуырд Цæголты Михалы хæдзары, мæгуыр зæхкусæджы бындарæй Чырыстонхъæуы 1871 азы апрелы мæйы 22 бон.

Чырыстонхъæу уæддæр стыр уыди, фæстæдæр ноджы дардыл ныззылд æмæ ныр горæт сси, йæ ном дæр ын раивтой – Дигорæ. Йæ фыд фыццаг сауджын уыди, фæлæ иуафон дингæнæджы куыст йæ зæрдæ нал иста, ныууагъта йæ, систа йæ къух сауджыны номыл æмæ куыста ахуыргæнæгæй райдиан скъолайы, стæй йæ бинонты дарыны охыл кодта зæххы куыст дæр, йæ фыдæлтау.

Георги дæр, йæ фыдау, фыццаг ахуыр кодта дины скъолайы Мæздæджы, стæй бацыд Стъараполы дины семинармæ, фæлæ йæ каст нæ фæци. Дыууæ азы фæстæ йæ расырдтой семинарæй, касти, дам, хицæуттæ кæсын кæй нæ уагътой, ахæм чингуытæ!.. Цы кодтаид мæгуыр лæппу? Рацыд Дзæуджыхъæумæ, уæдмæ йæ мад уырдæм ралыгъд Чырыстон хъæуæй. Ам йæхицæн цæрыны фæрæзтæ агуырдта сау куыстæй. Бавзæрста алцы дæр: куы-иу вагæттæвгæнæг уыд, куы цумайы лæппу, куы телеграфист, куы писыр хъæуыхицаумæ… Фæлæ стæй фæцахуыр газетон публицистикæйыл æмæ уый сси йæ сæйраг дæсныйад йæ мæлæты бонмæ. Фыста бирæ алыхуызон газеттæм уацхъуыдтæ. Фыста адæмы царды æппæт фæзындтыл: æгъдæуттыл, цардыуагыл, хицæутты фыдмитыл, мæгуырæй цæрын хъизæмарты фыддæр кæй у, ууыл. Уыцы хъуыддаг дзы рох никуы уыд, фæлæ зæрдæргъæвд лæппу бирæ уарзта аив литературæ æмæ йæхæдæг дæр фæлвæрдта радзырдтæ, уацаутæ фыссын, стæй ма æмдзæвгæтæ. Йæ æхсæнадон-политикон публицистикæйы хуыздæр уацмыс та у, йæ кой ма кæмæн скодтам, уыцы уац – «Край беспросветной нужды».

1917 азы революци куы фæуæлахиз, уæд Георги дывæндыл ныллæууыд: æнхъæлмæ каст – исты рауайдзæн пролетарон революцийæ æви нæ?… Фысгæ ницыуал кодта, царди нымайæджы куыстæй. Рæвдыд не ’рцыд ног хицæутты ’рдыгæй дæр, афтæмæй царди тыхст æмæ зæрдæсастæй.

1939 азы августы 10-æм бон фæзиан Дзæуджыхъæуы.

Цæголты Георгийы литературон бынтæ дардыл сты, фæлæ дзы ныр дæр цардхъом рахонæн кæмæн ис, уыдон бирæ не сты: йæ публицистикæйæ иуцалдæр уацы, йæ новеллæты фылдæр хай, стæй йæ лирикон æмдзæвгæтæй иуцалдæр. Уыдон сты, Цæголты Георгийæн нæ литературæйы ном кæй фæрцы ис, ахæм уацмыстæ, æмæ сæ хъуамæ зонæм æмæ нæ зæрдыл дарæм.

 

ХЕТÆГКАТЫ КЪОСТАЙЫ ИНГÆНЫ УÆЛХЪУС

Лæзæры, сæфы тар… Æфхæрд, цагъар Уырысы
Æрхæсдзæн рухс уалдзæг нæ фидæн бонты таг.
Ныр тагъд уыдзæни бон… Нæ сусæг цин уал хъуысы
Æхсæвы мæргъты тарф уасты. Ныр та

Мах фæзилæны стæм… Ыстыр уылæн нæ сисдзæн,
Нæ бæллиц донбылтæм мах рахæсдзæнис тагъд.
Нæй уым рæхыстæ, ’фхæрд, нæ рухс галуаны систæ
Нæ сæтдзæн уым лæгмарæджы цъыф къах.

Фæлæ нæ фендзынæ ды уыцы цард, рæстаг бон…
Нæ фендзынæ ды уый, кæмæ бæллыдтæ ’дзух.
Дæ ингæнмæ нæ ныхъхъуысдзæн дæ фæндон
Уæццæ хабар – мæйдар æхсæв ысрухс.

Куыд æм бæллыдтæ ды!.. Цахæм æнувыд уарзтæй,
Цахæм ыстыр ныфсæй зæлы дæ нæргæ стих!
Дæттæй, сæрибармæ куыд бæллыдтæ, куыд кастæ!
Фæндыры зæлтимæ дæ кувын дæр ысиу.

Дæ сæр ын уыд нывонд, дæ сыгъдæг цард ын радтай,
Уыдтæ æмбæстаг ды, поэт æмæ салдат.
Ныфсджын, æхсарджынæй хæцынмæ заргæ уадтæ,
Дæ фæстæ карз тохмæ нæ уыд бырсæг дæр хатт.

Куыд тынг фæндыди дæу, цæмæй зынг хур ыскæса
Дæ райгуырæн бæстыл, цæмæй фæлидза тар;
Цæмæй цагъайраджы уæззау æфсондз ныссæтта,
Цæмæй фæхæсса уад нæ фыдмæстытæ дард.

Цас тардæр уыд æхсæв, цас цард уыди æнкъарддæр,
Уас тынгдæр ды сыгътæ, уас тагъддæр уыд дæ цыд.
Уæндонæй басидтæ тох, амонды фæндагмæ
Дæ мæгуыр адæммæ, дæ мæгуыр хъæумæ ды!

Цæмæн уынæм ныр дæу æнафоны зынгхуыстæй?
Цы у ингæны дзуар? Ды махимæ нæ дæ?..
Кæм и рæстдзинад ам? Цæмæн сафы куырм хъысмæт,
Цы нæм ис хорзæй, уый, æнæмæтæй, фыдæй?

Хæрзбон, нæхи Къоста… Мах ард хæрæм дæ номæй:
Нæ бæстæ уарздзыстæм, уыдзыстæм ын хæстхъом,
Æмæ йын кусдзыстæм зæрдæбынæй, уæнгрогæй,
Кæдмæ нæм уа æхсар… Хæрзбон, Къоста, хæрзбон!..

Гафезы тæлмац

 

ДЫГУРОНЫ РАДЗЫРД

Номарæн Æмбалты Цоцкойæн

Æмæ мын радзырдта сындæг:
«Æз райгуырдтæн хæххон Дыгуры,
Цы ран ис мард дуртæй сæндæг,
Бæрзонд Уаза æнцайы хурыл…

Цы ран, мæсты калмау, Урух
Сæрсæфæн арф комы ыздыхсы:
Цы ран дыгурон лæг æдзух
Фыдцардæй й’ адзалмæ фæтыхсы…

Цы ран æдзух ыстонг у лæг,
Йæ хай – æвидигæ æфхæрдтæ…
Цы ран уынгæджы бон хæлæг
Фæкæнынц удыгæстæ мæрдтæм…

Æз рæзтæн сидзæрæй, мæ фыд
Æвзонгæй асыгъди, цырагъау…
Дзырдтой мын, суг ласынмæ уыд
Æмæ æд галтæ былæй ахауд…

Йæ уæлвæд амарди мæ мад,
Йæ сонт сæр баппæрста Урухы…
Кæд уыди цардыл та нымад
Æфсондз, дæллаг галау, æмпъухын!..

Мæ сæфты бон нæу рох ныр дæр…
Къæбæр нын нæй, мæлæм ыстонгæй,
Нæ хъæу та махæй дæр фыддæр,
Адзалмæ кастысты æрдонгæй…

– Хуыцау ныл рахæтыд!.. – мæ мад
Мæнæн æрхуым хъæлæсæй загъта… –
Хуыцау ныл рахæтыд, уæд ма
Нæхи цы марæм хурхæй мах та?!

Цы у нæ цард?.. Фыргуыст, цæссыг…
Æххормаг – райгуырдæй адзалмæ!..
Вæййы æвидигæ нæ хъыг,
Нæ куыстæй ницы ’фты хæдзармæ…

Фæбыхсæм фаг!.. Нæ иунæг сæр
Ныр барæй ингæнмæ фæхæссæм…
Ныр афон у, хъæбул, – уæддæр
Хуыцаумæ дæр æвгъау нæ кæсæм!..

Мæ фæдыл цу… Урух нæ кæд
Йæ хъæбысмæ мæстыйæ айсид;
Кæд й’ арфы ’рцæуиккам ныгæд,
Кæд нæ йæ сау бынмæ фæласид!..

Ныхъхъус мæ мад… Цыди сындæг,
Æз та йæ фæдджийыл хæцыдтæн…
Нымадтон: цымæ доны лæг
Куыд цæрдзæн дондзиутау, æццытау?..

Йæ хъæбысы, – фæндыди мæн, –
Гыцци дæлдон, дзæбæх куы тухид:
Куы мын зарид бæргæ фæлмæн,
Цыма зæххыл нæ зыдта тухи…

Куы сниуы талынг æхсæв уад,
Йæ тасæй зæхх куы ризы комы,
Куы-иу мын дзурид уæд мæ мад,
Фыд уылæн донбылтæ куыд домы…

Куы вæййы зæхх æдзæм, фынæй,
Сæрдыгон æхсæв, мигътæ – ривæд…
Æмæ уæларв та райдзаст мæй
Уæлхохы цъититæй куы ’рттивы…

Куы сидынц ирд арвæй бæрзонд
Нæ зæдтæм урс зинтæ узæлгæ,
Нæ кæмтты та сæ хъæлæс сонт,
Тæмæссаг зарæгау куы зæлы…

Раст ахæм уысм фæндыди мæн
Мæ уд нæ доны сæр ирхæфсын;
Зæрин мæймæ кæсын фæлмæн,
Нæ хъæуыл мæйрухсмæ фæлгæсын!..

Æрхæццæ стæм Урухмæ уæд…
Нæ бынмæ тар уылæн ныхъхъæрзы…
Уый калы къæдзæхтыл йæ сæт,
Йæ комы сау къæйтæ æвдæрзы…

Æввæхсты ничи уыд, æрмæст
Æрбатахт иу дзывылдар бурбын,
Фæлæ нæ ку’ ауыдта, – пæррæст,
Дæрддзæф æрбадти донбыл дурыл…

Уæлейау дард фæтæнæй зынд
Уæлыгæс, хизæныл ныхæстау…
Йæ урс дзугæн сæ фæдыл цыд
Æмæ æрхуым зарæг ивæзта…

– Æрбадæм! – загъта уæд мæ мад, –
Нæ хæхтæй ма нæ цæст фæрайа…
Мæлын зын у… Нæй царды ад,
Фæлæ нын нæу уæддæр уæлдайаг…

Фæуæд нæ мæнг дуне æлгъыст:
Нæ хъысмæт – хъизæмартæй уафтау!..
Нæ цард – тæфæбонты æрвыст,
Нæ уд фыдæвзарæнты рафты…

Мæ хуры тын, мæ хъæбул, ды
Цæр а зæххыл, ныхъхъæц æфхæрдыл…
Нæ мæ уыдзынæ рох мæрдты,
Ды дæр дæ мады дар дæ зæрдыл…

О цард, цы ис хуыздæр дæуæй!..
Нæ хъæу!.. Йæ фæстæ – хъæд, сæрвæттæ…
У фыййау байбыны фынæй,
Уысммæ дзы айрох и йæ мæт дæр…

Уым зары цъиу… Цæй, ныр – хæрзбон!..
Хæрзбон, – ам чи цæра мæ фæстæ…
Цæрут-иу, фесæфæд уæ сон,
Уæ царды цинæй райæд бæстæ!..

Хæрзбон, хъæбул!.. Фæци мæ цард…
Æрцу, мæ хур, мæ фæстаг ба дын…
Ныр иунæг дæ, – дæ мад дæр мард!..
Хæрзбон у, ма рох кæ дæ мады…

Хъæбул! Хъæбул! – йæ къухтæ дард,
Хуыцаумæ кувæгау, фæхаста…
Фæцыд цъæхахст… Ыстæй йæ мард
Сæ уæларм уылæнтæ фæластой…

Урух! Урух! Дæумæ фыдох
Æрхоны мæн кæуынмæ арæх:
Нæ мæ у уыцы сау бон рох,
Цыма зæххыл цыфыддæр таурæгъ…

Фæкæсын уылæнтæм лыстæг, –
Цыма сыл ног уынын мæ мады…
Цыма зæгъы: – Æрцу хæстæг! –
Йæ цæсгомыл цыдæр рухс бады…

Зæдау мыл узæлы йæ цæст,
Мæ удæн ахæссы йæ тæргай…
Мæ зынтæй иу уысммæ ирвæзт,
Ыстæй мын айсæфы æндæргау…

Æниу цы бæрæг и, – кæд уым
Мæ мады мард нæ вæййы уырыл,
Мыййаг, кæд арф доны хуыдым
Æндæр тыхст адæмы ныхъуыры?..

Урух! Урух! Æвæрыс ды
Нæ мæгуыртæй дæ хуылфы бирæ,
Æмæ дæм арфæтæ уæндын, –
Дæ уылæнтæ æнустæм сирæнт!..

Ды сыл, æфсымæрау, тыхсыс
Æмæ сæ бафснайыс æгъдауыл,
Ыстæй сын таурæгътæ хæссыс,
Ыстæй сæ зарæгæй рæвдауыс…

Мæ фыд дæр мард, мæ мад дæр мард, –
Зыбыты иунæг, сар мæ сæрæн!..
Æрхæндæгæй цæуы мæ цард,
Хъаймæт у сидзæрæй фæцæрын!..»

Йæ дзырд фæци… Фæлæ уæддæр
Йæ цæссыг цæсты хауыл ризы…
Æрвон къуырфы та зæд кæмдæр
Йæхи зæххон мæстытæй хизы.

Ныссабыр зæхх… Ныттар ис ком…
Цъæх фæлмы айнæг хæхтæ джиуынц…
Мæй арвыл рабалц и æргом,
Йæ сæрмæ стъалытæ æрттивынц.

Дæлдæр та – цъититы фыд их,
Дыдзы рухс комы дзыхмæ калы…
Уым комы хъæутæ, хъæдтæ – джих,
Лæджы æрхæндæг дзы ысмал и…

Джусойты Нафийы тæлмац