ХЪОРОТЫ Дауыт

(1890 – 1924)

Дауыт райгуырд 1890 азы Астæуккаг хъæуы Хуссар Ирыстоны. Йæ фыд Гиго æмæ йæ мад Берозты Магда сфæлмæцыдысты сæ тыхст, сæ мæгуырæй æмæ цардагур алыгъдысты Алагирмæ. Уым чысыл Дауыты йæ фыды ’фсымæр Габо бакодта йæ дуканимæ цумайы лæппуйæ.

Габойы фæндыд Дауытæй йæхицæн нымайæг скæнын æмæ йæ уыйадыл ахуыр кæнынмæ радта бынæттон ахуыргæнæг Дзасохты Алыксымæ 1903 азы. Дауыт ахуыр кæнынмæ разынд тынг зæрдæргъæвд лæппу. Иу афæдзмæ каст фæци райдиан скъола æмæ 1904 азы фæлварæнтæ радта Дзæуджыхъæуы горæты ахуыргæнæндоны 4-æм хаймæ. Ам йæ ахуыр куы ахицæн кодта, уæд та Калачы бацыд бухгалтеры курсытæм æмæ та уыдон дæр иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 1909 азы майы 20-æм бон.

Дауытæн дарддæр ахуыр кæныны фадат нал фæци, кæд æй тынг фæндыди, уæддæр. Цыбыркъух бинонтæ æххуыс æнхъæлмæ кастысты, æмæ уый дæр райдыдта кусын. Зæрдиагæй архайдта рухстауæг æхсæнадты дæр. Уæлдайдæр та Хохаг адæмты ’хсæн ахуырдзинад æмæ техникон зонæнтæ рапарахат кæныны æхсæнады, чиныгуадзæг æхсæнад «Ир»-ы æмæ «Ирон литературон æхсæнады.

1917 азы февралы революцийы фæстæ Дауыт куыста Терчы облæсты хойраджы комитеты правленийы уæнгæй, стæй та йæ сæрдары хæдивæгæй. Уый фæстæ та кооперацийы оргæнты фæллой кодта цалдæр азы.

1923 азы Дауыт нысан æрцыд Хæххон Республикæйы Рухсады адæмон комиссарады бæрнон кусæгæй Цæгат Кавказы адæмты æвзæгтыл ахуыргæнæн чингуытæ æмæ аив литературæ уадзыны фæдыл. Уый ацы хъуыддаджы сæрыл бирæ тыхтæ æмæ рæстæг бахардз кодта, бирæ фæндиæгтæ уыд йæ сыгъдæг зæрдæйы æмæ тырныдта национ æвзæгтыл чингуытæ уадзынмæ, фæлæ йын æнтысгæ бирæ нæ бакодта. 1924 азы декабры 4-æм бон Дауыт æнæнхъæлæджы амард.

Уыцы бонты Дауыты тыххæй фыстой: «…Ирон фæллойгæнæг интеллигенцийы рæнхъытæй ацух йæ хуыздæр минæвæрттæй иу — Хъороты Гигойы фырт Дауыт».

Æцæгдæр Дауыт уыд фæллойгæнæг адæмы ахуыргонд хъæбул, æмæ кæд йæхæдæг раджы æмæ æвзонгæй ацух йæ адæмæй, уæддæр ын ныууагъта йæ зæрдæйы раззаг ныхас – йе сфæлдыстад.

Дауыты литературон бынтæ, йæ царды бынтау, чысыл сты нымæцæй. Æдæппæт æртæ пьесæйы: «Уарзæттæ», «Дæсны» æмæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди», хъæлдзæг ныхæсты чысыл æмбырдгонд «Арвистон» æмæ цалдæр æмдзæвгæйы. Уымæй дæр уацмыстæ иууылдæр фыст сты Дауытæн йе ’взонджы бонты. Йæ царды фæстаг дæс азы уый ницыуал ныффыста – ома, йæ курдиат æмæ йæ зонд сæ тыхы куы бацыдысты, уæд Дауыты литературон куыстмæ нал æрæвдæлд, æрдзæй йæм цы сфæлдыстадон хъару уыд, уый кæронмæ равдисын йæ бон нæ баци.

Дауытæн йæ уацмысты хуыздæр у комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди». Фæлæ иннæ уацмыстæ дæр ирдæй æвдисынц фыссæджы идеалтæ, уый фæндиæгтæ.

 

ÆЗ НÆ УЫДТÆН ГÆДЫ УЫДИ!

Зæрдæхæларæй йæ нывонд кæнын
мæ уарзон ахуыргæнæг Дзассохты Алыксандрæн
Фыссæг

НЫРЫ РÆСТÆДЖЫ ЦАРДÆЙ ИУ НЫВ

АРХАЙДЖЫТÆ:

Xиманæ – хъæуыхицау, 50-аздзыд.

Николай Петрич – йæ фыссæг, 40-аздзыд.

Сахълæу, Калман  – къулертæ, 20-аздзыдтæ.

Калман – 25-аздзыд.

Хъилхъус – сторож, 40-аздзыд.

Гуыцыр – хъæуккаг, 45-аздзыд.

Темырболат – бунтгæнæг, 25-аздзыд.

 

ХЪАЗÆН БЫНАТ

Къæнцылар. Æлыгæй сæрст, æнæчъырæйцагъд бæстыхай. Галиуæрдыгæй – ныллæггомау дуар; рахизæрдыгæй дæр ахæм дуар; æрмæст уымæн йæ астæу къаннæг фæрсаг, йæ тарвазыл ставд дамгъæтæй фыст: «Арестантская». Фæстаг къулыл – дыууæ чысыл рудзынджы, иу къордæн дзы се ’вгтæ саст æмæ гæххæттæй ныхæст. Дыууæ рудзынджы астæу къулыл ауыгъд ис æвзæр цырагъ, чъизи авгимæ. Фæстейы рахиз къуымы – скъапп, йæ дуар – зыхъхъыр æмæ дзы зынынц бирæ гæххæттытæ, йæ сæрыл дæр афтæ. Фæстаг къулæй дыууæ адылийы раздæр лæууы чъизигомау æнæмбæрзт стъол, йæ уæлæ цырагъ, æрдæгсыгъд гæххæттæй йын худ. Фыссæн дзаума: чингуытæ, гæххæттытæ, хынцæнтæ, фыссæнтæ æмæ ноджы æндæртæ. Стъолы алыварс – цыппар бандоны. Къулрæбын дурты уæлæ бадыны тыххæй – даргъ фæйнæг. Зæхх æнæмарзт. Къулыл алы фехъусыны гæххæттытæ ныхæст.

 

УÆЛÆДАРÆС

Николай Петричыл уырыссаг дзаума, иннæтыл се ’ппæтыл дæр ирон уæлæдарæс. Гуыцыр æмæ Хъилхъус бызгъуырты мидæг. Xиманы фарсыл æхсаргард. Йе ’фцæгыл та хъæуыхицауы рæхыс ауыгъд. Сахълæуы риуыл стыр хæрзиуæг, къулеры майдан.

 

АРХАЙДЖЫТÆН СÆ ЗÆРДÆЙЫ ХАТТ ÆМÆ СÆ КОНД

Xиман – тызмæггомау лæг, асæй рæстæмбис, бæзæрхыггомау, йæ зачъетæ – даргъ.

Николай Петрич – йæхицæй стырдæр зæрдæ зæххыл нæй, нозтуарзаг, хъæргæнаг.

Сахълæу – цыргъзонд лæппулæг, чысыл æдылыдзæф, сыгъдæг къæнцылары ахуыр, хъазаг лæппу.

Хъилхъус æмæ Гуыцыр – сæли-уæли лæгтæ, пыхцыл æнæлвыд зачъетæ. Гуыцыр – гуыбыргомау лæг, Хъилхъус – схъæл адæймаг, йæ хъустæ даргъ, йæ зонд – цыбыр.

Калман – къулер цы вæййы, уый.

Темырболат – рæсугъд лæппу-лæг, даргъгомау.

 

I ФÆЗЫНД

Николай Петрич

Н и к о л а й  П е т р и ч (йæ дзыппæй къаннæг чиныг

систа æмæ кæсы). «Сегодня пойти к Кудаберду по делу Ахмета, взять от него… Так-с… Уничтожить протокол Гуцира, гонорар три рубля шестьдесят копеек». Уæуу-уа, рох мæ куы кодта, рох! (Чиныг рудзынджы фæйнæгыл авæрдта, гæххæттытæ райста æмæ агуры.)

Черт знает!.. цы фæци, уæдæ… Тагъд æй куы ссарин: хорз хабар уаид, æртæ тымбылы æмæ æртæ абазийы дзыппы куы нывзилин æввонгæй, уæд… Да, это факт… Бауадз æй Химаны, уый протоколтæ кæны, æз дæр сæ иугай-дыгай бæргæ сафын: кæй доны, кæй та арты; сæ мыггаг скъуынынмæ сын раст халерæй уæлдай нæ дæн… Хуыцау хъуыддæгтæ рæстмæ ауадзæд, уыййеддæмæ ма мын истытæ бантысдзæни. Цы хæйрæг æй бахордта уæдæ, цы фæци? Хуыцау, ды базон, ацы пъартфелы йæ цæвæрдтон! Куы нæ йæ ссарон, уæд фыдæнхъæл кæндзынæн: æртæ сомы æмæ æртæ абазийы доны къусы сæфт кæндзысты. Да, это факт… (Йæ сæр ныттылдта). Бацагурын хъæуы (фæлдахы æмæ кæсы). Доношение, прошение, решение, рапорт, секретно: постановление, циркуляр, рапорт, приговор, решение, решение, решение… Æнæбайрайгæ фæут уæ решенитæй, нал сæ фæразын! Судьятæ, дам!.. Æнæмбаргæйæ кæд сæ къухтæ æрæвæрынц, уæддæр фыст, æз цы тæрхон скæнын, уый вæййы. (Кæсы). Разъяснение, решение, прошение, протоколы!.. Стоп, про-то-кол. Ам дæ ныр. (Цырагъ фæуæлдæр кодта, кæсæнцæстытæ асæрфта, бахуыфыди). Мм!.. фырцинæй мыл хуыфæг дæр бахæцыди. Ха-ха-ха! Æртæ сомы æмæ æртæ абазийы та приходы ныффысдзыстæм. Так-с… это факт. Химаны мыхуыр сырх-сырхид дзæбæх куы дары. Фæлæуу, æз ыл æндæр мыхуыр æрæвæрдзынæн, хъаймæты бонмæ дæр йæ ныв куыд нæ уал фæзына. Кæсын æм нал хъæуы, зынджы хай йæ бакæнæм, æгæр бирæ мæ куы фæмæстæй мардта. (Судзы йæ спичкæйæ). Горит протокол!.. Горит Химаны сæр йæ хинтимæ!..

С а х ъ л æ у (дуары зыхъхъырæй). Горит абчествени гæххæтт!

Николай Петрич сагъдæй аззад, арт йæ къухмæ схæццæ ис æмæ йæ басыгьта.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Дæ-дæ-дæй! Фæлтау мæ туман дæр нæ хъуыди, ноджы мæ чидæр базыдта, æнхъæлдæн… (Дуарæй акасти). Цы уыдаид уæдæ, ам дæр куы ничи ис… (Ахъуыды кодта). Æвæццæгæн, мæхи хъæрæй къултæ ныццарыдтой æмæ мæ хъустыл æруади. Афтæ уыдаид, афтæ, æдде дæр куы ничи зыны. О, физикæйы дæр афтæ фыст и!.. (Лулæ-бапъироз ссыгъта). Ну, черт с ним! Къух фæрысти, фæлæ æртæ сомы æмæ æртæ абазийы дзыппы нымайын хъæуы ныр. Чи зоны, ноджыдæр ма дзы исты уæлæмхасæн уа. Да-с, это факт! Къулер! Къулер! Сахълæу, кæм дæ!..

Сахълæу æрбацыди.

 

II ФÆЗЫНД

Николай Петрич æмæ Сахълæу.

С а х ъ л æ у. Цы мæ кæныс?

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æргæвдгæ… Ам уыдтæ, цы?

С а х ъ л æ у. Ам уыдтæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Уæдæ Гуыцыр ардæм не ’рбацыди?

С а х ъ л æ у. Ам уыди æрдæбон.

Н и к о л а й  Петрич. Раджы? Куыд, «æрдæбон»?

С а х ъ л æ у. Нæ, тынг раджы нæ уыди, хурæн ма йæ ныгуылынмæ дыууæ бæндæны бæрц уыдаид.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Вот ишак!

С а х ъ л æ у. Исахъ ам ницы уыди.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Уæдæ Гуыцыр мæн нæ агуырдта?

С а х ъ л æ у. Агуырдта, фарста дæ.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æмæ цы загъта, ам куы нæ уыдтæн, уæд?

С а х ъ л æ у. Ницы, ныртæккæ та, дам, æрбаздæхдзынæн.

Николай Петрич. Ну, ступай, ерш! (Сахълæу фæцæйцыди). Ей, Сахълæу, фæлæуу-ма!

С а х ъ л æ у. Цы ма мæ кæныс?

Н и к о л а й  П е т р и ч. Йæ къухы ницы уыди?

С а х ъ л æ у. Стыр цым лæдзæг!

Н и к о л а й  П е т р и ч (æдзынæг алæууыди). Цы, цы загътай? Цы йæм уыди, зæгъыс?

С а х ъ л æ у. Иу стыр хуытæрæн!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æмæ æппын ницы загъта?

С а х ъ л æ у. Мур дæр ницы, дæу агуырдта, æндæр.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цы мæ кодтаид, цу-ма, кæддæра кæм и!

С а х ъ л æ у. Ныртæккæ. Ардæм-иу æй ракæнон?

Н и к о л а й П е т р и ч. Лæдзæг ма йæхимæ куы уа, уæд-иу ын мацы ской кæн; куы мæ фæрса, уæддæр-иу ын зæгъ: «Ам нæй».

С а х ъ л æ у. Хорз. (Ацыди).

 

III ФÆЗЫНД

Николай Петрич иунæгæй.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Хуымæтæджы не ’рбацыдаид Гуыцыр лæдзæгимæ. Хуыцау бахизæд, фæлæ уымæй лæгыл куы ралæууа… Ноджы йæ кæд хоны цым лæдзæг. Нæ зонын, уыцы мæсты дæр мæм цæуыл уыдзæни… Нырма дзы исгæ дæр куы ницы ракодтон. Лæдзæгимæ цæмæн æрбацыди, уый диссаг у: ацы уынджы куыдз-ахæм куы нæ и, стæй лæдзæг хæссаг дæр нæу Гуыцыр. Хуымæтæджы нæ уыдаид… Цæй, уæдмæ кæд Химан дæр æрбацæуид…

 

IV ФÆЗЫНД

Николай Петрич æмæ Сахълæу.

С а х ъ л æ у (æрбацыди). Мæнæ ’рбацыди йæхæдæг.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Йæ лæдзæг дæр ма йæхимæ и?

С а х ъ л æ у. Нæ!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цæугæ, уæдæ, тагъд дæбынатмæ. (Сахълæу ацыди). Æвæццæгæн, гæдыйæ æрымысыди, лæдзæг æм и, зæгъгæ. Фæлæууæд, æз та йын йæ бон базонын кæндзынæн!..

Г у ы ц ы р æрбацыди, йæ къухы цыдæр кæлмæрзæны бастæй.

Г у ы ц ы р (йæ худ систа æмæ ныллæг кувы). Де ’зæртæ хорз!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Хуыцауы хорзæх дæ уæд, Гуыцырбег! Цæмæ ’рбацыдтæ, исты хъуыддаджы тыххæй?

Г у ы ц ы р. О, дæ рын бахæрон, абон дын кæй загътон, уый тыххæй.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Арм йедзаг куы уа, уæд ахæм хъуыддæгтæ æнцон кæнæн сты… Цæттæ у дæ хъуыддаг, дæ зæрдæ рухс уæд.

Г у ы ц ы р. Бузныг, стыр бузныг дæ дæн, мæ амæлæты бонмæ дæр дын ацы дзæбæхдзинад никуы ферох кæндзынæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Спасибо в карман не лезет: иронау, ома сур арфæтæй ницы пайда ис.

Г у ы ц ы р. Цæмæн уый зæгъыс, дæ рын бахæрон, дæ фæллоймæ дын чи цы бар дары! Уыцы хъуыддагæй мæ фервæзын кæн, уыййеддæмæ, мæ армы цы уа, уымæй дын «нæ» ницæмæй зæгъдзынæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. «Фервæзын» та цы хоныс?! Уыныс, мæнæ дæ протоколы сыгъдæттæ, дæумæ йæм нæ фæкастæн, сырх пиллон ын скалын кодтон.

Г у ы ц ы р. Мæ хъеллау сæр дæ фæхъхъау, мæ бæсты дын Стыр Хуыцау арфæ ракæнæд.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Фæхъхъаутæ-йедтæ уал ныууадз, фæлæ мын тагъд мæ фæллой куы раттис, кæннод, мыййаг, Химан куы ’рбаййафа, уæд дæ кæнæ æртæ туманы фидын хъæуы, кæннод та дæ хъуыддаг йæ фыццаг фæндагыл ацæудзæни.

Гуыцыр тагъдгомау чъизи хæцъилæй æхца райхæлдта, радта сæ Николай Петричмæ.

Н и к о л а й  П е т р и ч (анымадта сæ). Авд суари æмæ дыууæ капеччы та?

Г у ы ц ы р. Æндæр мæм куы нæ и…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æри, æри, бирæ дзурын дæм цæмæн хъæуы!

Г у ы ц ы р. Уæд мæ мард фен, æндæр мæм нал и…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Дæ мард фенынæй мыл ницы бахæцдзæни, бæхы мардæй уæлдай, фæлæ тагъд авд суари æмæ дыууæ капеччы куы раттис дзæбæхæй!

Г у ы ц ы р. Куы мæм уаид, уæд сæ бæргæ раттин.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Ну вот еще! Сис дын, зæгъын, æндæра дæ хъуыддаг карздæрæй кæй снæуæг уыдзæни, уый æмбар. (Гуыцыр ныхъхъус и). Хъусыс æви нæ?.. Æви дæм куыдз рæйы?

Г у ы ц ы р. Уæле Хуыцау, бынæй зæхх, уыдоны ард мæ фæдыл æфтыд фæуæд, кæд ма мæм æхцайы номыл исты ис. Лæг йæ Хуыцауæй куыд кура, афтæ дæ курын, æмæ мын уыцы авд суари æмæ дыууæ капеччы бахатыр кæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Нæй, нæй! Уый гæнæн нæй!.. Раздæр дæр дын куы загътон мæ фæнд, фæлæ мæ мауал мæсты кæн. Хуыздæр дын нæ уыдзæн…

Г у ы ц ы р. Фæлтау дын сæ æндæр истæмæй баххæст кæндзынæн…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Уый зæгъынæн бæззы, уый æндæр хъуыддаг у… Уый ма дæ къухы цы и?

Г у ы ц ы р. Царв, дæ рынтæ бахæрон.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æмæ йæ кæмæн хæссыс?

Г у ы ц ы р. Дæуæн æй бæргæ æрбахастон. Хуыны аккаг бæргæ нæу, уый зонын мæхæдæг дæр, фæлæ лæгæн йæ къухы æндæр куы нæ уа, уæд цы гæнæн и?

Н и к о л а й  П е т р и ч. Давай его сюда. Æри-ма йæ ардæм. (Уыны йæ). Да, это дело!.. Уæхи конд у ацы царв?

Г у ы ц ы р. Нæхи конд, дæ рын бахæрон.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Нал уæм дзы разындзæн? Æлхæнгæ дæр бакæнин.

Г у ы ц ы р. Нал. Уæд ма йыл цы боны хуыздæрмæ ауæрдин?! (Арахъхъы авг дзыппæй сласта).

Н и к о л а й  П е т р и ч. Уый та дæм цы и?

Г у ы ц ы р. Арахъ, дæ рын бахæрон.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Уый дæр мæнæн æрбахастаис, кæй зæгъын æй хъæуы. Æрдав-ма йæ ардæм, æз, дæ, сылгоймаг хорз у – æвзæр, уый базонон. (Авджы комæй нуазы). Па-п-а-пау! Уæллæ-гъи, дæ ус хорз адæймаг кæй у, уый базыдтон йæ арахъмæ гæсгæ. Уый тыххæй дын авд суари æмæ дыууæ капеччы хатыр, æрмæст дзырдæй: алы хуыцаубоны дæр мын дзы авджы дзаг куыд хæссай, афтæ. Зоныс, мæгуыр лæгæн цас æхца сты уыдон?

Г у ы ц ы р. Уый бæргæ зонын, дæ рынтæ бахæрон, фæлæ мæгуыр лæгæн алы къуыри арахъ кæнын æнцон нæу. Дæ ныхас сæххæст кæнын мæ бон куы нæ суа.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Мæ бон бауыдзæни уæдæ! Арахъ нæ, фæлæ ма мын райсом сихормæ æртæ цæрвджын уæливыхы авджыдзагимæ куы не’рбахæццæ кæнай, уæд фендзынæ, кæддæра дæ хъуыддаг куыд ацæуид… (Фыссы). Зон, протокол чи ныффыста, стæй йæ чи басыгъта, уый ма ноджыдæр базондзæни фыссын! Кæд дæ нæ уырны, уæд æй ныртæккæ фендзынæ… Æгас хъæу мæнæй ард куы хæрынц, уæд, дæуыл цытæ фыссын хъæуы фыдбылызырдæм, уый нал зонын? Кæд фæсмонгонд нæ фæуай, уæд-иу раппæл дæхицæй!..

Г у ы ц ы р. Курын дæ, æмæ…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Дзургæ бирæ мауал кæн! Мæхæдæг базондзынæн, куыд дыл æндзарын хъæуы, уый. Нырма мæ нæ курыс, фæлæ фæстæдæр курдзынæ, лæгъстæ дæр ма кæндзынæ!.. Цæугæ, ам дæр мауал лæуу!..

Г у ы ц ы р. Хуыцау…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Хуыцауы йæ бынаты уадз!.. Уадз… Уæддæр ма дзургæ кæны! Фесæф ардыгæй, мæ цæст дæ куыннæуал уына, афтæ! Чтобы духа твоего не было здесь! Стæй фендзыстæм, кæддæра дæ хъуыддаг куыд ауаид, кæд ма дæ цæсты де ’мбыд арахъ исты уа!

Г у ы ц ы р. Фæрæдыдтæн, бахатыр мын кæн, æз дæ мад, дæ фыды уазæг; цыдæриддæр мын зæгъай, уый бакæндзынæн. Дæ бар дæн, æмæ мын цы кæныс, уый бакæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æмæ дæ куыдзы бон нæ зоныс, афтæмæй дзурыс. Царды идоны рохтæ махмæ, хицæуттæм, кæй сты, уый нæма бамбæрстай?!

Г у ы ц ы р. Бамбæрстон æй, бамбæрстон, дæ рын бахæрон. (Йæ сæр аныхта). Ды мын æй хорз æмбарын кæныс, бузныг дæ дæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æмбарай йæ, æмбарай! Зон, мах куыд фæнда, лæджы цардыуаг афтæ сæвæрдзыстæм.

Г у ы ц ы р. Бахатыр мын кæн, табуафси, лæг куы нæ зона, уæд рæдийгæ кæны.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Рæдийын нæ хъæуы, мах паддзах, хицауад уый тыххæй æрæвæрдта, æмæ нæм хъусат, нæ коммæ кæсат, цы уын зæгъæм, уый хъуамæ æнæзивæг æххæст кæнат!

Г у ы ц ы р. Ай-гъай, ай-гъай, кæй фæрæдыдтæн, уый мæхæдæг дæр бамбæрстон, фæлæ, дæ рын бахæрон, мауал мæ æфхæр. Ахсæв ма цы, фæлæ дæ курын, райсом мæм куыд æрбацæуай дæхæдæг.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Не-пре-менно!.. Хорз, æрмæст макæмæн мацы ской кæнай…

Г у ы ц ы р. Ма тæрс, мæхи комкоммæ сафгæ кæнын… Цæй, кæд дæ ницæмæнуал хъæуын, уæд æз цæуын.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цæмæн ма мæ хъæуыс, исты паддзахы портрет æнæ дæу нæ фидауы! Куы ницыуал дæм и, уæд ма дæ цы кæнын. Цæугæ, фæлæ, кæй загътай, уый дæ ма ферох уæд.

Г у ы ц ы р. Ма тæрс, уымæн рох кæнæн и? Цæй, уæдæ, хæрзæхсæв! Райсом дæм хонæг æрбацæудзынæн. (Къæсæрæй ахызти).

Н и к о л а й  П е т р и ч. Фæндараст!.. (Къулермæ дзуры). Ей, Сахълæу!

Г у ы ц ы р (фæстæмæ фездæхти). Мæгуыр лæгæн цæй сахъ лæууæн и, дæ рын бахæрон!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цæугæ, цæугæ, дæумæ нæ дзырдтон – къулер мæ хъæуы, зæгъ-ма-иу ын, æдде йæ, мыййаг, куы фенай, уæд.

Г у ы ц ы р. Бахатыр кæн, фæрæдыдтæн. (Худы).

Н и к о л а й  П е т р и ч. Ничего, ничего, ступай!

Г у ы ц ы р (цæугæ-цæуын). Райсом дæм æрбарвитдзынæн.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Хорз… Гæды ма зæгъ…

 

V ФÆЗЫНД

Николай Петрич

Н и к о л а й  П е т р и ч. Барæй цæудзынæ, æнæбары… Авд суари æмæ дыууæ капеччы фæзиан дæн… Цæй, бар йæхи, царв йæхæдæг дæр у сом æмæ æрдæджы аргъ, арахъ – двайно, уый дæр – æхсæз суари… æхцайæ та æртæ сомы… уый дын æдæппæт цыппар сомы æмæ цыппар абазийы. Значит, зианы æфсон пайда: авд абазийы æмæ æртæ капеччы фæуæлдай сты. Да, тоже факт. Бауадз Химаны, уый æнæ æртæ туманы хъуыддаг нæ хæлдта, хæрзаг йæхинымæры загъта: «Мæ бар у, æмæ æнæбары дæр дæтдзæн». Цæмæй зыдта, а лæппу ахæм хъуыддæгтæ кæнынмæ ахуыргонддæр кæй у, уый. Мæ сусæгæй æхца бахæрынмæ хъавыди, фæлæ нæ ныр, сурдзыхæй чи аззади, уый бæрæг у. (Сахатмæ æркасти). Æххæст ма Хъуыдæберды куы фенин, кæд æппын дзы исты æрæвзæрид. Къулер!.. Къулер!.. Ей, Сахълæу, кæм дæ?

Сахълæу æрбацыди.

 

VI ФÆЗЫНД

Николай Петрич æмæ Сахълæу

С а х ъ л æ у. Мæнæ, цы кæныс?

Н и к о л а й  П е т р и ч. Химан ам нæ уыди?

С а х ъ л æ у. Нæма, абон иумæ куы ацыдыстут, уæдæй фæстæмæ.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Тек-с… (Ахъуыды кодта). Æз уал цæуын, уæдæ, ныртæккæ фæстæмæ æрбаздæхдзынæн. Мыййаг, уый мæнæй раздæр куы æрбацæуа, уæд-иу ын зæгъ, Николай Петрич ныртæккæ æрбаздæхдзæни, зæгъгæ.

С а х ъ л æ у. Хорз.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Никуы ницы бамбардзынæ ды! «Хорз» цы ныхас у?! «Дæумæ хъусын» зæгъ.

С а х ъ л æ у. Дæумæ хъусын, уæдæ, Николай Петрич.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Афтæ… (Царв æмæ арахъмæ ацамонгæйæ). Мæнæ-иу уыдон дæр бафснай, стæй сæ райсом раджы нæ хæдзармæ схæццæ кæн.

С а х ъ л æ у. Хъусын дæм.

Н и к о л а й  П е т р и ч (къæсæрæй). Уыцы гæххæттытæ дæр сæ бынаты сæвæр. Бамбæрстай?!

С а х ъ л æ у. Хъусын дæм. Хорз, бамбæрстон.

Николай Петрич ацыди.

 

VII ФÆЗЫНД

Сахълæу æмæ Хъилхъус

С а х ъ л æ у (иунæгæй). Пуй! Пуй! Мæ фыдбылызтæ демæ ахæсс! (Æфснайы). Амæй Хуыцауы налатдæр зæххыл лæг хъуамæ ма уа. Кæд æмæ ис, уæд та бæстæн дæр æнæ сæфгæ хос нæй. (Сыгъдæттæм фæкомкоммæ и). Арæби, ам та цыдæр хиндзинад ис, ацы сыгъдæттæ хуымæтæджы не сты… Дзæгъæлы нæ хъæр кодта, судзынц Химаны хинтæ, зæгъгæ… Цыдæр фыдбылыз та сарæзта уыцы Хуыцауы налат æмæ та ибонау мæ мæгуыр сæрыл куы нæ ’ртыхсид… Уæвгæйæ та, сæ дыууæйæ исчи хин, фыдбылыз саразы, тыхсгæ та мæгуыр къулеры сæрыл кæны… Хæйрæгау æй зонын, ацы сыгъдæтты бынæй та мæм цыдæр æнамонддзинад кæй кæсы, уый… (Писыр, рудзынгыл кæй æрæвæрдта, уыцы чиныг систа). Ай Николай Петричы куы у, уæд ам цы ми кæны? Æвæццæгæн ын рох фæци, уыййеддæмæ йæ Химаны цур йæ дзыппæй уæлæмæ дæр куы нæ ласы. Бамбæхсын æй хъæуы, исты сусæг хабæрттæ дзы уыдзæни… (Йæ роны йæ цæвæрдта). Ох-хо-хо! Гæртæмттæ уыдон хæрынц, сæ дзыппытæ уыдон дзаг кæнынц, фидгæ та сæ къулеры бæрзæй кæны… Мæ мæстытæ истæмæй куы райсин æмæ мæ паддзах Сыбыры бинаг къæйы бын куы бакæнид… (Царвмæ фæкомкоммæ ис). Ай та циу? Царв!.. Ай та гæртамы царв уыдзæни. Тæхуды, уымæй бафсæд, цы сæлæф у, цы!.. Амæн куы ницы æрхъуыды кæнон, уæд ме сæфт хуыздæр у. Исты æрхъуыды хъæуы… Цымæ цы хуыздæр æрхъуыдычындæуа?.. (Ахъуыды кодта). Ха-ха-ха! Диссаг уаид, диссаг, царциаты æмбисонд. Уыцы ми йын куы бакæнин, уæд мæ ном Семы номау баззаид. Кæсгæ дæр ма йæм цы кæнон, бавналын хъæуы. Сæфгæ дзы куы кæнон, уæддæр ацы æрхъуыдыйæн æнæ баххæст амал нал и. Зонгæ дæр мæ цæмæй бакæндзæни. Цæй, бар дæр йæхи… сæфт – дыууæ сæфты: донласт хуылыдзæй нал тæрсы. (Царв хæрынмæ бавнæлдта). Кæд фысы царв мæнæн дæр ницы кæнид. Къулеры гуыбыны батайдзæн, æнхъæл дæн. Уæвгæйæ йыл писыры гуыбынау ахуыр нæу, фæлæ… Царв, дам, айдагъæй хъуыры нæ цæуы… Кæннод уый мæн йеддæмæ чи зæгъы, уый йæ йæ цард-цæрæнбонты цæстæй дæр макуы фена… Ай ницы хæрд у… мæнæ, мæнæ диссаджы уидыг! (Гæххæтлыггæнæн райста æмæ хæры). Гъе, гъе, уымæй фылдæр æнтысы…Цæй, æгъгъæд уал фæуæд. (Аууоны йæ æрæвæрдта.) Хъилхъус!.. Уæ, Хъилхъус!.. (Къæсæрæй). Ам нæ дæ, Хъилхъус?

Хъ и л хъ у с (æдде). Мæнæ, цы мæ кæныс?

С а х ъ л æ у. Æрцу-ма ардæм.

Хъ и л хъ у с. Ныртæккæ.

С а х ъ л æ у (йæхинымæры). Хуыцау, хъуыддаг рæстмæ ауадз…

Хъ и л хъ у с (къæсæрæй æрбакасти). Цæмæ мæм дзырдтай, цæ?

С а х ъ л æ у (тагъдгомау). Дæ гæды уæхимæ и?

Хъ и л хъ у с. Нæхимæ ис, цæмæн дæ хъæуы?

С а х ъ л æ у. Цæмæн та цы хоныс? Мæнæ ам иу уыры ис æмæ раст бур-бурид къаннæг гæдыйы йас у.

Хъ и л хъ у с. Кæд æй федтай?

С а х ъ л æ у. Ныртæккæ, уый мæ сыхъал кодта, фынæй уыдтæн.

Хъ и л хъ у с. Ау, æмæ дæ куыд сыхъал кодта?

С а х ъ л æ у. Фынæйæ мын мæ хъус цыдæр айваз-айваз кодта. Мæ амонд куыд уыди, афтæмæй тагъд фехъал дæн, æндæра, дæ фыдгул афтæ: мæ галиу хъус мæ уæлæ нал уыдаид; кæсын, æмæ уæртæ уыцы хуынчъы стыр уыры смидæг и, – гæбæр богъ…

Хъ и л хъ у с. Тыххæй ма куы фервæзтæ уæдæ.

С а х ъ л æ у. Тыххæй, уæллæ-гъи, тыххæй… мæ зæрдæ ма ныр дæр уæлæмæ хæссы, раст цыма лæхурæг царвæй бафсæстæн.

Хъ и л хъ у с. Ныртæккæ дын æй æрбахæсдзынæн уæдæ. (Ацыди).

С а х ъ л æ у. Мæ хъуыддаг, æнхъæлдæн куыройы цалхау рахизмæ зилы. Кæд Уæлладжы фæнда, уæд къулерæн дæр ацы хатт царв хæларæй батайдзæни… Ахæрын ма дзы хъæуы, цы йыл ауæрдын, цы, исты йыл мæ фыды фæллой куы нæ фесæфтон! (Иучысыл куы ахордта, уæд дуары хъæр фæцыди, царв амбæхста. Хъилхъус гæды æрбахаста).

Хъ и л хъ у с. Мæнæ дын æй æрбахастон, нæхион.

С а х ъ л æ у. Афтæ, гъе! Мах ын ныртæккæ йæ бон базонын кæндзыстæм. Ды цæугæ, æз ам бамбæхсдзынæн. Деуырц та йæ ахсгæ ракæндзæни.

Хъ и л хъ у с. Деуырц та кæй хоныс?

С а х ъ л æ у. Дæ гæдыйыл та дын дзæбæх ном куы сæвæрдтон, лымæнлæг!

Хъ и л хъ у с. О-о! Ном æвæрæггаг дын йæ галиу хъус.

С а х ъ л æ у. Цæугæ, цæугæ! Мæнæ куы æрцахсæм, уæд дын æз та уырыйы рахиз арм ратдзынæн.

Хъ и л хъ у с. Худæгæй марыс. (Ацыди).

 

VIII ФÆЗЫНД

Сахълæу иунæгæй.

С а х ъ л æ у (хæры æмæ худы). Хорз мыстдзуан кæнын… Цæй, æгъгъæд мын фæуæд ныр. (Гæдыйы ахсы). Æрлæуу, фæлдыст! (Æрцахста йæ, йæ дзæмбыйæ йын, царвæй ма чи баззади, уый хæххытæ кæны). Цы дзæбæх фæд кæны, цы, раст нæхимæ хæххон дзывыры хуызæн. (Гæдыйы æгæр балхъывта, æмæ ныууасыди. Æдде – къæхты хъæр. Феуæгъд æй кодта, царв дæр амбæхста). Бындары гæды фæу, кæд кæдæм хъæр кæныс.

Хъ и л хъ у с (къæсæрæй æрбакасти). Ма дын фæтых уæд Деуырцыл, йæ хъыллист куы фæцыди.

С а х ъ л æ у (сабырæй). Сс… хъæр ма кæн, кæд дæ уырыйы агъд хъæуы, уæд. Цæугæ, ныртæккæ æрцахсдзæни.

Хъ и л хъ у с. Амæттаг дын уæд. (Ацыди).

С а х ъ л æ у. Куы ’рбацæуа, уæд æрдиаг ма кæна Николай Петрич… Æцæг æрдиаг, йæ арахъ ма йын куы бануазин, уæд бакæнид. Уымæн ма исты куы æрхъуыды кæнин, гъе! (Ахъуыды кодта). Ха-ха-ха! Диссаджы фæнд та куы æрхъуыды кодтон, диссаджы. Кæсын æм нал хъæуы, сæфт – æртæ сæфты! Йæ бынæй йын рухс суадз, мæнæй-уый. (Рауагъта æмæ кувы). Йæ, Хуыцау, табу дæуæн! Стыр Хуыцау, кæддæриддæр-иу мын мæ сæрмæ ахæм зонд уадз. Хуыцау, æз курын зонын, кувын нæ зонын; фæлæ-иу мæ алы хатт дæр ахæм минасыл æмбæлын кæн. Йе Хуыцау, бахатыр кæн; бирæ дын нæ кувын, мыййаг мæ йæ хицау куы ’рбаййафа. Хуыцау, дæуæн æхцон, мæ удæн та – æнцон, мæнæ мæ риуыл æндон, фæлæ мын æй сызгъæринæй аив… Оммен, Хуыцау! Сауджынæн йæ аргъауæггаг йæхи вæййы… (Нуазы). Мæ мæстытæй дзæкъулы дзаг райстон… Куы ’рцæуа, уæд æрдиаг ма бакæна йæ хæдзармæ… Бануазæд-иу ныр. (Агуывзæйы дзаг дзы аууоны æвæры). Ай уал бафснайон фæстæдæрмæ, йæ бынтæ иу хæрд ничи кæны, бахъæудзæни та мæ… (Цайданæй зæххыл дон калы). Зæгъдзынæн, рахаудта авг, æмæ арахъ акалди. (Авг зæххыл цæвы). Кæд дæ нæ уырны, уæд фен. Афтæ, гъе, цард – бонгай, хæрд – комдзаггай, хынджылæг дæр мæ æгæр бирæ куы фæкодтой. Æххæст ма йын йæ чиныг дæр куы басудзин «Химаны сæрау»… Нæ, судзын æй нæма хъæуы, чи зоны, искуы мæ йæ сæр бахъæуа… Хе-хе-хе! Ныр æдæрсгæ кæсын куы зонин, уæд цæмæй хуыздæр лæг уаид Николай Петрич йе Химан. (Æрхæцæрхæцгæнгæйæ, кæсы иу гæххæтты, цы чиныг ссардта, уырдыгæй райсгæйæ). «Дорогой Николай Петрич, базалыстæн прикрати дела Ахмета Кла… Кла…Кла…» Авддæлæмæйы фæуай, цы ныхас дæ, кæд дæ дымæгыл здыйы пут баст нæй; раст цыма мæ галтæ Хуыбиаты хæрды нал хæцынц… Фæлæ нæ, цæйдæр кълаузты кой дзы кæнынц, æмæ йæ уымæн нал æвзарын, æвæццæгæн. (Фехста йæ). Æз кълаузтæй куы тæрсын. (Чиныджы кæсы). «Сегодня пойти к Кудаберду по делу Ахмета. Уничтожить протокол Гуцира, гонорар три руб. шестьдесят коп.» Ехх, гъе ныр уыдон иууылдæр иронау куы æмбарин, уæд ма мæхи цæмæй мæгуыр хонин; æвæдза, уæд къулер нæ уаин, чи зоны. Æгас сыфы иу ныхас – «Гуыцыр» йеддæмæ мацы бамбар! Гъæй, кæннод, мæн чи нæ сахуыр кодта, уыдон гæдыйау фæниуой… Уæуу-уа, гæды дæр ма ам куы и, æнхъæлдæн… (Дуар бакодта). Цит, бындар фæу! Цæугæ… Дæ сæр мæ ницæмæнуал хъæуы, хицæутты сæртæ бахæрай! (Атардта йæ. Иу гæххæтты гæппæл систа æмæ æнæ кæсгæйæ фæрсы-дзуры). «Его высокоблагороди, гошподин старсин шуа – Ерман, Роцки обчества». Афтæ тагъд куы кæсин, гъе!

К а л м а н (къæсæрæй). Бæргæ…

 

IX ФÆЗЫНД

Сахълæу, Калман æмæ Темырболат.

К а л м а н (æрбацæугæйæ). Æнхъæлдæн, Сахълæу, писыр сдæ.

С а х ъ л æ у. Бæгуы, æмæ цы, уæдæ мын æппын ницы æнхъæл уыдтæ, лæппу?

К а л м а н. Уый та куыд зæгъыс, амондджын боны дын æй Хуыцау фæкæнæд, æмæ де ’зæртæ дæр хорз!

С а х ъ л æ у. Ме ’зæртæ мын Хуыцау кæддæриддæр афтæ куы уадзид, фæлæ кæд де ’зæр хуыздæр у, уæд ды мæ хуызæн цæуылнæ дæ? (Темырболатмæ). Æгас цæуай ды дæр, мæ хæлар!

Т е м ы р б о л а т (иннæрдæм). Æндæр хæлар уын Хуыцау макуы раттæд.

Сахълæу æй нæ фехъуыста.

К а л м а н. Дæ адæм кæм сты, уæдæ?

С а х ъ л æ у. Цæй адæм? Мæ адæмæй цы кæныс, æз – сæ сæр – ам дæн æмæ ’гъгъæд нæу, ацы майдан та ма мыл цæмæн æрцауыгътой уæдæ хицæуттæ?

Т е м ы р б о л а т. Ахæм майдантæ ацы рæстæджы куыйтыл дæр дарынц.

С а х ъ л æ у. Кæй хоныс, кæ, куыдз?! Куыдз дæр куы дæ æмæ хæрæг дæр! (Лæбуры йæм).

К а л м а н (уромы йæ). Ныууадз, дæ хорзæхæй, Сахълæу. Мæ фыдгул уыимæ дзура, фæлтау мын исты нæуæг хабæрттæ радзур.

С а х ъ л æ у. Мæнмæ хабары мыггагæй ницы и, фæлæ дзур дæхæдæг.

К а л м а н. Уый дын мæ хабар: уыныс, цы хуызæн ахст цæргæс дæм æрбахæццæ кодтон.

С а х ъ л æ у. Ницæмæн мæ хъæуы, мах ма сæ фæлмæцгæ дæр скодтам. Цы пайда нын сæ ис фыдæбон йеддæмæ?.. Цæмæн æй æрбакодтай махмæ?

К а л м а н. Пъырыстыф æй сымахмæ саккаг кодта, уæ бон уæ уæд, амондджын стут.

С а х ъ л æ у. Æнæбайрайгæ дзы фæут, ахæстоны йæ бакæнын хъæуы!

К а л м а н. Уый дæр ын æвзонг нæ фæуыдзæни, ма тæрс.

С а х ъ л æ у. Уæд ахст та цæй тыххæй у, æвæццæгæн, сæ сыхæгты цæхджын фæхсын рахырхта, и?

К а л м а н. Нæ, æндæр хъуыддаджы тыххæй у: стонг куыйтæн хъæздыг адæм сæ удыбæсты тыххæй се ’взæр гуыбынтæ дзаг кæнынц, адон ноджы бунт кæнынмæ хъавыдысты…

Т е м ы р б о л а т. Сымах хуызæн æнæмбаргæ цагъартæн бæрæг нæу: мах гуыбынтæ уыдон дзаг кæнынц æви мах – уыдоны гуыбынтæ.

С а х ъ л æ у. Бирæ ма дзур! Ныхъхъус у дын зæгъын! Чи дын радта ам, къæнцылары, дзурыны бар?

К а л м а н. Дæхæдæг дæхи гуыбын байдзаг кæнынæн куы ницы фæразыс, уæд искæй гуыбын, цæуылнæ, байдзаг кæндзынæ! Раст цыма сæ ды схъæздыг кодтай, о, дæ каст дæр афтæ у.

С а х ъ л æ у. Ныхъхъус уæд, æндæра йын æз йæ кæсæнтæ йæ размæ ралиуырын кæндзынæн.

Т е м ы р б о л а т. Уæ рæстæг у, æмæ уын цы зæгъон. Дзурут, цы уæ фæнды, уый.

К а л м а н. Цы зæгъынмæ хъавыс? Дæ зæгъæнтæ дæ бар нал сты, уый нæма бамбæрстай? Ам дын бабайы хæдзар нæу!

С а х ъ л æ у. Ахæстоны йæ бакæнын хъæуы. Хæц-ма йыл! Дуар бакæн. (Ахæстоны йæ кæнынц). Мах цы стæм, уый нæма зоныс, æнхъæлдæн. (Фæмидæг и). Ныххуысс уым, дæ бынаты!

Т е м ы р б о л а т (мидæгæй). Ацы митæ нæ рох кæй нæ уыдзысты, уый зонут! Зонут, фæллойгæнæг йæ маст кæй никуы ныууадздзæни, уый! Зонут, мыггагмæ афтæ нæ уыдзæни, æмæ уæд бавзардзыстæм нæ хъару, авдисдзæни нæ уæд алчидæр йæ тых!

 

X ФÆЗЫНД

Фыццæгтæ æнæ Темырболат.

С а х ъ л æ у. Зонгæйæ цу ныр ды уым.

К а л м а н. Байхъус ныр уый ныхæстæм! Цæф ыл кæй нæ ауади, уый тыххæй цин нæ кæны, фæлæ ноджыдæр къæу-къæу кæны.

С а х ъ л æ у. Уадз, æмæ ныр къæу-къæу кæна… Уæдæ дæм ницы хабар и æндæр?

К а л м а н. О, хæдæгай, куы мæ ферох и: губырнатор К…-йы (исты ном зæгъын хъæуы). куы аивтой.

С а х ъ л æ у (дисгæнгæ). Уый æцæг хабар у? Цымæ йын йæ бынаты никæй ма æрæвæрдтой?

К а л м а н. Не ’нхъæл дæн… Нæ, нырма никæй.

С а х ъ л æ у. Ехх, уый бæсты мæн куы æрæвæриккой губырнатор, æмæ ацы æрхуы гæппæлы бæсты ам сызгъæрин майдантæ æмæ крестытæ куы æрæфтауин, уæхсчытыл цупалхауджын пъалеттæ куы æрхуыйын кæнин, хæрзаг-иу Химан мæ разы йæ зонгуытыл æрлæууид. Хуыцау куы раттид ахæм хабар.

К а л м а н. Бæргæ, бæргæ, мæнæн дæр æнæпайда нæ уаид, дæхицæн мæ стражник скæнис, чи зоны, хъæуыхицау дæр.

С а х ъ л æ у. Стражник æмæ хъæуыхицау та цы хоныс, – булкъон, булкъон, зæгъай!

К а л м а н. Хуыцау куы раттид, адæмимæ куыд цæрын хъæуы, уый базониккам бæргæ, сæ удтæй сын, гæды мыстæй куыд хъазы, афтæ схъазиккам.

С а х ъ л æ у. Хæрзаг æгас Ирыстоныл айхъуысид: Хæдмæстпсæлты Смелы фырт Сахълæу инæлар-губырнатор сси, зæгъгæ!

К а л м а н. Æниу мæнæй цы зæгъыс! Фугæджыны Фæныкгуызаты Калман, æрæджы къулер чи ссис, уымæн булкъоны цин радтой, зæгъгæ, адæмæн æмбисондæн баззаид; фыццаг уырнгæ дæр бирæйы нæ бакæнид.

С а х ъ л æ у. Йе, Хуыцау, нæ фæндтæ нын сæххæст кæн, дæ рын бахæрон!

К а л м а н. Оммен… Чи зоны, æххæст дæр скæна.

С а х ъ л æ у. Æмæ фарн дæ дзыхы куы уаид.

Николай Петрич æрбацыди.

XI ФÆЗЫНД

Фыццæгтæ æмæ Николай Петрич.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æгас цæуай, Калман.

К а л м а н. Хуыцауы хорзæх дæ уа æмæ де ’зæртæ хорз, Николай Петрич.

Н и к о л а й  П е т р и ч (Сахълæумæ). Кæй дын загътон, уыдон схæццæ кодтай?

С а х ъ л æ у. Нæ, æмæ мын абон куы нæ…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Ну, ничего, положим, райсом дын куы загътон, æнхъæлдæн. (Сахълæу цы дон ныккалдта, уымæй). Ай та хуылыдз цæмæн у, искæй бæрзæй дзы куы сæтты?

С а х ъ л æ у. Арахъ дзы ныккалди.

Н и к о л а й  П е т р и ч (тарстхуызæй). Цæй арахъ?

С а х ъ л æ у. Уæхимæ кæй æрвыстай, уый, æрдæбон мæм кæй ныууагътай, уый…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цы, цы зæгъыс? Куыд ныккалди? Ныккалынмæ дæм æй ныууагътон!

С а х ъ л æ у. Афтæ авг… авг… ра… хауди æмæ… ассс…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Царв та цы фæкодтай? Æри-ма йæ! Ныртæккæ йæ схæццæ кæн нæхимæ! (Радта йæм æй. Николай Петрич æй куы федта, уæд). Ууыл та цы ’рцыди? Уæуу, мæнæ мын комкоммæ мæ хæдзар бабын кодта иу æнаккаг!.. Цы фæци дын зæгъын, уый та?!

С а х ъ л æ у. Гæ…гæ… гæ…

Н и к о л а й  П е т р и ч. Дæ цъаммар гуыбын дзы байдзаг кодтай! Тагъд ныртæккæ мын куыд бафидай царв æмæ арахъхъы аргъ! Тагъд дын зæгъын, æндæра йæ дæ цармæй бафиддзынæ!

С а х ъ л æ у (хъæрæй æмæ кæуынхъæлæсæй). Æз нæ уыдтæн – гæды уыди! (Сабырæй). Гуыцыр та дын æрбахæсдзæни.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Куыд æфсæнттæ мын кæныс, æнаккаг, гæды ам цы ми кодта?!

С а х ъ л æ у. Мæнæ (амоны къухæй) уыцы хуынкъæй уыры рауади, Хъилхъусы гæды йæм æрбахастон, кæд æй æрцахсид, зæгъгæ, мæхæдæг та æддæмæ ацыдтæн… Цалынмæ фæстæмæ здæхтæн, уалынмæ царв бахордта… Лæдзæгæй йæ куыд фехстон, афтæ агæпп кодта æмæ арахъхъы авг раппæрста, мæнæ йæ цъæлтæ дæр, кæд дæ нæ уырны, уæд. (Æвдисы йын сæ).

Н и к о л а й  П ет р и ч. Гæдыныхæстæй мæ нæ афæливдзынæ, фæлæ бафид сæ аргъ, æндæра дын ацы ран, цы нæ æмбæлы, ахæм митæ бакæндзынæн. Иу ныхасæй, кæнæ ды уыдзынæ, кæнæ – æз!

К а л м а н. Алæ-ма, æз дæр æй фенон, гæдыйы хæрд бæрæг уыдзæни. (Уыны йæ). Тыбауациллайыстæн, Николай Петрич, дзæгъæлы йæ æфхæрыс, гæдыйы хæрд у, мæнæ йæ дзæмбыты хафæнтæ дæр бæрæг куы сты. Фен-ма йæ. (Æвдисы йæ).

Н и к о л а й  П е т р и ч (федта). Æмæ йæ цæуылнæ бахъахъхъæдта! Гæдыйы раз æй цы ныууагъта? Æз дын афтæ куы загътон: «Дзæбæх æй бафснай». Ацы мийы тыххæй дын æз дæ удæй схъаздзынæн, ма тæрс!

Xиман æрбацыди.

XII ФÆЗЫНД

Николай Петрич, Сахълæу, Калман æмæ Xиман.

X и м а н. Цы уыл æрцыди, цæуыл хъæр кæнут?!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Ницæуыл, мæнæ та дæ лæг нæ ныссыгъдæг кодта, куыд æмбæлди, афтæ, æмæ ууыл.

X и м а н. Лæппу, цал хатты дын загътон, къæнцылар сыгъдæг дар, æндæра дын æз дæ фындз амæрздзынæн. Алы бон дын дзурын цæмæн хъæуы? Уыцы протокол бахастай пъырыстыфмæ?

С а х ъ л æ у. Цæй протокол, куы ницы мæм раттат?

X и м а н. Уыцы гæххæтт нæма арвыстай, Николай Петрич?

Н и к о л а й  П е т р и ч. Нæма, ферох мæ.

X и м а н. Æри-ма йæ, æз æй ныртæккæ арвитон, кæддæра Гуыцыры циндзинад кæдмæ ахæссид! (Худгæ фæцæуы).

Н и к о л а й  П е т р и ч (агуры). Ам куынæуал и, сымахæй йæ исчи айста, мыййаг?

X и м а н. Æз ам дæр куы нæ уыдтæн, рауын æй дзæбæх.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Нæй, нæй, ам нал и.

X и м а н. Уæдæ цы фæци, æз æй дæумæ куы ныууагътон.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Æмæ-гъа! Кæд та йæ мæнæ Сахълæу нæ бамбæхста, уæд нæ зонын, æууæнк ыл нæй æппындæр.

С а х ъ л æ у. Æз ницы уыдтæн, цы тугтæ мыл мысыс! Нæ загътон, сæ бынæй та мæм цыдæр фыдбылыз кæсы, зæгъгæ.

X и м а н. Кæд ды уыдтæ, уæд æй дзæбæхæй æри.

С а х ъ л æ у. Цы дын раттон, ницы мæм и, æмæ. Цæмæн мæ хъуыди!

X и м а н. Рахæсс æй, кæннод дæ ныртæккæ ахæстоны бакæндзынæн.

С а х ъ л æ у. Æз ницы уыдтæн æмæ уын цы рахæссон?

X и м а н. Дæу йеддæмæ ничи уыдаид, фæлæ дзæбæхæй куы басæттис.

С а х ъ л æ у. Цъæхилты дзуарыстæн, æз нæ уыдтæн. Цæуыл басæттон, куы ницы ракодтон, уæд.

Н и к о л а й  П е т р и ч (Химанмæ). Афтæмæй нæ басæтдзæни!

X и м а н. Кæд нæ басæтдзæни, уæд йæ бынат цæттæ. Кæс-ма йæм! Цæугæ ахæстонмæ! (Мыхъхъытæ йæ кæны. Сахълæу йæхи дуармæ ныббыцæу кодта). Цæугæ, æндæра дын де рагъæй тæлмытæ сæппардзынæн, уыныс ехс! (Ехсæй йæ ныкъкъæрцц кодта, Сахълæу фæмидæг ис).

ХIII ФÆЗЫНД

Фыццæгтæ æмæ Сахълæу.

С а х ъ л æ у (ахæстонæй). Уæуу, уæуу! Мæ тæригъæд фæхæссут, кæд ницы уыдтæн. (Йæ хъуыр-хъуыр цæуы). Химан, Дæхицæй æддæдæр ма рацæуæд дæ тæригъæд!.. (Писырмæ). Тагъд фысгæ ног протокол æмæ йæ дæхæдæг бахæсс ныртæккæ.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Фыццагæй уæлдай ма йæм исты æфтауын хъæуы?

X и м а н. Хъус, æмæ дын æз куыд дзурон, афтæ фысс: «Тохмосты Гуыцыры хæдзармæ, куыд стъарсин, афтæ бацыдтæн тæлæт кæнынмæ. Йæ зæронд къуылых сæгъы æмæ йын йæ къуырттон карчы куы ракодтон недоимкъайы тыххæй, уæд мыл йæхи цæргæсау ныццавта æмæ мын мæ цеп рацæйтыдта, стæй мын ноджы загъта: «куыдз». Ныффысс: «Кæд мæ хицауæн æрæвæрдтат, зæгъ, уæд мæм ахæм митæ æмæ ныхæстæ цæмæн исчи уæнды?» Ноджы ныффысс, цæмæй мын бар уа ахæм адæмы мæй ахæстоны дарынæн, стæй ехсæй нæмынæн.

К а л м а н. Бахатыр кæнут, фæлæ мæн куы ауадзиккат, æрæджы мын кæны.

X и м а н. Ды та цы ми кæныс, исты хъуыддаджы тыххæй æрвыст дæ?

К а л м а н. О, мæнæ уæм иу ахсты æрбакодтон.

X и м а н. Кæм и уæдæ?

К а л м а н. Ахæстоны.

X и м а н. Кæм ахæстоны?

К а л м а н. Мæнæ уæхимæ.

X и м а н. Ракæн-ма йæ, уæдæ, æз æй фенон. (Писырмæ). Ды дæр уал басабыр кæн.

Калман ахæстоны дуар байгом кодта.

К а л м а н. Рацу, цæй, здавайт дæ скæнон.

Темырболат рацыди, Сахълæу дæр йæ фæстæ.

X и м а н. Ды дæ ахст?

Т е м ы р б о л а т. Ай-гъай! Бæгуыдæр, æз.

X и м а н. Хорз, уæдæ. (Калманмæ). Йемæ ницы гæххæтт и?

К а л м а н. Ис, мæнæ.

X и м а н. Райс-ма, Николай Петрич, бакæс æй.

Н и к о л а й  П е т р и ч (кæсы). «Препровождаем Темирбулата Датохова как неблагонадежного члена общества в политическом отношении»… Ай бунтгæнджытæй куы у!

X и м а н. Æцæг? Бунтгæнджытæй кæд у, уæд мах дæр ахæмты куы агурæм. Бакæнут æй йæ бынаты фæстæмæ.

К а л м а н (Темырболаты ахæстоны кæны). Цæугæ, цæугæ паддзах-бабайы хæдзармæ: дæу хуызæтты тыххæй арæзт у.

Сахълæу æнцад лæууы, чиныг йæ къухы.

X и м а н. Ды та ма цæмæ рацыдтæ, цы ми кæныс ам, дæ бынаты цæуылнæ ныссæйыс? Цæугæ тагъд!

С а х ъ л æ у (чиныг дæтты). Мæнæ…

Николай Петрич ын йæ цонгыл фæхæцыди æмæ йæ ахæстоны кæны,

Сахълæу нæ комы.

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цæмæн рацыдтæ, цæугæ дæ бынатмæ! Химан дын цы загъта, уый нæ бамбæрстай?

С а х ъ л æ у. Суадз мæ, суадз! Мæнæ ма уыцы чиныг фен, Химан, кæддæра дзы цы фыст и!

X и м а н. Суадз-ма йæ, цы йæм и?

Н и к о л а й  П е т р и ч. Цы ’нхъæл æм дæ, цæмæй йæ рауадзай, уыдæттæ кæны, æндæр.

С а х ъ л æ у (чиныг тилы). Ам, Химаны сæр кæй сыгътай, уый фыст и æви нæ, Николай Петрич?!

X и м а н. Суадз-ма йæ, цы йæм и, æз æй фенон, æрдав-ма йæ ардæм.

С а х ъ л æ у. Фен-ма йæ, фен, æмæ сбæрæг уа, кæддæра уыцы протокол цы фæци. Мæнæ ма уыцы ран бакæс æмæ мæ рæстдзинад базонай. (Радта йæм æй).

X и м а н (кæсы). «Сегодня пойти к Кудаберду по делу Ахмета… Уничтожить протокол Гуцира, гонорар три рубля шестьдесят копеек». (Писыр йæхи ныкъкъуырма кодта, фыртыхстæй гæххæттытимæ архайы). Хорз… Афтæ фæуæд. Кæм дын уыди ацы чиныг?

С а х ъ л æ у. Мæнæ йæ уым ссардтон. (Йæ къухæй бацамыдта).

X и м а н. Мм… Ахæм хабар у, уæдæ! (Писырмæ). Мæнæ уый дæ фыст у, Николай Петрич?

Н и к о л а й  П е т р и ч. На… ницы у мæн…

X и м а н. Цы зæгъыс? Дæ фыст дын нæ зонын, æви куыд æнхъæл дæ?! Æви мæ фæливынмæ хъавыс? Мæнæ уый дæ чиныг нæу, мæнæй æмбæхсты цы чиныг дардтай, уый?!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Мæн у, фæлæ фысгæ æз нæ ныккодтон.

X и м а н. Ды уыдтæ, ды! Базыдтон дæ ныр, фæлæ зæгъ, цы йæ фæкодтай: кæд ма уæлæуыл и, уæд æй æри!

С а х ъ л æ у (сыгъдæттæй). Мæнæ адон гæххæтты сыгъдæттæ сты, æнхъæлдæн, æрдæбон хъæр кодта : «Гарит, гарит!»

X и м а н. Сыгъд фæци, уæдæ!.. Ныртæккæ йын æз йæ сæр цæхæры фæмидæг кæндзынæн, ма тæрс. Марадзут, ахæстоны уал æй бакæнут, стæй, æцæг «гарит» кæй кæндзæни, уый базона.

С а х ъ л æ у (ныххæцыди йыл, схъомпал сты). Рацу, рацу, уæдæ æдзух мæ бæрзæйыл кафынмæ хъавыдтæ!

X и м а н. Цæв æй, дæ маст дзы райс!

К а л м а н. Цæугæ, цæугæ, хæлар, фыдбылыз хи сæрыл тыхсаг у.

Мыхъхъытæ йæ кæнынц.

X и м а н. Афтæ йын хъæуы! (Цæвы йæ). Цæугæ!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Фæлæуу, хæлар, æз дын дæ митæ хурмæ рахæсдзынæн!..

X и м а н. Цы митæ?! Дæуыл къаддæр хъуыддæгтæ разындзæни уæд!

Н и к о л а й  П е т р и ч. На-а, уæдæ, фылдæр! Иубон Елыхъойæ та дыууæ туманы гæртам чи райста? Зæгъ!

X и м а н. Æмæ сæ дыууæ æмбисы нæ бакодтам!

Н и к о л а й  П е т р и ч. Ноджыдæр ма дыл зонын ахæм хъуыддæгтæ. Æртæ туманы исын дын кæй нæ бауагътон Гуыцырæй, ууыл тæвд кæныс! Бадзойæ та тинтычъи басылыхъ чирайста гæртам?

X и м а н. Мауал дзур ныр! Цæугæ уал къарцмæ, стæй фендзыстæм! Ма йыл ауæрдут, цæвут æй.

Мыхъхъытæгæнгæ йæ смидæг кодтой.

Н и к о л а й  П е т р и ч (мидæгæй). Æртæ сомыл та Пидойы хъуыддаг чи фехæлдта? Фæлæуу!

X и м а н. Лæуу, лæуу уым. Цом, Калман, ныр Гуыцырмæ, уый дзурæд. (Сахълæумæ). Дæ службæ дзæбæх æххæст кæн, уыййеддæмæ дæ æз рæхджы фидиуæг скæндзынæн.

С а х ъ л æ у (иннæрдæм). Губырнатор нæ, фæлæ… Хъусын дæм. Мæ бон цы уа, уымæй архайдзынæн.

К а л м а н. Хорз фынтæ фен уæдæ, мах цæуæм.

С а х ъ л æ у. Хорзыл æмбæлд ут.

Ацыдысты.

XIV ФÆЗЫНД

Сахълæу иунæгæй.

С а х ъ л æ у. Цъысымæй фервæзтæн Темырболаты фæрцы, йæ цæрæнбоны тыххæй скувын хъæуы… Паддзахы хорзæх æй уæд: Николай Петричы чиныг уый куы нæ бакастаид, уæд ма афонмæ дæр ахæстоны бадин. Ехх, цы хорз дæ, цы, ахуырдзинад. Баназын хъæуы йæ цæрæнбоны тыххæй! (Агуывзæйы цы арахъ ныууагъта, уый райста, хъæрæй). Гъей, Николай Петрич! Ракæс-ма мæнæ дæ арахъмæ. Æз нæ уыдтæн – гæды уыди!!! (Анызта йæ).

Æмбæрзæн.