КОЛЫТЫ Аксо

      

(1823-1866)

Колыты Бесайы фырт Аксо райгуырди 1823 азы аргъуаны хъахъхъæнæджы хæдзары. Фыццаг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы дины скъолайы, стæй та Калачы (Тифлисы) духовон семинары.

1845 азы Аксо каст фæци ацы семинар тынг хорз нысæнттимæ æмæ уый фæстæ бирæ азты куыста сауджынæй.

Аксойы царды хабæрттæ бæрæг бæлвырд не сты, æгæрыстæмæй йæ мæлæты аз дæр дызæрдыггаг у нырма, фæлæ ма дзы бæлвырд кæй зонæм, уый у ахæм: 1862 азы йæхи хæдзары байгом кодта ирон чызджытæн скъола, ахуыргæнæг дæр дзы уыд йæхæдæг, ахуыр та сæ кодта лæвар.

Уый стыр хъуыддаг уыд уæды рæстæджы. Стæй скъола йæхæдæг дæр хорз ахъаз фæцис ирон сылгоймаджы рухсмæ ракæнынæн. Цалдæр азы фæстæ ацы скъолайæ арæзт æрцыд, ирон сылгоймæгты приют кæй хуыдтой æмæ суанг Октябры революцийы агъоммæ дæр чи куыста, уыцы ахуыргæнæндон.

Аксо сылгоймаджы ахуырдзинады сæрхъуызой кæй уыд, уымæй дæр стыр нысаны охыл, йæ адæмы фидæны фæлтæртæ рухсмæ ракæныны охыл, уый сæ зæрдыл бадардтой йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ йын æмбисондау хастой йæ зондамынд: «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ, æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы фыццаджы-фыццаг ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг – мад».

Колыты Аксо канд ахуыргæнæг нæ уыд. Уый бирæ куыста уырыссаг æвзагæй иронмæ дины чингуытæ тæлмац кæныныл дæр, Ирыстоны скъолаты куыст сифтонг кæныныл. Йæ рæстæджы ма иттæг архайдта йæ адæмы иудзинадыл дæр дины хъуыддаджы фæлгæтты. Ома цæмæй ирон адæм иууылдæр уыдаиккой иу диныл хæст (чырыстон диныл) æмæ къордтæ-дихтæ ма кодтаиккой, хæрам ма уыдаид се ‘хсæн, дыууæ диныл хæст кæй уыдысты (чырыстон æмæ пысылмон), уый фæдыл.

Уæды рæстæджы, уæды историон уавæрты)зынгæ нысаниуæг уыд ацы хъуыддагæн. Кавказы адæмтæ сæ историон фидæн сбастой Уæрæсеимæ, фæлæ сæ пысылмон диныл хæст чи уыд, уыдонæн сæ зæрдæ нырма æхсайдта Турчы ‘рдæм.

Ахæм уавæры Аксойы фæнд куы ацыдаид, ирон адæм иууылдæр чырыстон дин куы райстаиккой, уæд нæ бавзæрстаикой Туркмæ фæлидзыны трагеди. Уый мидæг уыд Колыты Аксойы хъуыдыйы прогрессивондзинад æмæ йæ ныхмæлæууæг Куындыхаты Муссæйы позицийы реакциондзинад.

Аксо ныффыста æртæ уацмысы: «Мах фыд», «Мады Майрæмы кады зарæг» æмæ «Чырыстийы рухс райгасдзинад». «Мах фыд» баззад къухфыстæй, Аксойæн йæхи къухæй фыст, иннæ дыууæ æмдзæвгæйы мыхуыр уыдысты журнал «Чырыстон царды» 1911 æмæ 1913 азты.

Сæ мидисмæ гæсгæ уацмыстæ сты, аргъуаны-иу кæй кодтой кувæг адæм, ахæм зарджытæ. Уыдон та бердзенаг æвзагыл хуыдтой акафистытæ. Акафист – ома æнæбадгæ; Чырыстийы, Мады Майрæм æмæ сыгъдæг удты тыххæй-иу кады зарджытæ куы кодтой, уæд бадыны бар нæ уыд, адæм-иу лæугæ кодтой.

Ахæм сты Аксойы æмдзæвгæтæ дæр, цыма уырыссаг акафистытæй сæрибар тæлмац сты, афтæ зыны сæ мидисæй. Фæлæ мидис йæхæдæг сæрæй кæронмæ диныл баст кæй у, уый тыххæй йæ иртасыны сæр ницæмæн хъæуы. Зæгъæм, æмдзæвгæ «Мах фыд» амад у уырыссаг куывд «Отче наш»-ы мидисыл. Æмдзæвгæйæн йæ композицион сконд автор йæхæдæг дæр Хуыцаумæ кувыны хуызы амоны. Æмдзæвгæйы фыццаг строфа схуыдта «Сидын», дыккагæй æстæммæ сыл уырыссагау ныффыста «1-ое прошение», «2-ое прошение» æмæ афтæ дарддæр, ома, алы строфа дæр у хицæн курдиат Хуыцаумæ, æмæ фарæстæм строфайы ныхмæ та банысан кодта «Славословие», ома, кадгæнæн ныхас.

Аксойы æмдзæвгæйы Хуыцаумæ курдиат арæзт вæййы фæндиаджы хуызы, мæнæ афтæ (æртыккаг курдиат):

Нæ цард, нæ мæлæт, нæ удæгасæй
Дæуыл æфтауæм нæ быуæрттимæ, –
Араз нын нæ цард дæхи фæндонæй
Æмæ нæ фæндаг – дæ фæндæгтимæ.

Ацы иу цæвиттонæй дæр бæрæг у: Аксойы æмдзæвгæты æвзаг уыд ныры ирон литературон æвзаджы хуызæн. Иу зынæмбарæн дзырд дæр нæй йæ уацмысты, сæ ритм – бæрæг æмæ нывыл, стих – музыкалон, зарынæн аив, хъæлæсы æнцонæй чи фидауы, ахæм. Зарынæн сæ кæй фыста, уый сыл бæрæгæй зыны: дзырдтæ дзургæ-дзурын кæрæдзи нæ хъыгдарынц, се ‘хсæн сулæфыны фадат ис.

Аксойы æмдзæвгæ «Мах фыд»-ы нысангонд у йæ ныффыссыны рæстæг – 1865 азы 14 октябрь. Къостайыл уыцы бон сæххæст 6 азы. Уыцы аз ныффыста йæ фыццаг æмдзæвгæ Мамсыраты Темырболат дæр.

 

 МАХ ФЫД

Нæ уæларвон, нæ уарзæгой Фыд!
Дæуæн арв у Дæ бæрзонд бадæн!
Кæрæй-кæронмæ дунейы афтид
Циу, уымæй æгасæй – Дæ къæхты ‘нцайæн.
Сыгъдæг æрттивæд хуры тынтау,
Дæ ном нæ мидæг иууыл сыгъдæг,
Дæ хуыз нæ уаты, зæдты удтау,
Махæн дæр фæуæд зæрдæрухсгæнæг.
Æрцу махмæ Де’нусон цадæй,
Æрæвæр не ‘хсæн Дæ бæрзонд бадæн,
Паддзахад ныл кæн Дæ хорз фæндонæй,
Æмæ нæ хъахъхъæн Дæхи Стырадæн.
Нæ цард, нæ мæлæт, нæ уд æгасæй
Дæуыл æфтауæм нæ буартимæ,
Араз нын нæ цард Дæхи фæндонæй,
Æмæ нæ фæндаг Дæ фæндæгтимæ.
Уром нын нæ цард Дæ зæххон хæрзтæй,
Удæй, буарæй нæ алцæмæн дæр,
Дæтт нын алыбон æнæхъаджджынæй
Дæумæ кувджытæн, нæ алкæмæн дæр.
Бар нын Дæхæдæг не ‘взæр ракæндтæ,
Кæцытæй зайæм ыстыр хæсджынæй,
Де Стырады раз мах, æдылытæ,
Фылдæр уæлдайæ æнæфæсмонæй.
Мах нæхуыдтæг дæр афтæ куы кæнæм,
Чи нæ цы дары, уыдон æппæтæн
Махæн ракондтæ хæлар куы кæнæм,
Стырæй, чысылæй нæ фыд-зæрдæтæн.
Æмæ нæ бахиз фыдæвзарæнæй,
Рагæй-æрæгмæ нæ фыдызнагæй,
Æвзæр фыдвæндтæй, хæйрæджы митæй,
Фыдæбонтæ ‘мæ ахæм истытæй.
Фæлæ нæ бавæр æнæ зианæй
Фыдбылыз æмæ алцы æвзæрæй,
Цæмæйдæриддæр уды талынгæй,
Æмæ уыимæ фыды фыдуагæй.
Дæуæн æппæт дæр Дæ къухы куы ис
Æлдардзинадæй – Паддзахадимæ,
Дуне æппæтыл кадæй куы зилыс
Дæ бар цæугæйæ Де Стырадимæ.

                                                    1865 азы 14 октябрь.

 

МАДЫ МАЙРÆМЫ КАДЫ ЗАРÆГ

                                        1

Уæ Мадымайрæм! Мах Дæумæ кувæм, Дæумæ дзыназæм!
Уæ не ‘Хсин, уæ не стыр ныфс, Мадымайрæм!
Мах æмхуызонæй Дæу ыстыр кæнæм, Дæу ыстауæм.
Дæу аккаг дзырдтæ кæцæй æрхæссæм, мах кæм ыссарæм?
Дæ кадмæ гæсгæ Дæуæн æгъдауæй мах куыд ысзарæм?
Не ‘взаг кьуымых у, нæ дзырд мæгуыр у Дæуæн кувынæн.
Нæ хъару чысыл у, нæ уæнг мæллæг у Дæуæн кувынæн.
Фæлæ Дæ курæм, ахъаз нын бакæн бафæзмынæн,
Мæгуыр æвзагæй фыдæлтимæ афтæ зарынæн:

                                        2

Уæ не стыр Æхсин, Дæуæй циндзинад зæххыл рарттывта!
Нæ рагон æлгъыст Дæ уды фæрцы Хуыцау фехæлдта,
Ахауд, Адамы дæлзæххы бынæй арвмæ фелвæста,
Кæугæ Евæ йæ цæстысыгтæ Дæуæй асæрфта.

                                        3

Цин хьуамæ кæнай – Дæхæдæг ысдæ арвæй бæрзонддæр!
Кæдæм не ‘ххæссы лæджы зонд нæ, фæлæ зæдты зонд дæр,
Кæй онг нæ уыны лæджы нæ, фæлæ зæдты цæст дæр,
Кæмæн нæ зыны йæ рухсы разы хуры рухс дæр!

                                        4

Цин хъуамæ кæнай – Ды ныллæууыдтæ уæларвон асин,
Кæуыл æрхызти уæларвæй зæхмæ Хуыцау Йæхæдæг.
Æмæ байдыдтой Дæу ыстауджытæ зындоныл хизын,
Ныллæууыдтæ сын уый сæрыл хидæн Ды Дæхæдæг.

                                        5

Цин хъуамæ кæнай – Дæуæй райгуырди цард ысфæлдисæг
Хуыцау Йæхæдæг, æппæты дарæг æмæ уромæг.
Дæхæдæг та сдæ Уымæн Йæхицæн Йе стыр ныййарæг –
Адæм æппæтæн æнæ сæрыстыр бæлвырд кувинаг!

                                        6

Цин хъуамæ кæнай – Ды дзы фæзындтæ дзыллæйы æхсæн
Æцæг Хуыцауæн аипджын зæххыл сыгъдæг бынатæн,
Бæлвырд фæзындтæ æгæр сабырæй дунейы кадæн
Æмæ нын ысдæ бæлвырд райдайæн не ‘нусон цардæн.

                                        7

Цин хъуамæ кæнай – Дæуæй ыстауынц сæхи чызджытæ,
Сæхи Дыл фæдзæхсынц сæ зæнæгимæ зæххон чындзытæ.
Дæу ыстыр кæнынц Дæуæй хорзгæндтæ зæронд устытæ,
Æмæ Дæм кувынц зæрдæйы бынæй Дæуæй бузныгтæ.

                                        8

Цин хъуамæ кæнай – Дæ фæрцы талынг зæххыл ысрухс и.
Нæ чъизи зæрдæ Дæ фæрцы митау махæн ысурс и.
Раст дины æгъдау Дæ фæрцы махмæ арвæй æрцыди.
Нæ бæрзонд Хуыцау тæригъæдджынтæм Дæуæй басидти.

                                        9

Цин хъуамæ кæнай – зæххыл æрзадтæ, хосы дидинæг,
Дæ уынд адæмæн æцæгæй фæци æвдадзы хосæн.
Бæлвырд рабады æвзæр фыднизæй Дæ номмæ сидæг,
Уый тыххæй æмæ Дæ ном æвдадз у арвæй зæххы ‘хсæн.

                                        10

Цин хъуамæ кæнай – Дæуæй равзæрди сæфт царды бæлас,
Нæ тæригъæдтæ дзæнæты дуар кæмæ сæхгæдтой.
Адамы хъæдгом, Евæйы æфхæрд Дæ фæрцы байгас.
Дæ фæзынынмæ дæлдзæхæй арвмæ уымæн куы куывтой.

                                        11

Цин хъуамæ кæнай – Дæ ном айхъуысти (арвы) кæрæтты!
Ахæм зæхх нал и, Дæ кой кæм нæй, Дæу чи нæ зоны,
Дæу тæхудиаг, ыстыр амондджын кæм нæ хуындæуы,
Æмæ Дæ номыл сыгъдæг кувæндон кæм нæ чындæуы.

                                        12

Цин хъуамæ кæнай – Дæуæй фегуырди царды суадон!
Бæстæн разынди æцæг, бæлвырдæй хосы хæзнадон.
Уымæй нуазæг нæ бацагурдзæн æндæр хуыздæр дон,
Тæхудиаг у, афтæ чи зæгъы: уымæй бафсæдон.

                                        13

Цин хъуамæ кæнай – Ды махæн ысдæ удджын кувæндон,
Æртæйыонæн æмбисонд, сыгъдæг бадæндон,
Кæмæн у уынгæг дуне æгасæй йæ арвы кæрон,
Дæумæ ыссардта йæхимæ гæсгæ сыгъдæг бадæндон.

                                        14

Цин хъуамæ кæнай – Дæуыл ысхаудта амондджыны хал!
Дæуыл æрæнцад чызджыты æхсæн Хуыцауы фæндон,
Дæ гуыбын ысси аудынгæнæг ыстыр доны мал,
Хуыцауы дзырдæн æнæаипп æмæ сыгъдæг уазæгдон!

                                        15

Цин хъуамæ кæнай – Дæхæдæг ысдæ ыстыр минæвар!
Фыд-зондджын адæм сæ Хуыцауимæ кæмæй фидауынц,
Кæй фæрцы арынц уæлдайджынимæ сæ рагон лæвар
Æмæ сæхиуыл сæ рагон хæстæ кæй нал нымайынц.

                                        16

Цин хъуамæ кæнай – ыстыр сусæгад кæуыл раргом и!
Æнæмбаргæ ми адæмы æхсæн кæуыл æрцыди,
Ахæм хъуыддæгтæн æнаипп бынат кæм цæттæ и,
Фыццагон Дзырдæн æнаипп буар кæмæ разынди.

                                        17

Цин хъуамæ кæнай – аргæ-арын дæр хæрз æнæнизæй,
Арды фæстæ дæр сыгъдæг æнаипп æнæхъæн чызгæй
Баззадтæ зæххыл ыстыр диссагæн æцæг сыгъдæгæй!
Махæн не ‘ппæтæн Чызгон Мадæлтæй бæрзонд кувгæйæ.

                                        18

Цин хъуамæ кæнай – Херувимтæй дæр цытджындæр уæвæг,
Зæдтæ, дауджытæй Хуыцауы разы бæрзонддæр кувæг!
Нæ куывдтæ махæн Уымæ Дæхæдæг бæлвырддæр хæссæг
Æмæ нын Уымæй ыстыр хæзнатæ, хорзæхтæ курæг!

                                        19

Цин хъуамæ кæнай – Дæуæй фехæлди хæйрæджы къона,
Йæ тых фæкуынæг, йæ хъару асаст, цы ма ракæна,
Йæ рагон фыдгонд дзæгъæл куы фæци, цы ма, цы кæна,
Йе ‘лдардзинадæй йæ къух фæивгъуыд – цæрддзу фæкæна!

                                        20

Мах дæр цин кæнæм: ахæм тыхджынæй Ды махæн кæй дæ,
Арвæй зæххы ‘хсæн ыстыр хæзнайæн, ыстыр хæларæй!
Ды кæддæриддæр Дæ кадджын фыртæн йæ цуры кæй дæ,
Кæмæй нын курыс алыхуызон хæрзтæ махæн, мæгуыртæн.

                                        21

Амондджын уаид – Дæуæн зæрдæйæ лæгъстæ чи кæнид,
Йæ куывд, йæ лæгъстæ ахæм искæмæн дзæгъæл нæ фæуид.
Ыстыр хæрзтæ йыл йæ куывдмæ гæсгæ бæргæ æрцæуид,
Ды равдау кæй Дæ, уый йæхи цæстæй æцæг куы фенид.

                                        22

Фæлæ мæгуырад махæн нæ фæдыл цæугæ куы кæны,
Дæуыл цытæ сси, нæ фылдæр ууыл кæлгæ куы кæны.
Æнæмбаргæйæ уыдонæн йæхи дæсны куы хоны,
Ахæм хъуыддæгтæ уырныны бæсты зонды агуры.

                                        23

Æмæ афтæмæй Дæуæн Де Стырад ницæмæ дары,
Йæхицæн хорзæй Дæуæй йæхæдæг куы ницы ‘нхъæлы.
Йæ зæрдæ хъалæй, йæ зонд цыбырæй афтæ куы зæгъы:
Цы дзы ракурон, йæ бон цы суыдзæн, цы мын ратдзæни?

                                        24

Афтæ нæ хъæуы, цæмæн рæдийæм, цæуылнæ зонæм?
Нæ бахъуаджы Уымæ зæрдæйæ хъуамæ ыздæхæм,
Нæхицæн хæрзтæУымæй, уырнгæйæ, хъуамæ курæм
Æмæ хæларæй, фæлмæн зæрдæйæ хъуамæ зæгъæм:

                                        25

Уæ Бæрзонд Æхсин! Ахъаз нын бакæн Де стыр хорзæхæй!
Фервæзын нæ кæн Дæ тыхджын куывдтæй нæ уынгæг бонтæй!
Æрæмбæрз нæ-иу нæ бахъуаджы Дæхи ‘мбæрзæнæй
Æмæ нын фæсур фыдбылыз дардмæ нæхи зæрдæтæй!

                                                         «Чырыстон цард», 1911 азы август.

 

ЧЫРЫСТИЙЫ РАЙГАСЫ ЗАРÆГÆЙ

Абон Чырысти райгас ис,
Адæмыл рухс рарттывта,
Адæмы цæф байгас и,
Зындонæй йæ ракодта.
Мах дæр уый цот ыстæм,
Йемæ аххосджын ыстæм,
Уый тæригъæд куы кодта, –
Мах дæр йемæ уыдыстæм.
Ныр та нын хорз ракодта,
Мах дæр йе ‘мхайджын ыскодта.
Дæлзæххæй нæ ракодта,
Уæларвмæ нæ ыскодта.
Абон махыл цы æмбæлы?
Цин кæнын ныл æмбæлы.
Хæйрæг та дзы мæстæй мæлы,
Йæ къона дзы куы хæлы.
Цæй, æмæ зарын райдайæм,
Хъазын, кувын байдайæм,
Чырыстимæ базарæм,
Хорз хæрзтæ дзы ракурæм.
О мæрдтæй сыстæг Чырысти!
Æмдзыхæй дæм кувæм,
Дæуæй нæм хъарм хур æркасти
Æмæ талынджы нал ыстæм.
Сымах та, æнамонд дзуттытæ,
Цы ‘взæр куысттæ бакодтат,
Уе сфæлдисæг Паддзахы
Дзуарыл куыд байтыгътат?
Æвзæргæнæджы мардæй йæ
Хъизæмарæй цы амардтат?
Уый уын хорзмæ хъавыди,
Сымах æй куынæ базыдтат.
Абоны цины хъуыддаг
Сымахæй махмæ куы цыди,
Фæлæ дзы уæхи фæхъуыдтат
Æмæ махыл æрцыди.
Йæ бонтæ йын фæхыгътат
Æмæ уæм раст æрцыди.
Уæхицæй йæ фæсырдтат
Æмæ уæ дард фæлыгъди.
Сымах æнхъæл уыдыстут –
Паддзахæй уын ныллæудзæн,
Йæ Хуыцау ын нæ зыдтат –
Æнхъæлдтат æй: лæг уыдзæн.
Комкоммæ уын куы дзырдта:
Уый дæр афтæ нæ уыдзæн,
Кæд лæджы фыртæй фæзындтæн,
Уæддæр Фыдимæ иу дæн.
Мæрдтæ æгас кæй кæнын,
Уый мын уымæн æвдисæн.
Сыджыты бын æй фæкодтат,
Фесæфын ын æнхъæлдтат,
О мæгуыртæ, мæгуыртæ!
Цымæ йæ кæуыл бахыгътат?
Сæрæй, ахæм хъуыддæгтæ
Уæ фыдæлтæй базыдтат?
Пахуымпарты марынæй
Уыдон фæфæзмгæйæ.
Фæлæ чысыл фæлæуут,
Æртыккаг бон куы сбон уа,
Раздæр уын æй куыд загъта
Иу пахуымпар Ионæ:
Райгас уыдзæн Чырысти.
Æртыккаг бон райсомæй
Зæд уæлæрвтæй æрцыди,
Арвы, зæххы кæрæттæ
Сæ бындзарæй сæнкъуыста.
Ингæн æмбæрзт кæмæй уыди,
Уыцы дур дæр атылди,
Æмæ Чырысти ингæнæй
Йе Стырадæй рацыди.