КЪУБАЛТЫ Алыксандр

(1871 – 1930 )

Къубалты Алыксандр райгуырд 1871 азы 9 октябры. Йё фыд Быдзи уыд ахуыргёнёг сæ хъæуы райдиан скъолайы. Алыксандр фыццаг ахуыр дæр сæхимæ кодта. Рынчынтæгæнаг хаста лæппуйæ нæ фидæны поэт æмæ уый тыххæй æрæгмæ фæци астæуккаг скъола. 1894 азы каст фæци Дзæуджыхъæуы гимназ æмæ уыцы аз бацыди Киевы университеты юридикон факультетмæ.

Фондз азмæ фæци университеты курс æмæ 1899 азы сыздæхт фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ. Куыста адвакатæй, науæд та сæрылхæцæгæй, уæд æй уырыссагау «присяжный поверенный» хуыдтой.

Октябры революцийы агъоммæ дæр æмæ уый фæстæ дæр, Алыксандр иугæндзон кодта юристы куыст Дзæуджыхъæуы. 1937 азы Алыксандр æнаххосæй ахст æрцыд æмæ 1944 азы амард ахæстоны.

Алыксандр фыссын раджы райдыдта. Æцæг, фыццаг фылдæр ирон фольклормæ гæсгæ фыста, стæй хæрз стæм хатт. Дзырдæн, 1894 азы гимназ куы фæци, уæд ныффыста адæмон кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ». Уый фæстæ дзæвгар рæстæджы ницыуал фыста. Дæс азы фæстæ та рауагъта Нарты кадджытæ стихтæй фыстæй æмæ та ныхъхъус. Ноджы ма дæс азы куы рацыд, уæд та фæзынд йæ кадæг «Хосдзау». Уымæй æртæ азы фæстæдæр та – кадæг «Æмбазыг » (1917 аз).

Советон дуджы фæрæвдздæр, фæактивондæр Къубалты Алыксандры сфæлдыстадон куыст, фæлæ йын уæддæр бирæ нæ бантыст. Ныффыста ма цалдæр æмдзæвгæйы, стихтæй фыст историон драмæ «Фæтæг Алгъуызы мæлæт» (1925), цыбыр кадджытæ «Алгъуызы куывд» (1924), «Фæстаг фынг» (1925) æмæ æнд.

Бирæ фæцард Алыксандр, сфæлдыстадон  куыст дæр фæкодта 43 азы бæрц, фæлæ æппæты фыццаг цы ныффыста, гимназист ма куы уыдис, уæд, уый разынд йæ уацмысты хуыздæр æмæ æнусондæр. Уый та уыд йæ номдзыд кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ».

1894 азы, гимназ каст куы фæци, уæд Къубалты Алыксандр бахаста Байаты Гаппомæ бындур йæ кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы къухфыст мыхуыр кæнынмæ. Гаппо ацы кадæг прозæйæ ратæлмац кодта уырыссаг æвзагмæ æмæ йæ ныммыхуыр кодта газет «Терские ведомости»-йы 31-33 номырты (1895 азы).

Байы-фырт фыссы: «Æфхæрдты Хæсанæ» – ахæм нымд номыл æрбахастæуыд махмæ рагон таурæгъы къухфыст. Фысгæ йæ ныккодта (записанная) ирон æвзагыл Ал. Къубалты, бæтæхъойыхъæуккаг. Уыцы хъæуы цард æгас Ирыстоны дæр зындгонд кадæггæнæг Зыгъуытаты Бибо. Амардис цалдæр азы размæ тынг зæрондæй, цæугæ-цардæй сфæлмæцыд, афтæмæй.

Йæ кадджытæ йын ныр дæр ма адæм дзыхæй-дзыхмæ исынц. Уыцы кадджытæй иуæй-иуты, чи йæм хъуыста, уыдон фысгæ дæр ныккодтой гæххæттыл. Уыдоны нымæцы кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» дæр».

Кадæджы тыххæй ма Гаппо загъта ноджыдæр: «Ацы кадæг у, ирон адæмы цард раст нывгонд кæм æрцыд стыр дæсны лæджы къухæй, ахæм; ирон адæмы динæмбарынады, æгъдæутты æмæ фыдæгъдæутты ныв».

 

ÆФХÆРДТЫ ХÆСАНÆ

(Фыдæлтыккон кадæг)

I

Гъе мæгуыр куырм Бибо! Гъе мæгуыр зæронд лæг!
Дæ бон дыл баталынг, де ’хсæв дыл бамыр ис:
Нал уыныс арвы цъæх, нал уыныс зæххы сау!
Баци дыл сау талынг нæ рæсугъд урс дуне.
Дæ зæронд стджытæн асасти сæ хъару,
Кусынæн куы нал дæ, хæрыкæн инн’ ахæм.
Дæ хъæздыгдзинад у дæ талынг уаты къуым;
Гал дæм нæй, бæх дæм нæй!.. Гъе мæгуыр зæронд лæг,
Дæ цард куы нал цæуы адæмы зёрдæмæ!

Гъе хъæздыг куырм Бибо! Гъе тыхджын зæронд лæг!
Радта дын Уастырджи сау хъисæй хуыйысæр,
Радта дын зæрдæргъæвд, радта дын дзырдамонд.
Фыдæлты кадджытæ се ’ппæт дæр куы зоныс,
Се ’ппæт дæр куы цæгъдыс сау хъисын фæндырæй,
Нæ дзæбæх фæсивæд д’ алыварс куы лæууынц,
Д’ алыварс куы лæууынц, кадæгмæ куы хъусынц,
Кадæгмæ куы хъусынц, сæ цæссыг куы калынц,
Сæ цæссыг куы сæрфынц стыр тымбылкъухæй.
Гъе хъæлдзæг куырм Бибо! Гъе тыхджын зæронд лæг!

Байхъусут, зæрæдтæ! Байхъусут, лæппутæ!
Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!

Куырттаты саухъæды бæласы хæдбын,
Нæ уарзон хæхты астæу, сау къæдзæхы рæбын
Лæгæт æрцарæзта сугтæ ’мæ къæцæлтæй,
Зæххæй йæ бамбæрзта, хæмпæл дзы байтыдта
Адæмæн æмбисонд хъæбатырдзинадæй
Æфхæрдты Госæма, Солæманы хорз ус.
Дымгæ нынниуы кæ саухъæды кæрётты,
Дымгæ ныззары нæ хæхты рæбынты,
Уидагмæ æнкъуысынц саухъæды бæлæстæ,
Сау мигътæ сау зæххыл сæ цæссыг куы калынц,
Уацилла куы ’ппары сызгъæрин цæхæртæ…
Дымгæйæ нæ тæрсы, уарынæй нæ лидзы
Æфхæрдты Госæма, Солæманы хорз ус.
Лæгæты ссыгъта бур нæзы цырæгътæ,
Авдæныл æрфæлдæхт йæ саби лæппумæ…
Йæ цæссыг куы калы, йæ ниуын куы цæуы,
Йæ хъарæг куы хъуысы саухъæды мидæгæй:
– Ахуысс уал, мæ лæппу, ахуысс уал, мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон.
Сидзæрæй баззадтæ дæ чысыл рæстæгыл,
Сидзæрæй баззадтæ дæ мæгуыр мады ’вджид!..
Уæ, туг сыл ныууара, сæ туджы фæмæцой
Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг!..
Ахуысс уал, мæ лæппу, ахуысс уал, мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон.
Ацыди Солæман, дæ цæхæрцæст сахъ фыд,
Уациллайы стыр бон йæ бурбарц саг бæхыл,
Ацыди сагтæ ’мæ сæгуыттæ марынмæ,
Йæ фарсыл æрбаста йæ цыбыр æхсаргард,
Йæ цыбыр æхсаргард, йæ фæтæн сау хъама.
Йе ’фцæджы æрцауыгъта йæ зынаргъ хъыримаг,
Чъылдымы ныссагъта даргъхæтæл дамбаца.
Сынтæгыл æрбадтæн рудзынджы хæдкæрон,
Судзинæй æмпъызтон дæ фыды сау цухъхъа, —
(Мæ зæрдыл не ’рлæууыд Уациллайы стыр бон).

Мæ хæдзар æрбайхæлд! Нæ лæджы бæх уасы!
Рудзынгæй ракастæн: кæрт ’астæу бæх лæууы.
Йæ къæхтæй зæхх хойы, фæйнæрдæм ныууасы,
Йæ уæлæ Солæман тугæрхæмттæй бады…
Йæ сырх уадултæ сты цикъæйæ фæлурсдæр.
Дзурын æй фæндыди, дзурын нал сфæрæзта, –
Бæхæн йæ бæрзæймæ ’виппайды бахауди.
Разгъордтон ниугæйæ, дзыккутæ тонгæйæ.
Нал уыдис Æфхæрдты цæхæрцæст Солæман!
Адæм æрбазгъордтой, саргъæй йæ раргъæвтой,
Кæрт ’астæу сау нымæт марды бын байтыдтой.
Райсом æй уæлмæрдтæм ингæнмæ ахастой
Æмæ йыл уыцы ран сау сыджыт бакалдтой…

Рæзгæ уал, мæ лæппу, рæзгæ уал, мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон.
Сарæзтон мæхицæн саутæ Солæманыл.
Мæй нæма рацыди, – Мулдарты Хъуыдайнат
Мæ разы ’рбалæууыд æхсæвæрафоныл:
– Госæма рæсугъддæр! Уазæг дæм фæцæуы!
Ралас-ма дæ саутæ, дæ хуыссæн æрцараз.
Дæ хъыбыл æрæвæр фæсдуар цъылыныл!
Æз куы дæн Хъуыдайнат! Æз куы дæн Мулдартæй,
Дæ мойы марджытæй, сау лæппу Хъуыдайнат! –
Мæ зæрдæ бауазал йе ’нæгъдау ныхæстæй, –
Худгæ йæм ракастæн, хуыссæн æрцарæзтон,
Хуыссæны ’рхуыссыдтæн, мæстæй фæцæйсыгъдтæн.
(Ласт хъама бамбæхстон мæ чъылдымы фæстæ).
Налат Хъуыдайнаты сау зæрдæ бацавтон,
Зæрдæйæ февгъуыдтон, зæрдæйыл нæ сæмбæлд.
Фестади Хъуыдайнат йæ цæфыл хæцгæйæ…
Æхсæв, æмбисæхсæв, ардæм æрбалыгъдтæн.
Хъæд’ астæу бамбæхстон дæ фыды хорз гæрзтæ…

Ма ныууадз Мулдартæн ацы хæрамдзинад!
Райс-иу Хъуыдайнатæй саударæг мады ’фхæрд,
Кæннод дæ цæргæйæ рухсы цъыртт ма базон,
Мæрдты та, зындоны, дæ æккой фæбадæнт,
Ехсæй дæ куыд тæрой де ’фхæрд ныййарджытæ!..
Рæзгæ уал, мæ хъæбул, рæзгæ уал мæ уарзон,
Цалынмæ нæ зоныс фыдбылыз, фыдæбон.
Уæ, туг сыл ныууара, сæ туджы фæмæцой
Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг!

Дымгæ нынниуы нæ саухъæды кæрæтты,
Дымгæ ныззары нæ сау хæхты рæбынты,
Уидагмæ æнкъуысынц саухъæды бæлæстæ,
Сау мигътæ сау зæххыл сæ цæссыг куы калынц,
Уацилла куы ’ппары сызгъæрин цæхæртæ.
Госæма ныккæуы, Госæма нынниуы, –
Сырдтæ йæм байхъусынц, сырдтæ йæм нынниуынц,
Фæстæмæ фæлидзынц сæ хуынчъыты былтæм!..

Байхъусут, зæрæдтæ! Байхъусут, лæппутæ!
Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!

II

Сау къæдзæхы рæбын гæрæхтæ куы цæуы,
Сæ фæздæг куы зыны саухъæды сæрмæ:
Уый цуанон фæлдахы саусыкъа дзæбидыр,
Сагтæ ’мæ сæгуыттæ цъилтæ ’мæ нæмгуытæй.
Лæгъз фæзмæ рацыди, уыцы ран æрбадти,
Йæ хъыримаг ныссæрфта сау къæдзæх змисæй,
Фæсмыны гæбазæй, цухъхъайы фæдджийæ.

Диссаг ыл æрцыди цуаноныл уыцы ран:
Арвы дуар байгом ис – Уастырджи æрдзырдта
Цъæх арвæй цуанонмæ сызгъæрин хъæлæсæй:

– Гъе мæгуыр Хæсанæ! Гъе мæгуыр иунæг лæг,
Æфхæрдты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт,
Æфсымæр кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны,
Дæ фыды марджытæ дæ хæдзар фехæлдтой.
Дæ зæронд мадæн йæ дзыккутæ ныттыдтой,
Ныр та дæхимæ дæр дæ фæд-фæд ссæуынц
Дæ фыды марджытæ, Мулдарты хъал мыггаг.
Гъе мæгуыр иунæг лæг! Гъе мæгуыр Хæсанæ!
Чи райсдзæн дæ фæстæ дæ иунæг сæры туг,
Цæй уынгæг бон скодта дæ иунæг къоппайыл
Айхуызæн хур боны цъæх-цъæхид быдырты!

Адзырдта нæ дзуармæ Æфхæрдты Хæсанæ:
– Сызгъæрин Уастырджи! Нæ цард дæ къухты ис:
Нæ даст сæрыхъуынтæ дæуæн нымад ысты.
Æфхæрд адæмæн дæ хъаруджын фарсисæг,
Хъал мыггагæн та ды дæ тыхджын ныхкъуырæг,
Кувын дæм, курын дæ – н’ астæу нын æрæппар
Дæ сызгъæрин къухæй урс мигъы стыр къуыбар!

Сæ астæу æрлæууыд урс мигъы стыр къуыбар.
Кæхдзæхтæ бамбæрзта, саухъæд æрæхгæдта, –
Лæгъз быдыр бацахста, лыстæг пырх райдыдта, –
Нал зынынц Мулдартæ, нал зыны Хæсанæ.
Уазал æрбакалди, ингæны их уазал!..

Æфхæрдты Хæсанæ сау дурыл æрбадти,
Йæ рон æрбалвæста, йæ рихи адаудта,
Йæ худ æрфæлдæхта йе ’рттиваг цæстытыл,
Йæ фыды æхсаргард сау дурыл адаудта.
Дамбаца сифтыгъта, хъыримаг сæргъæвта.
Мулдарты Хъуыдайнат йæ размæ æрбахæццæ,
Йæ зæнгыл æрхауди, топп æм фæцарæзта, –
Цæй хорз ныкъкъæпп кодта, хъыримаг фæсыкк ис…

– Дæ бон хорз, Хъуыдайнат, дæ бон хорз, зæронд лæг!
Дæ топпæн йæ сампал уымæлæй бахуылыдз…
Ай дын мæ фыды мард, ай дын мæ мады ’фхæрд! –
Топпы цæф йæ риуæн, карды цæф йæ сæрæн…

Уайтагъд фæлæбурдта хъамайы сау сæрмæ
Мулдарты Хъуыдайнат, саузæрдæ зæронд лæг,
Фæлæ йæ фæстаг бон æрхæццæ сахъ лæгæн, –
Уæлгоммæ рахауди тулдз бæласы хуызæн,
Хæцгæйæ баззади хъамайы сау сæрыл.

Гъе, уæууæй, урсрихи, рогзæрдæ Хъуыдайнат!
Зæрдиагæй фæзылдтæ искæй устытыл,
Ныр та дæхи ус дæр хæрздзæгъæл баззади…
Дæ зæронд мардыл дын бæргæ ничи скæуид,
Фæлæ нæ уарзон Ир æгъдауыл тынг хæцы
Æмæ дыл æркалдзæн иу-дыууæ цæссыджы.

Хъусут уал, зæрæдтæ, хъусут уал, лæппутæ!
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!

Гæрахмæ æрызгъордтой Мулдарты лæппутæ, –
Хан æмæ Хуындæджер, Саукуыдзы фаззæттæ.
Хистæр ын райгуырди фыццаг кæркуасæнты,
Хуындæджер райгуырди дыккаг кæркуасæнты,
Боныцъæх афоныл сæ мад æрбамарди.
Саукуыдз сæ фæхаста сау сæгъы æхсырæй.
Раздæр æм æрхæццæ, цуанон Хæсанæмæ,
Саукуыдзы хистæр фырт, хъæбатыр Ханджери
Хъаматы цъыччытæ дыууæрдæм калдысты –
Хъæбатыр Ханджери кæрдæгыл æрхауди, –
Иу хъæр ма ныккодта тугахуырст дзыхыдзаг:

– Цы фæдæ, Хуындæджер, мæ иунæг æфсымæр?!
Йæ иунæг æфсымæр йæ размæ згъоргæйæ
Къудзийыл фæкалди, уæлæмæ нал сыстад:
Цуанон Хæсанæ йын йæ къубал ракъуырдта,
Йæ сæр ын акъуырдта йæ тæккæ бæрзæйыл.
Ратылди рæсугъд сæр туджы пырх калгæйæ,
Цæстытæ дзагъырæй, æвзаг æрдæгластæй…

Мыггагмæ лæудзыстут ингæны талынджы,
Гъе мæгуыр лæппутæ, æнамонд фаззæттæ,
Мады цин нæ федтат, йæ рæвдыд нæ зыдтат,
Уæ фыццаг сахатæй уæ фæстаг рæстæгмæ
Æддагон цард кодтат уæ бинонты астæу,
Уæ фыццаг сахатæй, уæ фæстаг рæстæгмæ
Сымах фæцардыстут схойгæ къæбæрæй,
Кæцы уын æппæрста уæ фыды налат ус.
Рацæудзæн, рацæудзæн йæ лæдзæджы æнцой
Уæ мæгуыр зæронд фыд æхсæвæрафоныл,
Дуары раз æрбаддзæн тулдз цæджындзы рæбын,
Æнхъæлмæ кæсдзæни йæ дыууæ лæппумæ.
Фæлæ йыл сæмбæлдзæн хъæргæнæджы хабар:

– Рухсаг уæнт дæ фырттæ Хан æмæ Хуындæджер,
Мард фесты Æфхæрдты Хæсанæйы къухæй,
Сæ мард сын куы сласынц нæ хъæугæроны!

Фехъусдзæн, нынниудзæн йæ зæронд хъæлæсæй,
Йæ урс сæр фæхойдзæн ставд цым лæдзæгæй,
Йæ урс сæр ныттилдзæн, йæ богътæ цæудзысты:
– Мæ хæдзар фехæлди, ме ’намонд лæппутæ!
Мæ хæдзар фехæлди, Хан æмæ Хуындæджер!
Кæмæн мæ ныууагътат, уæ кæуинаг фыды,
Чи ма баныгæндзæн мæ зæронд стджытæ!

Байхъусут, зæрæдтæ! Байхъусут, лæппутæ!
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!
Йе ’мбæлттæй фæдзæгъæл Мулдарты Къæбутдзæв.
Хуыцау æй рахаста дон-æрхы уæлæмæ.
Дон-æрхæй сыстади Мулдарты давæг лæг,
Чи сихсийын кодта Кæсæджы рæгъæуттæ, –
Йæ размæ йын Хæсанæ хъыримаг фæдардта:

– Хъахъхъæн-ма дæхимæ, Мулдарты Къæбутдзæв! –
Мулдарты Къæбутдзæв дамбаца фелвæста,
Куыддæр æй сæргъæвта, афтæ йыл сæмбæлди
Бæрцагъудты астæу Хæсанæйы нæмыг.
Атыдта фæтæн риу, чъылдымæй ахызти.
Тынг фидар лæг уыди Мулдарты Къæбутдзæв:
Иудзæвгар фæлæууыд æнæ ахаугæйæ,
Стæй ныггуыпп кодта цъæх уымæл кæрдæгыл,
Цъæх уымæл кæрдæгыл дзаг æфсир куырисау,
Ласæнтæ кæнгæйæ, уарыны рæстæджы…
Мулдарты Къæбутдзæв цъæх нæууыл æрхауди,
Н’ адзырдта ’фсымæрмæ, не скодта ’рвады кой.
Йæ рæсугъд усы ном йæ зæрдыл не ’рлæууыд, –
Рагæй дæр Къæбутдзæв хъæбæрзæрдæ лæг уыд.
Йæ рæсугъд ус та йын афонмæ куы бийы
Куырæты ’гънæджытæн цыллæ алдымбыдтæ.
Хур æрцæйныгуылди, хъом нæма ’рбатардтой.
Мулдарты Косерхан уаты дуар бакодта.
Къæсæрыл æрбадти алдымбыд бийынмæ.
Сырх уасæг йæ рæзты уæлæрдæм сивгъуыдта.
Фæстæмæ раздæхт, йæ разы æрлæууыди.
Базыртæ ныххоста, дзыхыдзаг ныууасыд,
Дзыхыдзаг ныккодта æнафоны фыдуаст.
Косерхан фæтарсти, къæсæрæй фестади.
Сырх уасæджы рацахста, йæ хурх ын стыдта:
Уасæг дæр, йæ сæр дæр фаджыстæм аппæрста,
– Дæ-дæ-дæй, мæ цæгат, мацы уыл æрцæуæд! –
Цæгатæн мама тæрс! Хур дыл æрныгуылдзæн,
Дæ ниуын ссæудзæни, дзыккутæ тондзынæ.
Цæсгом рæдувдзынæ, даргъ хъуырджын сау æвгтæ
Дæ сæрыл хойдзынæ, цалынмæ асæттой…
«Дæ-дæ-дæй» кæндзынæ, дæ хъарæг хъуысдзæни:
– Судзгæ дын фæбадон, дудгæ дын фæбадон,
Ды кæмæн уыдтæ æмæ ды кæмæн нал дæ!
Куы нæ дыл сæмбæлди къамбецтæ давгæйæ,
Дугъæттæ скъæргæйæ мæхъхъæлоны стыр цъил!
Мард фæдæ боныгон Хæсанæйы къухæй.
Судзгæ дын фæбадон, дудгæ дын фæбадон:
Кæмæ ма цæудзынæн цырагъы рухсимæ,
Боныцъæх афоныл давæггаг ласгæйæ!

Хъусут уал, зæрæдтæ, хъусут уал, лæппутæ,
Байхъусут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!

III

Æфхæрдты Хæсанæ! Æгъгъæд цæгъд Мулдарты!
Цыппар сæ куы амардтай дæ фыды тугмæ,
Дæ фыды сау тугмæ, дæ мады æфхæрдмæ,
Дæ хæдзар бацагур: фыдбылыз æмхиц у, –
Фыдбылыз фæзыны хи къахы хæдбынæй.
Рагæй дæр Хæсанæ уыд сыгъдæг ирон лæг.
Æрæгмæ хъараг у маст ирон зæрдæмæ,
Фæлæ куы бахъары, уæд та-иу, хорз адæм,
Ирон туджы фыцын æрæгмæ банцайы.

Æфхæрдты Хæсанæ! Дæ хæдзар бацагур!..
Дæлæ мигъы кæрон æмбырдтæ байдыдтой
Мулдарты мыггагæн сæ усгур лæппутæ,
Сæхи дыл рауагътой, æхсын дæ райдыдтой!
Æфхæрдты Хæсанæ! Дæ хæдзар бацагур!..
Дамбаца ’мæ топпæй гæрæхтæ райдыдта.
Дыууæ сæ ’рбамардта Мулдарты лæппутæй,
Æртæйæ йæ уæлхъус æрбалæууыдысты.
Æфхæрдты Хæсанæ сæ размæ фестади,
Рахиз къухы ’хсаргард, хъама та галиуы,
Цæргæсау дурмæ уыциу гæпп фæкодта…
Хæсанæ уæлейæ. – Мулдартæ уæлæмæ
Цъыччытæ райдыдтой хъама мæ ’хсаргардæй.
Сау дурæн сырх тугæй йæ сау хуыз аивтой.
Цы баци Хæсанæ, уый куы нал базыдта, –
Цæстыты ферттывтой хъаматæ, ’хсаргæрдтæ.
Сырх дурæй ратылди тугæй пырх кæрдæгмæ.
Иудзæвгар фæлæууыд æнæ сызмæлгæйæ.
Стæй та ракасти йе ’рттиваг цæстытæй.
Акасти фæйнæрдæм: Мулдартæ йæ алыварс
Цъæх нæууыл куы хуыссынц бынæй калд хъæдау.
Иу ма сæ сызмæлы, йæ сæр схъил кæны,
Фæстæмæ ’рхауы, йæ хъæрзын ссæуы.
Æфхæрдты Хæсанæ йæ фарсыл бабырыд,
Хъама йын йæ хурхы иннæрдæм атъыста,
Хъама нал раласта – йæ зæрдæ бахъарм ис.

Мулдарты лæппутæ Барастырмæ куы фесты
Цæрынхъуаг уæвгæйæ, Хъуыдайнаты фæрцы,
Сæ дуне ныууагътой сæ цардмæ бæлгæйæ!
Мард фæци уыцы бон Мулдарты Уырызмæг,
Куырдуаты баззади йæ рæсугъд Аминæт.
Рудзынгæй кæсгæйæ, фæндырæй нал цæгъддзæн,
Нал хъаздзæн уый цæстмæ Уырызмæг йæ бæхыл.
Йæ бæх та ингæнмæ ныккæсдзæн барæгмæ,
Фæлдисын афоны, уæлмæрдты быруйыл.
Ныккæсдзæн, бамбардзæн йæ барæджы хабар, –
Иууылдæр нырриздзæн, ныммыр-мыр кæндзæн,
Ныууасдзæн, фехалдзæн адæмы зæрдæтæ!
Мæнæ æртæ лæппуйы дур-рæбын хуыссынц.
Мæгуырæг, лæппутæ, мæгуырæг, æфсымæртæ!
Сымахæй та мæгуырдæр, сымах цы мад ныййардта.
Хæрзмæгуыр чи уыдзæн, хæрзмæгуыр чи баззад
Даргъ зымæг æхсæвты дымгæйы ниуынмæ
Йæ хъарæг цæудзæни къонайы рæбынæй,
Æртхутæг кæндзæни цæхæры зынджимæ.
Ды та, ды, дзæгъæлдзад, дзæгъæлхатт Хамырзæ!
Æрвад дæр кæмæн нæй, хæстæг чи нæ зоны.
Нымадтай дæхи ды Мулдарты мыггагыл!
Уыдон дæ нæ зыдтой, дæ цард дын нæ уарзтой,
Уæддæр ды сæ сæрыл дæхи куы ’рбайсæфтай!
Цы дзуар дæ рахаста дæ фыццаг цæуæнтæй?
Тæккæ знон æрцыдтæ дæ фыццаг хæтæнтæй,
Хъæуы раз аздæхтæ Мулдарты хъалтимæ.
Æмæ куы ’рбайсæфтай дæ иунæг мæгуыр сæр.
Дæ мард дæр Мулдартæй хицæнæй куы лæууы!
Мулдартæ! Мулдартæ! Цæй ривæд æркодтат
Фарастæй ацы бон цъæх-уымæл кæрдæгыл?!
Æнхъæл нæ уыдыстут фарастæй амæлын
Æфхæрдты цæхæрцæст Хæсанæйы къухæй.
Лæгтыдзуар Уастырджи хъуыддæгтæ не ’ппæтæй
Дзæбæхдæр æмбары æмæ сæ æдзухдæр
Рæстдзинад уарзгæйæ рæстырдæм аразы.

Мулдартæ! Мулдартæ! Амæлын тынг зын нæу, –
Мæлæтæй зындæр у, райсом уыл лæппутæ,
Нæ дзæбæх фæсивæд, зарæг куы раскъæрой.
Зæгъдзысты лæппутæ: «Мулдартæ фарастæй
Иу лæджы марынмæ иумæ рацыдысты
Æмæ сæ йæ хæдзар иу дæр куы нал ссардта».
Мулдартæ, Мулдартæ! Цæй ривæд æркодтат,
Уæ сæрмæ халæттæ зилахар райдыдтой,
Кæрæдзимæ уасынц лæджы фыд хæрынмæ.
Уæ хъæуы нынниудтой налат фиййау-куыйтæ.
Адæм фæтарстысты стыр фыдбылызæй.
Фæлæ куы фендзысты фараст галуæрдоны
Хæрзæнцад цæугæйæ, уæ мæрдтæ ласгæйæ…
Адæм дæр уæ алварс æнцад куы цæудзысты,
Зæхмæ куы кæсдзысты цæссыгдзаг цæстытæй
Мæрддзыгойы устытæ къордгай, чыртæ-чыртæ,
Мæрдджынтæм цæудзысты, хъарджытæ кæндзысты.

Байхъусут, зæрæдтæ! Байхъусут, лæппутæ!
Бахъырнут зарæгмæ, фыдæлты кадæгмæ,
Дзæбæхдæр бахъырнут уæ бæзджын хъæлæстæй!

IV

Куырттаты саухъæды, нæ уарзон хæхты астæу,
Æрдузы хæдкæрон, къæсæрыл куы бады
Æфхæрдты Госæма, урс дадалиджын ус,
Базæронд, базæронд, адæмæн æмбисонд
Хъæбатырдзинадæй Æфхæрдты Госæма!
Къæсæрыл куы бады, сау зæхмæ куы кæсы,
Урс цæссыг куы калы йæ зæронд уæрджытæм.
Саухъæдæй разынди Æфхæрдты Хæсанæ,
Йæ цæфтæ бамбæрзта цухъхъайы фæдджийæ.
Йæ мадмæ фæдзырдта, йæ мад æм нæ ракаст, –
Йæ хъарæг куы цæуы, йæ фыртмæ куы хæцы:
— Уæ, марг дын æрбауой, уæнгæл дын æрбауой
Мæ дзæбæхдзинæдтæ, мæ риуы ’хсыры цъыртт!
Тугæй сæ фæкалай, рондзæй сæ фæкалай,
Сахъдзинад кæмæ нæй, бонвыддæр чи кæны!
Дæ фыды марджытæ ныртæккæ ам куы уыдысты,
Хынджылæг фæкодтой дæ мæгуыр хæдзарæй.
Карк дæм нал ныууагътой, цъиу дæм нал баззадис.
Дæ хæдзар’ астæуæй сау рæхыс рафтыдтой,
Къахыл æй бабастой æмæ йæ аластой
Йæ хæр-хæр цæугæйæ нæ фаджысы рагъмæ.
Дæ зæронд мадæн йæ дзыккутæ ныттыдтой.
Йæ урс дадалитæй куы ницуал ныууагътой,
Уæд кæмыты хаттæ, уæд кæмыты лæсыдтæ?..
Гъе мæгуыр Солæман! Кæд мæрдты исты ис,
Уæд куыннæ ныхъхъæрзой, уæд куыннæ нынниуой
Дæ мæгуыр стджытæ, ахæм фырт кæмæн ис!..
Тугæй сæ фæкалай, рондзæй сæ фæкалай
Мæ дзæбæхдзинæдтæ, мæ риуы ’хсыры цъыртт!
Хæсанæ баззади сау зæхмæ кæсгæйæ.
– Нана! Æрбайхъус! Ма мæ ’лгъит, æгъгъæд у!
Тугæй сæ фæкалдтон, рондзæй сæ фæкалдтон
Дæ дзæбæхдзинæдтæ, дæ риуы ’хсыры цъыртт.
Фыдæбон фæкодтай Солæманы фæстæ,
Фыдæбон фæкодтай дæ иунæг лæппуйыл,
Бирæ дæ бафхæрдтой мæ фыды марджытæ.
Рох мæ нæ уыдысты Мулдарты налæттæ,
Фæлæ мæ зæрды уыд, дæу куы баныгæнон,
Уæд уыдон ныммарын, уæд уыдон ныццæгъдын…
Кæуыл баззадаис ацы мæнг дунейы
Айхуызæн зæрондæй мæ мæлæты фæстæ?
Лæппу дын куы нал ис, æфсымæр инн’ ахæм.
Æрвад куы нæ зонæм, куы ничи нæ зоны!
Афтæ уыд мæ зæрды. Хуыцау та иннæрдæм
Хъуыддæгтæ сарæзта, сызгъæрин фестинаг!
Ацы бон ацыдтæн сæгуыттæ марынмæ,
Æмæ рафæлдæхтон Мулдарты мыггагæй,
Мæ фыды марджытæй раст фараст лæггаджы.
Ауай-ма къуыбырмæ, акæс-ма уырдыгæй! –
Зæронд ус фестади, йæ фыртмæ нæ ракаст,
Азгъордта къуыбырмæ йæ зæронд уæрджытæй.
Арв’ астæу хур лæууыд, мигъ сыстад быдыртæй.
Хураууон акодта йæ къухæй цæстытæн.
Акасти уырдыгæй Æфхæрдты Госæма,
Ауыдта Мулдарты цъæх-цъæхид быдырты…
Ныххудти, адзырдта йæ мард Солæманмæ:

– Рухсаг у! Æрæнцай, цæхæрцæст Солæман!
Дæ марæг мард фæци йе стыр мыггаджимæ, –
Дæ фырт сæ ныццагъта! Рухсаг у, дæуæн ныр
Дуæрттæ байгом сты цъæхнæуу дзæнæтмæ!
Раздæхти Госæма. Ссыди йæ рагон маст!
Йæ фыны нал уындзæн мæгуыр Солæманы
Йæ цæфыл хæцгæйæ, тугæй пырх дзауматы.
Хæдзармæ бацыди, мидбылты бахудти,
Чъиритæ ракодта, – дзуры Хæсанæмæ.
Хæсанæ нæ зыны, Хæсанæ нæ цæуы.
Госæма фæтарсти, скъæтмæ бакасти:
Æфхæрдты Хæсанæ, Солæманы сахъ фырт
Дæлгоммæ хуыссыди уæрдоны гуыффæйы.
Йæ туджы æртæхтæ зæхмæ фæтагъдысты,
Йæ уд та ахæццæ цъæхнæуу дзæнæтмæ!
Цæй цъæхахст ныккодта Æфхæрдты Госæма!
Цæсгоммæ февнæлдта, тонын æй райдыдта,
Тонын æй райдыдта, кæуынæй нал æнцад…
Гъе мæгуыр иунæг ус! Гъе мæгуыр сидзæр ус!
Куы ницыуал дзæбæхдæр æрхъуыды кæндзынæ
Дæхи æрбамарынæй дæ фырты уæлхъус!..

Байхъусут, лæппутæ, байхъусут, кæстæртæ,
Дзæбæхдæр байхъусут фыдæлты ныхæстæм:

Ацы мæнг дунейы æфсымæр кæмæн нæй,
Хъомыл фырт кæмæн нæй, æрвад чи нæ зоны, –
Цæвиттон, лæппутæ, фæхæцæг кæуыл кæй,
Уыцы лæг иунæг у, уыцы лæг мæгуыр у.
Хъæды халæттæм дæр нæй уымæй иунæгдæр,
Нæй уымæй мæгуырдæр ацы мæнг дунейы.

Æгъгъæд у, хорз адæм! – Уæ цæссыг ныссæрфут,
Мæнæн та рахæссут фæрныджы хæдзарæй,
Дзаг къæбиц рæбынæй цывзыджын цъæх арахъхъ!

1894 аз.