ТУГЪАНТЫ Батырбег

(1866 – 1921)

Райгуырд 1866 азы июлы 4-æм бон Дур-Дуры хъæуы. Йæ фыд Аслæнбег канд уæздæттæй нæ уыд, фæлæ ма Уæрæсейы æфсады инæлар-майор дæр. Батырбег фыццаг ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы прогимназы, стæй та Стъараполы гимназы, фæлæ йæ каст нæ фæци, иу аз ма йæ хъуыд, афтæ ныууагъта гимназ æмæ 1886 азы фæстæмæ сæ хъæумæ æрыздæхт. Ам ацард иудзæвгар æмæ йæ зæрдæ фæрыст, мæгуыр хъæууон адæмæн зæхджынтæ цы фыдмитæ кодтой, уыдон уынгæйæ.

Батырбег зæхджын инæлары фырт уыди, фæлæ хуымæтæг адæммæ йæ фæллойы æмæ йæ уæздандзинады цæстæй никуы каст. Сæ хъæуы мæгуыртæн уый лæвæрдта сæ хъæды суг кæныны, сæ зæххытыл — кусыны бар. Уый нæ, фæлæ ма Дур-Дуры бакодта скъола, ас адæмæй кæсын-фыссын чи нæ зыдта, уыдонæн. Ахуыр сæ кодта фæссихор, адæм-иу сæ куыстæй чысыл куы фæцух сты, уæд. Ахуыр сæ кодта йæхи хардзæй. Æгæрыстæмæй, скъоладзаутæ зымæг сæхицæн суг æрласой æмæ хъармы ахуыр кæной, уый дæр сæ нæ фæндыд, æмæ сæ уæд иуахæмы Батырбег иууылдæр ныууагъта, — йæ уæздан æрвадæлты дæр æмæ йæ уарзон æфхæрд зæхкусджыты дæр — æмæ ралыгъд Дзæуджыхъæумæ. Уым фæцард суанг 1907 азмæ.

Йæ царды ацы афон Батырбег æрæвнæлдта литературон сфæлдыстадмæ. Ам, Дзæуджыхъæуы, уырыссаг газетты уый ныммыхуыр кодта цалдæр радзырды: «Бæхдавæг» (Конокрад», 1896), «Æгъдаумæ гæсгæ» («По адату», 1896), «Фыййау Баде» («Пастух Баде», 1897). Радзырдтæ фæстæдæр иумæ мыхуыр æрцыдысты фыссæджы иунæг чиныджы 1913 азы. Чиныг хуынди «Батаноко Тембот».

Батырбег канд радзырдтæ нæ фыста. Йе сфæлдыстады зынгæ хай сты драмон жанры фыст уацмыстæ. Уыдонæн сæ ахсджиагдæр у драмæ кусæг кълассы цардæй «Параллели», 1904 азы фыст. Ацы драмæйы мидис фыссæджы зонды сæвзæрди революцион змæлды æндæвдады фæстиуæгæн. Нæ фыссæг тынг цымыдисæй йæ хъус дардта Уæрæсейы революцион змæлды идеологи æмæ æхсæнадон архайдмæ. Баст уыди Дзæуджыхъæуы социал-демократон партиимæ. Хæлар уыди уæды ирон революционерты кæстæр фæлтæримæ, уæлдайдæр та Брытъиаты Елбыздыхъо æмæ Байаты Черменимæ. Революцион идеологиимæ зонгæ æмæ разы кæй уыд, уый охыл Батырбег 1906 азы æрæвнæлдта Маркс æмæ Энгельсы фыст чиныг «Коммунистон партийы манифест» ирон æвзагмæ раивынмæ. Йæ тæлмац мыхуыры нæ рацыд, фæлæ уый хорз æвдисæн у фыссæджы дунембарынад æмæ уæды ирон интеллигенцийы зæрдæхаттæн.

Хæдхæцæгады фæсдзæуинтæй нæ басусæг Батырбеджы хъуыды æмæ архайды революцион здæхт. Сæ цæст æм дардтой æмæ йæ 1907 азы æрцахстой. Фæбадт цалдæр къуырийы ахæстоны, стæй йæ рауагътой, фæлæ йын Терчы зылды цæрыны фадат нал уыд æмæ июны фæлыгъд æд бинонтæ Мæскуымæ. Уæдæй фæстæмæ, суанг йæ мæлæты бонмæ, Батырбег йæ райгуырæн Ирыстоны никуыуал уыди, ныгæд дæр æрцыд æцæгæлон зæххы.

Октябры революци куы фæуæлахиз, уæд Батырбег кусынмæ бацыд Нациты хъуыддæгты фæдыл адæмон комиссарадмæ. Уый фæстæ та куыста Адæмон рухсады комиссарады. Ардыгæй йæ 1921 азы арвыстой Дагъистанмæ, бæхдарыны хъуыддаг рацаразынмæ. Ам халерæй фæрынчын æмæ фæзиан июны мæйы 19-æм бон. Ныгæд дæр æрцыд ам, Махачкалайы уæлмæрды.

 

ÆГЪДАУЫ АМÆТТАГ

Радзырд

– Кæугæ та куы кæныс, Дзыцца. Кæдмæ дæхи афтæ хæрдзынæ? – загъта йæ мадæн Хуылæрты Фацбай æмæ сæ хæдзары бæрзонд къæсæры сæрты зæронд усы иувæрсты мидæмæ бахызт. Мад бадт къæсæрыл æмæ хуыдта хæцъилдзабыртæ.

– Цалынмæ мæ маст ссæуа, уæдмæ! – кæуынхъæлæсæй дзуапп радта зæронд ус æмæ, фæстæмæ разилгæйæ, донæй дзаг цæстытæй йæ фыртмæ скаст.

– Афтæмæй бирæйы фаг не суыдзынæ, – фæлмæндæр хъæлæсæй загъта фырт. – Хæринаг нæм ницы ис? Стонгæй фæмæлын. Стæй абондæргъы хъæды саубыны фæллад бадæн. Дыууæ уæрдоны уистæ æрластон.

Фацбай фæхсбандоныл йæхи æруагъта æмæ, арты сугтæ куыд æмгуыппæй сыгъдысты, уымæ кæсыныл фæцис.

Мад Фацбаймæ чъылдымыздæхтæй бадт, йæхинымæр цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ, цы загъта, уымæн фырт ницы бамбæрста.

– Ницы хæринаг дзы, зæгъын, ис? – дыккаг хатт бафарста Фацбай.

Зæронд ус æнæдзургæйæ сыстад, йæ раздарæны фæдджитæ æрцагъта æмæ агъуыстмæ бахызт.

Дуары бакомкоммæ къулы æмдæргъ хъæдын сынтæг уыд джиппæйфыст хъуымацæй æмбæрзт. Зæронд ус йæ хуыинæгтæ æмбæрзæны бын амбæхста, йæ уымæл цæстытæ йæ сæрбæттæны къæдзилæй асæрфта æмæ къæбицмæ бацыд.

– «Кæдмæ, дам, дæхи хæрдзынæ?» – зæронд ус сфæзмыдта йæ фырты. – Цыма мады зæрдæйæн ахæм хъуыддæгтæ йæ бон рох кæнын у!

Къæбицæй ссад æмæ сасир рахаста æмæ луарыныл балæууыд.

Фацбай, сасиры уынæр айхъусгæйæ, йæ мады ’рдæм разылд:

– Нырмæ нæм хæринаг конд нæй?

– Куыд уыныс, афтæ.

Фацбайæ йæ фæллад дæр æрбайрох. Йæ бынатæй фестад æмæ йæ мадыл бустæй ралæууыд:

– Хъæды уыдтæн, уый нæ зыдтай? Ме ’рцыдмæ кæрдзын уæддæр цæуыннæ скодтай? Æви та дæ кæуынæй нæ равдæлди? Ныр æхсæз азы дæргъы дæ мард фыртыл кæуынæй нæма банцадтæ, де ’гас фыртæн хæринаг æрцæттæ кæнын та дæ рох фæци. Æви дæу йеддæмæ йæ фырт никæмæн амард?

– Амарди, мæ хур, амарди, фæлæ, йæхи низæй чи амард æмæ, мæрдтæм кæйдæр къухæй чи бацыд, уыдон иу не сты. Мæлгæ иууылдæр акæндзыстæм, уый нын Хуыцауæй лæвæрд у. Мæнæн мæ лæппуйы мæрдтæм æнаккаг барвыста æмæ абоны онг йæ туг ист нæма у, æмæ мæ маргæ уый кæны…

– Бафхæрдтой йæ, Дзыцца. Паддзахы ’рдыгæй йын цы хъуыд, уый райста. Закъонмæ гæсгæ йын тæрхонгонд æрцыд æмæ ахæстоны фæбадт.

– Закъонмæ гæсгæ… Æмæ закъон цы у?.. Адæм хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, паддзахы цæф нæ риссы, зæгъгæ. Уый æцæгæйдæр афтæ у. Паддзахы закъон топпы фат нæу – зæрдæйы нæ хизы. Тых та тых у. Уымæн ницæимæ ис сбарæн. Йæ ныхмæ ницы фæлæудзæн. Дæхи хуызæн дæ куы ныццæва, уæд уымæн зын быхсæн у. Закъон адæймаджы афтæ не ’фхæры. Адæм та… Дæхи хъахъхъæнын куы нæ фæразай, дæ маст райсынæй дæ куы нæ тæрсой, уæд дæ гуырæй райгæ у: сæ фидистæй дæ мæрдтæм барвитдзысты.

Зæронд ус луæрст куы фæци, уæд йæ сасир иуварс æрæвæрдта, агæй къоппы дзаг дон фелвæста æмæ хыссæ змæнтынмæ бавнæлдта.

– Закъон… Лаборайы-фырты закъон бафхæрдта æмæ цы! – хыссæ змæнтгæйæ, дарддæр загъд кодта зæронд ус. – Закъон æй бафхæрдта, фæлæ йын сымах та цы бакодтат? Лаборайыфырт закъон истæмæ куы дардтаид, уæд мын мæ хъæбулы туг нæ акалдтаид.

– Афтæ ма дзур, Дзыцца. Кæд дæ фæнды, уæд ын æз мæнæ ацы дыууæ къухæй…

– Абабау, абабау, – лæгъстæ кæнынмæ фæци мад. – Мæн ницы фæнды. Хуыцау нæ ахæм бæллæхæй бахизæд…

– Йæ амарын тынг æнцон у, фæлæ дзы цы пайда ис?

– Тобæ зæгъ, мæ хъæбул, ахæм ныхæстæ дæ дзыхæй уадзгæ дæр мауал скæн. Дæу ничи тугисæг кæны. Дæу йеддæмæ мын ацы зæххыл куы ничи ис. Иннæты бар æй уадз. Худинаг сын фæуæд! Ау, мыггаг куы сты, сæ сæртыл худтæ куы хæссынц, уæд куыд æнцад бадынц? Æви быныскъуыд фесты, иу змæлæг дзы нал баззад? Хъомрæгъауæй фылдæр уæвгæйæ ахæм æгаддзинадæн быхс, уæд уыдон цавæр адæм сты? Нæ, мæ хъæбул, туг исын уыдонæн æмбæлы. Худинаг æнæхъæн мыггагыл æнцайы. Ды та мын иунæг дæ. Мæ ныгæнын дæумæ кæсы. Туг исын та мыггаджы хæс у. Худинаг дзы алкæмæ дæр хауы. Уæдæ!.. Фæлæ, æвæццæгæн, уæ мыггаджы лæгтыл сылгоймаджы кæрдæнтæ тынгдæр сфидауиккой. Дæуыл сæ зæрдæ дарынц. Худинагæй сæ хъуамæ ды фервæзын кæнай. Йæ хæрзæфсымæр, дам, ды дæ æмæ, дам, хъуамæ хъуыддаг дæр дæхимæ ды райсай. Фæлæ мын ды иунæг дæ. Æмбарыс? Æнæ дæу хъæды халонæй мæнæй уæлдай нал уыдзæн. Сыбыры бинаг къæй дæ балæууын кæндзысты. Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ дыл уæд та Лаборайы-фырт йæхæдæг фæуæлахиз?..

– Ныууадз, Дзыцца, – тызмæгдæр хъæлæсæй сдзырдта Фацбай. – Бафæлладтæн уыцы ныхæстæм хъусынæй. Нæ мæ фæнды туг исын, стæй уыцы фæндагыл æндæр искæй бафтауынмæ дæр нæ хъавын, – æмæ æддæмæ фæцæуæг.

Цæхæрадонмæ ахызт æмæ кау бийынмæ йæхи æрцæттæ кодта. Михтæ уымæй размæ ныссагъта. Иу хатт ма сыл кæрæй-кæронмæ йæ цæст ахаста, æмæ дзы зылынæй йæ зæрдæ куы ницæмæуал æхсайдта, уæд, рæхснæгдæр уистæй иуы кæрон йæ галиу къахæй зæхмæ нылхъывта æмæ йæ дыууæ къухæй здухын райдыдта. Фæрсмихыл æй цалдæр хатты æрыздыхта æмæ йын йæ кæрæттæ михтыл бигæ ацыд. Уалынмæ кæцæйдæр йæ сыхаг фæзынд æмæ йын уыцы æнæрвæссонхуызæй афтæ:

– Ничи кæсы Хуылæры-фыртмæ…

– Цы дæ зæрдæмæ нæ цæуы?

– Мæ зæхмæ та мын фæныхылдтай, и?

Фацбайы астæу сраст, йæ сыхагыл йæ тызмæг цæстæнгас æрхаста, йæ сæр дыууæрдæм батылдта, фæлæ дзургæ ницы скодта.

– Дæ сæр цы тилыс, æви мын гæдыныхæстæ кæнын æнхъæл дæ?

– Михтæ кæуылты садзгæ ацæуон, уый мын абон дæхæдæг нæ бацамыдтай? – бафарста йæ Фацбай.

– Бацамыдтон.

– Уæдæ ма уæд цы?

– Фæрæдыдтæн. Рæбындæр сæ садзын хъуыд.

Фацбайæн йæ мады ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Ацы саумукъу мæ йæ ныхтæ ныссадзынмæ хъавы.

– Уартæ дæ кулдуар кæм и, уый уыныс? Уымæй чысыл фалдæр у арæн, – йæ хъуыр-хъуырæй не ’нцади сыхаг. – Михтæ дæр уырдыгæй садзын райдайын хъуыд.

– Абон дæ коммæ бакастæн, зæгъгæ мын ныр мæ зæххы ’мбис дæхирдыгæй фæкæнынмæ хъавыс?

Сæ хъæлæба хылмæ расайдтаид, фæлæ сæ сыхæгтæ баиргъæвтой.

– Фæлæуу, фæлæуу! – æртхъирæн кодта Фацбаймæ йæ сыхаг. – Кæд дæ фысы ’ргæвст не скæнон, уæд ма-иу фæкæс!

– Æртхъирæнгæнæг йæхæдæг фæтæрсы! – дзуапп ын радта Фацбай. – Дæ ныхæстæ мæм хъаргæ дæр нæ кæнынц!..

– Уæвгæ Хуылæртæ иууылдæр гугын фыстæ сты! Ды лæг куы уаис, уæд Лаборатæй дæ туг райсис… Уæвгæ гугын фысæй цытæ домын!..

Фацбайæн фæстаг ныхæстæ йæ тъæнгтæ ацагътой. Цавддуры хуызæн йæ бон сызмæлын нал уыд. Исчи йæ хъамайæ куы барæхуыстаид, уæд дзы туджы ’ртах нæ ракалдаид.

Йæ хæлæрттæй иу йæ дæларм бацыд, сæхимæ йæ бахуыдта, йæ бæрæгбоны дарæс ын скæнын кодта æмæ йæ хъæугæронмæ чындзæхсæвмæ ахуыдта.

* * *

Фацбай æмæ йе ’мбал куы фæзындысты, уæд хъазт уыди йæ тæккæ тынгыл. Амæй-ай рæсугъддæр чызджытæ къулрæбын рæгъ ралæууыдысты æмæ уыцы уæзданхуызæй хъазтмæ кастысты. Фæндырдзæгъдæг чызг йæхиуыл нал ауæрста. Лæппуты къæрццæмдзæгъд арвмæ хъуыст. Кафæг къæйттæ хъазты кæрæдзийы ивтой.

Фацбайы æрдхорд лæппуты цурмæ бацыд æмæ уыдоны хуызæн æмдзæгъд кæнын райдыдта. Фацбай йæ дыууæ къухæй йæ хъамайыл хæцгæйæ иуварс лæууыд æмæ сагъæсты аныгъуылд. Чысыл раздæр сæм йæ сыхагимæ цы хъаугъа рауад, уый йæ сæрæй нæ хицæн кодта. Уæлдай зæрдæнизы хос ын фесты сыхаджы фæстаг ныхæстæ. «Акæс-ма уыцы цъаммармæ, гугын фысæй, дам, цытæ домыс, – йæ хъусты зæлланг кодтой сыхаджы ныхæстæ. Æцæгæй мын ахæм æнхъæл у?.. Æвæццæгæн. Æмæ мын уæд куыд кæнгæ у? Мæ цард ма цард у? Амарын æнцон у… Мæ туджджынтæй кæцыфæндыйы дæр амардзынæн. Фæлæ дзы цы рамбулдзынæн? Стæй дзы кæмæн цы пайда ис? Ме ’фсымæрæн? Стæй мæ дин дæр марыны ныхмæ у. Æви мæхи уавæр фæхуыздæр уыдзæн? Сæ фидистæй, дам, дæ мæрдтæм барвитдзысты… Уæдæ ма бафæлварæнт! Хатыр дзы никæмæн уыдзæн».

– Фацбай, ды дæр иу кафт скæн! – йæ цуры алæууыд чегъре.

Фацбайы зæрды кафын нæ уыд, фæлæ йыл лæппу рахæцыд æмæ йæ кафæн фæзмæ тыххæйласæгау ракодта. Чызджытæй иу йæ бынаты базмæлыд, куыд ракъахдзæф кодта, афтæ йын йе ’мбæлттæй чидæр йæ къабайы фæдджийыл фæлæууыд, æмæ кæмдæр йæ пъæр-пъæр ссыд. Чызг æваст фæлæууыд, Фацбаимæ сæ цæстæнгас баиу, фæстæмæ фæзылд æмæ хæдзары фæмидæг.

Фацбайы æрфгуытæ æрбалхынцъ сты, йæ цæсгом хъусты онг сырх-сырхид афæлдæхт æмæ йæ бынатмæ бацыд. «Чызджытæ мемæ кафын дæр сæ сæрмæ нал хæссынц, – ахъуыды кодта йæхинымæр Фацбай. – Нал сæ фæнды. Кæимæ кафгæ йын у, уый куы базыдта, уæд лидзæг куыд фæци!.. Уымæй мæ амæлæт хуыздæр у. Удæгас мардæй фыддæр дæн. Цы бачындæуа? Цæуын хъæуы ардыгæй».

Уынджы ’рдæм разылд æмæ ауыдта йæ туджджын Лаборайы-фырты. Фацбайы зæрдæ цыма судзинæй фæрæхуыстæуыд, уыйау фæци. Йæ къæмисæнты дзæхст-дзæхст ссыд. Кафæн фæзы ’рдæм та йе ’ргом разылдта.

Лаборайы-фырт Фацбайæ чысыл дарддæр лæппуты цур æрлæууыд. «Куы мæ федта, уæд ма мæ цурмæ куыд æрбауæндыд? – йæхинымæр сагъæстыл фæци Фацбай. – Æви мæ æппындæр ницæуыл нымайы? Æвæццæгæн. Афтæ куы нæ уаид, уæд йæхи æндæрхуызон дарид».

Лæппутæ-иу куы Лаборайы-фыртмæ бакастысты, куы – Фацбаймæ. Æнхъæлдтой, туджджын йæхи аивæй айсдзæн, фæлæ йæм ахæм зонд нæй, уый куы бамбæрстой, уæд йæ алыварс амбырд сты æмæ дзы куырдтой, цæмæй хъазтæй ацæуа. Архайдтой, Фацбай сæ куыннæ фехъуса, ууыл, фæлæ йæм сæ ныхæстæ иууылдæр фехъуыстысты.

– Хуылæры-фырт ам ис, уый куы зыдтай, уæд цæмæн æрбацыдтæ? – саст хъæлæсæй йæ бафарста, лæппутæй йæм хæстæгдæр чи лæууыд, уый.

– Цæуыннæ хъуамæ ’рбацыдаин? – фарстæй йын дзуапп радта Лаборайы-фырт. – Лæгмарды тыххæй ахæстоны фæбадтæн. Ныр никæмæйуал ницы дарын.

– Нæ фыдæлты ’гъдæуттæм гæсгæ, цалынмæ, туг кæмæй дарыс, уыимæ бафидауай, уæдмæ йæ цурмæ цæугæ нæу.

– Уæ ныхæстæ ма ныууадзут, æз ардæм фидауынмæ нæ, фæлæ кафынмæ ’рбацыдтæн. Кæд уæ афтæ тынг фæнды, æмæ кæрæдзийы ма уынæм, уæд ын зæгъут æмæ ардыгæй йæхæдæг ацæуа.

– Омæ хорз, – загъта лæппутæй иу. – Æз Фацбайы исты ’фсонæй ахондзынæн. Уæвгæ мæ æфсон дæр нæ хъæуы: цæмæндæр мæ хъæуы.

Цалдæр уысмы фæстæ Фацбайы уæхскыл æрæнцад кæйдæр арм. Фæкаст, æмæ, – фæстаг ныхæстæ чи загъта, уыцы лæппу.

– Цы зæгъыс? – бафарста йæ Фацбай.

– Дыууæ ныхасæн мæ хъæуыс, – загъта лæппу, йæ дзыппæй бапъероз фелвæста æмæ йæ фæлмæн кæнынмæ фæцис.

Фацбай, дыууæ къахдзæфы фæстæмæ акæнгæйæ, æрлæууыд æмæ загъта:

– Хъусын дæм.

– Иу хъуыддаджы тыххæй куы аныхас кæниккам, уый мæ фæнды.

– Хъусын дæм.

– Ам аив нæу. Хицæн ран искуы абадæм. Кæд дæ фæнды, уæд уæхимæ дæр.

– Цом, – сразы Фацбай.

Иу цалдæр къахдзæфы куы акодтой, уæд Фацбай фæсте аззад. Иу афон лæппу фæстæмæ фæкаст æмæ йæ цæстытыл нæ баууæндыд: Фацбай, йæ тугæйдзаг хъама йæ къухы, афтæмæй каст, Лаборайы-фырт раздæр йæ зонгуытыл куыд æрхауд, стæй йæ фарсыл куыд æрфæлдæхт, уымæ.

Дзасохты Музаферы тæлмац