ÆГЪУЫЗАТЫ Иуане

 

(1775 — 1830)

Æгъуызаты Гиуæргийы фырт Иуане (йе ‘цæг мыггаг уыд Гæбæратæй, фæлæ цæмæй уæзданыл нымад уыдаид, уый тыххæй йæхи фыста рагон ирон паддзæхты мыггæгтæй иуыл – Æгъуызатыл) райгуырд 1775 азы Хуссар Ирыстоны, Залдайы хъæуы. Йæхæдæг йæ цардафысты куыд зæгъы, уымæ гæсгæ чысыл лæппуйæ Калакмæ афтыд, æмæ йæ уым Гуырдзыстоны номдзыд паддзах Иракъли (ир æй Ерекъле хуыдтой) ахуыр кæнынмæ радта иу ахуыргонд дингæнæг Иоанн Карумидземæ. Фынддæс азы фæцахуыр кодта Иуане æмæ уый фæстæ, 1798 азы, ахуыргæнæгæй нысан æрцыд Душетмæ. Уым ахуыр кодта хуымæтæг зæхкусæг адæмы сабиты кæсын æмæ фыссын. Се ‘хсæн уыдис ирæттæ дæр.

Ахуыргæнæгæй фæкуыста æртæ азы, стæй уæд 1802 азы кусын райдыдта, уырысы паддзахæн Гуырдзыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдонмæ тæлмацгæнæгæй. Иуане хорз зыдта æртæ ‘взаджы: ирон, гуырдзиаг æмæ уырыссаг. Уырысы хицæуттæ Гуырдзыстоны нырма ногæрцæугæ уыдысты, адæмимæ ныхас хъуыди, цæмæй айстаиккой уырысы паддзахы хицауиуæг, сразы йыл уыдаиккой, паддзахы дæлбар адæм суыдаиккой барвæндæй. Уый тыххæй та адæммæ хъуыдис сæхи мадæлон æвзагыл дзурын. Уырысы хицæуттæй, бынæттон æвзæгтæ чи зыдта, ахæмтæ нæма уыд.

Иуане, зæрдиаг патриот, зылди Хуссар иры хъæутыл, амыдта адæмæн, цæмæй уырысы ‘фсады ныхмæ тохы сæрыл ма слæууой, фыдбылызæй сæхи бахизой. Уырысы хицæуттæм та хæццæ кодта уæды ирон фæллойгæнджыты бархъомыс – ома сæ гуырдзыйы ‘лдæртты ‘фхæрдæй куыд бахизой, уæлдайдæр та Мацабел æмæ Ерыстау æлдæртты тыхтонайæ. Йæ службæйы сæр паддзахы хицæутты раз сæйраджыдæр уый охыл уыдис.

1815 азы Æгъуызаты Иуане кусын райдыдта тæлмацгæнæгæй Тифлисы (Калачы) ирыл динтауæг къамисы. Фæкуыста дзы цыппар азы бæрц, стæй 1820 азы райдианы æрвыст æрцыд ахуыргæнæгæй Калачы дины семинармæ. Уый фæдыл бардзырды фыст уыд афтæ: «Æгъуызаты Иуане йæ мадæлон ирон æвзаг æмæ гуырдзиаг æвзаг бындуронæй кæй зоны, уый тыххæй нысан æрцыд, семинармæ цы ирон сабитæ райстой, уыдонæн ирон æмæ гуырдзиаг æвзæгты ахуыргæнæгæй».

Æртæ азы бакуыста Иуане семинары, стæй 1822 азы ныууагъта йæ куыст, йе ‘нæниздзинад лæмæгъ кæй уыд, уый аххосæй. Фæлæ, цалынмæ уым уыдис, уæдмæ архайдта ирон сабиты семинармæ исын æмæ ахуыр кæныныл. Уыдонæн-иу Иуанейы хæдзары дуæрттæ æдзухдæр уыдысты гом. Документтæй куыд зыны, афтæмæй йæм цардысты æмæ ахуыр кодтой Балаты Иуане, Гуыбаты Гаврил æмæ Черменты Гай. Ахуыры фæстæ ма сæ кусынмæ дæр арвитын кодта Нармæ, Нузалмæ æмæ Джинатмæ.

1822 азæй фæстæмæ Æгъуызаты Иуане кусынмæ нал бацыд, рынчынтæгæнаг кæй уыд, уый аххосæй. Йæ тых æмæ йæ рæстæг хардз кодта ирон æвзагмæ дины чингуытæ тæлмац кæныныл. Афтæмæй ма фæцард аст азы.

1830 азы 5 августы Æгъуызаты Иуане амард халерæй. Ныгæд æрцыд Калачы. Баззад ын дыууæ лæппуйы æмæ иу чызг, фæлæ цы баисты, уый бæрæг нæй.

Иуане — рухстауæг

Иуане йæ мæлæты онг йæ царды бæрзонд æмæ рæсугъд нысаныл нымадта йе мирон дзыллæмæ хæхты цъассытæм ахуырдзинады цырагъ бахæссын. Уыцы цырагъ та, йæ раст хъуыдымæ гæсгæ, уыдис чиныг. Куыд загътам, афтæмæй уый сарæзта алфавит æмæ тæлмац кодта дины чингуытæ. Сарæзта ноджыдæр райдиан скъолатæн абеты чиныг – дамгъуат. Калачы скъолайы ахуыр кодта ирон сабиты. Саразын ма кодта иу скъола Чеселтгомы (Сыгъдты). Æппæт уыцы хабæрттæ дзурæг сты ууыл, æмæ Иуане, йæ хъуыды æмæ йæ хъуыддæгтæм гæсгæ, рухстауæг кæй уыд.

Иуане йæ адæмы бирæ кæй уарзта, уый бæрæг у, æлдæртты æмæ зæхкусæг адæмы ‘хсæн быцæуты хуымæтæг дзыллæйы фарс кæй хæцыд, уымæй дæр. Хуссар Иры фæллойгæнджытæ хъазуатæй тох кодтой Мацабел æмæ Ерыстау æлдæртты ныхмæ. Уырысы хицæутты-иу арæх бахъуыд уыцы карз быцæутæ ‘взарын, Иуане та сын тæлмацгæнæг æмæ æхсæны лæг уыд. Уый уырысы хицæуттæн цытæ хъусын кодта, уымæй бæрæг у, ирон зæхкусæг адæмыл иузæрдыг кæй уыд.

Уый фыста: «Мацабел Елызбар æрцахста иу сохтаг ироны, æмæ уыйадыл адæм растадысты… Æртæ боны фæдзырдтон Елызбарæн, уæлдæр хицæуттæй мæм цы гæххæтт уыд, уый дæр ын равдыстон, зæгъын, уым дæр фыст ис, цæмæй уыцы лæджы ауадза сæ хæдзармæ. Дзырдтон ын, цæмæй паддзахады хъуыддаг ахæм ницы-мацы хабæртты тыххæй ма хала. Фæлæ мын уый загъта: «Паддзах æхсæны хъуыддæгтæ аразы, æз та мæхи сæрмагонд хъуыддæгтыл тыхсын».

Йæ фыстæджы Иуане ранымадта, Мацабелтæ æмæ Ерыстаутæ иры дзыллæйæн цы фыдмитæ кодтой, уыдон, стæй хатдзæджы хуызы загъта: «Иры дзыллæ тынг хъаст кæнынц ацы къниæзтæй, зæгъынц, уыдон сты нæ фыдбылызтæн сæ сæр, ирон адæм æмæ гуырдзыйы ‘хсæн хæрамтауæг дæр уыдон сты…»

Иуане домдта хицæуттæй, цæмæй Мацабел æмæ Ерыстау æлдæрттæн сæ ных бакъуырдтаиккой æмæ хохы фæллойгæнæг адæм æфхæрд мауал æййæфтаиккой. Фæлæ æмбисонд куыд зæгъы, уыйау: бирæгътæ иууылдæр – къуыбырхъустæ. Уыдтой уырысы хицæуттæ, æлдæрттæ æрмæст сæхи пайдайыл кæй тыхстысты, паддзахад сæ кæй не ‘ндæвта; уыдтой уый дæр, иры фæллойгæнæг дзыллæ Уырысы паддзахады ныхмæ кæй нæ уыд, æлдæртты ныхмæ кæй хæцыд, фæлæ уæддæр Мацабелтæ æмæ Ерыстауты фарс уыдысты. Иуанейы мæлæты хæдразмæ уырысы хицæуттæ æд æфсад ныббырстой Хъобанмæ (инæлар Абхазовы разамындæй) æмæ Чеселтмæ (инæлар Ренненкампфы разамындæй).

Бирæ туг ныккалд уæд Иры кæмтты, бирæ хъæутæ басыгътой тыхгæнæг æфсад. Чи зоны, Æгъуызаты Иуане, мæлæтдзаг уæвгæйæ, тыхстис, ома йæ къахыл лæууынхъом куы уаид, уæд æфсадæй адæмы ‘хсæн йæхи байтындзид æмæ тугкалæн хæст не ‘рцæуид, фæлæ нæ уыд йæ бон сыстын. Куы сыстадаид, уæддæр йæ бон нæ бауыдаид хæст бауромын. Уыцы хæст адæмты фыддæр знаг уырысы паддзахады барвæндæй уыд, æмæ йæ уый кæм баурæдтаид. Стæй Иуане, стыр зонды хицау, уыдта йæхи цæстæй, хицæуттæ æмæ æлдæрттæ æмвынг, æмдзæхдон кæй сты, адæмы ныхмæ иумæ кæй тох кæнынц. Æвæццæгæн, йæ царды дыккаг æрдæджы йæ хъару рухстауынмæ дæр уымæн аздæхта. Чиныг – уый бæрæг хотых уыд адæмы къухы, хицауадмæ адæмы рæстдзинад хæссынæй рамбулæн кæй ницы ис, уый та Иуане базыдта, тæлмацгæнæгæй куы куыста уырысы хицæуттæм, уæд.

Иуане дины чингуытæ тæлмац кодта, йæхæдæг дæр, дин зæрдиагæй кæй уырныдта, ахæм лæг уыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, ныр махмæ ницы диссаг кæсы уыцы хъуыддаг, фæлæ йæ рæстæджы уый сгуыхтдзинад уыд.

Æгъуызаты Иуане ма ныууагъта махæн аивадон уацмыс дæр – хъайтарон кадæг «Алгъузиани», гуырдзиаг æвзагыл фыст. Ирон æвзагмæ йæ 1962 азы ратæлмац кодта Бестауты Гиуæрги.

 

                        АЛГЪУЫЗЫ МÆЛÆТ

               («Алгъуызы кадæг»-æй скъуыддзаг)

Царды чи бафсæсти хурæй, цинæй чи уыдис рæвдыд,
Уый дæр а бæсты кæронмæ никуы баззадис æвыд;
Цард æппынæдзух фæливы, рæстæг иугъæдон кæд уыд!
Амонд махæй хъулау хъазы, – у мæнгард æмæ фæлывд.

Абон уый хæлар у демæ, цинæй дæ нæ уадзы цух,
Зары, уалдзæджы дæм хоны, уасы уадындзæй рæсугъд.
Райсом фехæлдзæн æмбойны, демæ нал уыдзæн æмуд,
Æмæ судздзæни зындоны уæд цъæхартуадзгæ дæ уд.

Цард уæрдоны цалхау зилы, цардæн иу ран лæууæн нæй,
Иу фарс дзы куы уа уæлейæ, иннæ уæд вæййы бынæй.
Мах йæ цагъартæ стæм цардæн, махæн нæй цæрæн фæрнæй,
Цард тыхæй кæнгæ куы нæ у, нæй йын аразæн сæнттæй.

Цард-адзал æмхуызон дасы, не ‘взары паддзах, æлдар.
Цауд мæгуыр лæг уай, дзæгъæлзад, æви стыр лæджы бындар, –
Уымæн нæу уæлдай æппындæр, фæлæ йæ дæ зæрдыл дар.
Нæй йын балхæнæн æхцайє, – цасфæнды дæ уд фæхъар.

Сахъ Алгъуызæн дæр, хуыцауæй царды й‘ амонд фыст куыд уыд,
Афтæ рауадис, йæ бонтæ фесты, ныр йæ рад æрзылд.
Мурмæ не ‘рдардта мæнг адзал уымæн йе стыр кад, йæ цыт,
Гъе, паддзæхты паддзах, ахæм дунейы нырма кæй хъуыд…

Ус-паддзах фыстæг æрвыста, рацу, фен, дам, нын нæ цард,
Адæмы фæндæй Алгъуызы бахъуыдис фæцæуын дард.
«Азилон мæ дард бæстæтыл, рох сæ макæмæй уа й‘ ард,
Фечон, – адæмæн сæ хурхмæ ма дарой мæ лæгтæ кард».

Рацыд авд азы дæр ноджы, балц ысфæнд кодта Алгъуыз,
Загъта йе ‘фсады фæтæгæн: «Дард горæттыл зилын æз, –
Хъуамæ сын сæ уавæр фенон, мемæ рацæуын – уæ хæс,
Чи у барджытæй хъайтардæр, уыдон ракæнут æрмæст».

Мæнæ ракодтой æвзæрстæй фæтæгтæ бæхджын æфсад,
Рæвдз, гæрзифтонгæй сæм бакæс, зæрдæ уæд сæ уындæй рад.
Семæ уæздæттæ – Алгъуызæн балцы чи кæна лæггад,
Мæнæ рараст ысты, растад цыма тыгъд быдырты уад.

Уалдзæг уыд, æрттывта дуне, зæххыл цины зæй ивылд,
Быдыр дидинтæй ныррухс и, уыд сызгъæрин доны тылд.
Бæстæ тар мигътæй фæцух и, – царды денджызы ныгъуылд.
Фæлæ уалдзæджимæ иумæ калм йæ хуыккомæй ысхылд…

Амосармæ ‘рцыд Алгъуызон, – байхъуыст горæтмæ куыддæр.
Рацыд ус-паддзах йæ размæ, йемæ йе ‘мсæртæ чыртæй:
Джанхъала ‘мæ сахъ Хъуыртагон, иннæ уæдæтты фырттæ
Семæ рахастой лæвæрттæ алы диссаджы хуынтæ.

Иу æрмæст ма Гамрекъели семæ уæздæттæн нæ уыд,
Æмæ бамæстджын Алгъуызон, уый йæ зæрдæмæ нæ цыд.
Загъта: «Нал кæсы мæ коммæ, йе дзы рох дæн, æви куыд!»
Фæлæ уалынмæ кæцæйдæр уый сæрыстырæй фæзынд:

«‘Гас нæм цу, цытджын Алгъуызон, тынгдæр анæрæд дæ кад!
Мæнæ ‘рбацыдтæн Горандæй, зæгъын, дын хъæудзæн лæггад.
Æз дæ фыдгултæм æлвæстæй дарын иудадзыг мæ кард,
Æз дæ дæлбар дæн, дæ хæстон, æз – дæ паддзахады уарт».

Паддзах рахатыд, – Асланæн ис йє зæрдæйы фыдвæнд,
Фæлæ йæм уæзбынæй кастис æмæ ницы дзырдта уæд:
Кæн дæлгоммæ ныхас дарддæр, зæгъгæ, афтæ уал, дам, уæд,
Гъестæй ус-паддзахы ‘рфарста: «Истæуыл мæсты у кæд?»

Æмæ ус-паддзах Алгъуызæн ракодта бæстон йæ хъаст:
«Æз нæ зæгъын: Гамрекъели номдзыд нæу, кæнæ ныфсхаст,
Фæлæ нын æнцой нæ дæтты, ‘взиды нæм, хæссы нæм маст.
Хъуамæ, дам, кæсат мæ коммæ. Уымæн уыд дæумæ нæ каст».

Рахсыстис Алгъуыз, Аслан мыл уый куы суæлæхох, зæгъгæ.
Усмæ ‘ртхъирæн та йæ сæрмæ уæд куыд бахаста, уæвгæ!
Райсомæй æрцæуæд ауыгъд! – бардзырд рахаста цæхгæр, –
Иугæр не ‘мбары хæрзиуæг, – мауал уæд йæ кой, йæ хъæр!

Фæлæ базыдта куыддæрты сау калм паддзахы фæндон:
Райсом ку‘ айтындза сæумæйæ арвыл йе ‘взист базыр бон,
Уæд кæй æрцæудзæнис ауыгъд, уæд кæй кæндзæнис гæндон,
Уæд Горанды зæхх дæр уымæн зайдзæни дзæгъæл бынтон.

Æмæ уыцы ‘хсæв æрсидтис йе ‘мгæрттæм Аслан – мæнгард.
Хорз сыл баузæлыд раздæр, радта сын æхца дзæвгар,
Стæй сын загъта, зæгъгæ, ахсæв паддзах хъуамæ ‘рцæуа мард,
Науæд нын рæхджы йæхæдæг, зонын, аскъуындзæн нæ цард.

Хъахъхъæнджытæн сæн фæдардтой, сæныл сын ныккодтой ронг, –
Уыдон тарф фынæйыл фесты, иу сæ нал уыдис æрвонг…
Сæххæст лæгмартæн сæ фыдвæнд. Се ‘лгъаг ми куы ‘рцыди конд, –
Уæд фæсидтысты Бибормæ, – де ‘хсинмæ, дам, уайгæ рог;

Радзур ын йæ лæг – Алгъуызæй, зæгъгæ, баййæфта мæлæт,
Зæгъгæ, нал уыдзæни демæ, ныр йæ цæрæн у дзæнæт…
Рараст ис Бибор дзыназгæ, горæтмæ куы ‘рцыдис, уæд, –
Хæйрæг æхсинæн ысуæндæд, – загъта уæздæттæн æппæт.

Æмæ сусæгæй ысдардтой уыдон сау тырыса уæд.
Фыст уыдис йæ уæлæ урсæй, зæгъгæ: «Паддзах рухсаг уæд!
Атахтис йæ уд уæларвмæ æмæ ссардта уым дзæнæт,
Атахт, адæмæн ныууагъта сагъæс, судзгæ цæссыг, мæт…»

Фысты бын уыдис кæфхъуындар, – нывы денджызæй ысхызт,
Былгæрон домбай хуыссыди, цыма уыд ызнагæй хызт;
Айгæрста йæ хуылф домбайæн хинæй кæфхъуындар – æлгъыст,
Домбай тарф мæрдфынæй баци, сырдæй тохæмбу нæ хъуыст.

Нывы бын ныффыстой ноджы: «Паддзах не сласта йæ кард,
Къух ын атилын нæ бантыст, афтæмæй æрцыди мард.
Разындис йæ цагъар йе знаг – ахæм саузæрдæ мæнгард,
Æмæ ’хсæвыгон йæ къухæй аскъуыд паддзахæн йæ цард…»

Гъе стæй радзырдтой Кæсæджы Амалат-Бегæн æппæт,
Курупатра – стыр Назирæн, иннæ уæздæттæн дæр уæд.
Фæлæ се ‘хсинæн йæ зиан хæйрæг бауæндæд, зæгъæд,
Стæй Цъæхилонæн дæр афтæ, нæй нырма йæ риуы мæт.

Фæлæ сау тырыса суыдта уæлæ галуаныл æваст, –
Лæппу адæргæйæ ризгæ уайтагъд фыстытæм нымдзаст,
Æмæ, раст цыма кæцæйдæр райхъуыст сау халæтты уаст,
Ахызт зæрдæйы цыргъ фатау судзгæ сау фыдохы маст.

Байхъуыст йе ‘рдиаг Этермæ, тыргъмæ рагæпп кодта цырд,
Дзуры тарстхуызæй йæ фыртмæ: «Цавæр у, хъæбул, цы ‘рцыд?»
Уайтагъд тырысамæ фемдзаст, усæй нал райхъуыст сыбыртт,
Андзыг, афæлурс, йæ русты тугæй нал аззади цъыртт.

Ахауд, бауадзыг и, цасдæр нал ‘мæ нал чъицыдта, стæй
Цадæггай æрцыдис йе ‘муд æмæ ракасти цæстæй;
Ауыдта Биборы сауты, барызт судзаджы мæстæй:
«Бибор, радзур-ма мын тагъддæр, паддзахыл цы ‘рцыди, цæй…»

«Нæй гæнæн, фæхæц дæхиуыл», – дзуры лæг, фæлæ уайтагъд
Райхъуыст судзгæ хъарæг дардæй, анæрыд фыдохы цагъд:
Саувæлыст мæрддзыгой адæм мæнæ ‘рбахæццæ сты тагьд,
Сынт æрбахастой – сызгъæрин, сынтыл – паддзæхты паддзах…

Сау ысфæлыстой зæлдагæй рухс паддзахбадæн бынат,
Мардæн уаз цырæгътæ ссыгътой, бур тынтæй ныррухс и уат.
Тæрхæгыл хуыссыд Алгъуызон, – ныр æнусæмыр, æнцад.
Ниугæ йыл ныддæлгом æхсин, уый дæр рухс цырагъау тад:

«Цæй-ма, райхъал у, мæ паддзах, уый цæй мæрдфынæй кæныс,
Уый куы фæцыдис бынтондæр уазал цъитийау дæ хуыз!
Гъе дæ дзырдарæхст цы фæци, уый куыд ницы мын зæгъыс?
Æви нал ададзы де ‘взаг, æмæ бабын и мæ ныфс?!

Нæй мæнæн цæрæн æнæ дæу, дуне мын уыдзæн ингæн,
Уастæн удхæссæг æлгъыст уа, – ниугæ чи ныууагъта мæн!
Хитон уæзгуытыл æнæ дæу, – не суыдзæн мæ бон мæнæн!
Ам нæ царæфтыдæй, сæфтæй ныр кæмæн уадзыс, кæмæн?!

Атæппæт бæстæ куы байстай, айбæрц бын куы кодтай, уæд
Цардæй чи райдзæн дæ бæсты, ам кæмæн уадзыс æппæт?!
Гормон, дзæгъæлы дын фесты, кодтай кæд, мыййаг, мæ мæт? –
Нæ, мæнæн, мæ бон, дæ фæстæ баззад а бæсты мæлæт!..»

Аскъуыд æхсинæн йæ Ныхас, дарддæр – иунæг сыбыртт нæй.
Ус ныддæлгом ис Алгъуызыл, цыма тарф уыдис фынæй;
Уый йæ цæстытæ Этерæн бамбæрзта мæлæт фæлмæй.
Арвæй расхъиудтой æмхуызон хур, зæрин хур æмæ мæй.

Адæм та нынниудтой тынгдæр, – уый кæмæн уыдаид рог!
Æмæ сарæзтой зæринæй уыдон марды чырын ног,
Æмæ паддзахы хæдфарсмæ уый дæр сæвæрдтой уæлвонг,
Уæлтæрхæг ысты дыууæйæ, дыууæ дæр – рæсугъд, æвзонг…

Мæрдты бавæрдтой, уæддæр ма хъарæг, судзгæ хъарæг хъуыст.
Уæлмæрд адæмæй нæ зынди, – зæхх сæ къæхты бын æнкъуыст.
Цыртыл урс-урсид дзæнхъайæ скодтой паддзахæн йæ хуыз,
Стæй Алгъуызы цыртæн ноджы нывы бын æрцыди фыст:

«Æз -Алгъуыз-паддзах, дунейыл басастон бæстæ дзæвгар,
Миланкар, Амосар иумæ сты мæ фæринчы дæлбар.
Æз – уæздан Алгъуыз, мыггагæй Иессæ Дауыты бындар,
Иры, кæсæджы, мæхъхъæлы, нонты, цæцæнты æлдар.

Август-паддзахы фырттæй дæн. Август-паддзахы зæнæг,
Абон Эльбрусæн, Кавказæн æз – æлдариуæггæнæг.
Кардæй тохы бон мæ ныхмæ никуы лæууыд лæг,
Хæсты ме ‘хсаргардæн йе ‘рцъыкк уыд кæддæриддæр бæрæг».

Уæ бæрзонд хуыцау, дæ фæдзæхст лæг куы нæ дара зæрдыл,
Искæд бон йæ къух куы сиса буц ныййарджыты фєндыл, –
Цасфæнды йæ ном ныхъхъæр уæд, анæрæд йæ кад дæрдтыл,
Уый цæрæццагæй фæстагмæ бафтдзæнис уæддæр мæрдтыл.

Ис дєс фæдзæхсты хуыцауæй, – Моисей нын сæ зæгъы.
Иуы уыдонæй дзырдæуы: «Кæд дæ бєллиц у, – рæгъы
Рухсмæ рацæуай, фæцæрай кадджын, номдзыдæй зæххыл, –
Дар дæ ныййарджыты кадыл, хъус сæм, макуы сæм у хыл».

Ацы хорз фæдзæхст – уæларвон у æххæстгæнгæ ныр дæр.
Уый, дам, Синайы бæрзæндыл Моисей дзырдта кæддæр.
Хъуамæ йæ дæ зæрдыл дарай, уай – паддзах, цагъар, уæддæр;
Арв дын рухс кæна дæ фæндаг, – циу бæллиццагдæр, хуыздæр!

Уыцы стыр фæдзæхст Алгъуызæй ферох, сонт ма куы уыд, уæд;
Уый нæ байхъуыста йæ фыдмæ, бавдæлд, – аскъæрдта йæ фæнд,
Дард йæ ныййарджытæй алыгъд, – уадз, куыдфæнды, дам, кæнæнт,
Æмæ хæдзары ныууагъта уыдонæн цæссыгтæ, мæт.

Уыйадыл хуыцау Алгъуызы бафхæрдта фæстагмæ карз.
Уымæй ферох ис йæ фæдзæхст: «Уарз дæ ныййарджыты, уарз».
Ацыд, ниугæ сæ ныууагъта, стыр хуыцауæй дæр нæ тарст
Æмæ сфæлдисæгæй уымæн не ’рцыд йе стыр азым барст.

Уый уыдис тыхджын, хъæбатыр, ныр æрмæстдæр у сыджыт,
Ныр йє тых, йæ бон цы фесты, йе йæ нæргæ ном, йæ цыт?!
Нæ, хуыцау фыдми нæ кæны, паддзахыл фыдæй цы ‘рцыд,
Уый, цæмæй хуыцаумæ хъуса, уый тыххæй æнæмæнг хъуыд.

Махæн не сфæлдисæг радта фондз æнкъарæны гуырдзæй,
Загъта нын: зæххыл фæцæрут зондæй, арæхстæй, ныфсæй,
Фæлæ стыр хуыцауы номæн ды куы нæ кувай нымдæй,
Дæу куы ферох уа йæ фæдзæхст, – зон, рæсугъд фидæн дын нæй!

Загъта стыр хуыцау Дауытæн: «Уæд дын амондджын фæстаг.
Ацы дунейыл паддзæхтæ уæнт дæ байзæддаджы таг!»
Рауад афтæ дæр, – нæ хуыцау у кæддæриддæр рæстаг,
Уымæй Дауыты фæндонæй ничи баззадис хъæстаг.

Фырт Алгъуызонæн дæр баззад, – иунæг, иунæг фырт æрмæст,
Уæд йæ хъуымыз дæр йæ былтыл сур нæма уыдис æххæст,
Азтæй йыл бæрцæй цыппæрдæс кодта уыцы бон æххæст,
Уымæн уын йæ цард, йæ хабар дзурдзынæн фæстæдæр æз.

Фæцис Алгъуызы кадæг ныр,
Æхцон, æрдхæрæйнаг – йæ мыр.