Расул Гамзатов

Фын алкæддæр лæджы æфтауы дисыл…

Фын алкæддæр лæджы æфтауы дисыл.
Æз федтон фын: мæ мæлæт мæм æрцыд.
Мæ уд æз истон иу тæвд боны ‘мбисыл
Дагъистаны, — нæмыг мæ риуы уыд.

Хæл-хæлæй уад хæххон суадон мæ цурты.
Нæ хъуыдтæн никæй, ферох кодтой мæн…
Хуыссын æнцад мæ гуырæн зæххы дуртыл,
Æмæ — рæхджы мæ мард сыджыт уыдзæн.

Цыма мæлын, æмæ мын ничи зоны
Мæ сæфты хабар, — нал хъуысы мæ хъæр,
Æрмæст ныууасынц цæргæстæ бæрзондæй
Æмæ ныннæтынц хъуазтæ та кæмдæр.

Æмæ кæуæг мæныл нæ зыны абон,
Æрыгонæй æдзард кæй фæдæн æз, —
Нæдæр мæ мад, нæдæр хæлар, нæ – уарзон,
Нæй, нæй, нæ хъуысы хъарæджы хъæлæс.

Гъе, афтæ мардтæн, цардæй кодтон хицæн;
Æваст дын хъусын: адæм мæм æввахс
Æрбацæуынц æмæ кæнынц сæхицæн
Раст ме ‘взагыл – авайрагау – ныхас.

Тæвд æмбисбон йæ фæзы Дагъистанæн
Æз мардтæн, о, æмæ мæ хъустыл цыд
Ныхас йæ хинтыл цавæрдæр Гасанæн
Æмæ — Али куыд фæливæг лæг уыд.