Детлеф фон ЛИЛИЕНКРОН

ХӔСТОНЫ МӔЛӔТ

Мӕлӕтдзаг цӕфтӕй дзаг хуымы зӕринтыл
Хуыссы салдат, – нӕдӕр ӕгас, нӕ мард. –
Дыууӕ ‘хсӕвы, ӕртыккаг бон йӕ синтыл
Хуыссы салдат фыдӕлты зӕххӕй дард.

Мӕцы йӕ туджы, дудынц тынг йӕ уӕнгтӕ.
Бӕргӕ цӕуы мӕлӕтимӕ йӕ хӕст.

Уыны ма фын: фӕлурс мигъты ӕхсӕнтӕй
Йӕ уарзон хъӕуыл ахӕссы йӕ цӕст:

Ӕхсырф ӕхситтӕй дзаг мӕнӕуты зары,
Йӕ хъустыл уайы зиууӕттӕн сӕ худт:
«Хӕрзбон, мӕ зӕхх! Мӕ туг мын айс лӕварӕн,
Дӕ уазӕг фестӕд, не Скӕнӕг, мӕ уд!»

Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ