Эзра ПАУНД

СЕСТИНА: АЛЬТОФОРТЕ

Бертран де Борнмӕ гӕсгӕ

Данте, дам, Бертранӕн зындоны саккаг кодта бынат,
куыд хӕсткъахӕг ӕмӕ хӕстмондагӕн. Архайд цӕуы
Бертраны галуан Альтофортейы. Папиос у йӕ зарӕггӕнӕг быдзӕу.
«Фӕранк» та у Домбайзӕрдӕ
Ричӕрдӕн йӕ хӕстон сидт.

Ӕлгъыст фӕуӕд нӕ сабыр бӕстӕ – бамбыд!
Куыдзӕйгуырд Папиос, кӕм та дӕ? Азар рӕвдз!
Ӕхсаргӕрдты зӕллангмӕ-иу мӕхиуыл
Ӕз никӕд ауӕрстон, фӕлӕ… Фӕлӕ нырма
Куы ауынын тырысатӕ фӕйлаугӕ,
Зӕринтӕ, тугхуыз, даргъ, цыбыр, ӕрттигъон
Ӕгъатыр тохы, сахъгуырдты ыстӕры
Тыгъд быдыртӕн сӕ фынг куы фесты туг,
Уӕд ферра вӕййы сонт зӕрдӕ фырцинӕй!
Мӕ уды цин-иу нал цыди мӕ риуы,
Куы-иу фӕхаста уад ӕнцой йӕ разӕй,
Куы-иу рӕдывта арв йӕ фӕттӕй мигъты, –
Сӕ зарджытӕм-иу дисгӕнгӕ фӕхъуыстон.
Уыдтон-иу: калмау уаддымгӕ ӕртыхстис
Ӕнусон тулдзыл, сау къӕдзӕхтыл, фурдыл.
Хуыцау йӕ цирхъӕй фаста арв кӕронмӕ…
Зындоны «хорзӕх» тагъд фӕуыдзӕн мах дӕр:
Ныззардзысты нӕ цирхъытӕ. Сӕ циныл
Нӕ бӕхты мыр-мыр бафтаудзӕни цин.
Уӕндонӕй ногӕй абухдзыстӕм тохы
Лӕгӕй-лӕгмӕ фыдгулты ныхмӕ стӕры!
Нӕ баивдзынӕн никӕд
Ӕз тохы исдуг даргъ ӕнусон цардыл –
Йӕ дзаг фынгтыл, йӕ гаццатыл, йӕ сӕныл.
Ыстӕры тугнуӕзт карздӕр у мӕнӕн!
…Уыди мын адджын хуры фӕзынд рагӕй:
Нӕй бамбӕхсӕн, нӕй алидзӕн йӕ фӕттӕй
Ӕппӕт дунеты талынгтӕн ӕмтгӕй!
Фӕцӕйтоны, фӕцӕйрӕмудзы зӕрдӕ
Мӕ риуы къултӕ фидиуӕгау хойгӕ:
Кӕс-ма, мӕцы, йӕ туджы ‘вдулы тар!

Тӕппуд – лӕг нӕу! Тылифгӕнджытӕ, зонут:
Уӕ туг нӕу туг – сырх мицъыра ӕрмӕст!
Уӕ нысан у сылгоймӕгтимӕ бадгӕ
Ӕнцойы ‘мбийын, – сахъгуырдтӕй дӕрддзӕф –
Сӕ цирхъыты зӕлланг ӕмӕ ӕхситтӕй!

…Кӕм та дӕ, Папиос? Дӕ зарӕг арвмӕ сис!
Кӕм ис ӕмбал нӕ цирхъытӕн сӕ зардӕн?
Куы сӕвдулын фыдгулы туджы ӕз
Мӕ къухтӕ суанг рӕбыныкъӕдзтӕм хӕсты,

Мӕ фӕранчы куы самӕнтын йӕ хъуырмӕ!
Нӕ кады зарӕг райхъуысдзӕн зындонӕй,
Нӕ кӕрдты зардӕй риздзысты фыдгултӕ,
Ӕнцойуарзджытӕ, сауӕлгъыст фӕут,
Нӕ пиллон артӕй басудзӕд ӕнцой!

Англисаг ӕвзагӕй сӕ раивта
Золойты Аркади