Генрих ГЕЙНЕ

ЛИРИКОН ИНТЕРМЕЦЦОТӔЙ

Къуыпа нӕ балтыл майы
Куы срӕмыгъта ӕваст,
Мӕнӕн та уӕд мӕ риуы
Ыссыгъд цыренӕй уарзт…

Йӕ цин уӕларвмӕ майы
Зӕрватыккӕн куы хызт,
Уӕд дын ӕргомӕй загътон
Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ рыст.

Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ