ХУЫГАТЫ Ирлан

ХЪОДЫГОНД

Уацау-новеллæ

 

Дæлимон дæр, зындоны бахаугæйæ,

хæрзтæ дзурынмæ фæуыдзæн.

Цæголты Георги

 

* * *

 

            ЦЫмæ, алы бон ардæм цы цæуынц, цы сæ хъæуы мæнæй? Истæмæй сын зæрдæ, мыййаг, бавæрдтон? Æви сæ исты дарын?.. Цæй æдылытæ сты: лæгæты кæй бадын, æрмæст уый охыл мын сты куырыхон æнхъæл, кæй ницы дзурын, æрмæстдæр мæ уый тыххæй схуыдтой пехуымпар.

Нæ мæ хъæуынц сæ хуынтæ дæр: истæмæйты ирвæздзынæн – уидæгтæй, зокъотæй æмæ хъæддаг кæрдотæй… Æз нæ дæн хосгæнæг, дæсны дæр нæ дæн; мæ бон сын нæу сæ цæнкуылты сæ къахыл слæууын кæнын, нæу сын мæ бон сæ хæйрæджыты фæсурын; сæ номдзыд цуанæтты стджытæ кæм сты, уымæн дæр сын ницы зонын.

Æрвылбон æрбацæуынц ардæм, æрæвæрынц зæххыл сæ хуымилиæгтæ, æрбадынц сæхæдæг дæр æмæ мæ лæгæты тарфмæ нымдзаст вæййынц. Рæстæгæй-рæстæгмæ сусубусугæнгæ цыдæртæ дзурынц. Се ‘хсæн цы нæлгоймæгтæ ис, уыдон иууылдæр – рыгъд æмæ цæнкуылтæ. Иннæтæ – зæронд устытæ æмæ сывæллæттæ. Цæй тар æмæ мæллæг сты сæ цыргъуадул цæсгæмттæ, цæй æрттывд кæнынц сæ нарæгкъæртт цæстытæ!

Уыдонмæ æз нæ зынын, фæлæ сæ æз хорз уынын. Цæмæй рухс хорз æвзарай, уый тыххæй хъуамæ дæхæдæг талынджы уай.

 

* * *

Адæймаджы цæсгом! Раст у, æвæдза: фылдæр хатт æппæты зындæр фенæн, æппæты зындæр бамбаринаг вæййы уæлцъарыл. Афтæ куы нæ уаид, уæд цы фæуиккой нæ цæстытæ – æрмæст æддæ цы ис, айдагъдæр уый чи уыны?

Уыдон сты, сæ амæттаг йæ хуыккомæй йæхæдæг кæд рабырдзæн, уымæ фæразон-быхсонæй æнхъæлмæгæсæг тугдзыхты балы хуызæн.

Æз сæм алы бон нæ рацæуын. Бæргæ, æрвылбон-иу сæм куы рацæуин, уæд сæ, чи зоны, раджы фервæзтаин! Фæлæ нæу мæ бон алы хатт сайын, суанг мæ сæрибар æмæ ме ‘нцойады сæрвæлтау дæр. Куы рацæуын, уæддæр сын фæзæгъын: ацæут уæ хæдзæрттæм фарнимæ, мæ бон уын баххуыс кæнын нæу. Пехуымпар æмæ мын хосгæнæг æнхъæл кæй стут, уымæй рæдийут. Æз сымахæн уе ‘взæрдæртæй æвзæрдæр дæн, сымахæй алчидæр мæнæй хуыздæр у. Ныууадзут мæ.

Уыдон та фенхъæлынц – уый сæм дзуры фырнымд æмæ æфсæрмыгæнаг. Уый рæстдзинад кæй у, уый сæ нæ уырны. О, уæд та, æнусон чи басгуыхдзæн, ахæм дыууæ ныхасы кæрæдзийыл бабæттын куы зонин! Уæд цæуылнæ уаид уыцы дзырдтæн хъысмæты фидиуæг схонæн?

Стыр поэттæ иууылдæр пехуымпартæ уыдысты: уыдон нын, суанг мин азты фæстæ адæм цы зардзысты, уыцы зарджытæ дæр бацамыдтой.

 

* * *

Бафæлладтæн, абон ацæудзынæн ардыгæй. Нырмæ дæр цæмæ лæууыдтæн? Цы боны хорзмæ ма кастæн? Æнхъæлдтон, цы мæ хонынц, уый кæй нæ дæн, уый бамбардзысты æмæ мæ ферох кæндзысты. Куыннæ стæй: бонæй-бонмæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, иннæ хъæутæй дæр ма мæм къордгæйттæй ивылынц æнамонд адæм. Куыддæртæй мæ хъустыл æрцыд, зæгъгæ, дам, кæйдæрты сдзæбæх кодтон сæ уæззау низтæй, чидæртæ фервæзтысты сæ мидутæхсæнтæй æмæ та ногæй сахуыр сты цардыл цин кæнын… Мæгуыр сæ бон, алы мæнг хабæрттыл чи æууæнды! Мæнæн мæ бон исты куы уаид, уæд уал фыццаг мæхи сахуыр кæнин цин кæнын! Уыдон æнхъæлынц, æз æргом рацæуæг дзуар дæн, æз – сæ низтæ, сæ фыдбылызтæ ныхъуырæг æнæбын сæрсæфæн дæн.

Цыма, куы бакуырм уой, уымæй тæрсынц, уыйау мæм хæрз хæстæг æрбацæуынц, фæлæ мын мæ цæсгоммæ нæ кæсынц. Алкæй дæр сæ фæфæнды мæ дзаумæттæй искæцыйы кæроныл бандзæвын. Хъавгæ сæ аиуварс кæныныл фæцархайын, æмæ уæд мæ къухтæ æгъатыр уацары бахауынц. Суанг ма мын мæ лæдзæгæн дæр пъатæ кæнын райдайынц. Æз та, цалынмæ мæ сæ мондæгтæ не суадзынц æмæ нæ ацæуынц, уæдмæ фæлæууын, фыр æфсæрмæй æмæ фырмæстæй судзгæ æмæ кæугæ. Уыдон алы хатт дæр ацæуынц куыддæр æнæнхъæлæджы, æвиппайды. Æмæ мыл уæд æртыхсы ме ‘ххормаг. Æви мæм мæ ахсæн, акæс сæм абон, кæннæуæд райсом дæ бон нал бауыдзæн, зæгъгæ, куы сдзуры, æрмæст уæд рацæуын? Рацæуын, цæмæй сын сæ нартхоры ссадæй конд хъæбæр кæрдзыны гуылтыл æмæ сæ смаггæнаг цыхты къæрттыл мæ бар цæуа. Рацæуын, цæмæй сæ ацыдмæ ма ‘нхъæлмæ кæсон, цæмæй сын фæстæдæр сусæгæй сæ мæгуыр хордзентæ ма къахон.

Мæ ахсæнæн йæхион йæхирдыгæй куы фæвæййы, уæд райдайынц йæ уайдзæфтæ: ницæйаг, цæй тагъд смондаг дæ? Дæ бон райсоммæ банхъæлмæ кæсын нæ уыд, мæлгæ акодтаис!? Цæй æбузн дæ, мæ ахсæн, цæ! Куыд дæ ныхъхъус чындæуа?

 

* * *

Мæ ахсæнæй æвзæрдæр та – мæ зæрдæ. «Ма йæм хъус, – дзуры мæм, – кургæ æмæ давгæ чи нæ кæны, уымæн йæ фаг хæрыны бар ис». Фæлæ, йæ дзыхыл хæцын цы тæригъæдджын зæрдæ нæ зоны, уый мын цыфæнды дзурæд! Мæ ахсæн æрмæст æгъатыр æмæ æбузн у; мæ зæрдæ та ма сылгоймагау дзæгъæлдзых дæр у. Æрмæст дзых йæхиуыл хæцын зоны, зæрдæ – нæ. Дзурынæй, дам, нæ дзурын – хуыздæр. Фæлæ уымæн йæ зæгъын у æнцон!

Æнудæй сулæфæнтæ нæй. Ахсæв, æнæмæнг, тæрккъæвда уыдзæн. Фæлæ уæдмæ æз ацæудзынæн. Мæ фæнд конд у. Æгæр фидар дæр ма у мæ фæнд; уæд та ма баззаис, зæгъгæ, дæр мын нал ской кæндзæн…Уыдон мæм райсом бирæ фенхъæлмæ кæсдзысты, фæлæ дзæгъæлы, нал мæ фендзысты. Уæдмæ адард уыдзæн ме ‘ххормаг. Мæ ахсæн мæ нал домдзæн, æцæгдзинад цы у, уый дзурын.

Цы ‘мбисонд у ацы хъæхъхъаг смаггæнаг цыхт! Цы хæрзад у сæ кæрдзын! Афтæ хæрзад мæм кæсынц, æмæ хæргæ-хæрын кæуын райдайын.
Уæдæ уæд æз цæй кæлæнгæнæг дæн! Сымах стут кæлæнгæнджытæ.

 

* * *

Афон у: мæйыл – адæймаджы худæнбыл цæсгомы æндæрг, афтæмæй уыцы стыр, уыцы тымбылæй хæхты сæрмæ стылд. Уæдæ мæм рухс дар, цæмæй ма фæиртæсон нарæг къахвæндагæй.

Арт нæ ахуыссын кæндзынæн, пыхсытæ ма йыл баппардзынæн: уадз судзæд. Судзæд йæхицæн. Æз та цæудзынæн æмæ хъуыды кæндзынæн: уым баззад мæ хъарм лæгæт, уым, цины къæрццытæгæнгæ, судзы арт… Мæ фæндаггон лæдзæг та кæм и? Мæнæ и.

Фыццаг къахдзæф кæмæн бантыст, уый, дам, йæ фæндаджы æмбис ацыд, – афтæ фæдзурынц махмæ. Уый æцæг уа афтæ? Афтæ куы нæ уаид, уæд хуыздæр: фæлтау мæ фæндаг цыфæнды даргъ дæр уæд, уæддæр ацы хъуыды раст ма уæд.

Цæуынмæ нал арæхсын. Фæлæ та сахуыр уыдзынæн. Уый зын нæу. Цæуын ахуыр кæнынмæ адæймаг рæвдздæр у æнцад бадынæй; æгомыгæй лæууынæй дзурыныл тагъддæр фæцайдагъ вæййы.

 

* * *

Къахдзæф, дыккаг, иу ма. Цы стыр зонды хицау уыд, æвæдза, йæхицæн фыццагдæр фæндаггон лæдзæг чи ракодта, уый! Фæлæ иу зондджыны сæрмæ дæр уый не ‘рцыдаид, къуылых дæр нæ уыд, зæгъгæ, уæд. Стæй, куырыхон иу ран æнцад цæуылнæ хъуамæ бада, ноджы ма къуылых куы уа, уæд?

Фидар къæхтæ хорз сты, фæлæ уыдонæй бæллиццагдæр та – фидар æрбадæнтæ. Бирæ стыр хъуыддæгтæ, дардыл нывæст фæндтæ сæ фæзындæй бузныг хъуамæ уой æрбадæнтæй.

Къахдзæф, æмæ ма иу, стæй та ноджыдæр. Рог ирдгæ цæсгомыл æмбæлы. Рахизæрдыгæй – къæдзæхтæ, галиуæрдыгæй – сæрсæфæн. Доны нарæг уаццаг дæлæуæз кæцæйдæр кæсаджы цæппузыртау æвзист цæхæр калы. Сау арвыл – стыр фæлурс мæй æмæ стъалытæ. Стъалытæ, æнæнымæц стъалытæ! Банымайæн сын нæй, фæлæ сæ бæрц бæлвырд у. Куыд хъуамæ уа стъалыты нымæц, цас сты, уымæй фылдæр кæнæ къаддæр? Цымæ, алцыдæр, куыддæриддæр у, афтæ цæмæн у? Æндæрхуызон цæуылнæ у?

Æз цæмæн дæн æз, цæуылнæ дæн, зæронд устытæй мæм сæ иу йæ фидар зылын къæхтыл цы рæсугъд цæнкуылы æрбахæссы, уый? Кæнæ цæуылнæ дæн уыцы зæронд ус? Цæуылнæ райгуырдтæн кънйазæй? Цæуылнæ дæн æз, иу риу кæимæ дадтам, уыцы æфсымæр, кæнæ йæ бæх? Цæуылнæ дæн ацы лæдзæг? Уæд, гæнæн ис, æмæ йæ æцæг пехуымпар дæр ракодтаид тæрс бæласæй!

 

* * *

Фидæн ныл тас æфтауы, ивгъуыд – зæрдæйы рухс. Сомбон – тар æхсæв æмæ фæндаг, ивгъуыд – рухс бон æмæ дæ къона. Фæлæ хæрз дзæгъæлы стауынц дæсныты æмæ къамæйфæрсджыты. Стырдæр кады аккаг сты таурæгъгæнджытæ æмæ ивгъуыд дугты пехуымпартæ. Цы ‘рцыди, уый арфдæр æмæ алæмæттагдæр у, цы нæма ‘рцыд, уымæй.

Ахъуыды ма кæн, куыд рауад афтæ, цæмæй дын дæ фæндаггон лæдзæг æрмæст ацы хъæды лыггаг суа, æрмæст ацы æлыджы къуыбыр – дæ дурын, ацы æфсæйнаджы схъис та – дæ кард? Алы дзаума дæр æххæст æмæ рæсугъд у йæ хæдхуызæй, йæ хæдбарæй, дунейы сконд æмæ фæзындыл йе ‘нæмбæрст, æнахуыр хъуыдытæй – сæнттæй.

Афтæ дунейы сæфтыл йæ хъуыдытæ нывæнды алы дзаума дæр. Уымæн æмæ уæд кæрон æрцæудзæн йæ иунæгдзинадæн дæр. О, фæлæ нæ иу дæр иунæг кæддæр кæй нал уыдзæн, уый бамбарынæн, пехуымпар уай, уый ницæмæн хъæуы.

Дур сцыргъ кæнынæн цæугæдоны хъæуы сæдæ азы, æви уый дуры хъæуы æнус, цæмæй цæугæдон бацæуа йæ хуылфы, – фæлæ æнусы дæргъы хъæбыс-хъæбыс кæрæдзиуыл дæвдæг сты. Дуры нæ фæнды, цы у, ууыл тох кæнын. Куы йæ фæндид, уæд æй чи хъыгдарид! Цæугæдоны, дур цæмæй уа, уый куыд фæнды, афтæ дуры та фæнды, цæугæдон куы суаид, фæлæ уый æвиппайды не ‘фты йæ къухы.

Уый охыл сæ сæдæ азы, сæдæ къахдзæфы скæнын хъæуы кæрæдзимæ.

 

* * *

Рæстæг цæугæдон у… Искуы сæмхуызон кæндзæн хицæн дзаумæтты фæлгæттæ, æмæ сæ алкæцы дæр суыдзæн алцы дæр, уымæн æмæ алы дзаумайы дæр фæнды, æндæр исты дзаума куы суаид, уый. Никæцыйы дзы фæфæнды, йæхæдæг цы у, æрмæст уымæй баззайын, стæй иннæтæй хъауджыдæр хъулон куыд уа – хæдхуыз.

Суанг хæрзаудæны дæр, цалынмæ зæххыл хæрам ис, уæдмæ нæ фæнды хæрзаудæн уа; уый дæр хъуамæ уа хæрам, цалынмæ хæрамæй хæрзаудæн нæ рауайа, уæдмæ. Хæрзаудæны фæнды хæрамæй хæрзаудæн скæнын, хæрамы куыд фæнды хæрзаудæнæй хæрам скæнын, афтæ. Нæлгоймаг ус ракуры, сылгоймаг чындзы ацæуы, æмæ архайынц кæрæдзи хуызæн суæвыныл, цалынмæ не сиу уой, уæдмæ.

Ахъуыды ма кæн, ногæй та баиу уыдзысты арв æмæ зæхх! Мах фæкуыддæр вæййæм, дунейы æнæкæрон тыгъдадыл хъуыды кæнгæйæ, уымæн æмæ кæддæр-кæддæр фидæны цы уыдзæн, уый нæ бон бæлвырд сныв кæнын нæу. Фæлæ нæ тасы уымæй фылдæр æфтауы дунейы мидысконды æнæкæрон сусæгдзинæдтыл хъуыды; бирæ зындæр бамбарæн у, йæ афон цалынмæ æрцæуы, уæдмæ чи нæ фæдих вæййы, уыцы нæмыг, кæнæ дих чи нал кæны, уыцы рыджы мур!

 

* * *

Къахдзæф, æмæ ма иу, æмæ ма ноджыдæр. Раст у, фæлтау пехуымпары къухты лæдзæг у, æрвылрайсом уыцы иу адæймаг уай, уый бæсты. Суанг нæ амæлæты бонмæ, цы стæм, æрмæст уымæй баззайын нæ ныхыфысты кæй ис, стыр бæллæх уый у! Нæ фæци адæймаджы йæхицæй йæ фæллад суадзыны хорзæх!

Нæу адæймагæй йæ фæллад суадзын зæххы бон дæр, уыцы адæймаг æнæхъæн комбæсты фыццаг магусаты магусадæр куы уа, уæддæр. Адæймагæн йæ цæстыты раз цы у йæ бон сныв кæнын, уый ивы дунесконд: ссудзы арвыл стъалытæ, хæхты сæрмæ ссæуын кæны хур, райхæлын кæны дидинæджы къуск. Уый руаджы ис дунейы сконд. Дæ цæстытæ сæхгæн, æмæ – нал ис.

Тарф фынæй – уый у цыбыр рæстæгмæйы мæлæт. Цалынмæ фынæй дæ, уæдмæ æрмæст дæхæдæг нæ уадзыс дæхицæй дæ фæллад: дæуæй йæ фæллад уадзы æппæт дуне дæр.

Цал къахдзæфы акодтон? Фæстæмæ куы фæкæсон, уæд ма мæм, цымæ, мæ лæгæты акомкоммæ цы стыр урс дур ис, уый зындзæн?

 

* * *

Къахдзæф, стæй та, ноджыдæр ма. Цы зæгъдзысты, райсом мын мæ афтид лæгæт æмæ уазал артдзæст куы феной, уæд? Чи зоны, исчи сæ зæгъа, нæ смаггæнаг цыхтæй сфæлмæцыд æмæ ацыд. Иннæтæ зæгъдзысты – йæхи уæлæрвтæм систа.

Ехх, бæргæ, рæстдзинад зонын мæ бон куы уаид, рæстдзинад дзурын куы уæндин! Уæд сын зæгъин: æцæг адæймаг уай, уый фаг нæу, фаг нæу, сыгъдæгуд уыдзынæ, уый дæр: уыдæттæ хъуамæ мыггагмæ ферох кæнын бауа дæ бон.

Æз зæгъин: мах, æцæг адæмы, айдæнмæ кæсыны сæр дæр ницæмæн хъæуы; уымæн, æмæ мах цæргæ дæр, хъуыды дæр æмæ ‘нкъаргæ дæр кæнæм айдæны цур лæууæгау. Æцæг адæймаг хъалæй дæр æмæ фынæйæ дæр айдæны цур уæвæгау вæййы. Æцæг адæймагæн йæ бон нæу нæдæр æвзæртæ дзурын, нæдæр хуыр-хуыр кæнын.

Æцæгдзинад куы зонин, уæд уыдæттæ зæгъин.

 

* * *

Рæстаджы адæймагмæ нæй сусæгтæ æмæ ‘мбæхст хъуыдытæ, нæй йын, æгадгæнæг митыл фæцайдагъ уа, уый гæнæн дæр. Æцæг адæймаг нæдæр бухъхъытæ кæндзæн, нæдæр йæ алыварс æвзæр тæфæй сафдзæн, нæ йæм ис хæраймаг хъуыдытæ. Уымæ ис сахсæн йæ алы хъуыдыйæн дæр, йæ алы æнкъарæнæн та – ехс. Æнæмарг адæймаг у æргом; æдзухдæр цæттæ у йæ сыгъдæг къухæй искæй къух райсынмæ.

Рæстуд адæймаг – цыфæнды хæрдыл дæр разы; нæу æддæхъус æмæ кадыл мæлæг. Рæстаг адæймаг зæронд хихор кæсагау агуры арф рæттæ.

Ахæм адæймагæн нæу йæ бон хæлæг кæнын. Хæлæг кæнынæй йæм æгаддæр ницы кæсы, уымæн æмæ йын йæ бындуры уыны искæй йæхицæй амондджындæрыл нымайын. Хуыцауы уарзон адæймаг, æнамонд куы вæййы, уæддæр амондджын у: йæ амонд уыны, цы йæм нæй, уый дæр æм кæй ис, уым.

Мадзурайæ нæу æмбæхстзæрдæ, фæлæ, цæмæй мæнг ныхас ма зæгъа, уый тыххæй, цы зæгъа, уый алы хатт нæ фæзоны.

Йæ бæрæг гакк та у худын, æмæ уый дзурæг у йæ хъомысыл; афтæмæй йын æй иннæтæ хонынц кæнгæ цæсгом.

Æцæг адæймаджы мидбылхудт цины нысан нæу, æнкъарды нысан у. Ахæмæн йе ‘рхуым, мидутæхсæн рогдæр хæссæн у, цыма дон-дон ленк кæны, афтæ. Уымæн цин кæнын хохы сæрмæ хизæгау у.

Æз уыдæттæ зæгъин, дзурынмæ куы арæхсин, уæд.

 

* * *

Рæстæй цæрæг адæймагæн йæ хæлæртты æмæ йе знæгты нымæц æмхуызон сты: йæ хæлæрттæ иууылдæр – йе знæгтæ. Уарзы сæ, йæхи куыд уарзы, раст афтæ, уымæн æмæ уый йæхæдæг йæхицæн у хуыздæр хæлар дæр æмæ цыфыддæр знаг дæр.

Адæймагау адæймаг тынг нымайы йæ ныййарджыты, цыма йæ кæстæртæ сты, афтæ, уымæн æмæ йæ зоны, кæддæр æнæбон кæй суыдзысты, уый. Уæлдай æнувыддæр та у сабитыл, уымæн æмæ уыдонмæ хаудзæн йе ‘нæбон.

Уый уарзы, чи нал ис, уыдоны: уыдон æй кæнынц æнæнцой; уый удæгæстимæ мадзура у, уый мæрдтимæ фæкæны ныхас.

Уыцы адæймаг нæ тæрсы мæлæтæй, уымæн æмæ уый мæлæтæй бæрзонддæр у. Гъе, æрмæстдæр уым ис йæ иунæг уæлæхох.

Æцæг адæймаг тæрсы цардæй, уымæн æмæ йæ зоны, цард уымæй егъаудæр кæй у. Гъе, æрмæстдæр уым ис йæ фырнымд, йæ быхсыны бындур.

Æз уыдæттæ зæгъин, дзурын куы уæндин, уæд. Стæй ма…

 

* * *

Æцæг адæймаг кæддæриддæр зоны, кæмæй у, уый. Фæлæ ма зоны уый дæр, æмæ йын алы æндæр знæмы дæр кæй ис фаззон. Æмæ агуры йæ фаззоны, стæй – йæхи.

Адæймаг чи у, уый фыццаг нæ ныццæвдзæн, æрмæст ын, сайыс, зæгъгæ, ма зæгъæнт, æндæр. Уый суанг рæстдзинады охыл дæр нæ зæгъдзæн мæнг ныхас.

Лæгау лæг куыдфæндыйы цæстæй кæсы йæхи æнæниздзинад æмæ йæхи царды уавæртæм: уыдон ын сты уæлдай уаргъы хуызæн, исты хорзы куы нæ бацæуа, уæд. Куы фесгуыха, уæд та – уæлдайдæр.

Хуыцауы уазæг адæймаг фыццаг хъуыддаг саразы, уый фæстæ та уымæй зæрдæ бавæры.

Хъуыддаджы адæймаг, фыццаг уон, зæгъгæ, уый тыххæй размæ тыхбырст нæ кæндзæн. Уый райсдзæн, иннæты цы нæ хъæуы, уый æмæ дзы скæндзæн, алкæй дæр æхсызгонæй цы хъæуы, уый.

Уыдæттæ зæгъин æз.

 

* * *

Къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф. Фæстæмæ куы фæкæсон, уæд ма, цымæ, уыцы стыр дур фендзынæн? Нæ, къахвæндаг фæзылд рахизæрдæм, къæдзæхы иувæрсты. Уыныс, мæй кæцырдыгæй февзæрд: дæ аууон фыццаг дæ фæстæ цыд, ныр та – дæ иувæрсты, дæ фарсмæ йæхи сæрды дуртыл. Цымæ, уый гæнæн ис, цæмæй адæймагæн аууон ма уа? Æвæццæгæн, уый тыххæй хъуамæ авгау уай сыгъдæг, кæнæ та дæхæдæг дæхицæн рухс кæнай цырагъау.

Цæмæ рацыдтæн? Кæдæм цæуын? Кæдæм мæ хоны ацы фæндаг? Иннæ рæтты хуызæн адæм кæм цæры, исты ахæм хæххон хъæумæ. Иу адæймаг иннæйы халдих нæу, фæлæ адæм алы ран дæр халæмдих сты.

Хорз куыдз, дам, йæ мард дардмæ хæссы, ацæуы йæ хицауæй, цæмæй йын ма базоной, йæ мард кæм ис, уый. Цæмæй искуы куыдзы мард ныккæнон, уый зондæй кæд ацыдтæн æз дæр? Адæмы астæу ныммæлын, цæмæй дæ смагæй бæстæ байдзаг уа, худинаг у. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, мард худинаг нал æмбары, зæгъгæ. Мард адæймаг бæгънæг адæймагæй фыддæр у.

Кæд уымæн фæдзурынц махмæ: уæд мæ мард фен, зæгъгæ, искæмæй сæ рæстдзинад базонын куы фæфæнды, уæд.

Иунæг уа, уый æцæг кæй фæфæнды, уый надвæдыл нæ фæцæуы; уæд цæуылнæ ахизыс фæндагæй иуварс, цæуылнæ ссæуыс хохы сæрмæ? Гъы, мæнгард, сайæгой.

Иннæты сайын йæ цæсгом хъæцы æрмæст хинæвдылд æмæ æнаккагæн, æрмæстдæр хуымæтæг æмæ растзæрдæйæн у йæ бон йæхи фæливын.

 

* * *

Дымгæ фæтыхджындæр, рауазал кодта; уартæ разæй дæрддзæф кæмдæр, къæдзæхты сæрмæ бæзджын мигъ стъалыты бамбæхста. Уардзæн. Афтæмæй бамбæхсæн бынат дæр хæстæг никуы зыны. Куыд хорз уыд хус хъарм лæгæты; бад æмæ кæс арты ‘взæгтæм, хъус æрвнæрды гæрæхтæм, дымгæ куыд ниуы нарæг кæмтты, уымæ!

Уæд та уæртæ, фысы сæры æнгæс цы къæдзæх у, уый бын бамбæхсин? Федтай: бафæндыд дæ ‘хсызгон хъуыдытæ кæнын дæ хъарм лæгæт æмæ артыл, æмæ æнæнхъæлæджы цас фæриссын кодтай дæхи! Цæуылнæ ахуыссын кодтай арт? Æвгъау сты йæ рухс, йæ хъарм æмæ йæ хъæлдзæг къæрццытæ дзæгъæлы сæфынæн.

Мигъ стырæй-стырдæр кæны, æрбахæстæг; дымгæ тæрккъæвдайы тæф хæссы. Цæй, ницы кæны: мæ дойны цæмæй басæттон, уый мын уыдзæн. Дойны хорз у: дойны чи ‘мбары, уый дойныйæ нæ амæлдзæн. Бирæтæ, цы сæ хъæуы, уый кæй нæ фембарынц, уый тыххæй амæлынц.

Алы рыст дæр – хорз. Æххормаг дæр – хорз. Ехх, цæй дзæбæх уыд уæ хъæхъхъаг тæфгæнаг цыхт! Фæлæ ныр ме ‘ххормаг дард у. Дард –
сымахæй, дард – мæнæй; æмæ мæ ахсæн ныхъхъус, ницы дзуры – фæтæргай. Бафтыд, бафтыд мæ къухы йæ ныхъхъус кæнын.

 

* * *

Цæуыл фæхъуыды кæны куырыхон лæг хæргæ-хæрын? Хæринагыл. Куырыхон хъуыды уый тыххæй нæу, æмæ йыл дæхи хъуыдытæ нывæндай. Уый тыххæй у, цæмæй йæ æххæст кæнай æмæ ахуыр кæнай иу хъуыддагыл: цæр иу боны цардæй. Æппæтæй æххæст цæмæй уай, уымæн ис иунæг фæрæз – цы хъæуы, уый æрвылбоны хуымæтæг хъуыддæгтæй æххæст кæн. Хæдзонд амондджын у йæ алы архайдæй дæр. Куырыхон куы фæхæры, уæд йæ уды бузн вæййы йæ ахсæны, йæ арм сылгоймагыл рæвдаугæ куы æрхæссы, уæд йæ уды бузн вæййы йæ къухы æнгуылдзты, дзургæ куы фæкæны, уæд та – йе ‘взагыл. Æдылыйы уд та æдзух кæмдæр æврæгътимæ хæты. Фæлæ уым дæр нæ арвы уыны, нæ – æврæгъты. Куырыхоны уд вæййы бузныг, æдылыйы уд та – æбузн. Æдылы никуы сразы уыдзæн, цæмæй ма зноны бон иу хатт рацæра: æдылыйæн йæ ивгъуыд бон афтид у. Æдылы у мард адæймаг: ды æрмæстдæр уæд дæ ды, æмæ амондджын куы уай. Иннæ бонты цард цардыл нымад нæу.

Дæумæ алы ног бон дæр æрцæуы æнæнхъæлæджы ирвæзынгæнæгæй, кæй аккаг нæ дæ, ахæм ирвæзынгæнæгæй. Хуыцауæй лæвæрд бонтæй алкæцы дæр аудинаг у!.. Науæд æнцон амарæн у. Мард бон æвзæр тæф кæны. Хорз бон никуы фæвæййы.

Цымæ, цас рацыдтæн? Мæ къæхтæ, мæ астæу цы тынг риссынц! Мæ фæндаггон лæдзæгæй мæ армытъæпæн схаудта. Цы тынг бафæлладтæн! Уæд та аздæхин, цалынмæ нæ ферæджы, æгæр нæ адард дæн, уæдмæ? Æмæ дарддæр та цы? Ногæй та баддзынæ лæгæты æмæ дæхи ницымбарæг скæндзынæ, ома дæ фæнд уæлæнгай нæ уыд, зæгъгæ? Ма бакæн афтæ: æфсæрмы кæндзынæ, дæ дзæгъæлдзых зæрдæ дын дæ уд æрдуйæ нарæгдæр скæндзæн.

 

* * *

Къахдзæф, дыккаг, æртыккаг. Хуыцауы сконд бон, зæгъгæ, загътон. Афтæ фæзæгъынц иууылдæр. Фæлæ æз исты Хуыцауыл æууæндæг дæн? Куы æууæндон, уæддæр нæ, сымах Хуыцауыл нæ. Сымах Хуыцауыл не ‘ууæндын, уымæн æмæ сымахæй алкæй дæр афтæ фæфæнды, æмæ йæ Хуыцау иннæтæй уæлдай куы хъулон кæнид. Афтæмæй уе ‘ппæты фаг иу Хуыцау дæр нæу. Уымæн фæзынд алымыггаг хуыцæуттæ дæр. Мах адæммæ та ноджы диссагдæр: алы комæн – йæхи хуыцау, алы хохаг хъæуæн – йæхи чысыл хуыцаугонд, æмæ алы хæдзарæн – йæхи сæрмагонд хæйрæг, алы лæгæтæн дæр – фæйнæ пехуымпары.

Уæдæ цавæр Хуыцауыл æууæндын æз та? Разæй, сомбоны æз
Хуыцау нæ зонын; зонын, мæ фæстæ чи баззад, уый. Разæй æдзухдæр ис мигъ, сæрсæфæн, фыдæвзарæнтæ; æрмæст фæсте ис дæ къæхты бын фидар зæхх. Хуыцау у рæстдзинад, уый у нæ ивгъуыд æмæ нæ цæринаг абон; у, цы уыдис æмæ аивæн цæмæн нал ис, уый. Цард Хуыцауы фæндæй æрцæуæг рæстдзинад у, æмæ вæййы рæсугъд æмæ уæздан зæрдæйæн козбау митæ кæнæг, кæнæ та – лæджы æфсарм рæхойæг, къахыргæнæг. Алы цæрæг уд дæр лæууы ивгъуыд æмæ фидæны арæныл, дæ æви нæ дæ, уый арæныл, æмæ аразы уыцы рæстдзинад – Хуыцауы дæр – æмæ йæ скæрды йæхи нывтыл.

Кæд кæддæр адæймаджы Хуыцау сфæлдыста, уæд ныр та адæймаг у Хуыцауы сфæлдисæг. Мæхæдæг цы Хуыцау скæнон, гъе уыцы
Хуыцауыл æууæндын. Æрмæстдæр мын уыцы Хуыцау уыдзæн ахъазгæнæг. Разæй дæр мын æрмæстдæр уыцы Хуыцау ис.

 

* * *

Хуыцауы æфхæрæн ныхæстæ – уыдон дæр сты Хуыцауæн табу кæнын; цыфæнды ныхас æмæ хъуыддаг дæр – кæнæ Хуыцау кæй ис, кæнæ кæй нæй, ууыл дзурæг. Æз, Хуыцау кæй ис, ууыл нæ дызæрдыг кæнын, –
æмæ-иу Ды дæр, рæстæг куы æрцæуа, уæд дызæрдыггаг ма скæн, æз дæр кæй дæн, уый: афтæ амоны канд Хуыцауæн табу нæ, фæлæ алы хæрзгæнæг дæр. Фыдгæнд æмæ æфсармцух та цыфæнды цъаммар зæрдæйы дæр сæхимидæг хъæддыхæй дзурынц афтæ: нæ уыди, нæ уыди, нæ уыди.

Кæй ис æмæ кæй нæй, зæгъгæ, дзурджытæй дыууæтæй фыццæгты фарс цы Хуыцау у, иннæтæ та нымады кæмæ не сты, æз ахæм Хуыцауыл æууæндын.

Æз цавæр Хуыцауыл æууæндын? Мæнæ ахæм. Цæмæй хорз лæг куы табу кæна, Дæу куыд фæнды, афтæ уæд, Хуыцау, зæгъгæ, æмæ йын уымæн та ахæм дзуапп чи ратта: «Дæу куыд фæнды, афтæ уæд, рæстзæрдæ адæймаг, уымæн æмæ Мæ фæнд дæр ахæм у».

Фæлæ уæддæр нæй, æз кæуыл æууæндын, ахæм Хуыцау. Мæн та æндæр нæ хъæуы.

 

* * *

Иу къахдзæф, дыууæ, æртæ. Нæ, афтæ зын нæу цæуын. Раст дзурынц не ‘дылы адæм, зæгъгæ, фæндагыл цæуæг фæтых уыдзæн. Къахдзæф къахдзæфы фæстæ кæн – æмæ цыфæнды хох дæр фæсте аззайдзæн. Мæнæ ацы лæгъз тъæпæн дур уыныс? Цæуын кæй фæнды, уымæн цыфæнды цæхгæр хох дæр ахæм тъæпæн лæгъз дуртæй у. Размæ чи цæуы, уый цæлхдурты йæ фæстæ уадзы.

Нæй нæдæр фидæн, нæй нæдæр абон. Нæ каст æдзухдæр у ивгъуыдмæ. Кæрæдзимæ куы фемдзаст вæййæм, уæд фенæм, цы нал ис, уый раст, раджы чи ахуыссыд, уыцы стъалыты рухс уынæгау. Нæ къухтæ артмæ тавгæйæ, æнкъарæм æрмæст ивгъуыды хъарм; суанг ма нæ зонд дæр фæсте зайы уысмæй, уымæн æмæ алы хъуыды æмæ алы ‘нкъарæн бамбарынæн дæр рæстæг хъæуы, – ноджы ма сын уый фæстæ сæ мидис, сæ нысан дæр бахынцын æмбæлы. Ис ницы у: нæма зæгъдзынæ «ис», æмæ уæдмæ фæцыдæр: уыди. Мах æдзухдæр вæййæм, нæхи цы кары æнхъæл стæм, уымæй хистæр; суанг нæ мæлæт дæр, куы амæлæм, уымæй раздæр вæййы, фидæн бон нæ, фæлæ ивгъуыды.

 

* * *

Тагъд кæнын мæ никуыдæм хъæуы: кæдæм цæуон, уый мын нæй. Кæдæмфæнды куы цæуай, уæддæр дæ дæ фæндаг ингæнмæ хоны. Цæуыс æм, суанг дæ лæгæты иу ран бадгæйæ дæр. Тыгъдады нæй фæндаг, ис дзы æрмæст ницабæрæг, æнæнысан рацу-бацу; æрмæст рæстæг у æцæг фæндаг: уымæй нæй иуварс ахизæн, нæй дзы фæстæмæ здæхæн.

Ис æрмæстдæр ды æмæ дæ рæстæг, дæ фæндаг. Ды нæ цæуыс дæ фæндагыл, дæ фæндаг цæуы дæуылтыл. Судзины бын æндах куыд ласт у, афтæ дæ фæндаг дæр æмæ дæ рæстæг дæр дæу иннæрдæм хизынц. Арв æмæ зæхх, хурыскаст æмæ хурныгуылдтæ, тымыгътæ æмæ тæрккъæвдатæ – æнæхъæн дун-дуне йе ‘хситт æмæ гыбар-гыбуримæ тæхы, дæу иннæрдæм ахизы, афтæмæй; æмæ, æцæгдæр, дæуæй, лæгæты бадæгæй, дæхицæй дæр рауад дунетæ ныхъуырæг лæгæт!

Размæ, мæ зæрдæ, размæ, мæ дзæгъæлдзых зæрдæ! Мæ къæхтæ дæр, фæндаджы райдиан куыд рыстысты, афтæ нал риссынц. Фæлæ ныр мæ аууон æмраст мæ разæй цæуы, æмæ мæ развæндаг æвзæр уынын. Дæ бынаты дæ бон бадын куы нæ уа, дæ бон цырагъау рухс кæнын куы нæ уа, авгау сыгъдæг куы нæ уай, – уæд æдзухдæр цу рухсмæ, цæмæй дæ дæхи аууон ма хъыгдара, дæ развæндаг уынын дæ уадза.

 

* * *

Ком талынджы куыд тагъд аныгъуылд! Ныр нал уындзынæ дæ аууон. Ныр дæхæдæг сдæ аууоны хуызæн; ныр ды авг æмæ уæлдæфы хуызæн рæсуг дæ. Хорз у, талынг рухсæй стырдæр кæй у, уый. Талынг рухсæй тæригъæдгæнагдæр у: талынг нæ кæны уæлæрвты цæрджыты ‘нгæсæн, рухс та – дурты хуызæн.

Дымгæйы тыхджын футт æрбахаста йемæ къæвдайы фыццаг ставд æмæ уазал æртæхтæ. Мæ тæрныхыл мын дзы иуы тъупп фæцыд, æмæ мæ цæсгом æгасæй дæр схуылыдз.

Разæй фæзынд æрвæрттывд – йæ цард айдагъ иу цæсты фæныкъуылд йеддæмæ кæмæн нæ хæссы, ахæм сæрбынмæ фæлдæхт къабузджын, цæхæркалгæ бæлас! Йæ хæдуæлвæд арв дæр ныццæлхъ ласта – æмæ нынкъуысти зæхх йе ‘вирхъау гыбар-гыбурæй, раст цыма дыууæ хохы сыкъатæй схæцыдысты дыууæ дзæбидырау. Дæхимæ фæкæс, зæххон лæг!

Адæймаг зæххæн дæр æмæ арвæн дæр æцæгæлон у: æндæр уыйбæрц тас кæцæй ис йæ зæрдæйы? Æцæгæлон у, æцæгæлон: уый афтæ куы нæ уаид, уæд цæмæн бахъуыдаид адæймаджы йæхицæн цæрæн бынæттæ æмæ мæсгуытæ амайын, афтæ куы нæ уаид, уæд адæймаг нæ къахид ныккæндтæ æмæ æвæрæнтæ нæ кæнид хæлц æмæ нуазинæгтæй. Фæлæ афтæ сырдтæ дæр кæнынц, кæд уыдон зæххон дунейæн æцæгæлон не сты, уæддæр. Уæдæ уæд цæмæй хицæн кæнынц? А-а-а, сырдтæ сæхицæн дзаумæттæ нæ хуыйынц, стæй топхос хусæй нæ дарынц се ‘мбæхсæнты!

 

* * *

Ногæй та æрвæрттывд – ныр та æмраст, цирхъау ныццавта арвмæ, раст цыма зæххы бынæй сирвæзт, æмæ та – æфсæйнаг æмæ мастæй дзаг арвы цæлхъ; ноджы ма иу алæмæты дæвдæг къæлæт фехста къæдзæхты сæрмæ йæхи, æмæ арвæй райхъуысти ехсы къæрцц, ехсы цъæхснаг цыбыр къæрццы хуызæн.

Æрлæуу: уый цæй æндæрг февзæрд разæй? Бындзæфхад? Цыртдзæвæн? Сырд? Адæймаг? Æви цæстсайæн у? Куы йæм фæхæстæгдæр уай, уæд æй базондзынæ.

Фæндаг сцъыф, дуртыл къæхтæ бырынц. Хæхты фæхстæй фемæхстысты доны сау лæсæнтæ. Ацы знæт дон дæ къæцæл ласæгау куы нæ фæласид, кæнæ дæ дымгæ куы нæ фæхæссид сау æнæбын сæрсæфæнмæ!

Афтæ дæр вæййы: дымгæ стыр бæлæстæ æд уидæгтæ зæххæй стоны æмæ сæ уаддзалхау фæхъазы. Кæсыс: зæххыл æрмæстдæр ичъийы къутæр хæцы фидар, уымæн æмæ йæ уидæгтæ йæ къалиутæй дæргъвæтиндæр сты. Йæ уд æмæ йæхæдæг æгасæй дæр цы у, уый, дзæгъæлхæтæг адæм æмæ куыйтыл цы къæмдзыгтæ хæцы, уыдон не сты, фæлæ, дунемæ чи нæ зыны, уыцы уидæгтæ.

 

* * *

Адæймаг куы нæ разынид: дур кæнæ къодах бындзæфхад кæд нæ уа, уæд фæлтау сырд дæр уæд. Сырдимæ тагъддæр баныхас кæндзынæ: кæнæ фæтæрсдзæн æмæ ацæудзæн, кæнæ дæ амардзæн æмæ бахæрдзæн; фæлæ адæймагæн та цытæ кæндзынæ? Уымæн хъæуы «æгас цу» зæгъын. Стæй дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын. Ох, уый кæд уыдзæн! Уæд та фæндагæй хохы ‘рдæм аздæхин?

Ногæй та исдугмæ зæхх ныррухс, цыма йæ сæрмæ мин мæйы стылди, уыйау, – фæлæ дзы ныр мæ цæст иу æндæрг дæр нал ацахста. Цы нæ ауайдзæн цæстытыл ахæм æхсæв! Ахæм æхсæв æвронгæй баззайын стыр диссаг уаид; мæнæн мæхи дæр æрфæндыд æхситт кæнын, хъæр кæнын, мæ къæхтæ зæххыл хойын æмæ мæ лæдзæгæй дурты цæвын!

 

* * *

Иу хатт ма мын дымгæ фæстагмæ мæ цæсгомыл армыдзаг дон бацъæпп ласта æмæ йæхæдæг уарынимæ афардæг. Иу хатт ма фæсте дард кæмдæр арв ныннæрыд. Стæй бæстæ ныссабыр; æрмæст къададæттæ уайынц сусæг сырсыргæнгæ айнæг къæдзæхты фæхстыл, æмæ ма хæхты дыдæгътæй райхъуысы дымгæйы къуыззитт.

Ныддонласт дæн бынтондæр æмæ уазалæй ныммæлдзынæн. Уæд та хохмæ схизин, цæмæй ам фæндагыл мæ мард ма сысмаг уа?

Ногæй та арвыл стъалытæ æрттивын райдыдтой, мигъты ‘хсæнæй раленк кодта цæлхыдзаг мæй; мæ аууон айтынг, ныддаргъ мæ размæ; фæндаг кæм фæвæййы, уым та сæрсæфæнмæ ныххауы, æмæ мыл йæ фæдыл ахæссыны тас æфтауы.

Ай та цы у? Фæндагыл цы хуыссы? Адæймаг. Чи у? Цы агуры ам? Æмæ æз цы агурын? Æз дæр ам куы дæн. Цы йын хъуамæ акæнон ныр?

Ууыл дæр мæнау – бызгъуыртæ, йæ цæсгом – цъыфæйдзæгтæ, йæ цæстытæ – æхгæд, фæлæ улæфы, йæ зæрдæ зына-нæзына, фæлæ иугæндзон тæпп-тæпп кæны. Куыд æмæ цы кæнон? Йæ сæрты нæ ахиздзынæ æмæ дæ фæндаджы кой нæ кæндзынæ дарддæр: дур куы нæу, мыййаг. Гъей, мæнæ лæг! Цæй, æрчъиц. Цы дын кæнон, уымæн ницы зонын. Хуыздæр уаид, дæ къæхтыл фидар куы лæууис, уæд, цæмæй дын «æгас цу» зæгъын уа мæ бон. Дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын мæ, уадз, цасфæнды дæр бахъæуæд, цæмæй дарддæр мæ фæндаг дарон. Райхъал у, мæнæ лæг! Уæд та фæлтау сырд куы уыдаис, æххормаг кæнæ тæппуд сырд. Мæ фæндагыл дурау цы лæг ныффæлдæхт, уымæн цы кæнон, уый нæ зонын.

 

* * *

Чи уа? Кæцæй уа? Кæдæм цыдтæ, мæнæ лæг? Нæдæр зæронд у, нæдæр æрыгон, уындæй та – мæ туг, ме стæджы хуызæн. Мæ ныхмæ кæй цыд, уый бæлвырд у. Мæ разæй куы цыдаид, уæд ын йæ къахвæдтæ федтаин. Йæ тыхтæ фесты, æвæццæгæн, æмæ фырæххормагæй слæмæгъ. Кæнæ та йæ арв æрцавта. Цы дын кæнон ныр, æнæзонгæ лæг?

Ныр, хæххон фæндагыл кæй ныффæлдæхтæ ахæм æхсæв, уый цы амоны? Æз мæ лæдзæг куы райстон æмæ мæ фæндон куы сæххæст кодтон, раст уыцы æхсæв? Дæ сæрты куы ахизон, дуры сæрты хизæгау, уæд ды ныммæлдзынæ. Ам куы баззайон, уæд та дыууæйæ дæр ныммæлдзыстæм. Мемæ дæ ахæссин, фæлæ тæрсын, куы æрчъицай, уæд мæ, уыцырдæм мæ нæ хæссыс, зæгъгæ, куы фелгъитай, уымæй. Стæй, ацы фæндаг кæдæм цæуы, уымæн дæр чи цы зоны? Чи зоны, æмæ дæс бонмæ дæр ма ссарон фысымуат. Арт æмæ хæринаг кæм ис, ахæм хæстæгдæр бынат та – мæхи лæгæт.

Æлгъыст фæу, мæнæ æнæзонгæ лæг! Æндæр гæнæн мын нæй. Дурæй уæлдай кæй ницы дзурыс, уымæй дæр бæрæг у, мæнæй ныфсфидардæр кæй дæ, дæ нысан мæнæй ахсджиагдæр кæй у. Ахæсдзынæн дæ мæ лæгæтмæ, æлгъыстаджы æнæзонгæ лæг.

 

* * *

Æмæ, æниу, дур дæр куы уаис, уæддæр мæ бон нæ бауыдаид дæ сæрты ахизын. Æз, чи зоны, ахизон, фæлæ дыл æндæр исчи йæ къах скъуырдзæн. Зоныс, иухатт цы ‘рцыд? Иу лæг фæндагыл йæ къах скъуырдта æмæ дзуры: ацы дур иуварс куы аппарон, уæд дзы цы рамбулдзынæн, уынгæ дæр мæ куы ничи кæны? Фæлтау фенхъæлмæ кæсон, исты стыр лæг – кънйаз, къупецаг кæнæ æндæр номдзыд цалынмæ рацæйцæуа, уæдмæ. Æрхуыссыд лæг кæрдæгыл æмæ бафынæй. Куы райхъал, уæд дур фæндагыл нал уыд. Уæд лæг йæ къухтæй йæ цæсгом амбæхста, æмæ дзы цыма исты адавдæуыд, уыйау зæрдиагæй скуыдта.

Къахдзæф æмæ та къахдзæф, стæй та æртыккаг къахдзæф. Цæй уæззау у, цæ, адæймаг, де ‘ккой йæ куы сæвæрай, уæд! Цæй зын хæссæн у. Адæймаг уый тыххæй сфæлдыст у, цæмæй йæ къæхтыл цæуа, уæд дæумæ худинаг нæ кæсы, мæнæ æнæзонгæ æгоммæгæс? Хъусыс мæ? Куыннæ мæ хъусыс: дæ хъусты дын, мыййаг, къæрмæджытæ куы ничи батъыста. Цæстытæн вæййы сулæфты сахат, фæлæ хъустæ æппынæдзух дæр цæттæйæ лæууынц, уыдонæн æхгæнæн нæй. Мæрдтæ дæр ма куы хъусынц.

Хъус-ма, мæ мадзура лымæн, цалынмæ дæ æз ме ‘ккойы хæссон, уæдмæ нæ амæлдзынæ? Иугæр уым, уæле, нæ амардтæ, уæд мæ
бауадз, æмæ дæ ныххæссон бынатмæ: бахъуыды кæн, дæ мард дын нæ хæсдзынæн, хъæддаг куыйтæн æй аппардзынæн къæдзæхæй. Уый, цалынмæ æгас дæ, уæдмæ дæ хъарм æмæ фæлмæн. Демæ мын хъарм у, раст мыл цыма хъуынджын нымæт конд ис, уыйау.

 

* * *

Бахъарм дæн, фæлæ мын зын у демæ. Уыцы мæллæг уæвгæйæ, ахæм уæззау куыд дæ? Æвæццæгæн, тæригъæдджын дæ мæнау. Уыцы тæригъæдтæ нын æнцой нæ дæттынц, иу ран бадын нæ уадзынц. Цалынмæ бадгæ фæкæнæм, уæдмæ ныл бынтондæр æруæз кæнынц, æлхъивынц нæ, цæугæ-цæуын та афтæ зын нал вæййы: уæд нæ дæ тæригъæдтæ сывæллоны узæгау узынц æмæ фæрогдæр вæййынц. Уый алы хæссинаг дæр афтæ у, цалынмæ цæуыс, хæссыс æй, уæдмæ рогдæр у, уымæн æмæ хæссинаг дæр уымæн хуыйны, цæмæй йæ хæсгæ кæнай, де ‘фцæджы дарынæн нæу, иу ран бадгæйæ. Иу ран, кæй ницы мæт ис, сæрибар чи у, æрмæстдæр уый бады. Сæрибар чи у, уый бады йæ бынаты, цыма баст у, уыйау. Нæ, дымгæ нæу сæрибары фæлгонц, сæрибары фæлгонц – бæлас, кæнæ авдæны баст сывæллон у.

Дæумæ та куыд кæсы – хорз дæм кæсы ме рагъыл бадын? Адæймаг фæрæз нæу æндæр адæймаджы хæссынæн. Уый тыххæй ис бæх, хæрæг. Уыдонæн цыппæргай къæхтæ ис, се рагъ, уæ уазæгдæтты цы фæлмæн бандæттæ ис, уыдоныл бадынæй æхсызгондæр бадæн у. Ныххатыр мын кæн, ме ‘нцондарæн хæлар, хæрæг кæнæ бæх кæй нæ дæн, уый.

Кæддæр мæнмæ дæр уыди бæх. Мæ фыдæй мын бынæн баззад зæронд хъыримагимæ. Мæ фыд уыцы бæхæй рахауд, йæ сæр дурмæ æрхаста æмæ фæмард. Афтæ рауайы, æмæ нын нæ фыдæлтæй бынæн баззайы, сæхæдæг сæ мæлæт цæмæй ссарынц, уый. Мæ фыд къуылых уыд, æмæ йын-иу дзырдтон, бæхыл бадыны бæсты лæдзæг райс дæ къухмæ æмæ цу, – нæй, нæ байхъуыста.

Æнæрай макуы фæуай, мæ мадзура æмбæлццон! Мæ фæндаггон лæдзæг дæу тыххæй уым баззад!

 

* * *

Цæй, уæддæр мын мæ лæдзæгыл хæцыны фадат нæ уыдаид. Мæ дыууæ къухы дæр мын ды дæхирдыгæй фæкодтай, сбастай мын сæ, мæ зынхæссæн, мæ тыхджын, фæуæлахиз уæвæн кæуыл нæй, уыцы хæлар. Æмæ цы? – кæугæ нæ кæнын, цæуын æмæ худын. Худгæ рагæй нал кодтон! Æнцон мын у, раст цыма мæ фæйнæ къухы дæр фæндаггон лæдзджытæ ис, уыйау. Ды мæнæн – мæ фæндаггон лæдзæг, мæ хæларзæрдæ, мæ лæггадгæнаг æмбал.

Фæлæ мæм уæддæр мæ лæдзæг æвгъау кæсы: хорз, фидар, хæрздæфаг лæдзæг, æз æй бирæ азты размæ тæрс бæласæй ралыг кодтон. Къуылых нæ дæн, фæлæ бирæ рацу-бацу кодтон, стæй мын хæлар адæймаг дæр нæ уыди. Æмбæлццон мæ хъуыдис, дæ хуызæн
мадзура æмбæлццон. Æмæ ма зоныс, цы: мæ къæхтæ рæвдз цыдысты, фæлæ мын мæ къухтæ хъыгдарыны хос уыдысты: цы сæ фæкодтаин, уый нæ зыдтон. Афтæ мæм каст, цыма мын цæугæ-цæуын цыдæр æнахуыр дзедзырой кæнынц, цыма мын адæм мæ къухтæм кæсынц æмæ сыл худынц. Уæд ракодтон лæдзæг, мæ рахиз къухмæ йæ райстон, – æмæ уæд мæ галиу къухы змæлд дæр уыцы дзæбæх, куыд æмбæлы, афтæ сси.

 

* * *

Нæма амардтæ? Ма амæл, ма тагъд кæн, мæ фæразон хæлар. Цæуæм. Къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф. Цымæ, фæстæмæ куы фæкæсон, уæд ма мæм, мæ лæдзæг кæм баззад, уыцы бынат зындзæн?

Ма тæрс, ды нæ амæлдзынæ. Æхсæз азы мыл куы цыд, уæд, се стджытæ хурмæ чи тавта, ахæм дыууæ зæронд лæджы ныхас фехъуыстон. Мах хъулæй хъазыдыстæм, худтыстæм, хъæрæй цæуылдæр быцæу кодтам. Уæд дзы иу иннæмæн афтæ: «Куыд æнахъинон у, уæвгæйæ та, дуне, адон искуы иууылдæр амæлдзысты». «Уый афтæ нæу, – загъта иннæ, –
адон нæ амæлдзысты. Мæлгæ мах нæ акæнæм, æндæр чидæр амæлы».

Æмæ уый раст у: сывæллон йæ ныййарæгæн æнусон у. Æмæ йæм йæ ахаст дæр ахæм у: цыма цавæрдæр, мæлæт кæмæн нæй, ахæм бæрзонд рантыст у. Æндæр цæмæн бахъæуид ныййарæджы рухс дунемæ фидæны мæрдты уадзын!

Иу къахдзæф, дыууæ къахдзæфы, æртæ къахдзæфы.

 

* * *

Мæнæн ис лæгæт. Уым судзы арт, æмæ дзы у хъарм. Ис дзы дон æмæ хæринаг: хорз адæм мæ æнцад-æнцой нæ уадзынц. Уыдон ахæм хæрзад кæрдзынтæ кæнынц, ахæм адджын цыхт ахсынц! Æз сæ куы фæхæрын, уæд кæугæ дæр ма фæкæнын. Уыдон хуымæтæг не сты, уыдон уæларвон зæдтæ сты. Фæлæ йæ сæхæдæг нæ зонынц. Куыд хорз у, кæй йæ нæ зонынц, уый! Куы йæ базониккой, уайтæккæ дæр кæлмытæ æмæ хæфсытæ фестиккой.

Зоныс, уыдон афтæ æнхъæлынц, æмæ æз пехуымпар дæн. Ма худ, ме ‘рхуым хæлар. Уый æцæг афтæ у. Æрбацæуынц, цæмæй сын æз сæ низтæ фæсурон, цæмæй сæ ахуыр кæнон. Æмæ сæ ахуыр кæнын: зæгъын сын, æз уыдонæн се ‘взæрдæртæй æвзæрдæр дæн, фæлæ мыл уыдон не ‘ууæндынц, æмæ мын мæ къухтæн батæ кæнын райдайынц. Куыд хорз у, куыд, æвæдза, æз æвзæр ахуыргæнæг кæй дæн, мæ бон сæ мæхиуыл баууæндын кæнын кæй нæу æмæ мыл кæй не ‘ууæндынц, уый!

Семæ ис, æппындæр тагъд чи никуы фæкæны, иу ахæм чызг. Уый мæм æрбацæуы æппæты фæстæ, æрмæст иунæг уый не ‘фсæрмы кæны мæ цæсгоммæ кæсын; мæхæдæг фефсæрмы вæййын: афтæ рæсугъд у, æмæ мæ фæхуыдугмæ бирæ нал фæхъæуы. Мæ зæрдыл мын æрлæууын кæны, йæ ном нæ дзурыны тыххæй сомы кæмæн бакодтон, уый.

 

* * *

Дзырдæуы, зæгъгæ, дам, иннæ ‘взæгты ис ахæм дзырд, æмæ нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы иу къонайы цур базæронд уой, уый куы фæфæнды, уæд сын се ‘нкъарæнтæ чи ‘вдисы.

Цы у уарзондзинад? – мах æвзаджы ахæм дзырд нæй. Дзырд ис, фæлæ ахæм нæу… Махмæ сылгоймагæн нæй афтæ зæгъæн: æз дæ уарзын. Уæд дæ уый æндæрбæстаг фенхъæлдзæн.

Диссаг та куыд нæу: иу дзырдæй зæгъæн ис, дæ фæдонты райгуырын куы фæнда, уæд ды цæуыл тыхсыс, уый! Чи зоны, æрмæст мах æвзаг у раст, æмæ алы хатт дæр сылгоймагæн ахæм дзырд зæгъын уыдзæн гæды ныхас. Чи зоны, æмæ уый нæхицæн мах бинойнаг нæ равзарæм, уый нæ цот равзарынц сæхицæн мад.

 

* * *

Санчъех, санчъех, санчъех. Зæгъ-ма мын, цæй, цæмæн у махмæ худинаг хи сывæллоны рæвдауын? Искæй сывæллæтты ис рæвдауæн, хи сывæллоны – нæ. Æз ыл бирæ фæхъуыды кодтон. Фыццаг æнхъæлдтон: æфсæрмы кæнынц, уымæн æмæ сæ сывæллон у сæ тæригъæдджын ахастыты, сæ лæмæгъдзинад, æмæ сæ фосимæ цы æууæлтæ халæмдих кæнынц, уыдоны æвдисæн. Уый фæстæ та хъуыды кодтон: нæ сæ рæвдауынц, уымæн æмæ сæм ницы бар дарынц, уыдон сын уæлæрвтæй лæвæрд сты.

Æмæ æцæгдæр: тæригъæддаг хъуыддаг вæййы æрмæст нæлгоймаг кæнæ æрмæст сылгоймагæн; фæлæ куы баиу вæййынц, уæд нал вæййы сылгоймаг æмæ нæлгоймаг: æрмæстдæр ма вæййы, ног цард чи райдыдта, уыцы адæймаг.

Мæ къуылых фыд йæхицæн, къуылых уæвгæйæ, лæдзæг нæ ракодта, æз та, къуылых нæ дæн, афтæмæй ракодтон. Мæ фыдмæ уыд бæх, мæнмæ та нал ис. Уымæн æмæ йæ радтон, йæ туджджынтæй чи лыгъди, иу ахæм лæгæн. Мæн цæмæн хъæуы бæх? Хæлæрттæ мын нæй, нæй мын знæгтæ дæр, нæй мын нæдæр, тагъд кæмæ кæнон, нæдæр, лидзгæ кæмæй кæнон, уый. Дæхицæй та тæргæбæхæй дæр нæ алидздзынæ. Ам сæйраг тагъд кæнын нæу. Фæндаджы дæргъыл нæ, фæлæ дзы рæстæгыл фæтых уæвын хъæуы. Рæстæг. Айдагъ уый у.

 

* * *

Иу, дыууæ, æртæ – санчъех санчъехы фæдыл. Æз демæ фембæлды агъоммæ бирæ хъуыды кодтон: уæд мæ мæ дзæгъæлдзых зæрдæ иуран нал уагъта. Дзырдта мын: æцæг фæндаггонæн, дам, бæстыл нæй сæрфæцæвæн бынат, цыфæнды лæгæт дæр, дам, у æрмæст йæ фæндаджы иу хай. Уый фæстæ та мын дзырдта, зæгъгæ, дам, адæймаг йæхæдæг дæр æрмæст фæндаджы иу хай у. Æз æнхъæлдтон, æппынфæстаг мын, фæндаг йæхæдæг дæр нæй, зæгъгæ дæр ма зæгъдзæн. Фæлæ нæ загъта. Æмæ раст у: цыдæр ма хъуамæ баззайа; æмæ цы, фæндаг йеддæмæ ма хъуамæ цы баззайа? Куыд хъуыды кæныс? Цæй, уæд та фæндагæн адæймаджы снывонд кæнæм: æрмæстдæр афтæмæй скæндзыстæм кад адæймагæн дæр.

Раст, раст дзуры ме ‘нæнцой зæрдæ йæ талф-тулфы. Уыныс, ды цыма ныртæккæ æппындæр нæ дæ, дæ фæндаг та ис. Уымæн æмæ дæ æз, ме ‘нæдзуапп æмæ стырзæрдæ хæссинаг, хæссын дæ фæндагыл. Марды дæр фæхæссынц уæлмæрдмæ, æмæ ма ноджы дарддæр дæр – хуртæ æмæ йын мæйты иувæрсты хæссы Зæхх йæ марды чырын!

Цымæ, адæймаг хъусы, Зæхх хуртæ æмæ мæйты иувæрсты куыд тæхы, уый? Хъусы: гъе, уый у цард; цыфæнды æнкъарæн дæр – уарзт, æнæуынондзинад, æргъуыц, æлгъæй мард, æфсæст, æххормаг, дойны, судзгæ буар, ризæг, цин, мæстæй фыцын, тæригъæд, хæлæг, рæвдыд, рыст, суанг дæ фыдфынтæ дæр сты уыцы тахты тæлмæнтæ. Дæ тæхын куы банцайа, уæд фæуыдзысты, растдæр та – æрбайсæфдзысты тæлмæнтæ дæр. Уымæй раздæр нæ, уымæй раздæр нæ.

Æгас ма дæ, мæ къухылтухгæ, мæ фæстæмæнæдзураг хæлар?

 

* * *

Фынæй кæн, уадз дæ фæллад. Адæймаг бафынæй уа, уымæй афтæ нæ тæрсы, райхъал уа, уæмæй куыд тæрсы. Афтæ уыди, чидæр мын мæ лæгæты рацæуæны дурыны цы карз арахъхъ ныууагъта, уымæй дойны куы састон, уæд. Фыццаг цæуылдæр мидбылты худын райдыдтон, стæй мæ былтæ кæрæдзийæ фæиртæстысты, æмæ мын мæ зæрдæ цытæ
хъуыр-хъуыр кодта, уый хъуыстой мæ хъустæ, æмæ-иу ме ‘взаджы кæрон абадтысты; стæй базарыдтæн. Фæлæ чысыл фæстæдæр фæтарстæн уыцы æнæнхъæлæджы амондæй, – æмæ дурын дуртыл ныццæхх кодтон. Дзæгъæлы нæ фæдзурынц не ‘дылы адæм, иунæгæй куы нуазай, уæд дын фæстæмæзæвæтджын дары æмæ дары, зæгъгæ. Уыцы райсом, кæй райхъал дæн, ууыл фæфæсмон кодтон.

Нозтджынмæ хæйрæг зондджын кæсы. Хæйрæг æвронгтæй йæхи хизы, уымæн æмæ тæрсы, куы йæ багæды кæной, уымæй. Уый цин кæндзæн алы цинæнхъæлыл дæр æмæ хъуыдыты алы дзæгъæл змæлды агурдзæн, чи дзы нæй, уыцы апп.

Къахдзæф, санчъех, ног къахдзæф. Хъуыдыты дзæгъæлдзу, миднымæры схæтаг у…

 

* * *

Цæуын, цæуын, цæуын. Ныр мæ галиуварс – къæдзæхтæ, мæ рахизæрдыгæй – сæрсæфæн; мæй мын йæ рухс мæ цæсгоммæ сарæзта, мæ аууон та мæ фæстæ аззади. Ды мæ цæуын кæныс рухсмæ, мæ куырыхон хæлар; æз дзæбæх уынын фæндаг, суанг – йæ алы дур дæр; ма тæрс, нæ дзы фæиртæсдзынæн. Æрмæст мæлгæ ма акæн.

Мæ аууон, загътон? Нæ, мæ аууон нæ, уый нæ дыууæйы аууон у. Чи ма йæ сбæрæг кæндзæн ныр, мæ аууон кæм фæвæййы æмæ дæ аууон кæм райдайы, уый. Мах ныр стæм дзæбæх барæг æмæ иузæрдион бæхы хуызæн.

Цымæ, дыууæ аууонæй афтæ æнцонæй иу кæй рауад, уый цы нысан кæны? Уыцы иудзинады баиу сты алыхуызон адæймæгты æмæ дзаумæтты аууæттæ. Æрмæстдæр сæ рухс хицæн кæны кæрæдзийæ.

Хорз у, талынг рухсæй фылдæр кæй у, уый. Талынгæн йæ бон у рухсы бааууон кæнын. Иннæмæй та, талынг цас у, уымæй фылдæр суа, уый гæнæн нæй, арт куы ахуысса, уæд; рухс та иугæндзон фылдæрæй-фылдæр кæны, уымæн æмæ ахæм стыр арт нæй, пыхсытæ баппарæн ма кæуыл нæ уа. Цы нысан кæны уый та?

 

* * *

Уыди, уыди мæм кæддæр бæх. Дзырдтон ма йæ. Махмæ афтæ фæзæгъынц: дæрдтыл ма дзур, цард цыбыр у. Бæндæн йæ даргъæй фидауы, ныхас йæ цыбырæй. Фæлæ нæ дыууæйæн иумæ цы ныхасаг ис? Иу дзургæ куы фæкæны, иннæ æрмæст хъусгæ, уæд уый ныхас нæу, фæлæ иу иннæйы дæлдзинæг кæны. Уый ды ласыс мæнæй бæндæн, мæ хинæйдзаг, мæ сæрæн хæлар.

Уæд æз æрыгон уыдтæн, æмæ мын ме ‘взонг зæрдæ дзырдта æнахуыр тасæфтауæг хабæрттæ. Æз сæ ныртæккæ нал бауæндин сфæлхатын. Фæлæ, кæд дæу фæнды, уæд дын сæ зæгъдзынæн. Уæд нæ зыдтон, æрмæст мæ къухтæ нæ, фæлæ мæхи æгасæй дæр цы фæкæнон, уый. Ницавæр куыст мын хаста æнцой, уымæн æмæ æнæнцой уыдтæн. Нæ фæлладтæн, мæ бон нæ уыд æхсæв фынæй кæнын, уымæн æмæ мæ фын бон æмæ æхсæвæй даргъдæр уыд, мæ цард иууылдæр фын уыд, бындзытæ æмæ фаджысы тæфæй былтæмдзаг фын. Мæ удхæссæг уыдысты цæвæг æмæ гутон. Суанг ма мын, йæ бæх, йæ хоры мыггæгтæ æмæ йæ бæлæсты талатимæ удæгæстимæ ныхасгæнæгау цы фыд ныхас кодта, уымæй дæр ме сæфт уыдтон. Уыдонимæ ныхас кодта, мемæ – никуы.

 

* * *

Уæвгæ, иу хатт ныхас кодта мемæ дæр. Дзырдта хуыздæртæй-хуыздæры къæбуты тыххæй. Дзырдта, зæгъгæ, дæ фæстæ чи ис, уыдон дæуæн ничи сты. Фæстæмæ кæсын никуы хъæуы, суанг, ныццæвынмæ дæ хъавынц, уый куы зонай, уæддæр. Бæрзонд æмæ номдзыд адæймаджы къæбут цымыдисагдæр у магусайы цæсгомæй. Хъуыддагмæ афтæ кæс, цыма æппæты фæсте ды дæ. Иннæты разæй фæуын диссаг нæу; дæхæдæг фæу дæхи разæй.

Цалынмæ уыдæттæ дзырдта, уæдмæ йæм кастæн æмæ хъуыды кодтон: чи дæ? Æз дæ нæ зонын. Уæд уый бахудæнбыл æмæ мæм йæ къæбут фездæхта. Ныццæвын мæ йæ бафæндыд, фæлæ уый фæстæмæ нæ фæкасти.

О, мæ уд бафæллад æнцад-æнцойæ, æмæ цалынмæ уыцы масты рæдзæ-мæдзæйы ныгъуылдæй хуым кодтон, кæнæ хос карстон, уæдмæ ме ‘взонг зæрдæ хъæр кодта: нæ мæ фæнды фынæй, фæнды мæ, иудадзыг дæр хъал æмæ хъæбатыр куыд уон! Фæнды мæ, хинæйдзаг æмæ тæссаг куы уаин, ницытæй-мацытæй амонд аразын æмæ йæ хæларæй, мидбылхудтау лæвар кæнын! Фæнды мæ искæйты цытджын æмæ æгад кæнын; фæнды мæ искæмæн стыр мæстытæ кæнын! Фæнды мæ худын æмæ кафын; фæнды мæ цард исын æмæ цард дæттын; хъæуынц мæ æппæт зæххон сылгоймæгтæ æмæ зæххæн йæ сыгъзæринтæ; фæнды мæ, чи мæ бахъыгдара, уый фенын!

Тæрсыс, мæ сахъ æмбал? Афтæ, гъе.

Бирæ азтæ рацыд уæдæй; мæ зæрдæ æруазал æмæ сси сылгоймагау дзæгъæлдзых; фæлæ æз ныр зонын: нæу йæ бон дзæдæлæн пехуымпар суæвын.

 

* * *

Мæ мады нæ хъуыды кæнын, æз куы райгуырдтæн, уæд амард. Ахæм нывонды аккаг нæ уыдтæн, фæлæ йæ уый нæ зыдта. Æниу, æдзухдæр исты нывыл нæ вæййы!

Мад нын фыццаг дары йе ‘хсыр, уый фæстæ йын цъирæм йæ туг, стæй йын бадæттæм дон. Уый нæ афтæ бузныг фæвæййы, ахæм зæрдæбын арфæйы ныхæстæ нын фæкæны, æмæ дзы хæсджынæй баззайæм мыггагмæ, фæстаг сулæфты онг. Мах уымæй фæзынæм дунемæ, уый та дунейæ махуылты аивгъуыйы.

Мæн мæ фыдыхо схъомыл кодта. Иу дзидзи кæимæ дадтам, уыцы æфсымæр уыд мæнæй афæдзы ‘рдæг хистæр. Ме ‘фсымæр рæсугъд æмæ сæрæн лæппу уыд. Æз, ард кæй ном нæ дзурыны тыххæй бахордтон, уый куы федтон, уæд бамбæрстон, мæ зæрдæ цæуыл фæдис кодта, уый: мæ фырттæ рагагъоммæ равзæрстой сæхицæн мад æмæ сæ фæнды рухс дунемæ рантысын.

 

* * *

Æнæкæрон быдыры иу дидинæг æртон: дидинджыты басты быдыр нæ бацæудзæн. Нал мæ хъуыдысты зæххыл цæрæг сылгоймæгтæ иууыл: хъæуы æрмæстдæр иу, иу фаг у; дыууæ сылгоймаджы хицау чи у, уый иуы хицау дæр нæу. Нæ сыхæгтæн бирæ устытæ дарыны бар ис, æмæ уыдон, сылгоймаг цы у, уый нæ зонынц.

Уæдмæ мæ фыд йæ фыдæлтæм фæцыд. Мæнæн æрмæстдæр иу бæх баззад, ирæд цæмæй бафыстаин, уый мын нæ уыд, æмæ чызг сразы йе скъæфыныл. Мах æм ме ‘фсымæримæ, дыууæйæ дæр бæхтыл, афтæмæй æнхъæлмæ кастыстæм хъæугæрон. Чызг мын афтæ, де ‘фсымæры бæх, дам, тыхджындæр у, æмæ æз уыимæ сбаддзынæн; ды та разæй цу. Фæсайдтой мæ. Ме ‘фсымæр мæ фæсте æрбахста, æмæ амардтæн. Нал æй хъуыды кæнын, фæстæмæ фæкæсын мæ фæндгæ нæ кодта æви мæ къухы нал бафтыд.

Амардтæн: йе ‘фсымæр чъылдымырдыгæй кæй æрбахса, уыдонæй алчидæр мард у. Фæивгъуыдта, фæлæ мæ уæддæр амардта. Мæ риу мын цæрдхуынкъ фæкодта, æз ахаудтæн, ныддис кодтон æмæ амардтæн.

Фыййæуттæ мæ ссардтой; фæлæ мæ нæ баныгæдтой. Мæхи куы æрæмбæрстон, уæд сæ, цæуылнæ мæ баныгæдтой, уымæй бафарстон. Зæгъын, адæмы астæу æнæныгæдæй баззайын худинаг у, мард адæймаг бæгънæг адæймагæй æвзæрдæр у. Мæнмæ нæ кæсгæйæ, загътой: «Дæ бæх бæхбæттæныл бастæй лæууы, дæ бон та у, удæгас суай, уый, фæлæ дæ хъæуы дæ маст райсын».

Æз фыййæуттæн хæрзбон загътон æмæ, мæ бæх идадзæй ласгæ, ацыдтæн…

 

* * *

Ныххатыр мын кæн, мæ тызмæг хæлар, бæх кæнæ хæрæг кæй нæ дæн, уый тыххæй. Æз дзургæ бирæ кæнын; ды та бынтон мадзура дæ. Уæвгæ, дзургæ æз нæ кæнын, мæ дзæгъæлдзых зæрдæ дзуры. Хорз, æмæ, мæ ахсæн куыд зоны дзурын, уый нæ фехъуыстай. Уæвгæ та, мæ ахсæн æбузн æмæ дзæнгæлгæнаг ныхас кæнын зоны, мæ зæрдæ та дзæгъæлдзых у сылгоймагау.

Фæлæ уый дæр раздæр ахæм нæ уыди. Дæ фарсмæ сылгоймаг куы нæ уа, уæд дæхæдæг сындæггай суыдзынæ сылгоймаджы хуызæн.

Нæлгоймагæй ис рауайæн сылæнгæс, фæлæ сылгоймагæй лæг никуы рауайдзæн. Нæлгоймаг сылгоймагæй стырдæр у; уымæй исты куы ахауа, уæд суыдзæн сылгоймаг, фæлæ нæлгоймагмæ, цы йын ис, уымæй фылдæр ницы бафтдзæн. Сылгоймагæй ист æрцыд – нæлгоймагæн лæвæрд у уæлдайджынтæй. Уый раст у. Нæлгоймаг сылгоймагæн куы ратта йæ уæлдæйттæ, уæд æмхуызон суыдзысты, æмæ уæд нал уыдзæн нæдæр сылгоймаг, нæдæр нæлгоймаг, нал райгуырдзæн ног адæймаг. Сылгоймаг – æнæбын сæрсæфæн, нæлгоймаг – хох.

Мигъ æмæ кæлмытæй æмыдзаг сæрсæфæнмæ кæсæгау кæсы нæлгоймаг сылгоймагмæ, цалынмæ йæ сæр нæ разилы, уæдмæ. Сылгоймаг уый никуы бамбардзæн.

 

* * *

Санчъех, санчъех, санчъех. Бæстæ ныхъхъус; къæдзæхты скъуыдтæй нал хъуысы дымгæйы уынæр, нал хъуысы хæхтæй згъорæг дæттæн сæ хъæр. Хъуысынц мæм æрмæст мæхи къахдзæфтæ æмæ мæхи зæрдæйы куыст. Размæ, мæ зæрдæ; ма мын бафæллай.

Стæй ма мæм хъуысы мæхи улæфт дæр: сулæфт – раулæфт, сулæфт – раулæфт. Сулæфын раулæфынæй зындæр у. Сулæфт æгомыджы уацары ис, раулæфты рæстæг та ис дзæгъæл бæр-бæр, æхситтытæ æмæ чъырттытæ кæнæн дæр. Æнæ сулæфгæ бирæ нæ бафæраздзынæ, раулæфты та гыццыл афæстиатгæнæн дæр ис. Сулæфтæн йæ бон махыл цæуы, раулæфтыл та – мах бон. Сулæфт – уацары нывæфтыд, раулæфт – сæрибары.

Нæ сулæфтæй мах баст стæм арвимæ, кæсаг донимæ куыд баст у, афтæ. Арвæй исæм нæ улæфт, зæххыл та, æрдзы лæвæрттæй пайда кæнгæйæ, кæнæм æрмæст хилгæ. Зæххыл цæрæм, фæлæ нын цæрыны фадат дæтты арв. Царды æцæг хос æрмæст арв у: улæфын нæ суанг фынæйæ дæр нæ рох кæны. Уæдæ ныл арвæн йæ бон зæххæй фылдæр цæуы. Мах стæм арвы, зæхх та у мах.

Гыццыл баулæфин? Уæртæ, сындзы къутæр цы фæзилæны ис, уырдæм куы бахæццæ уæм, уæд нæ фæллад суадздзыстæм, ме ‘нæнцой хæлар. Разы дæ ды дæр, мæнмæ гæсгæ. Тæрсгæ ма кæн, зæхмæ дæ куы ‘руадзон, уæд дæхи нæ ныццæвдзынæ; хъавгæ дæ æрæвæрдзынæн. О, фæлæ уый, цалынмæ æгас уай, уæдмæ; куыддæр амæлай, афтæ дæ къæдзæхæй асхойдзынæн. Дарддæр дæ-иу бирæгътæ æмæ хъæддаг куыйтæ хæссæнт сæ уæцъæфты…

 

* * *

О, уый афтæ уыд, мæ бæхы ластон идадзæй, нæ йыл уыд мæ бон сбадын, цалынмæ, мæ зæрдæ мæ цы агуры, уый базыдтаин, уæдмæ. Бафарстон æй, æцæг æй нал фæнды мæнæн хъизæмæрттæ æвзарын кæнын. Хъуыдыты аныгъуылд. Раст гъеуæд рацыд мæ размæ, цы лæджы кой дын кодтон, уый.

Уыныс, мæ ныхас куыд æрхæц-схæц у? Мацы мæ бадом, мæ лæмбынæг хæлар. Уый æрмæст царды цыд у фæткыл: дзургæ-дзурыны та, цæуыл дзурыс, уымæй иуварс ахизыс, ома, дарддæр цы уыдзæн кæнæ раздæр цы уыдис, уыдæттæм фездæхыс. Чи дæм хъусы, уый куыд фæнды, афтæ лæгъз ницæмæн ис радзурæн; уыцы хъустæ æдзухдæр æнхъæлмæ кæсынц æндæр раныхас фехъусынмæ. Адæймаджы фæфæнды, йæхи тыххæй йын куы дзуриккой, уый.

 

* * *

Куыд базыдтон, афтæмæй лæг йæ туджджынтæй лыгъд. Мæ бæх æмæ йын мæ хъыримаг радтон æмæ ссæрибар кодтон мæ зæрдæ. Мæ зæрдæ мæм сдзырдта: хорз, фæуæд афтæ. Йæ туг ын чи хъуамæ райстаид, уый амард. Мард чи фæци, уый та дын афтæ зынаргъ нæ уыд, цæмæй йын йæ марæгæн хъизæмæрттæ бавзарын кæнай. Уый уыд уыцы иу рæстæг хæлар æмæ знаг; ныр сæ иутæй дæр нал у æмæ сæ иннæтæй дæр; уый дæр амард: йæ маст кæмæй райса, уый нал ис. Уæд ма йæ бафарстон: кæд, йæ туг чи райстаид, уый нал ис, уæд ма удæгас чи у? Мæ зæрдæ мын загъта: ныууадз дæ хъуыдытæ; ивгæ чи кæны, æрмæстдæр уый баззайы йæхи хуызæнæй.

Уыцы лæг ма мæм уæлбæхæй æрдзырдта, æз дæр дын исты лæггад куы бакæнин, уый мæ фæнды, зæгъгæ. Æз ын бафæдзæхстон, цæмæй фæсхохы фыййæуттæн зæгъа: хуыздæр уыдаид, абон уæ райсомæй цы мард ацыд, уый куы баныгæдтаиккат, уæд, уымæн æмæ йе смаг кæлы. «Ницы кæны, – дзуапп мын радта уый, – адæймаг адæймагæн йæ митæм гæсгæ аргъ кæны, Хуыцау та – йæ фæндтæм гæсгæ; рæсугъд боцъо дарын кæй фæфæнды, уый фыццаг æнæдастхуыз вæййы». Бæхы фæрстæ æрбалхъывта æмæ ацыд.

Æз мæхимæ фæкастæн, уари цы мæлхъæй раппæлыд, раст уый хуызæн. Зоныс æй? «Рæсугъд къæдзил», – загъта уари. «Бæгуыдæр!» – фæхъæр кодта мæлхъ, – фæлæ йæ уари нал фехъуыста, уый уæдмæ дард уыд.

Дзæбæх фидар бадт мыл æркодтай, ме ‘гъатыр хæлар: æмбаргæ дæр æй нæ бакодтон, уыцы сындз къутæр нын фæсте куыд аззад, уый! Фæстæмæ куы фæкæсон, уæд ма йæ, цымæ, фендзынæн? Дард дзы ацыдыстæм? Æниу, цы уæлдай у? Мыййаг мын, фæстæмæ аздæхæм æмæ нæ фæллад уыцы къудзийы бын суадзæм, зæгъгæ, куы нæ зæгъыс? Ха!

 

* * *

Иу къахдзæф, дыууæ, æртыккаг. Фæстæмæ нæ кæсдзыстæм. Уæртæ мæйы рухсмæ цы тъæпæн дур æрттивы, уый раз баулæфдзыстæм.

Мæ зæрдæ куы ссæрибар, уæд уый дæр мæ ахсæнау дзæвгар рæстæгмæ ныхъхъус. Авд азы, авд зымæджы цыдтæн хæхты, æхсæв мæ-иу кæм æрæййæфта, уым кодтон æхсæвиуат, хордтон, мæ къух цæуыл хæст кодта, уый, никæмæн хъæр кодтон мæ ном.

Хæхтæ: уый цы у? Зын у йæ цард хæххон лæгæн, фæлæ ам арв хæстæгдæр у. Быдыры цы адæмтæ цæры, уыдонмæ афтæ хæстæг нæу. Ды та куыд хъуыды кæныс? Зæххы уæлцъар цæмæй спуси вæййы? Йæ хуылфы судзы æнахъинон гуыппарт, æмæ уымæй. О, фæлæ уыцы артмæ дæр мах иннæтæй æввахсдæр стæм! Хæхтæ – цæвиттон æмæ бæрцамонæг сты: хæхтæ чи никуы федта, уый нæ зоны царды хуыдалынг дæлдзинджытæ, нæ йын зоны йе ‘рттиваг бæрзæндтæ. Быдыры цæрæгæн кæцырдæмфæнды дæр у йæ бон цæуын, суанг йæ цæстытæ бастæй дæр йæ къах не скъуырдзæн; йæ бон цæугæ-цæуын фынæй кæнын дæр ма у. Хæхтæ та къæрцхъус уæвын домынц суанг, фынæй чи кæны, уыдонæй дæр. Хæхбæсты мæрдтæ дæр хъуамæ къæрцхъус уой. Быдыры адæм кæрæдзи хуызæн тынгдæр хъуамæ уой: хæлар адæймаг æдылы адæймагæй бирæ бæллиццагдæр нæу. Æрмæст хæхтæ бæрæг кæнынц, бæрзонд æмæ ныллæг цы у, уый: хæхты нæ адæмы астæу райгуырынц æппæты табуйаг дæр æмæ æппæты æнаккаг дæр.

Æз æнаккæгты нæ фауын, чи дæн æз, æмæ ныллæгдзинадыл дзурон? Æз фауын бæрзæндты. Тæссагдæр сæ чи у? Æнаккæгтæй æмæ фыдгæнджытæй ма тæрс, дæхи хъахъхъæн зæрдæхæлар æмæ растзæрдæтæй: уыдоны раз фæрæдийын тæссагдæр у!

 

* * *

О. Æз цыдтæн – æмæ дис кодтон: цас адæм ис зæххыл! Цæй гыццыл ма баззад уæгъд бынат! Адæмыл æмбæлдтæн алы къахдзæфæн дæр. Сæ уындæй мæ цæстытæ риссын райдыдтой, сæ хъæлæстæй къуырма кодтой мæ хъустæ. Фæлæ мæ уæддæр хъуыд сæ алкæмæн дæр зæгъын «æгас цу» – æмæ уый фæстæ дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын. Цæй æнтъыснæг æмæ-иу даргъ уыд уыцы рæстæг!

Куыд дæм кæсы, æгæстæ фылдæр сты æви мæрдтæ? Æз бирæ фæхъуыды кодтон. Фыццаг мæм фæкаст: æгæстæ фылдæр сты, уымæн æмæ дыууæ ‘фсымæрæн ис иу иумæйаг мард. Уый фæстæ мæм мæрдтæ фæкастысты фылдæр, уымæн æмæ иу мин фыдæлæн ис иунæг удæгас фæдон. Афтæ у: раздæр уыдысты æрмæст æгæстæ (мæрдтæ цот нæ кæнынц); стæй фæзындысты мæрдтæ, æмæ уыдон фыццаг уыдысты æгæстæй къаддæр, уымæн æмæ æрмæст æгæстæй цæуынц ног æгæстæ æмæ ног мæрдтæ. Рæстæджы цыдимæ мæрдтæ фæфылдæр сты æгæстæй: уымæн, æмæ гуыргæ кæнæм иу æнусы фагæн, мæлгæ та кæнæм бынтондæр. Ивгъуыд бонтæ сты мин-минтæ, абон та у иу; алы ивгъуыд бон дæр йедзаг у мæрдтæй, удæгæстæй дзаг у æрмæстдæр абон.

 

* * *

Размæ, размæ, размæ. Кæлæнгæнæг нæ дæ, ме ‘нæнхъæлæджы æмбал? Раздæр мæ-иу мæ къæхтæй хъуыд домын, цæмæй цæуой, ныр мæ сæхæдæг хæссынц размæ. Кæсын ме ‘рчъитæм: раст цыма æз нæ дæн, фæлæ æндæр исчи цæуы. Цымæ, æцæг хæссын æз хинæйдзаджы? Кæд мын мæхи ды хæссыс, мыййаг, хинæйдзаг? Цы зæгъдзынæ? Хæсгæ чи кæны æмæ хæсгæ кæй кæнынц, уыдонæй чи хинæйдзагдæр у? Чи хæссы, уый, уымæн æмæ йæхиуыл хинæй рацæуын бауагъта. Фæлæ иннæ дæр хуыздæр нæу: зоны, йæ хиндзинад хæрæджы хъустау зыны, уæддæр хæцы йæ хиндзинадыл, цæмæй иннæ йæхицæй ныббуц уа! Уый та, дыууæйæ дæр сæ кæрæдзийæн фæндаггоны лæдзджытæ кæй сты, уый нысан кæны.

Хъыг дын ма уæд, мæ хинæйдзаг хæлар. Уый æз нæ дзурын, нæдæр мæ зæрдæ æмæ мæ ахсæн дзурынц. Уый мæ къæхтæ дзурынц, æнæ мæнæй сæхæдæг цы къæхтæ цæуынц æмæ риссынц, уыдон. Æз ногæй базыдтон цæуын: мæ къæхтæ хъæрзын сæхицæн ныууадзынц, мæнмæ та дзы æрхауы хинæйдзаг цин. Æмæ цы, кæд ахсæны бон у дзурын, уæд къæхтæ цæуылнæ хъуамæ зоной дзурын?

Алы дзаума дæр зоны дзурын. Ехсæй мæ ныцъцъыкк кæн, æмæ, чи зоны, æз мацы сдзурон, фæлæ ды фехъусдзынæ, мæ царм куыд цъæхахст кæны йæ дудгæ рыстæй. Хохæй хаугæ дур фæдзæхсы бæллæхæй, цæмæй фæндаггон цырддзаст уа. Цæвæг йæхи дурыл куы сцæвы, уæд йæ хъæр дзаг вæййы фæсмонæй. Хъаматæ дзуарсагондæй куы сæмбæлынц, уæд сæ ныхас вæййы судзгæ масты къæрцц. Сыфтæрты сусу-бусу æнуд бон у дымгæйы рæвдыдыл зарæг.

Дун-дуне вæййы æнæсым, фæлæ æдзæм та – нæ.

 

* * *

Ды бафæрсдзынæ, сæ къухы сын цы федтон табуйаг дзаумайæ, хъама æмæ топпыхос табуйаг кæдæй нырмæ систы? Нæ зонын, мæ растзæрдæ хæлар. Хъама æмæ топпыхос æрхъуыды кодтой, табуйагæй цы ис, уый бахъахъхъæнынæн: æмæ, иугæр афтæ у, уæд сæхæдæг дæр табуйаг сты. Хъама табуйаг куы нæ уаид, уæд ын, æнаккаг цæмæй суа, уый мадзал дæр нæ уаид.

Знаг куы ‘рбалæбуры, уæд лæг йæ хъама сласы кæрддзæмæй æмæ йæ цард снывонд кæны, йæ мæрдтæй йын цы баззад, уыдон дæр цæй сæрвæлтау фесты мард, уыдæттæн. Ахæм аргъ кæны растзæрдæ лæг йæ мæлæтæн! Йæ цардæй йын йæ мæлæт кадджындæр у. Царды – ничи уаллон у, йæ адзалы бон та – хуыцау. Æгад, æнæфсарм адæймæгтæ та царды сты хуыцæуттау, адзалы бон – уаллæттæ.

 

* * *

Цæуын санчъехгай. Адæймаг куы амæлы, уæд хъуамæ æндæр цыдæр райгуыра. Уд сисын амоны уд бауадзын. Ахуыр, фæлтæрддзинад, фæдзæхст – ахуырад цæрын байдайы, ахуыргæнæг куы амæлы, уæд.

Цæгатаг моладзанты ныхæстæм гæсгæ та, искуы  æгæсты цардвæндаджы тæккæ кæрон ногæй нал уыдзæн мæрдтæ, мæрдтæ иууылдæр суыдзысты удæгæстæ, æмæ та уыдзæн, æппæты фыццаг куыд уыд, афтæ. Уыдзысты æрмæстдæр удæгæстæ æнæ мæрдтæй; æгæстæ мæлгæ нал кæндзысты. Удæгæстæ иууылдæр амæлдзысты, мæрдтæ иууылдæр райгас уыдзысты; ныр цардæн куыд ис кæрон, афтæ кæрон æрцæудзæн мæлæтæн: цæг сæхгæндзæн. Гъа! Мæхи æнæмæлæтыл ма искуыдты баууæндин, тынг мæ куы бафæндид, уæд; фæлæ куыд ис æнæ мæрдтæ цæрæн?

Цæгатаг моладзантæ, Хуыцау сæм кæй æрæрвыста, ахæм цавæрдæр зæрдæхæлар пехуымпары кой фæкæнынц. Уыдон æй амардтой, фæлæ пехуымпар Хуыцауы барвæндæй райгас æмæ сын загъта: кæсут, æз райгас дæн – æмæ мæ хуызæн куы уат, уæд сымах бон дæр уыдзæн, райгас уат, уый. Пехуымпары хуыдтой Чырысти, мах æвзагыл нысан кæны, Чи Рысти, Уый. Хорз ном у пехуымпарæн. Фæлæ цæмæ райгас? Маргæ кæй акодтой, уыцы пехуымпарæй ма хуыздæр цы хъуамæ уа? Кæд, æнæмæнг, хъуамæ райгас уыдаид, уæд Хуыцауы барвæнды разæй хъуамæ марджыты фæсмон æййæфтаид, уыдаид сæ тæригъæдтæ сыгъдæггæнæн лæгъстæйаг куывд, адæм уал се ‘ппæт дæр хъуамæ сæххæст кодтаиккой Пехуымпары фæдзæхст, уыйау суыдаиккой
цæстуарзон зæрдæхæлар. Уæд йæ сæрнывонд уыдаид æмбæрст. Дзурынц ма, зæгъгæ, дам, йæхæдæг зыдта, кæй йæ амардзысты æмæ кæй судæгас уыдзæн, уый. Уæд уый цæй хъизæмар у, цæй мæлæт у уый? Хал дзы халыл нæ хæцы, уый дын аргъау. Мах аргъæуттæ хуыздæр сты.

 

* * *

Радзурон дын дзы иу? Хохаг сугмæ хъæдмæ ацыд, æмæ йыл хæйрæг фембæлд. Зæрдæбын ныхæстæ фæкодтой, стæй, кæрæдзийæн хæрзбон куы загътой, уæд ын хæйрæг бафæдзæхста, цæмæй, хæйрæджы кæй федта, уый макæмæн схъæр кæна. «Цæуылнæ?» – бадис кодта хохаг. «Уымæн æмæ дыл ничи баууæнддзæн», – загъта йын хæйрæг. Хохаг ахъуыды кодта, стæй хæйрæджы рацахста, йæ голладжы йæ ныппæрста, æвдисæн, дам, мын уыдзынæ, зæгъгæ. Уый фæстæ лæг æндæр кæуылдæр амбæлд, æмæ йæ уый куы бафарста, йæ голладжы цы ис, уымæй, уæд ын лæг загъта: «Хæйрæг». Уый йын загъта, цæмæй йæ равдиса. Хохаг æй, алидздзæн, зæгъгæ, не ‘вдисы. Афтæ цæуы хохаг йæ хæйрæгимæ, æмæ, йæ голладжы хæйрæг кæй ис, ууыл ничи æууæнды.

Цæгатаг моладзантæ дæр цæмæйдæр уыцы хохаджы хуызæн сты. Хохаг йæ голладжы ком нæ райхæлдта, адоны та куыддæр бафæнды сæ пехуымпары равдисын, афтæ сын уæлæрвтæм атæхы.

* * *

Къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф. Иу хъуыддаг дзы цæуы мæ зæрдæмæ уæлæрвтæм тæхгæ пехуымпарæй. Сæрыстыр нæу: йæхи ехсæй нæмын бауагъта. Зын быхсæн æфхæрд у уый. Æз æй зонын.

Мæ бæх æмæ мæ хæцæнгарз куы радтон уыцы лæгæн, уымæн йæ дыккаг бон фембæлдтæн иу кънйазыл, зынаргъ хæцæнгæрзтæй ифтонг фæсдзæуинтимæ. Мах кънйæзтæ! Кæд уыд махмæ кънйæзтæ? Зæрæдтæ афтæ фæдзурынц, махмæ, дам, никуы ницавæр кънйæзтæ уыд. Нæ фыдæлтæм хъæздыгдзинадæн ницы нысан уыд. Алкæмæн дæр, цæмæй йын кънйазы кад кæной, уымæн хъама æмæ хæрзæгъдау фаг уыд. Ныртæккæйы кънйæзтæ хъал æмæ æнæрвæссон сты: кънйæзты хуызæнæй сæм ницы ис. Дзæгъæлы нæ баззад æмбисонд: фысты дзуг, дам, фæстæрдæм куы раздæхы, уæд æппæты къуылых фыс фæразæй вæййы. Фæлæ йæ бон разæй цæуын цастæ хъуамæ бауа! Къуылых дзæгъæлы нæ вæййы.

 

* * *

Æцæг кънйазы цæмæн хъæуы, сæрыстыр уа, уый æнæуи дæр кънйаз нæу? Кънйазы ном дæр æй цæмæн хъæуы, æнæуи дæр ын кънйазы кад куы ис? Æз æдзухдæр мæ цæстытæй мæ хъустыл тынгдæр æууæндыдтæн, зæрæдтæ-иу куы дзырдтой, удæгас кънйаз федтой, зæгъгæ, уæд. Æмæ уæвгæйæ та нæ кънйæзтæ иууылдæр сты æндæр адæмыхæттытимæ хæццæйæ гуырдтæ æмæ æндæр диныл хæст. Уыдон сарæх сты, нæ адæм сæ ном, сæ кадыл сæ къух куы систой, æцæгæлон æмæ фæсарæйнагæй цыдæриддæр ис, уыдонæн сæ сæрæй ныллæг кувын куы райдыдтой, уæд. Цагъартæ дæр уымæн систæм.

Кънйаз мæ, чи дæн, уымæй бафарста. Æмæ та уæд мæ ном мæ зæрдыл æрлæууыд. Мæ ном-иу мæ зæрдыл æрлæууыд, æрмæстдæр-иу мæ исчи куы бафарста, уæд. Уый хорз нæу. Дæ ном хъуамæ дæ былалгъыл уа кæддæриддæр: цыфæнды куы дзурай, уæддæр æй дæхи номæй хъæуы дзурын. Æз ын афтæ, уæддæр дын, зæгъын, æцæгдзинад нæ зæгъдзынæн, æмæ мын ахæм кадджын адæймаг гæды ныхас ма зæгъын кæнæд. Цæуылнæ йын зæгъдзынæн рæстдзинад, уымæй мæ куы бафарста, уæд ын æз дзуапп радтон, зæгъын, ферох мæ, циу уый –
мæнæ мæ мæ ном куыд ферох, афтæ. Уый мæм иуцасдæр фæкаст, йæ роцъойыл иуварс ахæцыд, афтæмæй дзы иунæг ныхас дæр не схаудта. Æз уæд нæ бамбæрстон, уый цы нысан кæны, уый. Стæй мын афтæ, æз, дам, дын феххуыс кæнин дæ ном дæ зæрдыл æрлæууын кæнынæн, фæлæ мæ не ‘вдæлы. Ехсæй мæ ныдздзæхст ласта, æмæ, худгæйæ, афардæг сты.

 

* * *

Искуы ехсы над бавзæрстай, мæ сæрыстыр хæлар? Зоныс, куыд тынг риссы? Дæхæдæг, чи зоны, нæ ныхъхъæр кæндзынæ; уыйхыгъд дæ царм æнæхъæн къуыри додой кæндзæн йæ рыстыл. Зоныс цæмæн? Хъамайы цæф ехсы кæнæ лæдзæджы цæфæй хуыздæр у; нæ фыдæлтæ-иу искæй канд маргæ нæ, фæлæ бынсæфт фæкæнынмæ куы хъавыдысты, уæд æй хъамайæн йæ тъæпæнæй цавтой. Алы ехсмæ дæр ис алæмæтон миниуæг: ехсы цæф дæ хæрæг фестын кæндзæн, уый размæ æгас комы кадджындæрыл нымад кæд уыдтæ, уæддæр.

Афтæмæй, кæсыс, бынтон дзæгъæлы дæ куырдтон хатыртæ, дæу йе рагъыл хæссы, хæрæг цы вæййы, ахæм хæрæг.

Дæ сæрмæ ма хæссыс ныр, дарддæр афтæ цæуын æмæ хæрæджы иудадзыг уастмæ хъусын? Дзæгъæлы, дзæгъæлы: алцæуыл æрвæссын нæ хъæуы, хъуамæ, цæуыл не ‘рвæссыс, ахæм дæр исты уа.

 

* * *

Къахдзæф, санчъех, къахдзæф. О, фæлæ Чи Рысти, Уый хæрæг нæ фестад. Цæуылнæ? Уымæн æмæ сæрыстыр нæ уыд. Ахæм – цы нымæт цæгъдай – хъуынджындæр. Сæрыстырæн та, хæрæг дзы куы рауайа, уымæй тæссаг вæййы.

Моладзантæн дæр радзырдтон, голладжы цы хæйрæг уыд, уый тыххæй. Æмбаргæ дæр мæ нæ бакодтой, мæнмæ гæсгæ. Иу дзы сылгоймагау æфсæрмдзаст худт бакодта æмæ афтæ: дæ голладжы дæр, дам, æвæццæгæн, зæд нæй. Уый цы нысан кæны? Æз ыл бирæ фæхъуыды кодтон. Цыма дзы исты нысан ис, афтæ мæм фæкаст, æцæгдзинадæй та – ницы. Фæлæ дзы кæд хъуыды ницы уыйбæрц уыд, уæддæр æй хорз загъта. Мæнмæ голлаг уæвгæ дæр нæ уыд; куы мæм уыдаид – уæд уыцы зондаби афтæ дæр нæ загътаид! Куыд поэттæ, афтæ сын ницы у, ацы саудартæн, фæлæ куырыхон не сты, нæ. Рæстдзинады охыл куырыхон цыфæнды дæр йæ тæккæ номæй зæгъдзæн; фæлæ поэт цы нæ æдылы дзырд æрхъуыды кæндзæн рæсугъд ныхасы охыл!

Кæнæ ма – ноджы. «Æмæ цы, – зæгъын уыцы æфсæрмдзаст саударæн, – кæд уым рæстдзинадæй ницы ис, кæд æппындæр нæ уыд зæххыл Чи Рысти, Уый, уæд та?» Уый та ногæй бахудти, фæсырх æмæ загъта: «Афтæ куы уа, уæддæр мæн фæнды, Чи Рысти, Уымæ хæстæгдæр куы уаин рæстдзинады бæсты».

Цы у уый? Исты нысан ын ис? Ис афтæ уæвæн, цæмæй хорз рæдыд, разы цы рæстдзинадæй нæ баззайай, уымæй хуыздæр уа? Фæлæ сырх та цæмæн аци?

 

* * *

Уыдон ма, сæрыстыр кæй не сты, уымæй уæлдай сæм æфсæрмдзаст дæр нæй: зæхх, дам, иууылдæр махæн баззайдзæн бынтæн. Цымæ, куыдæй? Цымæ, цæмæ æркæндзæн адæймаджы ахæм рæдыд хъуыды?

Фыстау сæ æрмахуыр цæмæн фæнды? Уымæн æмæ кæрдæгхор сырдтæн æрдзы зайæгхал лæвар у, тугдзыхты та холы амал кæнын хъæуы. Уыйхыгъд фыццæгтæ æппынæдзух хæргæ кæнынц, иннæтæн та ма рæстæг вæййы сæхи ирхæфсынæн дæр, уарзынæн дæр. Домбай, уæгъд рæстæг ын бирæ кæй ис, сырдты паддзах уымæн у. Уый цуан æппындæр нæ кæны, уый тох кæны, уымæй дæр йæхи æмсæртимæ. Æмæ куы фæхæрд вæййы, уæд æй йæ паддзахиуæгыл йæ къух сисын бахъæуы.

Ау, хъуамæ фысты бауа зæхх? Цы уыдзæн зæхх æнæ мысы æмæ æнæ бирæгъ? – паддзахад нæ, фæлæ хизæнуат.

 

* * *

Къахдзæф, дыккаг, иу ма. Зæхх, дам, тымбыл у, мæ лæгæты къæсæрыл цы стыр дур ис, уыйау. Ахæм къори-айкæй исты рацæуа? Цы фæуыдзысты адæм? Кæдæм хæсдзысты сæ табуйаг дзаумæттæ, цавæр кувæндоны сæ бафæнддзæн уыдон сæвæрын? Уыдонæн нæ уыдзæн иумæйаг кувæндоны æвæрæн, кувæндон зæххау егъау куы уа, уæддæр, уымæн æмæ дзыллæтæ алыхуызон адæмыхæттытæй гуырд сты, сæ табуйæгтæ дæр фæйнæхуызон уымæн сты. Уый тыххæй сты табуйæгты сæйрагдæртæ æндон æмæ топпыхос. Табуйæгтæ цыфæнды алыхуызон кæд сты, уæддæр æндон æмæ топпыхос алкæмæ дæр æмхуызон кадджын сты!

Чи зоны, раст сты цæгатаг моладзантæ, искуы мыггагмæ цæргæйæ чи баззайдзæн, æрмæст ахæм удæгæстæ райгуырдзысты. Рацæудзæн айкæй ног, фыццаг æмæ фæстаг, мæлæт кæмæн нæй, ахæм знæм, æрмæст фыстæ нæ. Кæд уымæн скъуындæг зæхх, кæд, мыййаг, алкæй дæр афтæ кæй фæнды, цæмæй уыцы знæмы уый фырттæ, уый туг, уый стæг уа фылдæр, уымæн цæуынц табуйæгты разæй æндон æмæ топпыхос?

Алы нæлгоймаджы дæр фæнды, цæмæй йе знæмы фылдæр уа уый фырттæ, уый тугæй равзæргæтæ. Æмæ алы знæмы дæр фæнды, цæмæй уыцы æнусон кувæндоны – Зæххыл, фылдæр уой уый æвзаг, уый аргъæуттæ, æгъдæуттæ æмæ табуйæгтæ.

Æцæгдæр афтæ у: куыд ма ис адæймаджы тугмондагæн хуыздæр бамбарын кæнæн – йæ фырттæн, йæ туг йе стæгæн, йæ кадджытæн æнусон царды фæндиагæй уæлдай? Нæлгоймæгтæ маст хæссынц, сæ сылгоймагыл сын æндæр нæлгоймаг йæ цæст кæй æрæвæры, уый охыл нæ, фæлæ æнусон царды тыххæй; æмæ адæмтæ ерыс кæнынц къуындæг зæххыл ахæм цардыл. Дунейыл нæй хæрамдзинад: ис дзы ерыс хъысмæты стырадыл, уæлахизыл. Цы ма уа уæлахизы комулæфтæй хайгонд цæсгомæй рæсугъддæр?

Фæлæ чи фæуæлахиз уыдзæн? Йæ дзых нæ гом кæнгæйæ, йæ уæрджытыл нæ лæугæйæ, чи кува, уый. Уымæн йæ хъуыдытæ сты Хуыцауæй лæвар уæлахизыл. Уый фæзæгъы: Хуыцау, балæвар мын кæн уæлахиз. Мæн уый айдагъ мæхи тыххæй нæ хъæуы. Æз ын йæ хорзæхтæй спайда кæндзынæн, куыд æмбæлы, афтæ рæстзæрдæйæ. Æз куы фæуæлахиз уон, уæд, састы бынаты чи баззайа, ахæмтæ нæ уыдзæн.

 

* * *

Куыд хъуыды кæныс, ме ‘нæрхъуыды хæлар: ацы ерысы нæ дыууæ нæ фæхæрд стæм? Мах дæуимæ – фæстæгтæ стæм; мах нæ фендзыстæм никæй цæсгом, фæстæмæ куы фæкæсæм, уæд; махæн нæ бон у æрмæст зындгондты æмæ уæлахиздзауты къæбуттæ уынын.

Нæ адæм дæр баззадысты састы бынаты: нæ табуйæгтæн нæ уыдзæн бынат уыцы кувæндоны, нæ дзурдзысты уæлахиздзаутæ мах æвзагыл, нæ зардзысты мах зарджытæ. Дзæгъæлы фæкалдтой нæ кадджын фыдæлтæ кæйдæр туг: нæ уайдзæн мах туг уæлахиздзауты тугдадзинты.

Æвгъауаг! Фæлæ ис аргъ махæн дæр, ис. Кафын куыд зонæм, уый та? Мах хуызæн ничи зоны кафын. Æндæр адæмтæм ис бирæ кæфтытæ, махмæ та ис иунæг – фæлæ цавæр! Иннæтæ сæ кафты æвдисынц сæ тыхджындæр æнкъарæнтæ æмæ æууæлтæ, кæнæ та фæзмынц цæрæгойты. Мах кафты та, кæд исчи æвдыст æрцæуы, уæд æрмæстдæр хуыцæуттæ. Æмæ, кæд хуыцæуттæ кафын зонынц, уæд мах та нæ кафты стæм хуыцæутты хуызæн.

Размæ, размæ, къахдзæфгай.

 

* * *

Фæлæ ис æндæр хуызы уæлахизтæ дæр. Куыд хъуыды кæныс ды та, мæ хинæйдзаг хæлар? Цæй, æмæ афтæ бакæнæм, цæмæй махыл фæуæлахиз уой! Ма уæм сæрыстыр, цæмæй нæ хæрджытæ ма рауайа.

Цымæ, фæхæрд уæвгæйæ, нæй уæлахизгæнæн? Уæлахиздзаутæ куырм сты, сæ уæлахизтæ сæ бакуырм кæнынц, сæ фыдбылыз ис, хуыздæрты-хуыздæры къæбут куыд рæсугъд у, уый кæй нæ зонынц, уым æвæрд.

Æрмæст фæуæлахиз уай, уый фаг нæу: æрмæст рæсугъд уæлахиз у хорз. Æз федтон, сæдæ хатты чи фæуæлахиз, ахæм адæймаг. Фæлæ иу хатт састы бынаты куы баззадаид, уæд уый йæхицæн хуыздæр уыдаид.

 

* * *

Æз зонын, хæдзары хицау уа, уый кæй нæ бафæндыд, ахæм лæджы дæр. Хæдзары хицау уай, уый дæ нæ фæнды – уыдзынæ уазæг.

Æз зонын ахæм лæджы, боныгон худгæ чи кæны, æхсæв та – кæугæ. Ныммæл, æнамонд: æрмæстдæр амонд у царды сæрыл дзурæг.

Æз зонын æвзæр миниуджытæй сæрибар адæймаджы дæр. Фæлæ, æвзæр миниуджытыл хæст кæй нæ дæ, уый нырма фаг нæу, хъуамæ дæм хæрзтæ дæр уа.

 

* * *

Афтæ, афтæ: æргом фæхæрд дызæрдыггаг уæлахизæй хуыздæр у. Алкæй дæр фæнды, йæ алыварс æрмæст раст адæм куы уаид, фæлæ йæхæдæг раст адæймаг уа, уый алкæй нæ фæфæнды. Зæхх дæ рæбинагдæр бæллиццæй хъацæнджын кæнын – нæ, уый мæнæ нæу! Ома дæ тугæй, паддзахиуæг ыл чи кæндзæн, уыдоны хæрзæбонæн зæхх сойджын кæнын! Фæлæ æрмæст уыйадыл ссардзæн иудзинад састы баззайæг æцæг уæлахиздзауимæ.

Адзалы раз иууылдæр иунæг вæййынц: æрмæст иунæг хатт æмбæлы йемæ алчи лæгæй-лæгмæ. Алкæмæн дæр йæ мæлæт æндæрхуызон у, никæй мæлæтимæ йын ис фæхæццæ кæнæн, райгуырдæн, цардæн куыд нæй фæхæццæ кæнæн, афтæ. Фæлæ искуыдæр ма адæймагæн уæлдай нæу, æппæт адæмимæ амæла, æви иунæгæй йæ къонайы фарсмæ, кæнæ йæ лæгæты? Фæзæгъынц: дыууæ хатты ничи мæлы, адзал иу хатт вæййы. Уый афтæ нæу: суанг æртæ мæлæты дæр ис иу адæймагæн: йæхион, æппæтадæмон æмæ æппæтдунеон.

 

* * *

Къахдзæф, иу ма, ноджыдæр ма. Уыдон дзурынц: баууæнд, кæннод дæ мæлæты фæстæ, зындоны куы нæ уай, уæддæр дзæгъæлдзу кæндзынæ зындон æмæ дзæнæты ‘хсæн, зæххыл аууонау хъеллау кæндзынæ, дæ дзæгъæлдзых зæрдæ та дын цыдæртæ гуым-гуым кæндзæн æмæ дæ скæндзæн дæ хъуырмæ.

Омæ хорз, афтæ дæр фæуæд. Цæмæн мæ хъæуы табуйаг, куы мæ бафæнда, уæд æй цъыфмæ нывзилын мæ бон куы нæ уа, уæд?

Адæм, æвæдза, сæхицæн дурзæрдæ хуыцæуттæ сарæзтой! Æмæ адæмæн уыдоны æппæтуынаг цæстæй бамбæхсæн никуы ис. Адæймаг та æнæ сусæгдзинад адæймаг нæу, фæлæ – фос. Суанг æй йæ Хуыцауæй дæр фæхъæуы аууон ран; æмæ йæ, цымæ, Хуыцау иунæгæй никуы ныууадзы, ау, уæд та йæхи хъуыдыйы ацæуыны сахат?

Æнæуи æз æндæр хуызы дзырдтон. Æцæг æй нæ хъуыды кæнын, дæуыл куы амбæлдтæн æмæ дæ ме ‘рагъыл куы сæвæрдтон, уый размæ уыд æви фæстæдæр. Худгæ ма кæн: æрмæст æдылы нæ фæкæны йæхиимæ быцæу, æрмæст æдылы вæййы æппынæдзух йæхицæй разы. Иу рæстдзинад кæм ис, уым æндæр рæстдзинадæн бынат нæй. Алы æдылыдзинадæн дæр ис йæхи рæстдзинад; æдылы бынтон æнæзонд нæ вæййы. Фæлæ дæумæ куыд хуыздæр кæсы, æдылы дæ хоной æви æнæзонд? Афтæ, афтæ. Æнæзонд æдылыйæ хуыздæр у.

 

* * *

Ахæм коммæгæс, ахæм сæрыстыр уай, уый ницæмæн хъæуы: хъуамæ истæуыл æлгъ кæнын дæр зонай. Мæ зæрды ме ‘фсымæры туг ныккалын куы уыдаид, мæ фæнд æххæст кæнынмæ куы цыдаин, уæд мæ цæвын дæр ничи бауæндыдаид. Стæй сын æфсон дæр нæ уыдаид: æз бæхыл бадтаин æд хъыримаг, мæ ном дæр загътаин. Кънйазæн нæ, фæлæ суанг хæйрæгæн дæр. Ном æмбæхсын раст нæу, уый æдылы хъуыддаг у, искæй тугагур куы уай, уæд дæр. Уæд ды тугисæг нæ дæ, фæлæ къæрных.

Гъе, афтæ мæ фыццаг маргæ акодтой, уый фæстæ та мæ хæрæг фестын кодтой. Фæлæ, æз хæрæг куы нæ фестадаин, уæд дæуæн, йæхæдæг дæ йе ‘ккой чи сæвæрдтаид, ахæм хæрæг кæм уыдаид?

Къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф. Уæд ма мæ хъама дæр мæхимæ уыд, фæлæ йыл æз хъуыды дæр нæ акодтон. Ме ‘муд куы ‘рцыдтæн, уæд мæм мæ зæрдæ сдзырдта, хæрæгыл, дам, хъама нæ фидауы. Изæрæй æрхæццæ дæн тæрсбынмæ, ракодтон мæхицæн лæдзæг, мæ хъама та æд рон уыцы тæрсы бын баныгæдтон. Куыд дæм кæсы: уымæй мæ хъамайы кад истæмæй фæчъизи кодтон?

Мæ худ дæр аппæрстон, мæ цухъхъайы бæрцытæ дæр раскъуыдтон. Басылыхъмæ нæ бавнæлдтон: басылыхъхъ хорз у хуры дæр æмæ къæвдайы дæр. Басылыхъхъ мæнæн у, бæхæн цæстытæ æмбæрзæн цы у, уый: цæуыс, дæ къæхты бынмæ кæсыс, дæ развæндаг йеддæмæ ницы уыныс. Хорз у афтæ.

Æхсæвиуат дæр кодтон уыцы хъæды, дымгæ цы зæронд наз бæлас афæлдæхта, уый бын, æмæ мæ фыны федтон мæ фыды. Йæ астæуы онг уыд бæгънæг, йæ гуыбын фазт. Дон бацагуырдта, æмæ йын радтон. Дурынæй цы дон нызта, уый тугæмхæццæйæ цыхцырæй фæстæмæ калд йæ цæфæй. Уый тыххæй йын нæ уыд бафсис. Æз ын куы загътон, ме ‘фсымæр мæ фæсте æрбахста, зæгъгæ, уæд мæ бафарста, фæстæмæ фæкæсын, дам, дæ æцæг нæ фæндыд?

 

* * *

Райсомæй мæ цæстытæ байгом кодтон æмæ федтон бæлæстæ. Кæд мын ихæн уыд, уæддæр ма дзæвгар рæстæг хуыссыдтæн афтæ. Иуварс лæууыд мæрдон хус фæткъуы бæлас. Уый бæлæстæн се ‘ппæты рæсугъддæр уыд.

Искуы бафиппайдтай, фæззæджы сыфтæр æрмæст удæгас бæлæстæй кæй згъæлы? Саст къалиу æмæ хус бæласæй сыфтæр нæ хауы. Цард мæлæтæн холы у. Цæмæй амæлай, уый тыххæй хъуамæ удæгас уай. Цæргæ куы нæ кæнай, уæд мæлгæ куыд хъуамæ акæнай?

Искуы нæ зæппæдзты мидæмæ бакастæ? Цæсгæмттæй сæры къуыдыртæн цæрæццагдæр хуыз ис. Сæры къуыдыртæ цæстмæми не сты. Цæсгом – æрмæст дзыппыдаргæ цæсгом у, ивæн хайау. Тынг ыл куы ахъуыды кæнай, уæд уындзынæ æрмæст сæры къуыдыртæ, цæсгæмттæ дæ хъуыдыйы дæр нæ уыдзысты. Бæлас йæ сыфтæр куы азгъалы, уæд йе ‘цæгдзинад йе стæгдары разыны. Фæлæ адæймаджы стæгдартæ кæрæдзи халдих сты, бæлæстæй, сæ уд æмæ сæ хъæдæй, алкæцы дæр у æрмæст йæхи хуызæн. Алы бæласæн дæр ис йæхи хъæлæс, йæхи хъæр, йæхи змæлд: йæхи къалиутæ – уæлæрвтæм ивæзт къухтæ. Æрмæст хæрис бæлас у састзæрдæ æрхæндæджы фæлгонц.

Бæлæстæн сæ къалиутæ сæ уидæгтæй даргъдæр кæй сты, уый цы нысан кæны? Бæлас дæр хæцгæ зæххыл кæны, цæргæ та арв æмæ хурæй. Уымæн йæ сæр нæ разилын кæндзæн цыфæнды цæхгæр къуылдым дæр: уыцы æмраст ивазы йæхи хæрдмæ.

Уыйхыгъд ичъийæн йæ фылдæр хай зæхмæ, талынгмæ арæзт у. Уыдон ын арвæй адджындæр сты. Уымæн хæцы зæххыл бæласæй тынгдæр.

Зæхх йæхимæ æлвасы, йæхи æнгæс цы у, уый; арв та – йæхи æнгæс цы у æмæ йæ цы хъæуы, уый. Ивазынц нæ алырдæм фæндыры тæнтау, – уымæн вæййæм маст æмæ хъизæмары хай, фæлæ зæлланг дæр уымæн кæнæм!

Буар дур у, хæссинаг; аппар æй æмæ стæхдзынæ уæларвмæ, Чи Рысти, Уыйау!

Сыстадтæн, райстон мæ фæндаггон лæдзæг æмæ араст дæн. Гъе уæд федтон, лæдзæгимæ цæуын куыд хорз у, уый: къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф – къæхтæ дæр цæуынц, къухтæ дæр сты сæ бынаты, нæ дæ хъыгдарынц.

 

* * *

Адæм бирæ ис зæххыл, фæлæ дзы æдасæй салам кæмæн раттай, «æгас цу» кæмæн зæгъай æмæ æхцонæй дзуапмæ кæмæ банхъæлмæ кæсай, ахæмтыл стæм хатт фембæлдзынæ. Адæймаджы мин хатты бахъæуы сфæлтæрын, цæмæй хæларзæрдæйы фыдзæрдæйæ иртасын базона. Стæй ууыл куы сахуыр уай, уæд та дæм уымæй æнцондæр, хуымæтæгдæр ницыуал кæсдзæн. Фыдзæрдæйы æргомзæрдæйæ куыд раиртасæн ис, уый зоныс? Ам сæрыкæхцмæ нæ, фæлæ цæсгоммæ кæсын хъæуы. Цы у адæймаджы цæсгом, цы ‘вдисы уыцы мæнг цæсгом? Сæрыкæхц цы ‘вдисы, цæуыл дзуры, уый махмæ нæ хауы, мах æй бамбарынхъом не стæм; цæмæн у сæрыкæхцæн йæ хуыз цæсгомы хуызæй æцæгдæр? Уымæн æмæ йæм æппындæр ницы ‘нкъарæнтæ æмæ монцтæ ис, мард у. Адæймаджы цæсгомыл та зыны, йæхицæн цы Хуыцау сныв кодта, уый. Æвдисы, йæ уд ын дунеимæ цы монцтæ бæттынц, уыдон. Цæсгæмттæ, дуне цы айдæнты зыны, уыдон сты. Фæлмæнзæрдæйы цæсгом – сыгъдæг æмæ лæгъз айдæн, йæхæдæг цыфæнды фыдуынд куы уа, уæддæр; фыдзæрдæйы цæсгом – тар æмæ гæлиртæ, цыфæнды рæсугъд куы уа, уæддæр; фæлæ рæстуды цæсгом, куырыхоны цæсгом йæхæдæг цæхæртæ калы тары; уый кæнгæ цæсгом дæр нæу æмæ айдæн дæр, уый у цырагъ. Æз ахæм нырма нæма федтон.

Цæгатаг моладзантæ дзурынц, зæгъгæ, сæ сыгъдæджытæ, æнæтæригъæдтæ сæ амæлæты фæстæ ‘мбийгæ нæ кæнынц. Нæ зонын, æцæг сæм ис ахæмтæ, фæлæ, кæд искуы сты, уæд хъуамæ æцæгæйдæр афтæ уа: æнæтæригъæды цæсгом, марды цæсгомæй йæхæдæг чи æрлæбыры, ахæм мæнг цæсгом нæу, уымæн раив-баивгæнæн нæй.

О, адæм бирæ уыди, фæлæ хæларзæрдæтæ бирæ нæ уыдысты; фембæлдтытæ дæр бирæ, цаутæ та – нæ. Æмæ уый хорз у. Мæн цаутæ нæ хъуыд. Фæндаг, æрмæст фæндаг. Фæлæ мын фæндаг дæр нæма уыд; æрмæст – рахау-бахау. Уый фæстæ, мæ рахау-бахау куы фæцис, фæндаг уæд фæзынд.

 

* * *

Иухатт мыл, хъæдæй рацæйцæугæйæ, амбæлди æртæ адæймаджы –
лæг æмæ ус сæ лæппуимæ. Уæдмæ мæ фæндаггон лæдзæджы дæргъ æртæ уылынджы цыбырдæр фæци. Уыдон сæ хъæуккæгтæн ластой цæхх. Лæппу бадт йæ мады хъæбысы уæрдоны, цыдаид ыл авд азы бæрц. Афтæ зынд, цыма фынæй у. Фæлæ сын салам куы радтон, уæд мæм ракаст, æмæ йын йæ хуыз æмæ йæ цæстæнгасæй тæрсæгау фæкодтон. Ахæм цæстæнгас вæййы, цардæй чи сфæлмæцы, ахæм зæронд лæгтæн; æнцъылдтæ цæсгом æмæ Сырдоны фындзы хуызæн цыргъ къæдз фындз. Йæ фыды йын бафарстон, цы кæны, ахæм хуыз ын цæмæн ис, зæгъгæ. Фыды ныхæстæм гæсгæ, лæппу рынчын уыд цавæрдæр æбæрæг низæй, фондз азы йыл куы сæххæст, уæдæй фæстæмæ зæронд кæнын райдыдта.

Зæххыл цы низы хатт нæй, цы! Адæймаг сæ ныхмæ ахæм æнæбон цæмæн у? Уымæн, æмæ низтæ нæ тæригъæдтæй гуырынц, фæлæ нæ уыйхыгъд та стырдæр тæригъæдтæй ирвæзын кæнынц. Æрмæстдæр рысты бон у адæймаджы бауромын; тæригъæд хъуыддаг мондæгтæй гуыры, рыст та мондæгтæ суадзыны зыгъуым у.

Уæрдонæй иуцалдæр къахдзæфы фæсте куы аззадыстæм, уæд та лæджы бафарстон, зæгъын, дæу аххосæй дзы ницы ис? Йæ бон мæ уыд, йæ къамбецы цы уисæй тардта, уымæй æрцæфтæ кæнын. Уымæн йæ цæсгом кæд Нарты Ацæмæзы цæсгомау рæсугъд уыд, уæддæр йæ фырты цæсгомæй тынгдæр æфтыдта адæймагыл тас. Загъта мын, уый, дам, дæ хъуыддаг нæу, фæлæ аххосджын уый нæу, аххосджын йæ бинойнаг у. Йæ бинойнаг куырысдзау у; ныр-иу мæйы зæрондыл æртæ ‘хсæвы фæд-фæдыл ус-бирæгъ фестдзæни.

Адæймаг хæрæг кæй фесты, уый æз хорз зыдтон, фæлæ, ус-бирæгъ чи фесты, ахæм сылгоймаг фыццаг хатт федтон. Уый уыди æрыгон æмæ рæсугъд, зæронд гыццыл лæппу та йын фыццаг хъæбул уыд. Лæг ма йæ ныхæстæм бафтыдта, сывæллон ма йæ бæргæ кæй хъæуы, фæлæ тæрсы, ахæм зæронд лæг та йын куы райгуыра.

 

* * *

Лæджы куы бафарстон, йæ бинойнаг ус-бирæгъ куыд фестдзæн, уымæн ницы хуызы ис фенæн, зæгъгæ, уæд мын бамбарын кодта, æрмæст семæ ацæуынмæ мæ ныфс кæд бахæссон, уæд, кæннод мæ цымыдисы тыххæй ам райсомраджыйæ талынгмæ кæй не ‘нхъæлмæ кæсдзысты. Мемæ нырма афтæ хуымæтæг æмæ бæстон ныхас никуыма ничи кодта.

Стæй мæхæдæг дæр ахæм хуымæтæг нырмæ никуы уыдтæн. Цы дæн, уый ныры хуызæн никуы рабæрæг, кæд адæймаг нæ, фæлæ хæрæг уыдтæн, уæддæр. Гыццылæй бирæ алыхуызон таурæгътæ фехъуыстон ус-бирæгъты тыххæй, фæлæ сæм мæ хъус никуы ‘рдардтон, ахадгæ никуы уыдысты мæ цæсты. Ныр гыццыл сывæллонау æрхъæцмæ нал хъæцыдтæн æмæ сæ уæрдоны фæстæ араст дæн.

 

* * *

Къахдзæф къахдзæфы фæдыл. Нæма амардтæ, мæ цымыдис хæлар? Дæ хъустæ уæрæхгом сты, алцыдæр хъусынц. Дæ цымыдис дæ мæлын нæ бауадздзæн дæ афонæй раздæр. Зоныс, нæ цымыдисы руаджы мах кæнæм æвзонгдæр, нæ зонындзинæдтæй та кæнæм карджындæр, æмæ ма нæ суанг сафгæ дæр кæнынц. Гыццыл зæронд лæппуйы цæстытæ уыдысты фыдвæллад æмæ афтид, æмæ мыл уый тас æфтыдта.

Уыныс, мæнмæ афтæ диссаг нал кæсы ме ‘нæрхъæц, кæдæмдæр тæхын мæ тых мæ бонæй, æз хæрæг нал дæн, æз дæн ахъаззаг араппаг бæх! Цымæ, кæм ис уыцы урс тъæпæн дур, дæу дæ фæллад суадзыны тыххæй æрæвæрынмæ кæуыл хъавыдтæн, уый? Мæйы рухсмæ цæхæртæ цы дур калы, уый! Афтæ дард у ныр, æмæ дæ бауырнæд, æхсызгон дæр ма мын у, йæ иувæрсты кæй раивгъуыдтам: ныр, æрмæст цалдæр къахдзæфы куы фæфæстиат уыдаиккам, ууыл ахъуыды кæнынæй дæр тæрсын.

Тынг куы згъорай, уæд фыццаг къахдзæф акæнынæй æрлæууын зындæр у. Цы аххосджын дæ фæци кæцыдæр къахдзæф, цæмæй фæстаг суа? Цæуыс размæ, къахдзæф къахдзæфы фæстæ; æмæ, цы дæ, уымæй дæ алы къахдзæфы дæр дæхæдæг дæ; алы уысм дæр у æрмæст къахдзæфы дæр, цы къахдзæф хъуамæ акæнай, уый. Æцæг дзурынц не ‘дылы адæм фыццаг къахдзæфы тыххæй, зæгъгæ, хъæуы мин-мин къахдзæфы акæнын, цæмæй, иу къахдзæф цы ахады, уый бамбарай, цæмæй фыццаг къахдзæфы аргъ базонай!

 

* * *

Æхсæвиуатæн равзæрстам бæзджын æхсæрбын. Лæг мæ куыд бафæдзæхста, афтæмæй хъуамæ ма бафынæй уон. Æрмæст уæд фендзынæн, цы фенын мæ фæнды, уый. Æрбадтæн кæрдæгыл, мæ фæсонтæ æхсæры хъæбæр зæнгмæ сарæзтон. Сылгоймаг йæхи дардта, куыд вæййы, афтæ. Фæлæ мын мæ цæстæнгас æлвæста йæхимæ. Æртæйæ дæр схуыссыдысты уæрдоны сæ цæххы голджытыл, сæ гыццыл зæронд лæппу – се ‘хсæн.

Куыддæр цæлхыдзаг мæй арвыл ссыд, афтæ мæ хуыссæг йæ быны анорста; мæхи ныхъхъæддых кодтон, фæлæ мыл уæддæр, ныронг кæй никуыма бавзæрстон, ахæм адджын рæдзæ-мæдзæ æртыхст. Къаннæг цъæх сыл бирæгъ мæ цуры алæууыд æмæ мын афтæ: «Æрмæст нæ чи уарзы, цæрддзу ныл чи кæны, уыдоны хъыджы бацæуæм. Саби йæхи фæбуцтæ кæны, уымæн æмæ зоны мады уарзт; лæг йæ усы фæнæмы, уымæн æмæ йæ йæ бинойнаг уарзы. Æцæгæлонæй тас у, уымæн æмæ нæ зоныс, уый хъæддаг сырдау йæхи кæд цы хуызы равдисдзæн, уый; чи дæ уарзы, уый та де ‘рмахуыр зæд у – сæууон уæлдæфау сыгъдæг æмæ æргом у дæ цуры. Уый сæрдыгон хур бон аууон не ‘ппары. Йæ утæхсæнтæ дын зонгæ сты, – уымæн дын хæссынц амонд. Уымæй адджындæр ницы ис, дæ уарзон адæймагæн стыр тухæнтæ æвзарын кæнай; уыцы æнаххос уд куыд хъизæмæрттæ кæны, уымæ кæсгæйæ йын зæгъай: ма мæ уарз, уыныс, куыд азымджын æмæ дурзæрдæ дæн; Хуыцау нæй, уарзондзинад нæй; ис æрмæст тас, хъахбайдзинад æмæ бирæгъы ниуын».

 

* * *

Бæлвырд нæ зæгъдзынæн, афтæтæ мын бирæгъ дзырдта, уый, фæлæ ацы ныхæстæ хъуыстон. Æз æй бафарстон, уый цы нысан кæны, зæгъгæ; æмæ мын дзуапп радта: ма æууæнд, мæ лæг дын цы дзуры, ууыл. Стæй мыл йæхи ныццавта æмæ мын йе ссыртæ мæ хурхы фæсагъта. Фæлæ уый мæнæн æрхаста, æрмæст уарзон сылгоймаг цы ‘нæкæрон æхсызгондзинад æрхæссы, ахæм цин.

Куы райхъал дæн, уæд мæ йæ лæг бафарста, федтон, цы фенын мæ фæндыд, уый. Æз мæ хурх асгæрстон æмæ, æгас æхсæв кæй фæфынæй кодтон, ууыл басастæн. Уый бахудт æмæ мæ, дарддæр ма семæ цæуын æви нæ, уымæй бафарста. Æз ын разыйы дзуапп радтон.

 

* * *

Къахдзæф, санчъех, къахдзæф. Цы ныхъхъус дæ? Æз зонын, ме ‘нæууæнк æмбал, ды хъуыды кæныс: «Цытæ мын радзырдтай, уыдонæй æнæхъоладæр хабар нæй». Æз дын нæдæр сомы кæнын, нæдæр ард хæрын, æцæг афтæ кæй уыд, ууыл, фæлæ дын дзырд дæттын, мæныл цы ‘рцыд, уымæн æндæрхуызы радзурæн нæй.

Дыккаг æхсæв дæр та гыццыл сабийау фæфынæй кодтон. Сыл бирæгъ та æрбацыд æмæ мын афтæ: «Хуыцау нæй, зæгъгæ, дзæгъæлы дзурыс. Куы уаид, уæд – хуыздæр. Уæд æдас уаиккам. Хуыцауæй чи тæрсы, уый æндæр ницæмæйуал æмæ никæмæйуал тæрсы. Уый уæд марды хуызæн у, уымæн æмæ æдзухдæр цæттæ у мæлынмæ; мард мæлынæй нæ тæрсы, цæрын та йын æхсызгон у».

Бафарстон æй, æлгъыст æй цæй тыххæй баййæфта, уымæй. Сылгоймаг мын радзырдта, йæ фыд æрыгонæй бирæгъы хуыкком кæй ссардта æмæ йын йæ авд лæппыны кæй амардта. Мад-бирæгъ сын холы дзæгъæлы æрбахаста æмæ авд боны æмæ авд æхсæвы фæниудта. Стæй ма мын загъта, йæ лæппу бирæгъы фырт кæй у æмæ йын æрмæстдæр бирæгъы цæрæнбоны бæрц цæрæнбон кæй ис; уымæн у афтæ зæронд ныридæгæн. Йæ сывæллон куы амæла, уæд фервæздзæн йæ кæлæнæй.

Æз æнхъæлдтон, йæхи та мыл ныццæвдзæн, фæлæ уый фæцыдæр.

Лæг та мæ райсомæй куы бафарста, исты федтон æви нæ, уæд ын ницы схъæр кодтон, æрмæст загътон, зæгъгæ ма мæ фæнды иу хатт бавзарын. Уый та ногæй бахудт.

Цыдыстæм хъæды. Æз саунæмыджы гагатæ æртыдтон æмæ сæ лæппумæ бадардтон. Уый йæ мадмæ бакаст, æмæ йын мад куы загъта, райс сæ, ма тæрс, уый хæларзæрдæ адæймаг у, зæгъгæ, уæд сæ райста.

 

* * *

Адæймагæн, æрдзы иу иннæуыл куыд баст у, уый зонын йæ бон нæу. Афтæ йæм фæкæсы, цыма сæ зоны, æмæ арæх уымæн фæдзуры: «уымæн æмæ…» Фæзæгъы: ахаудтæн, уымæн æмæ, мæ фæндагыл цы дур уыд, уый нæ федтон. Фæлæ хъуыддаг æндæрхуызон вæййы: дæ къах абон скъуырдтай, хаугæ та бирæ азты фæстæ акодтай. Мах аххосджын цы дуры фæкæнæм, аххосджын уый нæ вæййы. Уымæн вæййы нæ ныхас дæлвæдзыг-уæлвæдзыг. Хъусыс, æз дæр та загътон: «уымæн».

Уæд та æрлæууиккам? Уæртæ, фысы сæры хуызæн цы къæдзæх у, уый бакомкоммæ куы бахæццæ уæм, уæд баулæфдзыстæм.

Сылгоймаг мæ, хæларзæрдæ у, зæгъгæ, куы загъта, уæд та
ахъуыды кодтон: дзæгъæлы загътай афтæ; райсом дын дæ бирæгъы лæппыны фæхынцын мæ бон нал суыдзæн. Цæмæ йæ хынцон, æнæуи дæр хæларзæрдæ куы дæн, уæд? Æххæст ма мæ мæ цалдæр цъæх фæткъуыйы тыххæй дзуар дæр схон.

Мæн нæ фæндыд, хæларзæрдæ уыдаин, уый, нæ мæ фæндыд, нæдæр хæларзæрдæ, нæдæр фыдзæрдæ, нæдæр хæрæг, нæдæр бирæгъ уон, уый. Нæ зыдтон, цы мæ фæндыд, уый. Æз барæй аззадтæн сæ уæрдоны фæстæ æмæ бафарстон мæ зæрдæйы. Уый мын загъта: «мацы дæ фæнда»-йæ хуыздæр ницы ис. Фæлæ мæ сылгоймаг нæ уагъта. Æз ын дардæй кастæн йæ чъылдыммæ, цыдтæн æмæ мæхицæн мæ бæллицты ныв кодтон, ахсæв йемæ куыд ныхæстæ кæндзынæн, уыдæттæ.

Æз уыдтæн ахст адæймаджы уавæры. Никуы уыдтæн фæндвидар; фæлæ фыццаг хатт уыдтæн амондджын, фæндвидар кæй нæ дæн, уымæй. Цæмæй дæ ныхас лæгъз уа, уый тыххæй, йæхи фæндагыл цы сылгоймаг цæуы, уымæн дæ сæрибар макуы ратт.

 

* * *

Уыцы ‘хсæв бирæгъ йæ дзыхы тæрхъус æрбахаста, мæ къæхты бынмæ мын æй æрæппæрста æмæ мын афтæ: уый дын дæ хæларзæрдæйы тыххæй. Тæрхъус удæгас уыд, фæгæпп ласта æмæ лидзынмæ фæци. Æз æй бафарстон, уый цы амоны, уымæй. Бирæгъ мын афтæ: лидзгæ кæн; дæхи хъахъхъæн мæ сæрыхицауæй, уымæн æмæ Хуыцауæй нæ тæрсыс.

Мæ цæстытæ байгом кодтон, райстон мæ лæдзæг æмæ фæцæуæг дæн. Згъорын нæ уæндыдтæн; тарстæн – мæ улæфт мын уæлдæфы змæлд хъусын куы нæ уадза. Фæндагæй иуварс ацыдтæн, цыдæр мигъæмбæрзт лæнкаумæ ныххызтæн, æмæ кæд арвæй стыр тымбыл мæй каст, уæддæр нæдæр мæ къæхтæ зындысты, нæдæр мæ лæдзæджы фындз. Иуцасдæр афтæ цыдтæн. Мæ фæсте къæхты хъæр куы фехъуыст, уæд мæм диссаг нæ фæкаст. Тарстæн, фæлæ мæ зæрдæ ныхъхъус кодтон, мæхи дæр фæстæмæ фæкæсын нæ бауагътон. Мæ хæдфæстæ йæ тыхулæфт хъуыст, афтæмæй сæдæ къахдзæфы бæрц акодтон: уыдонæй алкæцыйæн дæр гæнæн уыд, æмæ суыдаид фæстаг къахдзæф, фæлæ уæддæр фæстæмæ нæ фæкастæн.

Æмæ уæд фæсте баззад. Хъуыстон ма йын йæ тыхст æмæ удисæджы хъæрзын.

 

* * *

Уалынмæ бахæццæ дæн иу гыццыл цæугæдонмæ, мæхи сбæгънæг кодтон æмæ цалдæр азы дæргъы фыццаг хатт мæхи цынадтон. Мæ сæрмæ мæ дзаумæттæ æмæ мæ лæдзæг, афтæмæй доны иннæ фарсмæ ахызтæн. Уым цалдæр кæроджы æртыдтон, бахордтон сæ æмæ доны был æрбадтæн. Доны цъар лыстæг уылæнтæй зына-нæзына змæлыд. Цымæ дзы цы фендзынæн, зæгъгæ йæм ныккастæн.

Цæуын, цæуын, цæуын. Ды куыд хъуыды кæныс, мæ бирæтæзонаг æмбал? Цæмæй хид саразай, уый тыххæй цы хъæуы? Раст зæгъыс, хъæдæрмæг æмæ фæрæт. Хъæдæрмæг æмæ фæрæты разæй та? Къухтæ, къухтæ. Куыд хъуыды кæныс, къухты разæй та? Цæугæдон, цæугæдон!

Ме уæнгтæ æнахуыр цыдæр рог уыдысты, æмæ зыдтон, уый сæ афтæ дон æмæ кæрог не срог кодтой, мæ фыццаг уæлахизы æнкъарæн сæ срог кодта: æз мæхæдæг равдыстон абон уæлахиздзауы къæбут æмæ фыццаг хатт баззадтæн мæхицæй разыйæ. Разыйы уынæр мæм хъуыст чысыл цæугæдоны сыр-сырæй дæр.

Бон æрбацъæх. Сыстадтæн æмæ араст дæн дарддæр. Къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф.

 

* * *

Куы ‘рбабон, уæд разæй разынд айнæг къæдзæх, йæ уæлæ мæсыг, дарддæр та – цалдæр зæппадзы. Сæ разы ма иунæгæй лæууыд, дымгæтæ кæй фæхостой, ахæм зæронд кæрз бæлас. Æз æрхуыссыдтæн йæ быны æмæ бафынæй дæн. Фæстаг рæстæг æнцонæй бафынæй вæййын. Мæ зын – мæ сæр дурыл æрæвæрын; алы дур дæр мæм каст ачъарайаг мутакайæ фæлмæндæр. Мæ мидвынæймæ айхъуыстон зарæг; зарыд зæлланггæнаг хъæлдзæг хъæлæс:

Хохаг мæсыг самадта, самадта зæппадз;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Уый фæстæ ацыд хуымзæхмæ, цæмæй йæм хор уа;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Уый фæстæ та сминæвар кодта æлдары чызгмæ;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Ирæдæн Хъызларæй фосы дзуг æртардта;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Фыдæлты карзæй æнæсайд фырттæ æдзух æнтысы;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Иу цъæхдзæст чызг æмæ йын авд лæппуйы дунемæ рантыст;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Сæнайы хох æмæ Джимарайæ уындджындæр уыдысты;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Æмæ сæ райгуырæн хæхты сæрвæлтау лæугæ хæхтау уыдысты;

Ой, о-ри, о-ри-ра.

Фехъуыстай искуы ацы зарæг? Æз – нæ, æрмæст уыцы иунæг хатт. Æмæ ма æнæхъæнæй дæр нæ.

Зарæг, цы цаутыл арæзт æрцыд, уыдон дзурынмæ кæм бахæццæ ис, раст уым æрдæгыл фескъуыд. Бæстæ ныссабыр. Æз улæфгæ дæр нал кодтон, афтæмæй æнхъæлмæ кастæн; æнхъæлмæ кастæн, дарддæр цы уыдзæн, уый фехъусынмæ. Зарæджы уыйбæрц уыд цард, амонд, маст, æмæ æз худтæн æмæ куыдтон, афтæмæй йæм хъуыстон. Рæстæг ауад мæ цæстытыл; уыцы мæгуыр амондджын хохаджы аууон мæ рæзты рацыд, йемæ – йæ цот æмæ йæ цоты цот иууылдæр; рæстæджы дымгæйы сыбар-сыбур сыхъуыст кæрдæгæй, йемæ хаста æнусты карз тæф, царды масты ад æмæ зæрдæдзæбæхгæнæн улæфт уыди уыцы дымгæйы.

Æз бадтæн кæрдæджы астæу æмæ диссаджы зарæггæнæджы фенын æнхъæлæй ракæс-бакæс кодтон. Фæлæ иу цъиуызмæлæг дæр нæ уыд мæ алыварс. Æрмæст къæдзæх, мæсыг æмæ зæппадз.

«Æз дæуæй раздæр уыдтæн», – загъта мæсыг. «Æз уыдзынæн дæ фæстæ дæр», – загъта зæппадз. Къæдзæх æгомыгæй лæууыди.

Иу, дыууæ, æртæ къахдзæфы.

 

* * *

Сыстадтæн, райстон мæ фæндаггон лæдзæг æмæ араст дæн. Къахдзæфгай цæуынц мæ къæхтæ, мæ къухтæ дæр – сæ бынаты, нæ мæ хъыгдарынц. Хорз у афтæ.

Хорз у? Фæндаггоны лæдзæг – тæссаг дзаума у; уымæн дæр цыфæнды лæдзæгау дыууæ кæроны ис. Лæдзæг, чи ныкъкъæдз вæййы, уый фæрастдæр кæны; фæлæ, цымæ, æмраст чи у, уый куыд фæстæмæ уыцы лæдзæг нæ ныкъкъæдз кæндзæн; куыд дæм кæсы дæумæ?

Къæдзæхы рындзæй мæм разынд рæсугъд æрдуз, стæй æндæр къæдзæхы аууонæй гыццыл хохаг хъæу. Мæ размæ цалдæр хъæхъхъаг аргъонахъ куыдзы, сæ сæт калгæ æмæ хъæрæй рæйгæ, ратахтысты. Æз æрлæууыдтæн æмæ, кæд куыйты исчи баиргъæвид, зæгъгæ, æнхъæлмæ кастæн, фæлæ бæстыл иу лæг зынæг нæ уыди. Аргъонахътæ уыдысты æвирхъауы налат æмæ знæт, ахæмтæ æрмæст сыдæймæлæгæй рауадаид. Æз фæтарстæн æмæ, кæй фæтарстæн, уый охыл мæхимæ рамæсты дæн. Фырмæстæй мæ лæдзæгæй куыйтæй иуы фæрæхуыстон, æмæ мæ лæдзæджы фындз йæ цæсты фæныхст. Куыдз удаист хъыллист ныккодта, йæ мидбынаты цъилау ныззылд. Иннæ куыйтæ йыл сæхи андзæрстой æмæ йæ гæбазгай фæйнæрдæм рæдывтой. Æз разылдтæн æмæ дарддæр мæ цыды кой кодтон.

Æнæхъæн бон цыдтæн æнæрлæугæйæ, фæлæ иу адæймагыл дæр нæ сæмбæлдтæн. Уыд тынг æнтæф æмæ æнуд, ахæм æнуды фæстæ æхсæвы, æнæмæнг, тæрккъæвда вæййы. Изæрырдæм иу къахвæндаг мæ размæ фæци; хуыдта мæ, фыццаг уагъылы æмæ кæркмисындзæджы бæзджын къутæртæй дзаг адæгты рæзты, æхсæвы та мæ бахæццæ кодта хæхтæм. Зæронд мæйы стыр тымбылæг ауыгъдæй лæууыд мæ рахизæрдыгæй. Мæ галиуварс – цæхгæр айнæг къæдзæх, мæ рахиз фарс – æнæбын ком, йæ бынæй дард кæцæйдæр ферттив-ферттив кодта калмау къæдз-мæдзытæй æвзист цæугæдон. Йæ хъæр афтæ цыд, раст цыма уый дон нæ калди, фæлæ комы бынты тылди стыр, мæйы рухсмæ цæхæртæкалгæ, æрттиваг дзæнхъа дур.

Уый уыд, æз æхсæвы мæхи цы гыццыл цæугæдоны æхсадтон, уый. Хид кæуыл арæзтон, уый.

 

* * *

Цыдтæн æмæ хъуыдытæ кодтон, мæ дзæгъæлпъири зæрдæ дæр та мæ къуымы бакодта. Стæй мыл фæсте æрбадымдта уазал дымгæ. Мæ зæрды нæ уыд фæстæмæ фæкæсын, фæлæ айдагъ дымгæ кæй уыд, уымæ гæсгæ, ницæуыл ахъуыды кæнгæйæ, фæстæмæ фæкастæн. Федтон, æрбаййафы мæ егъау мигъы хъуынтъыз къуыбылой. Зæхх иу уысм ныррухс, цыма йæм мин мæйы рухс фæхæццæ, афтæ; арв дæр, цыма скъуыйгæ акодта, уыйау ныннæрыд. Æвиппайды æрлæмæгъ дæн, мæ туг иууылдæр кæдæмдæр аивылæгау кодта, æмæ æрхаудтæн.

Къахдзæф, къахдзæф, къахдзæф. Ахаудтæн дæлгоммæ. Хъуыстон, уарыны уæззау æртæхтæ цæвынц уæлахиздзауы къæбут, – æмæ мын уæд кæйдæр хъæлæс загъта: æгæстæ мард сты дæуæн; фæлæуу, цалынмæ уый амæла, уæдмæ.

Куыд дæм кæсы, уый цы нысан кæны?

Стæй айхъуыстон арты къæрццытæ; мæ цæстытæй ракастæн æмæ суыдтон мæ лæгæты бацæуæн… Уыди сæумæрайсом.

Нæ, ме ‘нæрæнцой æмбал, æвæццæгæн, мемæ дæ фæллад не суадздзынæ! Уыныс: мах фæсте фæуагътам уыцы фысы сæры хуызæн дур, æллæх, ме ‘дылы фысы сæр!

 

* * *

Карз тæрхон мын ма хæсс. Бирæ цæуын нæ нал хъæуы. Мæнæ базыдтон уыцы цæугæдоны цæхгæр фæзилæн. Фæзилæны фæстæ фæдих дыууæ къабазыл, цæмæй та сæдæ къахдзæфы дæлдæр ногæй баиу уой. Æртæсæдæ къахдзæфæй фылдæр нын нал баззад, мæ хиваст æмбал. Багъæц, ма амæл. Худæг дæр уыдзæн тæккæ къæсæрыл амæлын.

Уым ис арт, дон æмæ хæринаг. Ды хæрдзынæ æмæ кæудзынæ. Райсом æрбацæудзысты уыцы сыгъдæг адæм æмæ зæгъдзысты: Хуыцауæй разы, ныр нын дыууæ пехуымпары ис! Фæлæ мах нæ худдзыстæм. Ныр мах дыууæйæ иумæ кæудзыстæм не ‘нæбондзинадыл æмæ сæ тæрдзыстæм, цæмæй кæлмытæ æмæ хæфсытæ ма фестой. Фæлтау нын нæ къухтæн дæр кæнæнт батæ!

Тагъд, бынтон тагъд фендзыстæм, мæ лæгæты бакомкоммæ цы тымбыл урс стыр дур ис, уый. Æцæг у, æцæг уый айчы хуызæн тымбыл.

Афтæ йæ, къуырийы размæ мæм цы абырæг æхсæвиуат кодта, уый схуыдта.

 

* * *

Уый дæр, кæд фыдгонд у, уæддæр æнæмаст лæг у. Æрбацыд æмæ мæм дзуры: цæй æнкъард дæ, мард дæр, дам ма хъæлдзæгдæр куы вæййы. Уый фæстæ мын афтæ: ды, дам, нæ базыдтай дæ бæхы, фæлæ дæ уый базыдта. «Æз, – зæгъын, – дæу дæр нæ базыдтон». Базондзынæ, дам, мæ, дæ хъыримаг дын дæ маст куыд райста, уый дын куы радзурон, уæд. Æмæ мын радзырдта: куы фембæлдыстæм, уымæй æртæ азы фæстæ сæмбæлд цуанон лæгыл. Уый стыгъта, хæрз æрæджы цы сæгъ амардта, уый царм, æмæ бæлццоны йемæ сихор скæнынмæ хуыдта.

Абырæг сразы. Физонæг куы бахордтой, уæд бæласы аууон бадтысты, афтæмæй цуанон абырæджы бафарста, йæ бæх æмæ йын йæ хæцæнгарз кæм уыдысты, уымæй. Абырæг ын загъта, зæгъгæ йын йæ хæлары лæвар сты. Цуанон иуцасдæр ницы сдзырдта, стæй та афтæ бакодта, кæд, дам, дæ хæларæн цъæх цæстытæ, бурбын зачъе æмæ уыгардгонд роцъо уыд, уæд уый у, иу мады дзидзи кæимæ дадтой, уыцы æфсымæр. Сылгоймаджы тыххæй йæ багæрах кодта, афтæмæй уый та уый аккаг нæ уыди. Фæстæдæр та бафарста абырæджы, йæ хæлары туг райсын æй нæ фæнды? Абырæг ын загъта: мæн нæ фæнды, фæлæ дæм кæд, дæ цардæй схицæн уай, ахæм фæнд ис, уæд дæ нæ бахъыгдардзынæн. Уæд та цуанон цæуылдæр ныхъхъуыды кодта æмæ ногæй бафарста: абырæг æм йæ хъыримаг иу уысммæ куы авæра, уæд уый æххуысыл нымад уыдзæн? Цуанон лæгæн йæхимæ дæр кæй уыд хæцæнгарз, уымæ гæсгæ йын абырæг хъыримаг райсыны бар радта. Лæг бæласы фæстæ слæууыд æмæ йæ тæккæ зæрдæсæр топп ныццавта.

Æнамонд: цас æнхъæлмæ кæсын æй бахъуыд! Хуыцау галуæрдоныл цæуы, дугъон бæхыл нæ бады.

 

* * *

Æз абырæджы бафарстон, абырæг куыд сси, уымæй. Куыд
радзырдта, афтæмæй кæддæр йæ фыд амардта иу кънйазы, æмбойны чи скънйаз и, уæддæр йæхи цагъары дардæй чи дардта, ахæмы. Уыцы кънйазы фырт та йын йæ кæстæр æфсымæры амардта. Кънйазы фырт йæ фыдæй фыддæр, ницæйагдæр разынди. Йæ бон нæ уыд комкоммæ адæймаджы цæстытæм кæсын, йе ‘фсæр-иу цыдæр хиндзастæй ныззылын кæнгæйæ, йе ‘взагæй йæ рæбинаг дæндаг куы нæ нылхъывтаид, уæд. Раст цыма йе ‘взаджы кæрон хæйрæг бадти æмæ йæхицæн хъарм, æмбæхст бынат агуырдта, уыйау.

Афтæ. Уыцы кънйазы фырт ын амардта йæ кæстæр æфсымæры. Уæд йе ‘фсымæры туг райсыныл ард бахордта, æмæ йын ахæм гæнæн уайтагъд æнæнхъæлæджы фæцис. Æнæнхъæлæджы гæнæн та æдзухдæр ардбахæрæджы фарс вæййы. Уæд абырæг кънйазæн афтæ, зæгъгæ, кæрæдзи амарын кæддæриддæр нæ къухы бафтдзæн, фæлæ уал æй фæнды базонын: йе ‘фсымæр ма йæ мæлæты размæ исты загъта? Кънйаз бахудт: «Сомы дын кæнын, де ‘фсымæр мын загъта: ме ‘фсымæр дæ куы мара, уæд æз дæр уым уыдзынæн». Сæ тох цыбыр уыд. Кънйазы хъавд фæмæнг, æмæ йæхæдæг йæ гуыбын абырæджы кардмæ бахаста. Йæ цæсгомыл фæзынд стыр дис, æмæ ма йæ цъæх-цъæхид былты змæлд загъта: «Ард дын хæрын – Аллаху Акбар – де ‘фсымæры дын уынын. Дæ фæстæ лæууы». «Æз ыл баууæндыдтæн, – загъта абырæг, – æмæ йын уæд ныххатыр кодтон».

 

* * *

Къуындæг у, уынгæг у, æвæдза, ацы рухс дуне, афтæ нæу – куыд хъуыды кæныс ды та? Нæ вæййы, цæмæй царды мидæг æрмæстдæр иунæг хатт сæмбæлай адæймагыл. Иугæр ыл иу хатт сæмбæлдтæ, уæд ыл, æнæмæнг, дыккаг хатт дæр фембæлдзынæ. Кæд нæ – уæд дæм, кæддæр кæй федтай, ахæм æртыккаг чидæр уымæй исты хабар хæсдзæн. Мæн фæндыд абырæгæн зæгъын, уыцы кънйазимæ кæддæр кæй сæмбæлдтæн, фæлæ абырæг йæ нымæт зæххыл æрытыдта, æрхуыссыд ыл æмæ йæ цæстытæ æрæхгæдта. Афтæ мæм фæкаст, цыма йæ дарддæр мемæ дзурын нал фæнды.

Æз, фынæй у, зæгъгæ, куыд ахъуыды кодтон, афтæ мæм æнæнхъæлæджы цъынддзастæй сдзырдта: «Дæ хъыримаг дын дæ маст райста. Хорз хæцæнгарз у, иу хатт дæр нæ фæивгъуыдта. Æнæхъавгæйæ дæр-иу куы фехстон хæрдмæ, уæддæр-иу маргъ зæхмæ æрхаудта. Уæдæ мæ дæ бæх та йæхæдæг хаста фæндаггон къупецæгтæ æмæ къазнайы чырæты размæ».

Æз æй, абырæг кæй у, уымæй разы у æви нæ, зæгъгæ, бафарстон. Дзуапп мын радта: «Алчидæр цæры йæ цæсгом æмæ йе ‘фсарммæ гæсгæ; алчидæр кувы, куыд зоны, афтæ; нæ фыны цы ‘лгъыстытæ скалæм нæ дзыхæй, уыдон дæр не Скæнæджы цæсты табутæ сты. Фæлæ раттын чи зоны, уый тыхы фæрцы никуы ницы байсдзæн. Куырыхон æмæ тыхджын исынц, æрмæстдæр сын цы дæттынц, уый, кæнæ та æппындæр ницы. Фæлтау дæ хуызæн куы уаин. Мæн куы амарой, уæд мæ хъыримаг мæ туг нæ райсдзæн. Йæхицæй чи лидзы, уый хатгай йæхæдæг йæхимæ комкоммæ æрбацæуы. Рæсугъд боцъо дыл æрзад».

Æз ахъуыды кодтон æмæ йын загътон, мæ хуызæн уа, уый йæ кæй фæнды, ууыл не ‘ууæндын. Цы хæрзты цæуын? Цы мæм ис? Цæуыл цæуы мæ бон? Цы дæн? Ницы; цы мæм ис, уый мæнæй нæу. Мæнæн ис æрмæст лæгæт, арт, мæ уæлæдарæс æмæ фæндаггон лæдзæг. Уыдон æнцон байсæн сты. Æмæ сæ, уæвгæ, исын дæр нæ хъæуы: мæхæдæг сæ ратдзынæн, æвгъау мæм нæ кæсынц, – фæлæ кæй хъæуынц мæ лæдзæг æмæ мæ бызгъуыртæ? Æвгъау мæм цы фæкæса, ахæмæй та мæнмæ ницы ис: уæд цæмæй рæдау дæн, цæмæй зондджын дæн? Дæлимон дæр зындоны хæрзтæ дзурынмæ фæуыдзæн.

 

* * *

Иу, дыууæ, æртæ. Уал къахдзæфы. Уый басаст, мæ хуызæн уа, уый йæ кæй нæ фæнды, ууыл. Де ‘фсымæры, дам, раджы хъуыд амарын. Уæд, дам, дæхи ‘фхæрд нæ райстаис, фæлæ де ‘фсымæры, дæ раздæры ‘фсымæры, де ‘фсымæр гадзрахатæй кæуыл рацыд, уыцы ‘фсымæры маст. Афтæ, дам ын зæгъын æмбæлд: нæ, ме ‘фсымæр, нæ – дæу æз уыцы зондимæ цæрын нæ бауадздзынæн, цыма дын ахæм æфсымæр уыдтæн, уый хуызæн æфхæрд дæр чи ныббара. Æз дæ нæ бафхæрдзынæн. Æфхæрд чи бары, ахæм æфсымæр дын куы уа, хъыг уый у. Де знаг куы рæдийа, уæд æм ма ‘внал, фæлæ де ‘рдхорды бауром. Æцæгæлонæн дæ бон у ныббарын, де ‘фсымæрæн –
нæ. Иу æфсымæр куы фæрæдийа æмæ йæ иннæ куы нæ бараст кæна, уæд дыууæ дæр сæфт сты. Уæд сæ дыууæйæн дæр сæ хуыздæр хос – мæлæт. Дыууæ æфсымæры – хъамайы дыууæ комы, нæй сын басæттæн. Иу – æфсад у, дыууæ та – уæлахиз. Мæлæтæй тæрсын нæ хъæуы. Цард мæлæтæй тæссагдæр у. Ацы дунемæ худгæйæ никуыма ничи райгуырд; фæлæ, ацы дунейæ худгæйæ чи ахицæн, ахæмтæ уыдис. Эски-стигъæг эшафотмæ куыд сцæйхызт, афтæ йæм адæм хъæр кодтой: «Гъей, хъæбатыр! Ды бирæты туг ныккалдтай; равдис-ма ныр, лæгау лæг куыд фæмæлы, уый». «Кæсут», – загъта Эски. Æмæ худти. Афтæ чи амæлы, уый свæййы æнæмæлæт. Мæлынæй чи нæ тæрсы, уымæн ис искæй марыны бар. Тас циу, уый йæ фæсонæрхæджы дæр кæмæн нæй, уымæн мæлæты бон дæр ницы у, тæппуд та удæгæстыл нымад нæ цæуы.

«Марæн нæй», – загътон æз. «Уыдон дæр афтæ дзырдтой, – загъта абырæг, – марæн нæй, фæлæ дæу, Эски, уый тыххæй амардзыстæм». Уыдон æй амардтой сæ фыртæссæй, цагъарты хуызæн, тæрсгæ-ризгæйæ. Уый та мардта, цыма къарол у, уыйау».

 

* * *

Къахайст, къахдзæф, санчъех. Æз æй бафарстон, иу дзидзийы æхсырæй хаст кæимæ уыдтæн, уыцы ‘фсымæры мын баныгæдта æви нæ, уымæй. Иуцасдæр ницы сдзырдта, стæй йæ цæстытæ байгом кодта æмæ загъта: «Хъуыды ма кæныс, мæнæ мын дæ хъыримаг æмæ дæ бæхы куы радтай, уæд мæ цы куырдтай, уый? Уæд фæсхох æз æцæг ссардтон фыййæутты æмæ сын загътон, дæу цы фæндыд, уый».

Ногæй та фæхъус, æмæ йæ уæд бафарстон, цы йын загътой уыдон, уымæй. Абырæг йæ фарсыл æрзылд, йе ‘ргом лæгæты къулмæ сарæзта: загътой мын, баныгæдтой дæу, зæгъгæ.

Кæс, мæ фынæй хæлар: разæй урс тæпп уыныс? Уый мах дур у, мæ лæгæты бацæуæны акомкоммæ цы урс дур ис, уый! Мæй йæхæдæг нал зыны, галиуæрдыгæй цы хæхты рагъ ис, уый фæстæ амбæхсти, фæлæ дур уæддæр æрттивы мæйы рухсмæ, раст цыма зæхмæ æрхауæг мæй у, уыйау. Дур ныртæккæ къæдзæхы аууон фæуыдзæн, фæлæ та нæм ногæй куы разына, уæд нæм уыдзæн хæрз хæстæг æмæ нæм суанг бонмæ афтæ зындзæн. Цæр, ма амæл; нæ дæ баныгæндзынæн; фелгъитдзынæн дæ æмæ дæ къæдзæхæй асхойдзынæн: æмæ дæ-иу бирæгътæ æмæ хъæддаг куыйтæ баныгæнæнт сæ хытъынты.

Бафарстон æй, ома, ме ‘фсымæр ницы загъта, уыцы сылгоймаг уый аккаг кæй нæу, цæмæй уый тыххæй де ‘фсымæрыл топп ныххуырсай. Циу, цы хабар у, цæуылнæ у уый аккаг?! Фæлæ абырæг уæдмæ бафынæй. Кæнæ та йæхи фынæйæфсон скодта. Райсомæй куы райхъал дæн, уæд абырæг уым нал уыд.

 

* * *

Уыцы фембæлды фæстæ мын мæ лæгæт бынтондæр скъуындæг, фæлæ ма уæддæр æнæхъæн къуыри феууылдтон, уым баззайын мæ кæй нал фæнды, уыцы хъуыды. Стæй гуызавæ нал кодтон.

Стъалытæ иугай тайынц арвыл, мæ сабыр æмбал. Ныридæгæн уынын райдыдтон канд стыр урс дур нæ, фæлæ ма, йæхицæй мæ мæхи атонын цы сау къæйдур мæрагонд нæ уадзы, уый дæр. Ды уыдтæ мæ тухиты сæр, ды мæ раздæхтай фæстæмæ мæ хæдзармæ, ды, мæ мадзура, мæнæн лæвæрдтай разамынд.

Куыд тынг бастадтæн, куыд тынг мæ ахсы хуыссæг! Куы бафынæй уон, уæд фæстæмæ нал райхъал уыдзынæн, суанг уый куы зонин, уæддæр мæ, цымæ, уый бауромид? Ныртæккæ æз цы дæн, уымæй дæн, ма у æппындæр, зæгъгæ, ахæм бæллиццы ахасты. Суадз дæ фæллад, мæ дзæгъæлдзых зæрдæ.

Æрмæстдæр фынæйæ ис адæймагæн йæхицæй йæ фæллад суадзыны фадат. Фынæй уай, уый – æппæты бæрзонддæр æнцойад. Фынæй уай – гыццыл мæлæт. Фæлæ искуы исчи фæтарст фæскуыст бафынæйæ? Нæ фæтарст. Мах хæйрæгæй тæрсæгау тæрсæм æгъуыссæг æхсæвтæй. Уыдон нын сты æцæг хъизæмар, æцæг утæхсæн.

Цæмæн хъуамæ тæрсай адзалæй, кæд æмæ уый, фынтæ куы нæ уынай, уыцы ‘хсæвæй уæлдай ницы у, уæд? Мæрдтæ цæмæй фынтæ уыной, уымæн гæнæн нæй.

Ныр та – фынæй, фынæй, фынæй. Райхъал рохуатæй бæллæхдæр у.

Æз дæм хæлæг кæнын, дæ зæрдыл кæй ницы дарыс, уый тыххæй, ме ‘нæстъæлф æмбал. Растдæр зæгъгæйæ та – æхсызгон мын у дæ уавæр – цы тынг бахионтæ стæм кæрæдзийæн, ме ‘нæзонгæ хæлар! Æмæ цæуылнæ хъуамæ бахæстæг уыдаиккам: æхсæв-бонмæ дæ æз ме рагъыл фæхастон, ды та мын æппарын кодтай мæ фæндаггон лæдзæг!..

 Уырыссаг æвзагæй Безаты Фаризæйы тæлмац