Иоганн Вольфганг ГЕТЕ

ÆХСÆВЫГОН ХЪУЫДЫТÆ

Ыстъалыгуппартӕ, мӕгуырӕг,
Цӕхӕртӕ фӕкалут уӕларвӕй.
Хъӕбатыртӕ кувынц – фӕбӕллынц
Сымахӕн уӕ фенынмӕ фурды…
Уӕхӕдӕг куыд никӕйы уарзут:
Ӕнустӕ уӕ зиллактӕй здухут,
Фӕцӕйхилут арвыл фӕлладӕй,
Ӕппындӕр нӕ зонут ӕнцой.
…Цы уын зӕгъон? Цалынмӕ ахсӕв
Мӕ уарзон ис мемӕ, – цы стут!

Немыцаг ӕвзагӕй Золойты Аркадийы тӕлмацтӕ